Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хъуыды кӕнут Иегъовӕйы организацийы хорздзинӕдтыл

Хъуыды кӕнут Иегъовӕйы организацийы хорздзинӕдтыл

Хъуыды кӕнут Иегъовӕйы организацийы хорздзинӕдтыл

«Бафсӕддзыстӕм Дӕ хӕдзары... хорздзинӕдтӕй» (ПСАЛОМ 64:5).

1, 2. а) Кувӕндон аразыны куыстытӕ Хуыцауы адӕмыл куыд хъуамӕ фӕзындаиккой? ӕ) Давид кувӕндон аразынӕн куыд баххуыс кодта?

ДЗУТТАГ Фыстыты рагон израилӕгтӕй бирӕ зынгӕ адӕймӕгты тыххӕй ис фыст. Уыдонӕй иу у Давид. Давид уыд фыййау, музыкант, пехуымпар ӕмӕ паддзах. Уый йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дардта Иегъовӕ Хуыцауыл. Иегъовӕйыл зӕрдӕйӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йын хӕдзар сарӕзтаид. Ахӕм хӕдзар кӕнӕ кувӕндон хъуамӕ суыдаид раст дины артдзӕст Израилы. Давид зыдта, кувӕндон ӕмӕ дзы цы куыстытӕ кодтаиккой, уыдон Хуыцауы адӕмӕн кӕй хъуамӕ ӕрхастаиккой цин ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ. Уымӕ гӕсгӕ Давид зарыд: «Тӕхудиаг, Ды [Иегъовӕ] кӕй равзӕрстай ӕмӕ ӕрбахӕстӕг кодтай, цӕмӕй цӕра уый Дӕ кӕртыты. Бафсӕддзыстӕм Дӕ хӕдзары ӕмӕ Дӕ сыгъдӕг кувӕндоны хорздзинӕдтӕй» (Псалом 64:5).

2 Иегъовӕйы хӕдзар саразыны кад Давидмӕ не ’рхауд, фӕлӕ йӕ фырт Соломонмӕ. Тынг кӕмӕ бӕллыд, уыцы хъуыддаг бакӕнын ӕндӕр кӕмӕдӕр кӕй ӕрхауд, уый тыххӕй Давид нӕ хъуыр-хъуыр кодта. Уымӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд, цӕмӕй кувӕндон арӕзт ӕрцыдаид. Уыцы хъуыддагӕн Давид ӕппӕт зӕрдӕйӕ баххуыс кодта ӕмӕ Соломонӕн радта, Иегъовӕ йын кувӕндон аразынӕн цы пълан радта, уый. Уымӕй уӕлдай ма Давид мингай левитты кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн къордтыл адих кодта ӕмӕ кувӕндон саразынӕн балӕвар кодта тынг бирӕ сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист (1 Паралипоменон 17:1, 4, 11, 12; 23:3–6; 28:11, 12; 29:1–5).

3. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ раст динимӕ баст хъуыддӕгтӕм цы зӕрдӕ дарынц?

3 Иузӕрдион израилӕгтӕ ахъаз кодтой раст динимӕ баст хъуыддӕгтӕн Хуыцауы хӕдзары. Раст афтӕ мах дӕр, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, ӕххуыс кӕнӕм Иегъовӕйы организацийы зӕххон хайы хъуыддӕгты. Афтӕмӕй ӕвдисӕм, махӕн дӕр Давиды зондахаст кӕй ис. Мах хъаст нӕ кӕнӕм, фӕлӕ хъуыды кӕнӕм Хуыцауы организацийы хорздзинӕдтыл. Ӕцӕгдӕр бузныг цӕй тыххӕй хъуамӕ уӕм, уыцы бирӕ хорз хъуыддӕгтыл фӕхъуыды кӕныс? Цӕй уӕдӕ дзы иуӕй-иутыл ӕрныхас кӕнӕм.

Бузныг стӕм, йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдоны тыххӕй

4, 5. а) «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» йӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕны? ӕ) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ монон хӕринаджы тыххӕй цы хъуыды кӕнынц?

4 Дзырд дӕр ыл нӕй, стыр бузныг кӕй хъуамӕ уӕм, Йесо Чырысти йӕ исбоны сӕргъы кӕй сӕвӕрдта, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» тыххӕй. Цагъары къордмӕ хауынц сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ. Уыдон сӕхимӕ разамынд исынц хъусын кӕныны, чырыстон фембӕлдтӕ уадзыны ӕмӕ Библийыл бындуриуӕггӕнӕг литературӕ (400 ӕвзагӕй фылдӕрыл) мыхуыр кӕныны хъуыддӕгты. Милуангай адӕм ӕгас зӕххыл дӕр бузныг сты, афоныл сын монон хӕринаг кӕй ис, уый тыххӕй (Матфейы 24:45–47). Бӕлвырд у, уыцы хӕринаджы тыххӕй хъуыр-хъуыр кӕнынӕн бындур кӕй нӕй.

5 Бирӕ азты дӕргъы Эльфийӕн, ацӕргӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнӕн, стыр удӕнцой ӕмӕ ӕххуыс уыдысты цагъары уагъд литературӕ, ӕмӕ дзы Фыстадӕй цы уынаффӕтӕ уыд, уыдон кӕй ӕххӕст кодта. Тынг бузныг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ныффыста: «Цымӕ ӕнӕ Иегъовӕйы организацийӕ цы кодтаин?». Петр ӕмӕ йӕ ус Ирмгард дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц бирӕ азты дӕргъы. Ирмгард дзуры, куыд бузныг у, «Иегъовӕйы уарзаг ӕмӕ аудаг организаци» цы литературӕ уадзы, уый тыххӕй. Уымӕ ма хауы, цӕстӕй ӕвзӕр чи уыны ӕмӕ хъусӕй ӕвзӕр чи хъусы, ахӕм адӕмӕн цы уадзынц, уый дӕр.

6, 7. а) Ӕгас зӕххы ӕмбырдты куыстмӕ хъусдард куыд цӕуы? ӕ) Иуӕй-иутӕ Иегъовӕйы организацийы тыххӕй цы дзурынц?

6 «Ӕууӕнкджын цагъары» номӕй архайы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет – сыгъдӕг удӕй сӕрст нӕлгоймӕгты чысыл къорд, лӕггад кӕнынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунейон сӕйраг хайады Бруклины (Нью-Йорк). Разамонӕг совет фӕлтӕрд лӕггадгӕнджыты нысан кӕны, ӕгас зӕххыл 98 мин ӕмбырды куыстмӕ йӕ хъус чи дары, уыцы филиалтӕм. Уыцы ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй снысан кӕнынц, Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ аккаг чи у, ахӕм нӕлгоймӕгты (1 Тимофеймӕ 3:1–9, 12, 13). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзуг хизгӕйӕ, сӕхимӕ разамынд исынц ӕмӕ йыл аудынц. Цӕй стыр арфӕдзинад у, уыцы дзуджы кӕй стӕм ӕмӕ ӕппӕт ӕфсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад ӕмӕ иудзинад ис, уый кӕй ӕнкъарӕм! (1 Петры 2:17; 5:2, 3).

7 Бирӕтӕ хъаст нӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ бузныг фӕдзурынц, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын цы ӕххуыс бакӕнынц, уый тыххӕй. Уыдонӕй иу у 30-аздзыд хо Биргит, у чындзы цыд. Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уӕд ын фӕзынд ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ гыццыл ма бахъӕуа, тӕригъӕд ракӕна. Фӕлӕ йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Библийӕ бӕлвырд уынаффӕтӕ кӕй радтой ӕмӕ йын йе ’мчырыстӕттӕ кӕй баххуыс кодтой, уый фӕрцы тӕссаг уавӕрӕй йӕхи бахызта. Цы хъуыды кӕны абон Биргит? Уый зӕгъы: «Ӕз стыр бузныг дӕн, ныры онг дӕр Иегъовӕйы диссаджы организацийы кӕй дӕн». 17-аздзыд Андреас дзуры: «Ай ӕцӕгдӕр у Иегъовӕйы организаци – дунейы ӕппӕты хуыздӕр организаци». Уӕдӕ Иегъовӕйы организацийы хорздзинӕдты тыххӕй хъуамӕ бузныг ма уӕм?

Йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдон сты ӕнӕххӕст

8, 9. Давиды рӕстӕджы иуӕй-иутӕ цытӕ кодтой ӕмӕ Давид уый тыххӕй цы хъуыды кодта?

8 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырды разамынд дӕттынӕн кӕй снысан кӕнынц, уыдон сты ӕнӕххӕст. Иууылдӕр рӕдийынц, иуӕй-иутӕм та дзы ис ахӕм хъӕндзинӕдтӕ, ӕмӕ ӕдзух семӕ тох кӕнынц. Уый тыххӕй хъуамӕ мӕт кӕнӕм? Нӕ. Рагон Израилы стыр хӕстӕ кӕй бӕрны уыд, суанг ма уыдон дӕр рӕдыдысты. Цӕвиттонӕн, Давидмӕ ӕрыгонӕй фӕдзырдтой, цӕмӕй паддзах Саулӕн цагъдтаид, ӕмӕ йын уымӕй йӕ маст сырдтаид. Фӕстӕдӕр Саул цалдӕр хатты хъавыд Давиды амарынмӕ. Ӕмӕ уый дӕр ӕппынфӕстаг лидзын бахъуыд (1 Паддзахӕдты 16:14–23; 18:10–12; 19:18; 20:32, 33; 22:1–5).

9 Иннӕ израилӕгтӕ та гадзрахатӕй цыдысты. Зӕгъӕм, Давиды ӕфсӕдты хицау Иоав амардта Саулы хӕстӕг Авениры. Авессалом йӕ фыд Давиды ныхмӕ рацыд, цӕмӕй йын йӕ бынат бацахстаид. Давидыл йӕ уынаффӕгӕнӕг Ахитофел хинӕй рацыд (2 Паддзахӕдты 3:22–30; 15:1–17, 31; 16:15, 21). Фӕлӕ Давид нӕдӕр хъаст кӕнын райдыдта, нӕдӕр раст дин ныууагъта. Уый бакодта бынтон ӕндӕрхуызон. Бӕллӕхты бахаугӕйӕ Давид Иегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс ӕмӕ, Саулӕй куы алыгъд, уӕд дӕр йӕ раст зондахаст нӕ фесӕфта. Уыцы рӕстӕджы Давид зарыд: «Фӕтӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау, фӕтӕригъӕд мын кӕн; уымӕн ӕмӕ Дӕуыл ӕнхъӕлцау у мӕ уд, ӕмӕ Дӕ базырты аууоны бамбӕхсдзынӕн, цалынмӕ нӕ аивгъуыйой бӕллӕхтӕ» (Псалом 56:2).

10, 11. Гертрудӕ ӕрыгонӕй цы бавзӕрста ӕмӕ йе ’мчырыстӕтты рӕдыдтыты тыххӕй цы загъта?

10 Хуыцауы организацийы исчи гадзрахатӕй цӕуы, зӕгъгӕ, тыххӕй хъаст кӕнӕм, уымӕн бындур нӕй. Нӕдӕр Иегъовӕ, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр чырыстон фыййӕуттӕ бабыхсдзысты, цӕмӕй ӕмбырды уа, гадзрахатӕй чи цӕуы, ахӕм фыдадӕм. Фӕлӕ уӕддӕр не ’ппӕт дӕр нӕхиуыл бавзарӕм, нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕ дӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, уый.

11 Гертрудӕ Иегъовӕйӕн фӕлӕггад кодта бирӕ рӕстӕг. Ӕрыгон куы уыд, уӕд дзы загътой, зӕгъгӕ, сайӕгой у ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хабар ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг нӕу. Куыд бакодта Гертрудӕ? Мыййаг хъуыр-хъуыр кодта? Нӕ. Гертрудӕ амард 91-аздзыдӕй 2003 азы. Йӕ мӕлӕты размӕ дзырдта: «Ацы хабар, ӕмӕ ма уый фӕстӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй бамбӕрстон уый, ӕмӕ кӕд иуӕй-иутӕ рӕдийынц, уӕддӕр Иегъовӕ йе стыр куыстӕн разамынд дӕтты, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы пайда кӕны махӕй, ӕнӕххӕст адӕмӕй». Гертрудӕ-иу йе ’мчырыстӕтты ӕнӕххӕстдзинад йӕхиуыл куы ӕвзӕрста, уӕд-иу Иегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй куывта.

12. а) Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ цавӕр ӕвзӕр цӕвиттон ныууагътой? ӕ) Ӕдзух цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?

12 Ӕппӕты иузӕрдион ӕмӕ зынгзӕрдӕ чырыстӕттӕ дӕр ӕнӕххӕст сты. Уымӕ гӕсгӕ нысангонд лӕггадгӕнӕг куы фӕрӕдийа, уӕд «алцыдӕр кӕнӕм ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй» (Филиппӕгтӕм 2:14). Куыд ӕвзӕр уаид, мах дӕр, фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды раст чи нӕ кодта, уыдоны куы бафӕзмиккам! Ахуыргӕнинаг Иудӕ фыста, зӕгъгӕ, уӕды рӕстӕджы мӕнг ахуыргӕнджытӕ «ницӕмӕ дардтой, сӕ сӕргъы чи уыд, уыдоны, ӕмӕ фаудтой кадджынты». Уымӕй уӕлдай уыцы фыдгӕнджытӕ «ӕдзух кодтой хъуыр-хъуыр, хъаст кодтой сӕ цардӕй» (Иудӕйы 8, 16, НД). Уӕдӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй ахӕм хъуырхъуыргӕнджыты ӕмӕ хъастгӕнджыты фӕндагыл ма ацӕуӕм, ӕмӕ ӕдзух хъуыды кӕнӕм, «ӕууӕнкджын цагъар» нын цы хорз хъуыддӕгтӕ аразы, уыдоныл. Цӕй ӕмӕ аргъ кӕнӕм Иегъовӕйы организацийы хорздзинӕдтӕн ӕмӕ «алцыдӕр кӕнӕм ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй».

«Цы ӕнахуыр ныхӕстӕ сты»

13. Иуӕй-иутӕ Йесо Чырыстийы ахуырӕдтӕм цы цӕстӕй ракастысты?

13 Фыццаг ӕнусы иуӕй-иутӕ кӕд нысангонд лӕггадгӕнджытыл хъуыр-хъуыр кодтой, уӕд иннӕтӕ та хъуыр-хъуыр кодтой Йесойы ахуырӕдтыл. Иоанны 6:48–69 куыд фыст ис, афтӕмӕй Йесо загъта: «Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уымӕн ис мыггагмӕйы цард». Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ «Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ... дзырдтой: „Цы ӕнахуыр ныхӕстӕ сты! Кӕй бон у уыдонмӕ хъусын?“». Йесо зыдта, «Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуыр-хъуыр кӕй кӕнынц». Уымӕй уӕлдай ма, «уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ ацыдысты Уымӕй ӕмӕ Йемӕ нал цыдысты». Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕй алчи нӕ хъуыр-хъуыр кодта. Ӕркӕс ма, цы ’рцыд, Йесо 12 апостолы куы бафарста: «Нӕ фӕнды сымах дӕр ацӕуын?». Апостол Петр дзуапп радта: «Хицау! Кӕмӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ ис мыггагмӕйы царды ныхӕстӕ, ӕмӕ мах баууӕндыдыстӕм ӕмӕ базыдтам, Ды кӕй Дӕ Чырысти, Ӕгас Хуыцауы Фырт».

14, 15. а) Иуӕй-иутӕ цӕмӕн райдайынц чырыстон ахуырӕдтыл хъуыр-хъуыр кӕнын? ӕ) Эмануэлы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

14 Нӕ рӕстӕджы Хуыцауы адӕмӕй ӕрмӕст стӕмтӕ райдайынц хъуыр-хъуыр кӕнын иуӕй-иу чырыстон ахуырӕдтыл ӕмӕ Иегъовӕйы организацийыл. Афтӕ цӕмӕн рауайы? Арӕх афтӕ уымӕн рауайы, ӕмӕ Хуыцау хъуыддӕгтӕ куыд аразы, уый нӕ фембарынц. Сфӕлдисӕг йӕ адӕмӕн ӕцӕгад гом кӕны сабыргай. Уымӕ гӕсгӕ Фыстады ахуырӕдтӕй иуӕй-иутӕ хатт фӕхъӕуы фӕбӕлвырддӕр кӕнын. Иегъовӕйы адӕмӕн сӕ фылдӕр ууыл тынг бацин кӕнынц. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ «ӕгӕр рӕстаг» кӕй свӕййынц, уымӕ гӕсгӕ ивындзинӕдты тыххӕй мӕсты кӕнын райдайынц (Екклесиаст 7:16). Уыцы хъуыддаджы гыццыл бынат нӕ ахсы сӕрбӕрзонддзинад, ӕмӕ иуӕй-иутӕ бахауынц хивӕнд зонды къӕппӕджы. Цыфӕнды куы уа, уӕддӕр хъуыр-хъуыр кӕнын тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕстӕмӕ асайдзӕн дунемӕ ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕм.

15 Зӕгъӕм, Эмануэль уыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ фаутӕ хаста «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕйы цӕмӕдӕртӕм (Матфейы 24:45). Стӕй йӕ ӕппындӕр нал каст ӕмӕ фӕстагмӕ йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн уа, уый йӕ кӕй нал фӕнды. Фӕлӕ цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ Эмануэль бамбӕрста, Иегъовӕйы организацийы ахуырӕдтӕ раст кӕй уыдысты. Уый ӕмбырдмӕ бацыд, йӕ рӕдыдыл басаст, ӕмӕ фӕстӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Уӕдӕ та Эмануэль ногӕй у амондджын адӕймаг.

16. Бӕлвырд чырыстон ахуырӕдтыл куы дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн?

16 Уӕдӕ куыд хъуамӕ кӕнӕм, Иегъовӕйы организацийы бӕлвырд ахуырӕдтыл куы дызӕрдыг кӕнӕм ӕмӕ нӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдайынмӕ бирӕ куы нал хъӕуа? Тагъд-иу ма кӕнӕм. «Ӕууӕнкджын цагъар» чи зоны ахӕм исты ныммыхуыр кӕна, нӕ фарстытӕн нын дзуапп чи ратдзӕн ӕмӕ нын нӕ дызӕрдыгдзинӕдтӕ чи фӕсурдзӕн. Хорз у ӕххуыс агурын хистӕр нӕлгоймӕгтӕй (Иудӕйы 22, 23). Хуыцаумӕ куы кувӕм, нӕхӕдӕг Библи куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ фӕлтӕрд чырыстӕттимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд нын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дызӕрдыг ма кӕнӕм ӕмӕ тынгдӕр бузныг уӕм, Иегъовӕ нын йӕ минӕвары уылты Библийӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы ӕцӕгдзинӕдтӕ амоны, уыдоны тыххӕй.

Раст зондахаст дын уӕд

17, 18. Цавӕр зондахаст нын хъуамӕ уа ӕмӕ цӕмӕн?

17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тӕригъӕд аразын ӕнӕххӕст адӕм сӕ туджы рахастой, ӕмӕ иуӕй-иутӕ хъӕуа нӕ хъӕуа хъаст фӕкӕнынц (Уӕвынад 8:21; Ромӕгтӕм 5:12). Фӕлӕ кӕд хъуыр-хъуыр кӕнын сахуыр стӕм, уӕд нӕ хӕлардзинадӕн Иегъовӕ Хуыцауимӕ фехӕлынӕй тӕссаг у. Уӕдӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм цыфӕнды хъуыр-хъуырӕй дӕр.

18 Ӕмбырды хъуыддӕгтыл хъуыр-хъуыр кӕныны бӕсты, хорз уаид, раст зондахастыл куы хӕциккам ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ куы пълан кӕниккам, цӕмӕй дзӕгъӕлы ма бадӕм, хъӕлдзӕг уӕм, иннӕтӕн аргъ кӕнӕм, ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм (1 Коринфӕгтӕм 15:58; Титмӕ 2:1–5). Иегъовӕ йӕ хъус дары, йӕ организацийы цы цӕуы, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕм. Стӕй Йесо дӕр зоны, алы ӕмбырды дӕр цы цӕуы, уый – фыццаг ӕнусы куыддӕриддӕр уыд, раст афтӕ (Раргомад 1:10, 11). Фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Хуыцаумӕ ӕмӕ Чырыстимӕ – ӕмбырды сӕрмӕ. Уыдон бӕрнхӕссӕг фыййӕуттӕй спайда кӕндзысты, цӕмӕй, куы хъӕуа, уӕд уавӕр фӕивой (Псалом 42:5; Колоссӕгтӕм 1:18; Титмӕ 1:5).

19. Цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад адӕмы хъуыддӕгтӕ йӕ къухмӕ нӕ райса, уӕдмӕ не ’ргом цӕмӕ хъуамӕ здахӕм?

19 Тагъд ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Мессийӕйы Паддзахад адӕмы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр йӕ къухмӕ райсдзӕн. Уӕдмӕ та куыд ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ алкӕмӕн дӕр раст зондахаст уа! Уый нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’ргом не ’муырнджыты хъӕндзинӕдтӕм ма здахӕм, фӕлӕ сӕ хорз миниуджытӕм. Афтӕмӕй амондджын уыдзыстӕм. Хъуыр-хъуыр кӕнынӕй нӕ хъарутӕ куы нӕ сӕттӕм, уӕд нӕ ныфс ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар уыдзысты.

20. Раст зондахаст нын куы уа, уӕд нын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕсдзӕн?

20 Раст зондахаст нын куы уа, уӕд нӕ рох кӕндзыстӕм, Иегъовӕйы организацийы кӕй стӕм, уый фӕрцы цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын, уыдон. Дунедарӕг Хуыцауыл зӕххыл ӕрмӕст ацы организаци у иузӕрдион. Цы хъуыды кӕныс, иунӕг ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цӕй стыр кад у, уый тыххӕй? Дӕуӕн дӕр Давиды зондахаст уӕд. Уый зарыд: «Ды хъусыс кувын; Дӕумӕ ӕрызгъоры алкӕцы буар. Тӕхудиаг, Ды кӕй равзӕрстай ӕмӕ ӕрбахӕстӕг кодтай, цӕмӕй цӕра уый Дӕ кӕртыты. Бафсӕддзыстӕм Дӕ хӕдзары ӕмӕ Дӕ сыгъдӕг кувӕндоны хорздзинӕдтӕй» (Псалом 64:3, 5).

Бахъуыды кодтай?

• Ӕмбырды йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдоны тыххӕй бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

• Бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕрты рӕдыдтытӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

• Фыстады ахуырӕдты исты куы фӕбӕлвырддӕр вӕййы, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

• Чырыстонӕн цы баххуыс кӕндзӕн дызӕрдыг хъуыдытӕ иуварс кӕнынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 12 фарсыл]

Давид кувӕндоны пълан радта Соломонмӕ ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххуыс кодта раст динӕн