Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауӕй куы тӕрсай, уӕд амондджын уыдзынӕ

Хуыцауӕй куы тӕрсай, уӕд амондджын уыдзынӕ

Хуыцауӕй куы тӕрсай, уӕд амондджын уыдзынӕ

«Амондджын у, Иегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыцы адӕймаг» (ПСАЛОМ 112:1, НД [111:1]).

1, 2. Иегъовӕйӕ куы тӕрсӕм, уӕд нын уый куыд фӕахъаз уыдзӕн?

АМОНДДЖЫН уай, уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Адӕймаг ӕцӕг амондджын уӕд уыдзӕн, раст уынаффӕтӕ куы хӕсса, раст цы у, уый куы араза ӕмӕ йӕхи ӕвзӕрдзинадӕй куы хиза. Не Скӕнӕг Хуыцау Иегъовӕ махӕн ратта йӕ Ныхас Библи ӕмӕ нӕ уый руаджы ахуыр кӕны царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл цӕуын. Иегъовӕйы разамынд куы агурӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд ӕвдисдзыстӕм, кӕй дзы тӕрсӕм, ӕмӕ уый фӕрцы ӕцӕгӕйдӕр зӕрдӕрухс ӕмӕ амондджын уыдзыстӕм (Псалом 22:1; Ӕмбисӕндтӕ 14:26).

2 Ацы статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм рагзамантӕй ӕмӕ нӕ рӕстӕгӕй иуӕй-иу цӕвиттонтӕм. Ӕмӕ уыдонӕй фендзыстӕм, адӕймаг Хуыцауӕй кӕй тӕрсы, уый йӕ куыд бахизы ӕвзӕрдзинадӕй ӕмӕ йӕ куыд сразӕнгард кӕны, раст цы у, уый аразынмӕ. Мах фендзыстӕм, Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый фӕрцы нӕ хъуыддӕгтӕ куы раст кӕнӕм, уӕд амондджын кӕй уыдзыстӕм, паддзах Давиды хабарӕй куыд зыны, афтӕ. Стӕй ма базондзыстӕм, кӕд ныййарджыты сӕ сывӕллӕттӕн зынаргъ хӕзна ныууадзын фӕнды, уӕд сӕ хъуамӕ сахуыр кӕной Иегъовӕйӕ тӕрсын. Хуыцауы Ныхас нын фидарӕй зӕгъы: «Амондджын у, Иегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыцы адӕймаг» (Псалом 112:1, НД [111:1]).

Ногӕй та амондджын

3. Давидӕн цы баххуыс кодта йӕ тӕригъӕдты фӕстӕ йӕ къахыл слӕууын?

3 Айразмӕ статьяйы ӕркастыстӕм, Давидыл цы ӕртӕ хабары ’рцыд, уыдонӕй куыд рабӕрӕг, Хуыцауӕй раздӕрау кӕй нал тарст ӕмӕ кӕй фӕрӕдыд. Фӕлӕ Иегъовӕйы зондамындмӕ кӕй байхъуыста, уымӕй равдыста, уӕддӕр уыцы миниуӕг бынтон кӕй нӕ фесӕфта. Давид Хуыцауы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй кӕй тарст ӕмӕ йын кад кӕй кодта, уый йӕ сразӕнгард кодта йӕ рӕдыдтытыл басӕттын ӕмӕ сӕ сраст кӕнын, ӕмӕ та Иегъовӕмӕ ногӕй ӕввахс кӕнын. Кӕд йӕ рӕдыдтытӕ йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой, уӕддӕр зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый тыххӕй та йын Иегъовӕ ӕххуыс ӕмӕ арфӕ кодта. Абон чырыстӕттӕй стыр тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕн Давиды цӕвиттон у ныфсы хос.

4. Адӕймаг Хуыцауӕй куы тӕрса, уӕд ын уый куыд баххуыс кӕны, цӕмӕй та ногӕй амондджын уа?

4 Ӕркӕсӕм Соняйы хабармӕ *. Кӕд Соня ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг уыд, уӕддӕр ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ сбӕндӕн, сӕ ’нӕуаг митыл ныххӕцыд ӕмӕ йӕ чырыстон ӕмбырдӕй ацух кодтой. Йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд Соня бацархайдта йӕ рӕдыд сраст кӕныныл, цӕмӕй та Иегъовӕ раздӕрау йӕ хӕлар суыдаид. Рӕстӕг рацыд ӕмӕ та йын ногӕй ӕмбырдимӕ лӕггад кӕныны бар радтой. Ӕппӕт уыцы рӕстӕг Соняйы зӕрдӕйы Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны фӕнд нӕ бамынӕг. Ногӕй та ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр смой кодта хорз чырыстон хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ ныр зӕрдӕрухсӕй иумӕ ӕмбырды лӕггад кӕнынц. Кӕд Соня фӕсмон кӕны, чырыстон фӕндагӕй рӕстӕгмӕ кӕй адзӕгъӕл, уӕддӕр амондджын у, Хуыцауӕй кӕй тарст, уый йын кӕй баххуыс кодта фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууынӕн.

Тӕригъӕд саразыны бӕсты зындзинӕдтӕ ’взар

5, 6. Давид Саулы цард дыууӕ хатты куыд ӕмӕ цӕмӕн бахъахъхъӕдта?

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тӕригъӕд саразынӕй бирӕ хуыздӕр у, Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый руаджы дзы нӕхи куы бахизӕм. Уый равдыста Давиды хабар. Иухатт Давиды фӕстӕ ӕртӕ мин ӕфсӕддоны куы зылд, уӕд Саул бацыд, Давид йе ’фсӕддонтимӕ цы лӕгӕты ӕмбӕхст, растдӕр уырдӕм. Давиды йе ’фсӕддонтӕ разӕнгард кодтой, цӕмӕй Саулы амара. Зӕгъгӕ дын исты Иегъовӕ де знаджы дӕ къухтӕм нӕ дӕтты? Давид Саулмӕ бахъуызыд ӕмӕ йын йӕ дарӕсы фӕдджийӕ ралыг кодта. Давид Хуыцауӕй кӕй тарст, уымӕ гӕсгӕ йӕ уыцы гыццыл хъуыддаджы тыххӕй дӕр йӕ цӕсгом хордта. Давид йе ’фсӕддонты ныхӕстыл не сразы ӕмӕ сын загъта: «Иегъовӕ мӕ бахизӕд мӕ хицауӕн, Иегъовӕйы сӕрстӕн, ахӕм ми саразынӕй» * (1 Паддзахӕдты 24:1–7 [2–8]).

6 Ӕндӕр хатт та Саул йӕ адӕмимӕ ӕхсӕвы иу ран ӕрбынат кодта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр хуыссӕг ӕрцахста, «уымӕн ӕмӕ сӕ Иегъовӕ тарффынӕй бакодта». Давид ӕмӕ сӕм йӕ хъӕбатыр хӕрӕфырт Авессӕ бахъуызыдысты ӕмӕ Саулы тӕккӕ уӕлхъус ӕрлӕууыдысты. Авессӕйы фӕндыд Саулы амарын. Фӕлӕ йӕ Давид нӕ бауагъта ӕмӕ йӕ бафарста: «Кӕй бон у Иегъовӕйы сӕрстмӕ йӕ къух сисын ӕмӕ ӕнӕфхӕрдӕй баззайын?» (1 Паддзахӕдты 26:9, 12).

7. Давиды тӕригъӕд саразынӕй цы бахызта?

7 Давид Саулы цӕуылнӕ амардта, кӕд ӕмӕ йын дыууӕ хатты уый фадат уыд? Уымӕн ӕмӕ Давид Саулӕй нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйӕ тынгдӕр тарст. Хуыцауӕй кӕй тарст, уый тыххӕй разы уыд зындзинӕдтӕ ӕвзарыныл, цӕйнӕфӕлтау тӕригъӕд сарӕзтаид (Дзуттытӕм 11:25). Давид ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ ныфс дардта, Иегъовӕ йын йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕхи дӕр кӕй хъахъхъӕндзӕн. Давид зыдта, Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕмӕ йыл ӕууӕндын, амонд ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕссы, ӕгоммӕгӕсдзинад та – йӕ фыдӕх (Псалом 64:4). Стӕй ма зыдта, Хуыцау йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕй кӕй сӕвӕрдзӕн, Саулы та йӕ рӕстӕджы ӕмӕ йӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕй аиуварс кӕндзӕн (1 Паддзахӕдты 26:10).

Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый руаджы амондджын стӕм

8. Давид уӕззау уавӕрты йӕхи куыд дардта, уый нын зондзонӕн куыд у?

8 Мах, чырыстӕттӕ, зонӕм, кӕй ныл худдзысты ӕмӕ нӕ кӕй ӕфхӕрдзысты, стӕй ма нӕм ӕндӕр фӕлварӕнтӕ дӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Матфейы 24:9; 2 Петры 3:3). Гӕнӕн ис, хатт нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ дӕр кӕрӕдзи ма бамбарӕм. Фӕлӕ йӕ зонӕм, Иегъовӕ алцыдӕр уыны, нӕ куывдтытӕ нын хъусы ӕмӕ йӕ рӕстӕгыл йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ хъуыддаг сраст кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 12:17–21; Дзуттытӕм 4:16). Уымӕ гӕсгӕ, нӕ ныхмӕ лӕуджытӕй тӕрсыны бӕсты, мах тӕрсӕм Хуыцауӕй ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, кӕд нӕ фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Давидау мах дӕр нӕ маст нӕ исӕм, ӕмӕ зындзинӕдтӕ бавзарыны тӕссӕй Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ нӕ халӕм. Ӕппынфӕстаг нын уый амонд ӕрхӕсдзӕн. Фӕлӕ куыд?

9. Адӕймаг Хуыцауӕй кӕй тӕрсы, уый йын ӕфхӕрды рӕстӕг дӕр амонды хос куыд вӕййы?

9 Африкӕйы бирӕ рӕстӕг миссионерӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕфсымӕр радзырдта иу хабар. «Мад ӕмӕ йе скъоладзау чызг ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ не сразы сты партбилет балхӕныныл. Уый тыххӕй сын нӕлгоймӕгты къорд фыдмитӕ фӕкодта ӕмӕ сӕ стӕй ауагъта. Фӕндагыл цӕугӕйӕ мад йӕ чызгӕн ныфсытӕ ӕвӕрдта. Чызг куыдта, фӕндыд ӕй бамбарын, уыцы бӕллӕх сыл цӕмӕн ӕрцыд, уый. Уыцы рӕстӕг цин нӕ кодтой, фӕлӕ Хуыцауы раз сӕ цӕсгом уыд сыгъдӕг. Фӕстӕдӕр тынг амондджын уыдысты, Хуыцаумӕ кӕй байхъуыстой, уый тыххӕй. Партбилет куы балхӕдтаиккой, уӕд уыцы адӕм цин кодтаиккой, адджын доны ӕвгтӕ сын радтаиккой ӕмӕ сӕ алыварс кафгӕ цыдаиккой сӕ хӕдзары онг. Фӕлӕ чызг ӕмӕ йӕ мад зыдтой, адӕмӕй куы фӕтарстаиккой, уӕд дунейы уыдонӕй ӕнамонддӕр ничи уыдаит». Хуыцауӕй кӕй тарстысты, уый сӕ уымӕй бахызта.

10, 11. Иу сылгоймаг Хуыцауӕй кӕй тарст, уый хорзӕй цы ’рхаста?

10 Адӕймаг Хуыцауӕй кӕй тӕрсы, уый ма йын вӕййы цины хос, цардӕн кӕй аргъ кӕны, уый равдисын куы бахъӕуы, уӕд дӕр. Мэри йе ’ртыккаг сывӕллонӕй йӕхи бар куы нӕ уыд, уӕд ын дохтыр фидарӕй дзырдта, цӕмӕй аборт скӕна. «Дӕ уавӕр тынг тӕссаг у. Гӕнӕн ис, де ’нӕниздзинад февзӕрдӕр уа ӕмӕ суткӕмӕ амӕлай. Ӕмӕ уӕд дӕ сывӕллон дӕр амӕлдзӕн. Кӕд аирвӕза, уӕд дӕр сахъат ма уа, уый зын зӕгъӕн у»,– загъта йын дохтыр. Уыцы рӕстӕг Мэри Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кодта, фӕлӕ донаргъуыд нӕма райста. «Фӕлӕ уӕддӕр аскъуыддзаг кодтон, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕндзынӕн ӕмӕ цыфӕнды куы ’рцӕуа, уӕддӕр йӕ коммӕ кӕсдзынӕн»,– загъта Мэри (Рацыд 21:22, 23).

11 Цалынмӕ сывӕрджын уыд, уӕдмӕ Мэри дарддӕр Библи дӕр ахуыр кодта ӕмӕ йӕ бинонты хъуыддӕгтӕ дӕр кодта. Стӕй йӕ сывӕллон дӕр райгуырд. «Иннӕ дыууӕ сывӕллонӕй уӕлдай, йӕ ныййарын иу гыццыл зындӕр уыд, фӕлӕ уыйас тӕссаг нӕ уыд»,– дзырдта Мэри. Мэри Хуыцауӕй кӕй тарст, уый руаджы йӕ цӕсгом сыгъдӕгӕй бахъахъхъӕдта. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ донаргъуыд райста. Йӕ сывӕллон куы байрӕзт, уӕд уый дӕр сахуыр Иегъовӕйӕ тӕрсын ӕмӕ ныр лӕггад кӕны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалтӕй иуы.

Иегъовӕйы фӕрцы ныфсджын стӕм

12. Давид Хуыцауӕй кӕй тарст, уый йӕ куыд бафидар кодта?

12 Давид Хуыцауӕй кӕй тарст, уый ӕрмӕст уымӕй бӕрӕг нӕ уыд, ӕмӕ йӕхи ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй хызта. Иегъовӕйӕ кӕй тарст, уый йын хъарутӕ лӕвӕрдта зын уавӕрты фидарӕй ӕмӕ зондимӕ архайынӕн. Афӕдз ӕмӕ цыппар мӕйы Давид ӕмӕ йе ’фсад Саулӕй ӕмбӕхстысты филистимаг сахар Секелагы (1 Паддзахӕдты 27:5–7). Иухатт нӕлгоймӕгтӕ балцы куы уыдысты, уӕд сын амаликаг абырджытӕ сӕ сахар басыгътой ӕмӕ сын сӕ устыты, сывӕллӕтты ӕмӕ фос акодтой. Давид ӕмӕ йӕ адӕм куы ӕрыздӕхтысты ӕмӕ куы федтой, цы ’рцыд уый, уӕд ныккуыдтой. Сӕ хъыг уайтагъд мастӕй раивта ӕмӕ Давидмӕ йӕ адӕм ӕртхъирӕн кодтой, дуртӕй дӕ амардзыстӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыцы уавӕры дӕр Давиды ныфс нӕ асаст (Ӕмбисӕндтӕ 24:10). Иегъовӕйӕ кӕй тарст, уый йын ныфс лӕвӕрдта. Хуыцауы ӕххуысӕй Давид ӕмӕ йӕ адӕм амаликӕгты асырдтой ӕмӕ сӕ бинонты ӕмӕ сӕ фос байстой (1 Паддзахӕдты 30:1–20).

13, 14. Иу чырыстон сылгоймаг Хуыцауӕй кӕй тарст, уый йын куыд баххуыс кодта раст уынаффӕ рахӕссынӕн?

13 Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджыты иуӕй-иу уавӕрты бахъӕуы Иегъовӕйыл сӕ ныфс сӕвӕрын ӕмӕ фидарӕй архайын. Ӕркӕсӕм Кристинӕйы цӕвиттонмӕ. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта гыццылӕй. Фӕлӕ йӕ фӕндыди пианинӕйыл цӕгъдын ӕмӕ концерттӕ дӕттын, ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы стыр ӕнтыстытӕ дӕр уыди. Уымӕй уӕлдай ма уацамынды ӕфсӕрмы кодта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ донаргъуыд райсыныл нӕ тагъд кодта. Фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр Библи кӕй ахуыр кодта, уый йын хъарутӕ лӕвӕрдта. Кристинӕ сахуыр Иегъовӕйӕ тӕрсын ӕмӕ бамбӕрста, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, зондӕй, удӕй ӕмӕ хъаруйӕ уарзой (Маркы 12:30). Уый йӕ сразӕнгард кодта Иегъовӕйӕн нывонддзырд раттынмӕ ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ.

14 Кристинӕ Иегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йын йӕ уырнындзинад бафидар кодтаид. «Ӕз зыдтон, концерттӕ чи дӕтты, уыцы пианисты цард ӕнӕкӕрон балц у ӕмӕ хъуамӕ афӕдзы мидӕг 400 концерты ратта. Уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтон ахуыргӕнӕгӕй кусын, цӕмӕй мӕхи дардтаин ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг уыдаин»,– загъта Кристинӕ. Фӕлӕ уӕдмӕ Кристинӕ спълан кодта йӕ бӕстӕйы ӕппӕты зындгонддӕр концертон залы йӕ фыццаг концерт раттын. «Мӕ фыццаг концерт фӕстаг рауад»,– загъта уый. Фӕстӕдӕр Кристинӕ смой кодта чырыстон хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ ныр иумӕ лӕггад кӕнынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы. Кристинӕ амондджын у, Иегъовӕ йӕ кӕй бафидар кодта, цӕмӕй раст уынаффӕ рахастаид, ӕмӕ ныр йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕны, афтӕмӕй йын лӕггад кӕны.

Зынаргъ бын

15. Давиды йӕ сывӕллӕттӕн цы ныууадзын фӕндыд ӕмӕ уый куыд сарӕзта?

15 Давид фыста: «Ӕрцӕут, сывӕллӕттӕ, байхъусут мӕнмӕ: Хицауы тасыл уӕ сахуыр кӕндзынӕн» (Псалом 33:12). Давиды фӕндыд йӕ сывӕллӕттӕн зынаргъ бын ныууадзын – Иегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй куыд тарстаиккой, уый. Давиды ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, Иегъовӕ домаг ӕмӕ тызмӕг Хуыцау кӕй нӕу, ӕмӕ сӕм хъӕндзинӕдтӕ кӕй нӕ агуры, фӕлӕ йӕ зӕххон сывӕллӕтты кӕй уарзы, кӕй сыл тыхсы ӕмӕ сын Фыдау кӕй хатыр кӕны. «Чи зоны йӕ тӕригъӕдтӕ се ’ппӕт?»,– бафарста Давид ӕмӕ уымӕй равдыста, Иегъовӕ нӕм ӕдзух рӕдыдтытӕ кӕй нӕ агуры. Ӕмӕ ма загъта: «Мӕ сусӕгтӕй ныссыгъдӕг кӕн мӕн». Давид ӕууӕндыд, ӕппӕт хъарутӕй куы архайа, уӕд йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй цӕудзысты (Псалом 18:13, 15, МГТ).

16, 17. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты Иегъовӕйӕ тӕрсын сахуыр кӕнын?

16 Абоны ныййарджытӕн Давид у фӕзминаг. «Нӕ ныййарджытӕ нӕ афтӕ хъомыл кодтой, цӕмӕй нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕхсызгон уа»,– дзуры Ральф, йе ’фсымӕримӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы чи лӕггад кӕны, уый. «Гыццылтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд-иу иумӕ ныхас кодтам ӕмбырды хъуыддӕгтыл, ӕмӕ ӕцӕгад уыдонӕн куыд адджын уыд, афтӕ сси махӕн дӕр. Нӕ сӕры нын уыцы хъуыды бавӕрдтой, нӕ бон кӕй у, Иегъовӕйы зӕрдӕ кӕмӕй райа, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ аразын. Нӕ бинонтӕ цалдӕр азы фӕцардысты, хъусынгӕнджытӕ тынг кӕм хъуыдис, ахӕм ран ӕмӕ баххуыс кодтам ног ӕмбырдтӕ саразынӕн».

17 «Ӕцӕгады уый тыххӕй не ’рфидар стӕм, ӕмӕ бирӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кодтам, фӕлӕ уый тыххӕй, ӕмӕ Иегъовӕ нӕ ныййарджытӕн уыд ӕцӕг ӕмӕ удӕгас, ӕмӕ тынг фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау. Уыдоны фӕндыд Иегъовӕйы тыххӕй фылдӕр зонын ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын, ӕмӕ мах дӕр нӕ ныййарджытӕй сахуыр стӕм Хуыцауӕй тӕрсын ӕмӕ йӕ уарзын. Исты ӕвзӕр хъуыддаг-иу куы сарӕзтам, уӕддӕр нӕм сӕ ныхӕстӕй ахӕм хъуыды никуы сӕвзӕрд, ӕмӕ нӕ Иегъовӕ нал уарзы; хъӕуа-нӕхъӕуа дӕр нын нӕ уайдзӕф кодтой. Арӕх-иу немӕ ӕрбадтысты ӕмӕ-иу сабырӕй фӕныхас кодтой, хатт-иу нӕ мад цӕссыгкалгӕйӕ дӕр архайдта нӕ зӕрдӕтӕ бацагайыныл. Ӕмӕ ныл уый ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕци. Мах нӕ ныййарджыты ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕй сахуыр стӕм: Иегъовӕйӕ тӕрсын у ӕппӕты хуыздӕр хъуыддаг ӕмӕ йӕ Ӕвдисӕн уай, уый уаргъ нӕу, фӕлӕ удӕнцой» (1 Иоанны 5:3).

18. Хуыцауӕй тӕрсын цы пайда у?

18 «Давиды фӕстаг ныхӕсты» кӕсӕм: «Адӕмыл чи разамынд кӕны, уый рӕстгӕнӕг куы уа ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ куы разамынд кӕна, уӕд уый у, хурыскасты рӕстӕг райсомы рухс куыд уа, уый хуызӕн» (2 Паддзахӕдты 23:1, 3, 4). Соломон, Давиды фырт ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах чи сси, уый, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста ацы ныхӕсты хъуыды, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйӕ куырдта «коммӕгӕс зӕрдӕ» ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй «хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кодтаид» (3 Паддзахӕдты 3:9). Соломон ӕмбӕрста, Иегъовӕйӕ тӕрсын кӕй у зонд ӕмӕ амонды фӕндаг. Фӕстӕдӕр Екклесиасты чиныджы хатдзӕг скодта: «Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕй ис ахӕм хатдзӕг скӕнӕн: тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн. Уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс. Стӕй ӕцӕг Хуыцау алы хъуыддаг дӕр рахӕсдзӕн тӕрхонмӕ, уыимӕ алы ӕмбӕхст хъуыддаг дӕр, хорз у ӕви ӕвзӕр» (Екклесиаст 12:13, 14). Ацы уынаффӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм, уӕд базондзыстӕм, «сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Иегъовӕйӕ чи тӕрсы», уый ӕрмӕст зондджын ӕмӕ амондджын кӕй нӕ уыдзӕн, фӕлӕ ма «уымӕ уыдзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард» дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 22:4).

19. «Иегъовӕйӕ тӕрсын цы у, уый» бамбарынӕн нын цы ӕххуыс кӕны?

19 Библийӕ ӕмӕ нӕ рӕстӕгӕй цы цӕвиттонтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй уынӕм, Иегъовӕйӕ йе ’цӕг лӕггадгӕнджытӕ кӕй тӕрсынц, уый сыл хорзырдӕм кӕй зыны. Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый нӕ ӕрмӕст нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ фӕриссын кӕнынӕй нӕ хизы, фӕлӕ ма нын дӕтты хъарутӕ не знӕгты ныхмӕ фӕлӕууынӕн, ӕмӕ фӕлварӕнтӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕн фӕразынӕн. Цӕй уӕдӕ, ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, Хуыцауы Ныхас зӕрдиагӕй ахуыр кӕнӕм, цы базонӕм, ууыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, ӕдзух ӕмӕ йӕм зӕрдӕбынӕй кувгӕйӕ. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕрмӕст «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» не ссардзыстӕм, фӕлӕ ма «бамбардзыстӕм, Иегъовӕйӕ тӕрсын цы у, уый» (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Ном ивд у.

^ 5 абз. Ӕвӕццӕгӕн, ацы хабар дӕр сразӕнгард кодта Давиды Псалом 56 ӕмӕ 141 ныффыссынмӕ.

Куыд бамбарын кӕнис?

Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый...

• куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй адӕймаг уӕззау тӕригъӕды фӕстӕ йӕ къахыл слӕууа?

• нын фӕлварӕнтӕ ӕмӕ ’фхӕрды рӕстӕг амонд куыд хӕссы?

• нӕ куыд фидар кӕны, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм?

• нӕ сывӕллӕттӕн зынаргъ бын куыд у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 32 фарсыл]

Давид Иегъовӕйӕ кӕй тарст, уый йӕ паддзах Саулы амарынӕй бахызта