Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иов – фидар ӕмӕ иузӕрдион адӕймаг

Иов – фидар ӕмӕ иузӕрдион адӕймаг

Иов – фидар ӕмӕ иузӕрдион адӕймаг

«Дӕ хъус не ’рдардтай мӕ лӕггадгӕнӕг Иовмӕ? Зӕххыл нӕй уый хуызӕн. Уый у ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй йӕхи дард ласы» (ИОВ 1:8).

1, 2. а) Иовыл ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕр бӕллӕхтӕ ’рцыд? ӕ) Иов йӕ бӕллӕхты размӕ куыд цард?

АЦЫ адӕймаг алцӕмӕйдӕр ӕххӕст уыд – хъӕздыгдзинад, кад, ӕнӕниздзинад ӕмӕ амондджын бинонтӕй. Фӕлӕ йыл стӕй фӕд-фӕдыл ӕрцыд ӕртӕ ӕвирхъау бӕллӕхы. Ӕнӕнхъӕлӕджы йе ’ппӕт мулк фесӕфта. Стӕй йын ӕнахуыр тыхдымгӕ йӕ сывӕллӕтты цард аскъуыдта. Уый хӕдфӕстӕ та фӕрынчын уӕззау низӕй – йӕ буар ӕгасӕйдӕр схъӕдгом. Уыцы адӕймаг уыд Иов. Библийы чингуытӕй иу хӕссы йӕ ном ӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕны йӕ кой (Иовы чиныджы 1 ӕмӕ 2 сӕртӕ).

2 «Ехх, раздӕры хуызӕн ма куы уаин»,– загъта Иов (Иов 3:3; 29:2). Бӕллӕхх куы ’рцӕуы, уӕд йӕ раздӕры бонтӕм чи нӕ фӕбӕллы? Иов хӕрзӕгъдау цард кодта, ӕмӕ афтӕ каст, цыма бӕллӕхтӕй хызт у. Номдзыд адӕм ын кад кодтой ӕмӕ йӕм уынаффӕагур цыдысты (Иов 29:5–11). Иов уыд хъӕздыг, фӕлӕ йӕ бирӕ мулкӕй йӕ сӕр никуы разылд (Иов 31:24, 25, 28). Ӕххуысхъуаг идӕдзтӕ ӕмӕ-иу сидзӕрты фарсмӕ кӕддӕриддӕр балӕууыд (Иов 29:12–16). Уӕдӕ йӕ цардӕмбалыл дӕр йӕ зӕрдӕ никуы сивта (Иов 31:1, 9, 11).

3. Иегъовӕ Иовӕй цы хъуыды кодта?

3 Иов уыд ӕнаипп адӕймаг, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кодта. Иегъовӕ Иовы тыххӕй загъта: «Зӕххыл нӕй уый хуызӕн. Уый у ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй йӕхи дард ласы» (Иов 1:1, 8). Кӕд хӕрзӕгъдау уыд, уӕддӕр ын бӕллӕхтӕ йӕ сабыр ӕмӕ амондджын цард фехӕлдтой. Исбонӕй йӕм цыдӕриддӕр уыд, уый иууылдӕр фесӕфта. Иовӕн йӕ лӕджыхъӕд фӕлвӕрд ӕрцыд – бавзӕрста рис, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ ма фыдӕнхъӕл дӕр фӕци.

4. Иовы фыдӕвзарӕнтӕм ӕркӕсын хорз цӕмӕн у?

4 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй ӕрмӕст Иовыл не ’рцыд бӕллӕхтӕ. Чырыстӕттӕй бирӕтӕ абон дӕр Иовау ӕвзарынц бирӕ хъизӕмӕрттӕ. Уымӕ гӕсгӕ хъӕуы равзарын дыууӕ фарстайы: бӕллӕхы рӕстӕг Иовы фыдӕвзарӕнтӕ нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн? Ӕмӕ нӕ йӕ фӕлварӕнтӕ куыд ахуыр кӕнынц, цӕмӕй хъизӕмӕрттӕ чи ’взары, уыдоны рис хуыздӕр ӕмбарӕм?

Ӕнувыддзинады фӕдыл дзырддаг фарста ӕмӕ иузӕрдиондзинады фӕлварӕн

5. Сайтаны ныхӕстӕм гӕсгӕ, Иов Хуыцауӕн цӕмӕн лӕггад кодта?

5 Иовы хабар уыд диссаг. Иов нӕ зыдта, Хӕйрӕг кӕй сдызӕрдыг кодта, ӕцӕгдӕр Хуыцауӕн цӕмӕн лӕггад кӕны, уый. Иегъовӕйӕн уӕлӕрвты зӕдтимӕ ныхас куы уыд, уӕд Сайтаны хъус ӕрдардта Иовы хорз миниуджытӕм. Сайтан Хуыцауӕн загъта: «Йӕхи дӕр, йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон дӕр ын ды дӕхӕдӕг нӕ хъахъхъӕныс?». Афтӕмӕй Сайтан дзырдта, зӕгъгӕ, Иов дӕр ӕмӕ иннӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр, Иегъовӕйӕн сӕхи пайдайы тыххӕй лӕггад кӕнынц. «Фӕлӕ ма бафӕлвар, дӕ къух ӕм сис ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕ бавнал – кӕддӕра дӕ комкоммӕ нӕ ралгъитид»,– загъта Сайтан Иегъовӕйӕн (Иов 1:8–11).

6. Цавӕр ахсджиаг дзырддаг фарста расидт Сайтан?

6 Ацы хъуыддаг баст у ахсджиаг дзырддаг фарстаимӕ. Сайтан сдзырддаг кодта, Иегъовӕ цавӕр хицау у, уый. Хуыцау уарзондзинадӕй разамынд дӕтта, уымӕн ӕцӕгдӕр гӕнӕн ис? Кӕнӕ Сайтан куыд загъта, афтӕмӕй ӕппынфӕстаг хиуарзондзинад фӕуӕлахиз вӕййы? Иегъовӕ Хӕйрӕгӕн бар радта, цӕмӕй Иовы бафӕлвара, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс уыд, йӕ лӕггадгӕнӕг иузӕрдион ӕмӕ ӕнувыд кӕй разындзӕн. Ӕмӕ Хӕйрӕг дӕр Иовы бӕллӕхты бын фӕкодта. Сайтан ыл фыццаг цы бӕллӕхтӕ ӕруагъта, уыдон куы ницӕмӕ ӕркодтой, уӕд та йыл фыдниз бафтыдта. Хӕйрӕг загъта: «Царм цармы тыххӕй, фӕлӕ адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 2:4).

7. Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Иовау цавӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлынц?

7 Кӕд абон чырыстӕттӕй бирӕтӕ Иовау нӕ хъизӕмар кӕнынц, уӕддӕр сӕ алыхуызон зындзинӕдтӕ тыхсын кӕнынц. Бирӕты ӕфхӕрынц кӕнӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ ӕййафынц. Цардамӕлттӕ кӕнын сын зын у, йе та низтӕй сӕ ныфс асӕтты. Иуӕй-иутӕ та сӕ цард дӕр радтой сӕ уырнындзинады тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ не ’ппӕт бӕллӕхты дӕр Сайтан у аххосджын. Иуӕй-иу зындзинӕдты бахауӕм нӕхи аххосӕй кӕнӕ нӕ туджы цы низтӕ рахастам, уый тыххӕй (Галатӕгтӕм 6:7). Не ’ппӕт дӕр зӕронд кӕнӕм ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕй дӕр хызт не стӕм. Библи нын бӕлвырдӕй ӕмбарын кӕны, уыцы бӕллӕхтӕй абон Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты диссаджы хуызы кӕй нӕ ирвӕзын кӕны (Екклесиаст 9:11).

8. Сайтаны бон куыд у, цы зындзинӕдтӕ ’взарӕм, уыдонӕй пайда кӕнын?

8 Фӕлӕ цы зындзинӕдтӕ ’взарӕм, уыдонӕй Сайтаны бон у афтӕ спайда кӕнын, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фӕцуда. Апостол Павел дӕр дзырдта, кӕй йӕ тыхсын кодта «буары... сындз – Сайтаны зӕд» (2 Коринфӕгтӕм 12:7, НД). Уыцы «сындз» цыфӕнды ма уыдаид – цӕстӕй ӕвзӕр уыдта ӕви ӕндӕр исты – Павел ӕмбӕрста, Сайтанӕн йӕ бон кӕй уыд уыцы зындзинадӕй ӕмӕ уый цы ныфссастмӕ ’ркодта, уымӕй спайда кӕнын, цӕмӕй йын йӕ циндзинад фесафа ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинад ӕрлӕмӕгъ уа (Ӕмбисӕндтӕ 24:10). Сайтан абон дӕр афтӕ фӕархайы, цӕмӕй бинонтӕ, ӕмкъласонтӕ йе та суанг ӕгъатыр хицӕуттӕ дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’фхӕрой.

9. Бӕллӕхты кӕй бахауӕм кӕнӕ ’фхӕрд кӕй ӕййафӕм, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дис кӕнӕм?

9 Нӕ бон куыд у ахӕм зындзинӕдтыл уӕлахиз кӕнын? Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивдзыстӕм ӕмӕ цыфӕндыйӕ дӕр йӕ хицаудзинады фарс кӕй лӕудзыстӕм, уый равдисынӕн сӕ хорз фадатыл куы нымайӕм (Иаковы 1:2–4). Нӕ зындзинӕдты аххос цыфӕнды ма уа, куы ’мбарӕм, Хуыцауыл ӕнувыд уӕм, уый куыд ахсджиаг у, уӕд нӕ уырнындзинад фидар уыдзӕн. Апостол Петр чырыстӕттӕм фыста: «Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕ бафӕлварыны тыххӕй фыдӕвзарӕнты кӕй ӕфтут, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хъуыддаг ӕрцыди, уыйау» (1 Петры 4:12, НТ). Ӕмӕ Павел дӕр дзырдта: «Уӕвгӕ, Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕйдӕриддӕр фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕййафдзысты ӕфхӕрд» (2 Тимофеймӕ 3:12, НД). Иовимӕ куыд уыд, афтӕ абон дӕр Сайтан дзырддаг кӕны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты иузӕрдиондзинад. Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр, Библи куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ацы фӕстаг бонты Сайтан тынгӕй-тынгдӕр цӕуы Хуыцауы адӕмы ныхмӕ (Раргомад 12:9, 17).

Хъуыддаг раст нӕ бамбӕрстой ӕмӕ ’взӕр уынаффӕ радтой

10. Иовы уавӕр цы фыддӕр кодта?

10 Махӕй уӕлдай, Иовы уавӕр фыддӕр кодта иу хъуыддаг. Уый нӕ зыдта, уыцы бӕллӕхтӕ йыл цӕмӕн ӕрцыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Иов ӕрцыд рӕдыд хъуыдымӕ: «Иегъовӕ радта – Иегъовӕ фӕстӕмӕ райста» (Иов 1:21). Ӕвӕццӕгӕн, Сайтан хъуыддӕгтӕ барӕй афтӕ ӕвдыста, цӕмӕй Иов баууӕндыдаид, йӕ бӕллӕхтӕ иууылдӕр Хуыцауӕй кӕй цӕуынц.

11. Иов йӕ бӕллӕхтӕм цы цӕстӕй каст?

11 Иов йӕ цардӕмбалы ныхӕстӕм гӕсгӕ Хуыцауы нӕ ралгъыста, фӕлӕ уӕддӕр ныфссаст уыд (Иов 2:9, 10). Иов загъта, зӕгъгӕ, фыдгӕнджытӕ мӕнӕй бирӕ хуыздӕр цӕрынц (Иов 21:7–9). Ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕндыд базонын, Хуыцау ӕм цӕмӕн фӕфыдӕх, уый. Уыди-иу ахӕм рӕстӕджытӕ, ӕмӕ-иу Иов мӕлӕтмӕ дӕр бӕллыд. «Тӕхуды ӕмӕ мӕ Ды ингӕны куы бамбӕхсис, ӕмӕ мӕ уым куы уадзис, цалынмӕ дӕ маст ссӕуа, уӕдмӕ!» (Иов 14:13).

12, 13. Иовыл йе ’ртӕ ӕмбалы ныхӕстӕ куыд фӕзындысты?

12 Иовмӕ ӕрбацыдысты йе ’ртӕ ӕмбалы, зӕгъгӕ йын йӕ хъыгыл фӕхъыг кӕнӕм ӕмӕ йын ныфсытӕ авӕрӕм (Иов 2:11). Фӕлӕ уыдон разындысты «бӕллӕхы ныфсӕвӕрджытӕ» (Иов 16:2). Иовы ахӕм ӕмбӕлттӕ хъуыд, йӕ уаргъ ын чи фӕрогдӕр кодтаид, фӕлӕ йын адон та йӕ мастыл ноджы бафтыдтой ӕмӕ йын ноджы тынгдӕр асастой йӕ ныфс (Иов 19:2; 26:2).

13 Уӕдӕ цас диссаг уыдаид, афтӕ куы хъуыды кодтаид: «Ӕз цӕмӕн хъизӕмар кӕнын? Цӕй тыххӕй мыл ӕрцыдысты ацы бӕллӕхтӕ?» Уый фӕдыл ын йе ’мбӕлттӕ цы дзырдтой, уым растӕй ӕппындӕр ницы уыд. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Иов йӕхӕдӕг уыд йӕ бӕллӕхты аххосджын, цыдӕр стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй. «Искуы ӕнаххос адӕймаг фесӕфт?,– бафарста Елифаз.– Ӕз федтон, фыдгӕнджытӕ кӕй ӕркӕрдынц, цы фыдбылызтӕ байтауынц, уый» (Иов 4:7, 8).

14. Афтӕ хъуыды кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы ӕмӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, хъизӕмӕрттӕ ’рмӕстдӕр уыдон ӕвзарынц?

14 Сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый тауыны бӕсты, тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн куы тауӕм, уӕд зындзинӕдтӕ ма фӕзыной, уый гӕнӕн нӕй (Галатӕгтӕм 6:7, 8). Ацы дунейы зындзинӕдтӕ фӕзыны, нӕхи куыдфӕнды ма дарӕм, уӕддӕр. Стӕй ма афтӕ зӕгъӕн дӕр нӕй, ӕмӕ ӕнаххос адӕймаг ӕппӕт фыдбылызтӕй дӕр хызт у. Йесо Чырысти, «ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн», хъизӕмайраг мардӕй амард цӕджындзыл, уӕдӕ апостол Иаков дӕр йӕхи мӕлӕтӕй нӕ амард (Дзуттытӕм 7:26, НТ; Куыстытӕ 12:1, 2). Елифаз ӕмӕ йӕ дыууӕ ’мбалы раст кӕй нӕ хъуыды кодтой, уый тыххӕй Иовы бахъуыд йӕхи сӕрыл дзурын ӕмӕ аххосджын кӕй нӕ уыд, уый бӕлвырд кӕнын. Стӕй ма ацы ӕртӕ ’мбалы сӕ ныхасыл фидарӕй кӕй лӕууыдысты, зӕгъгӕ, Иов уыцы хъизӕмӕрттӕ ӕнӕхъуаджы не ’взары, уый, ӕвӕццӕгӕн, фӕзынд, Иов Иегъовӕйы рӕстдзинады тыххӕй цы хъуыды кодта, ууыл (Иов 34:5; 35:2).

Бӕллӕхы рӕстӕг ӕххуыс агур

15. Хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ нын цавӕр зондахаст ӕххуыс кӕндзӕн?

15 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Иовы хабарӕй? Чи зоны нӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ ныл бӕллӕхтӕ кӕй ӕрцӕуы, кӕй рынчын кӕнӕм ӕмӕ ’фхӕрд кӕй ӕййафӕм, уый раст нӕу кӕнӕ та ахӕм бӕллӕхтӕй иннӕтӕ хызт сты (Псалом 72:3–12). Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ бон у нӕхимӕ ахӕм ахсджиаг фарстатӕ дӕттын: цыфӕнды мыл ма ’рцӕуа, уӕддӕр, Хуыцауы кӕй уарзын, уый тыххӕй йын лӕггад кӕндзынӕн? Мӕ цардӕй бӕрӕг у, Иегъовӕйӕн фадат кӕй дӕттын, цӕмӕй, «фидистӕ йын чи кӕны, уымӕн дзуапп радта»? (Ӕмбисӕндтӕ 27:11; Матфейы 22:37). Хъуамӕ иннӕты ӕнӕрхъуыды ныхӕсты тыххӕй нӕ уӕларвон Фыды ӕххуысыл макуы дызӕрдыг кӕнӕм. Бирӕ азты дӕргъы уӕззау низӕй чи хъизӕмар кодта, иу ахӕм иузӕрдион хо загъта: «Ӕз ӕй зонын, Иегъовӕ цыфӕнды зындзинад ма бауадза, мӕ бон ӕй бауыдзӕн сфӕразын. Зонын ӕй, хъарутӕ мын кӕй дӕтдзӕн, ныронг куыд уыд, афтӕ».

16. Зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн Хуыцауы Ныхас куыд ӕххуыс кӕны?

16 Иовимӕ абаргӕйӕ, махӕн нӕ уавӕр бирӕ хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ нын Сайтаны «фыдвӕндтӕ ӕнӕзонгӕ не сты» (2 Коринфӕгтӕм 2:11, НД). Уымӕй уӕлдай ма нын ис ӕндӕр ӕххуыс дӕр. Библийы мах кӕсӕм, алыхуызон зындзинӕдты фидар чи фӕлӕууыд, бирӕ ахӕм иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй. Апостол Павел, йӕхӕдӕг бирӕ чи фӕхъизӕмар кодта, уый фыста: «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ромӕгтӕм 15:4, НД). Европӕйы дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг иу Иегъовӕйы Ӕвдисӕны йӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны сбадын кодтой. Уым ын ӕртӕ бонӕн цы хӕринаг лӕвӕрдтой, уый Библийыл баивта. Ӕфсымӕр загъта: «Куыд хорз уыд, Библи хӕринагыл кӕй баивтон! Кӕд ӕххормаг уыдтӕн, уӕддӕр мӕ уырнындзинадӕн цы хъуыд, уымӕй ӕххӕст уыдтӕн. Уыцы уӕззау рӕстӕг уый мӕнӕн дӕр ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн дӕр ӕххуыс кодта, цӕмӕй нӕ ныфс ма асастаид. Уыцы Библи абон дӕр мӕхимӕ ис».

17. Фидар фӕлӕууынӕн нын Хуыцау цы дӕтты?

17 Фыстадӕй уӕлдай ма нын ис ӕндӕр ӕххуыс дӕр – Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ. Уым ис, нӕ зындзинӕдты рӕстӕг нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм разамынд. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы амонӕны» нӕ бон у ссарын, не ’мчырыстӕттӕй нӕ уавӕры чи уыд, уыдоны цӕвиттонтӕ (1 Петры 5:9). Хорз ма уаид, цы нӕ тыхсын кӕны, ууыл аныхас кӕнын, нӕ рис нын чи бамбардзӕн, ахӕм хистӕр нӕлгоймагимӕ, йе та ӕндӕр фӕлтӕрд чырыстӕттимӕ. Сӕйраджыдӕр та, Иегъовӕмӕ куы кувай, уӕд дын ӕххуыс кӕндзӕн йӕ сыгъдӕг уды уылты. Зӕгъӕм, Павел Сайтаны ныхмӕ куыд фӕлӕууыд? Уый ахуыр кодта Хуыцауы хъаруйыл йӕ ныфс дарын (2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10). Павел фыста: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13, НД).

18. Чырыстӕтты бон куыд у кӕрӕдзийӕн ныфс ӕвӕрын?

18 Уӕдӕ нын ӕххуыс ис, ӕмӕ йӕ хъуамӕ ӕвӕстиатӕй агурӕм. «Зын сахат дӕхимӕ ныхъхъуыстай? Уӕд дӕ тых асӕтдзӕн»,– дзуры иу ӕмбисонд (Ӕмбисӕндтӕ 24:10). Термиттӕ кӕй хонынц, уыцы мӕлдзгуытӕн сӕ бон хъӕдын хӕдзар бахӕрын ӕмӕ ныккалын куыд у, афтӕ ныфссаст куы уӕм, уӕд уый дӕр тынг тӕссаг у чырыстон иузӕрдиондзинадӕн. Цӕмӕй ныл ахӕм хабар ма ’рцӕуа, уымӕн нын Иегъовӕ ӕххуыс кӕны не ’мчырыстӕтты уылты. Йесойы цы ’хсӕв ӕрцахстой, уӕд ӕм фӕзынд зӕд ӕмӕ йӕ фидар кодта (Лукайы 22:43). Павелы ахстӕй Роммӕ куы фӕцӕйластой, уӕд федта ӕфсымӕрты Аппийы фӕзы, бӕлцӕтты уазӕгдзӕрӕны цур, ӕмӕ «арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ фӕныфсджын» (Куыстытӕ 28:15). Германӕй иу хойы зӕрдыл лӕууы, куыд ын баххуыс кодтой, сывӕллонӕй йӕ Равенсбрюкы концлагермӕ куы ’рбаластой, уӕд. Уый дзуры: «Иу чырыстон хо мӕ уайтагъд ссардта ӕмӕ мыл зӕрдиагӕй баузӕлыд. Иннӕ иузӕрдион хо та мӕ йӕ базыры бын бакодта ӕмӕ мыл мадау аудыдта».

«Баззай иузӕрдионӕй»

19. Цы баххуыс кодта Иовӕн Сайтаны ныхмӕ фидар фӕлӕууын?

19 Иегъовӕ Иовы схуыдта, «йӕ иузӕрдиондзинадыл фидар чи хӕцы», ахӕм адӕймаг (Иов 2:3). Кӕд Иов ныфссаст уыд ӕмӕ цӕмӕн хъизӕмар кодта, уый не ’мбӕрста, уӕддӕр иузӕрдиондзинады фӕдыл дзырддаг фарстайы фидар лӕууыд. Иов цӕй тыххӕй цард, ууыл ӕй йӕ зӕрдӕ сивын нӕ фӕндыд. Фидарӕй загъта: «Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ мӕ иузӕрдиондзинады фидар лӕудзынӕн!» (Иов 27:5).

20. Фидардзинад ахсджиаг цӕмӕн у?

20 Мах дӕр афтӕ фидар куы уӕм, уӕд нӕ иузӕрдиондзинад бахъахъхъӕндзыстӕм цыфӕнды уавӕрты дӕр – цыбӕлтӕ уой, ӕфхӕрд кӕнӕ исты бӕллӕх, уӕддӕр. Чырысти Смирнӕйы ӕмбырдӕн загъта: «Цы хъизӕмӕрттӕ дӕ хъӕудзӕни бавзарын, уыдонӕй ма тӕрс. Хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты ахӕстоны баппардзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуат ӕмӕ цӕмӕй фыдӕвзарӕнты [бӕллӕхты, маст кӕнӕ ӕфхӕрды] уат дӕс боны. Мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззай, ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – цард» (Раргомад 2:10НД).

21, 22. Хъизӕмӕртты рӕстӕг фидар куы уӕм, уӕд нын удӕнцой цы хӕсдзӕн?

21 Сайтаны дунейы нӕ фидардзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд цӕудзысты. Фӕлӕ нын уӕддӕр Йесо зӕрдӕ ’вӕры: фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ нӕ ницӕмӕй тӕрсын хъӕуы. Сӕйрагдӕр у иузӕрдионӕй баззайын. Павел дзырдта, зӕгъгӕ, «хъизӕмӕрттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сты», «кад» кӕнӕ нын Иегъовӕ зӕрдӕ цы хорзӕхӕй ӕвӕры, уый та нын «ӕрхӕсдзӕн, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр мыггагмӕйы» кад (2 Коринфӕгтӕм 4:17, 18НТ). Суанг ма Иовы бӕллӕхтӕ дӕр уыдысты рӕстӕгмӕ, йӕ зындзинӕдты размӕ ӕмӕ уый фӕстӕ цы бирӕ амондджын азтӕ фӕцард, уыдонимӕ абаргӕйӕ (Иов 42:16).

22 Абон дӕр, чи зоны, ахӕм рӕстӕг вӕййы, ӕмӕ нӕм нӕ зындзинӕдтӕ фӕкӕсынц ӕнӕкӕрон, нӕ хъизӕмӕрттӕ та тынг зын сфӕразӕн. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Иовыл цы ’рцыд, уый ма нын куыд ӕххуыс кӕны фидар фӕлӕууынӕн. Стӕй ма фендзыстӕм, нӕ бон куыд у иннӕты бӕллӕхы рӕстӕг фидар кӕнын.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Иовы иузӕрдиондзинады тыххӕй Сайтан цавӕр ахсджиаг дзырддаг фарста расидт?

• Бӕллӕхтӕ кӕй ӕййафӕм, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дис кӕнӕм?

• Иегъовӕ нын фидар фӕлӕууынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Библи иртасын, фӕлтӕрд чырыстӕттимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ зӕрдиагӕй кувын нын баххуыс кӕндзысты фидар фӕлӕууынӕн