Куыд ӕввахс кӕнӕм, куывдтытӕ чи хъусы, уымӕ
Куыд ӕввахс кӕнӕм, куывдтытӕ чи хъусы, уымӕ
«Ды хъусыс мӕ куывд, Дӕумӕ ӕрцӕуы алы буар» (ПСАЛОМ 64:3, МГТ).
1. Адӕм иннӕ цӕрӕг удтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц ӕмӕ нын уый фӕрцы цавӕр фадат ис?
ЗӔХХЫЛ цы мингай цӕрӕг удтӕ ис, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр адӕмы бон у Сфӕлдисӕгӕн кувын. Ӕрмӕстдӕр адӕм ӕмбарынц, ӕнӕ Хуыцауӕй кӕй нӕй цӕрӕн ӕмӕ йӕм ӕввахс кӕной, уый сӕ фӕнды. Уый фӕрцы нын ис диссаджы фадат, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды хӕлӕрттӕ суӕм.
2. Адӕймагӕн йе Сфӕлдисӕгимӕ цы ахастытӕ уыд, уыдоныл тӕригъӕд куыд бандӕвта?
2 Хуыцау адӕймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ бон уыд йе Сфӕлдисӕгимӕ ныхас кӕнын. Адам ӕмӕ Евӕ уыдысты ӕнӕ тӕригъӕд. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон уыд Хуыцауимӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнын, гыццыл сывӕллон йӕ фыдимӕ куыд фӕныхас кӕны, раст афтӕ. Фӕлӕ тӕригъӕд ракӕнгӕйӕ сӕхи уыцы диссаджы кадӕй ӕнӕхай фӕкодтой. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ дзы адард сты (Райдиан 3:8–13, 17–24). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Адамы ӕнӕххӕст байзӕддӕгтӕн сӕ бон нал у Хуыцауимӕ ныхас кӕнын? Нӕ. Иегъовӕ сын уӕддӕр уыцы фадат дӕтты, фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕной цавӕрдӕр домӕнтӕ. Цавӕр домӕнтӕ сты?
Цы хъӕуы, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнӕм
3. Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон куыд у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын ӕмӕ уый цавӕр цӕвиттонӕй зыны?
3 Адамы дыууӕ фырты хабарӕй мах фендзыстӕм, Хуыцау цы домы, ӕнӕххӕст адӕмӕй йӕм ӕввахс кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕй. Каин ӕмӕ Авел цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ ссардтаиккой, уый тыххӕй йын ӕрхастой нывӕндтӕ. Хуыцау Авелы нывонд айста, Каины нывонд та – нӕ (Райдиан 4:3–5). Афтӕ цӕмӕн рауад? Дзуттӕгтӕм 11:4 (НТ) фыст ис: «Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд, ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстгӕнӕг кӕй у, уый». Уӕдӕ бӕлвырд у, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уӕм, уый тыххӕй уырнындзинад кӕй хъӕуы. Иннӕ домӕн базонӕн ис, Иегъовӕ Каинӕн цы загъта, уымӕй: «Кӕд хорздзинад аразыс, уӕд куыннӕ сбӕрзонд уыдзынӕ?». О, Каин хорздзинад куы арӕзтаид, уӕд ын Хуыцау йӕ нывонд айстаид. Фӕлӕ Каин Хуыцаумӕ нӕ байхъуыста, Авелы амардта ӕмӕ сырд ӕрцыд (Райдиан 4:7–12). Уӕдӕ зӕххыл цалдӕр адӕймаджы йеддӕмӕ куы нӕма уыд, суанг уӕд рабӕрӕг, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнынӕн ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы уырнындзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ.
4. Цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
4 Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын нӕ куы фӕнда, уӕд хъуамӕ ӕмбарӕм, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый. Адӕм иууылдӕр тӕригъӕдджын сты. Ӕмӕ сӕ тӕригъӕд хъыгдары Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын. Пехуымпар Иереми Израилы адӕмы тыххӕй фыста: «Мах фӕиппӕрд ыстӕм [...] Ды Дӕхи бамбӕрзтай ӕврагъӕй, цӕмӕй Дӕм нӕ куывд ма хъуыстаид» (Иеремийы хъарӕг 3:42, 44, «Мах дуг», №12, 1999). Фӕлӕ кӕд тӕригъӕдджын стӕм, уӕддӕр историйӕ зыны, Хуыцау кӕй хъусы, уырнындзинадимӕ ӕмӕ йӕм раст зӕрдӕйы уагимӕ чи кувы ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонмӕ (Псалом 118:145). Уыцы адӕмӕй иуӕй-иутӕ чи уыдысты ӕмӕ сын сӕ куывдтытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
5, 6. Авраам Хуыцаумӕ куыд куывта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
Исай 41:8). Авраам Хуыцаумӕ куыд куывта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ацы иузӕрдион адӕймаг Иегъовӕйы фарста байзӕддаджы тыххӕй: «Цы мын ратдзынӕ? Ӕз нырмӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг куы дӕн» (Райдиан 15:2, 3; 17:18). Ӕндӕр хатт та куывта, Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморры фыдадӕмӕн тӕрхон куы рахаста, уӕд. Уый тыхсти, чи дзы фервӕздзӕн, ууыл (Райдиан 18:23–33). Авраам ма Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодта ӕндӕр адӕмы тыххӕй дӕр (Райдиан 20:7, 17). Стӕй Авелау уый дӕр Иегъовӕйӕн хаста нывӕндтӕ (Райдиан 22:9–14).
5 Уыдонӕй иу уыд Авраам. Авраам цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уыдаид, уый тыххӕй цы арӕзта, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ цыд ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ схуыдта йӕ хӕлар (6 Авраам алы хатт дӕр Иегъовӕимӕ сӕрибарӕй ныхас кодта. Фӕлӕ уӕддӕр уыд сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, йе Сфӕлдисӕгимӕ абаргӕйӕ ӕппындӕр кӕй ницы у, уый. Райдианы 18:27 цы фыст ис, уымӕй зыны, куыд сӕрныллӕгӕй ныхас кӕны йемӕ: «Дӕ хорзӕхӕй, байхъус мӕм, ӕз мӕ ныфс бахастон Иегъовӕимӕ дзурынмӕ, ӕз дӕн рыг ӕмӕ фӕнык». Диссаджы зӕрдӕйы уаг!
7. Иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ Иегъовӕмӕ цӕй тыххӕй куывтой?
7 Иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ Иегъовӕмӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй куывтой ӕмӕ-иу сӕ фехъуыста. Иаковӕн йӕ куывд уыд дзырд раттыны хуызӕн. Хуыцауӕй ӕххуыс куы ракуырдта, уӕд ын загъта: «Цыдӕриддӕр мын раттай, уымӕн дын йӕ дӕсӕм хай ратдзынӕн» (Райдиан 28:20–22). Фӕстӕдӕр Иаков, йе ’фсымӕримӕ куы хъуамӕ фембӕлдаид, уӕд Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ бахъахъхъӕдтаид: «Лӕгъстӕ дын кӕнын, ме ’фсымӕр Исавы къухӕй мӕ фервӕзын кӕн, уымӕн ӕмӕ дзы тӕрсын» (Райдиан 32:9–12). Иов дӕр Иегъовӕмӕ куывта йӕ бинонты тыххӕй ӕмӕ сӕ номӕй нывӕндтӕ хаста. Иовы ӕртӕ хӕлары ныхасӕй куы фӕрӕдыдысты, уӕд Иов уыдоны тыххӕй скуывта, ӕмӕ «Иегъовӕ райста Иовы цӕсгом» (Иов 1:5; 42:7–9). Ацы хабӕрттӕй уынӕм, Иегъовӕмӕ нӕ бон цӕй тыххӕй у кувын, уый. Афтӕ ма федтам, Иегъовӕ кӕй хъусы, раст ӕм чи кувы, уыдоны куывдтытӕм.
Закъоны бадзырдмӕ гӕсгӕ цы кӕнын хъуыд
8. Закъоны бадзырдмӕ гӕсгӕ адӕмы номӕй Иегъовӕмӕ чи куывта?
8 Иегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд семӕ Закъоны бадзырд 1 Паддзахӕдты 8:21, 22; 14:36–41; Иереми 42:1–3). Зӕгъӕм, кувӕндон куы нывонд кодтой, уӕд паддзах Соломон Иегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывта. Иегъовӕ Соломоны куывд кӕй фехъуыста, уый равдыста, кувӕндон йӕ кадӕй кӕй байдзаг, уымӕй, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй: «Лӕмбынӕг хъусдзынӕн, ацы бынатӕй цы куывдтытӕ хъуыса, уыдонмӕ» (2 Паралипоменон 6:12–7:3, 15).
скодта. Закъон амыдта, Хуыцаумӕ нысангонд сауджынты уылты ӕввахс кӕнӕн куыд уыд, уый. Сауджынтӕй лӕггад кӕнынӕн снысан кодтой Левийы мыггагӕй кӕйдӕрты. Ӕппӕт адӕммӕ дӕр-иу чи хауд, исты ахӕм хабар-иу куы уыд, уӕд-иу адӕмы номӕй исчи – хатт паддзах кӕнӕ пехуымпар – скуывта Хуыцаумӕ (9. Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕныны тыххӕй хӕсгӕ кувӕндоны цатыры цы кӕнын хъуыд?
9 Иегъовӕ Израилӕн цы Закъон радта, уым сын бамбарын кодта, цӕмӕй йӕм ӕввах кодтаиккой, уый тыххӕй сӕ хӕсгӕ кувӕндоны цатыры цы кӕнын хъуыд. Цы? Алы райсом ӕмӕ алы изӕр дӕр, фосы нывӕндтӕй уӕлдай, хистӕр сауджын хъуамӕ Иегъовӕйы раз сыгътаид хӕрздӕфгӕнаг буд. Фӕстӕдӕр, Сыгъдӕггӕнӕн бонӕй фӕстӕмӕ, буд сыгътой иннӕ сауджынтӕ дӕр. Сауджынтӕ Иегъовӕйӕн ахӕм кад куы нӕ кодтаиккой, уӕд сын сӕ лӕггадӕй разы нӕ уыдаид (Рацыд 30:7, 8; 2 Паралипоменон 13:11).
10, 11. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Иегъовӕ кӕй хъусы, йӕхи номӕй йӕм чи кувы, уыдоны куывдтытӕ?
10 Цымӕ рагон Израилы Иегъовӕмӕ ӕрмӕст нысангонд адӕмы уылты уыд ӕввахс кӕнӕн? Нӕ. Фыстадӕй бӕрӕг у, Иегъовӕ кӕй хъуыста, йӕхи номӕй чи куывта, уыцы адӕмы куывдтытӕ дӕр. Кувӕндон куы нывонд кодтой, уӕд Соломон Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Чифӕнды дӕр дӕм кӕнӕ дӕм ӕгас Израилы адӕм дӕр истӕй тыххӕй куы кувой кӕнӕ дӕ хорзӕх куы курой... ацы хӕдзармӕ сӕ къухтӕ куы ивазой, уӕд сӕ ды фехъус уӕлӕрвтӕй» (2 Паралипоменон 6:29, 30). Лукайы Евангелийӕ зонӕм, Аргъауӕг Иоанны фыд Захари кувӕндоны буд куы сыгъта, уӕд Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй тынг бирӕтӕ та (сауджынтӕ чи нӕ уыд, уыдон) кӕй «куывтой ӕддейӕ». Ӕвӕццӕгӕн, адӕммӕ ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу Иегъовӕйӕн сыгъзӕрин нывондхӕссӕныл буд куы сыгътой, уӕд-иу уыдон та кувынмӕ ӕрӕмбырд сты кувӕндоны раз (Лукайы 1:8–10).
11 Уӕдӕ-иу адӕм Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕнынӕн, алцыдӕр куыд ӕмбӕлд, афтӕ куы кодтой, уӕд-иу ын ӕхсызгон уыдысты, ӕгас адӕмы номӕй дӕр ӕмӕ-иу ӕм йӕхи номӕй дӕр чи куывта, уыдоны куывдтытӕ. Абон мах Закъоны бадзырдмӕ гӕсгӕ нал цӕрӕм. Фӕлӕ уӕддӕр израилӕгтӕ рагзаманты Хуыцаумӕ куыд куывтой, уымӕй нӕ бон зондӕн бирӕ цыдӕртӕ у райсын.
Чырыстӕттӕ Хуыцаумӕ куыд ӕввахс кӕнынц
12. Чырыстӕттӕн сӕ бон Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын куыд у?
12 Мах цӕрӕм чырыстон уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Абон нал ис, сауджынтӕ Хуыцауы адӕмы номӕй кӕм куывтой кӕнӕ та мах кувгӕйӕ не ’ргом кӕмӕ хъуамӕ здахӕм, ахӕм кувӕндон. Фӕлӕ Иегъовӕмӕ уӕддӕр *. Уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндон у ног мадзал, цӕмӕй адӕм Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕной Йесо Чырыстийы фидауынгӕнӕг нывонды фӕрцы (Дзуттытӕм 9:11, 12).
ӕввахс кӕнӕн ис ӕндӕр мадзалы фӕрцы. Цавӕр мадзал у? Н. э. 29 азы Чырысти сӕрст куы ’рцыд ӕмӕ Хистӕр Сауджын куы сси, уӕд фӕзынд ӕнӕуынгӕ уӕларвон кувӕндон13. Иерусалимы кувӕндоны куыд куывтой ӕмӕ ӕнӕуынгӕ уӕларвон кувӕндоны куыд кувынц, уым ӕмхуызонӕй цы ис?
13 Иерусалимы кувӕндоны куыд лӕггад кодтой, уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ хорз ӕвдисынц, ӕнӕуынгӕ уӕларвон кувӕндоны цы ис, уӕлдайдӕр кувынмӕ цы хауы, уыдӕттӕ (Дзуттытӕм 9:1–10). Зӕгъӕм, кувӕндоны Сыгъдӕг бынаты будсудзӕны райсомӕй ӕмӕ изӕрӕй цы буд сыгътой, уый цы ӕвдисы? Раргомады чиныгмӕ гӕсгӕ буд ӕвдисы «сыгъдӕджыты куывдтытӕ» (Раргомад 5:8; 8:3, 4). Давид Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Схӕццӕ уӕд мӕ куывд будау дӕ цӕсгомы размӕ» (Псалом 140:2, МГТ). Уӕдӕ чырыстон уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ хӕрздӕфгӕнаг буд хорз ӕвдисы, Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм куывдтытӕ ӕмӕ кады ныхӕстӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 3:10).
14, 15. Куыд ӕввахс кӕнынц Иегъовӕмӕ а) сӕрст чырыстӕттӕ? ӕ) «ӕндӕр фыстӕ»?
14 Ацы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны йӕ бон кӕмӕн у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын? Иерусалимы кувӕндоны миддӕггаг кӕрты лӕггад кодтой сауджынтӕ дӕр ӕмӕ левиттӕ дӕр. Фӕлӕ Сыгъдӕг бынат кӕй хуыдтой, уырдӕм сауджынтӕ йеддӕмӕ цӕуыны бар никӕмӕн уыд. Мидӕггаг кӕрт ӕмӕ Сыгъдӕг бынат уыдысты, сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцаумӕ ӕввахс кӕй сты, уый рагфӕлгонц. Иегъовӕмӕ афтӕ ӕввахс кӕй сты, уый сын фадат дӕтты, цӕмӕй йӕм кувой ӕмӕ йӕ кадджын кӕной.
15 Цы зӕгъӕн ис, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы «ӕндӕр фыстӕй» та? (Иоанны 10:16). Пехуымпар Исай загъта, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонты» Иегъовӕйӕн кувынмӕ ӕрбацӕудзӕн тынг бирӕ адӕм алы адӕмыхӕттытӕй (Исай 2:2, 3). Уый ма ныффыста, Иегъовӕмӕ кӕй ӕрбаиу уыдзысты «ӕндӕрбӕстӕгтӕ» дӕр. Хуыцау сын сӕ куывдтытӕм хъусынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый зыны, цы загъта, уымӕй: «Уыдон цин кӕндзысты мӕ кувӕн хӕдзары» (Исай 56:6, 7). Раргомады 7:9–15 ма дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «тынг бирӕ адӕм... ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй» ӕрӕмбырд уыдзысты ӕмӕ Хуыцауӕн «ӕхсӕвӕй-бонӕй» табу кӕндзысты ӕмӕ кувдзысты уӕларвон кувӕндоны ӕддаг кӕрты. Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон у Хуыцаумӕ сӕрибарӕй ӕввахс кӕнын. Ӕмӕ уыдон фидарӕй зонынц, кӕй сӕ хъусы. Уымӕй ӕхсызгондӕр цы хъуамӕ уа!
Цавӕр куывдтытӕ хъусы Хуыцау?
16. Фыццаг чырыстӕтты куывтытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
16 Фыццаг чырыстӕттӕ иудадзыг кодтой кувгӕ. Цӕй тыххӕй куывтой? Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ разамынд куырдтой, цӕмӕй равзӕрстаиккой, бӕлвырд хъуыддӕгтӕ кӕй бӕрны бакодтаиккой, ахӕм нӕлгоймӕгты (Куыстытӕ 1:24, 25; 6:5, 6). Епафрас куывта йе ’муырнджыты тыххӕй (Колоссӕгтӕм 4:12). Иерусалимы ӕмбырд куывта Петры тыххӕй, ахӕстоны куы уыд, уӕд (Куыстытӕ 12:5). Фыццаг чырыстӕттӕн дӕр сӕ ныхмӕ куы цыдысты, уӕд Хуыцауӕй куырдтой, цӕмӕй сӕ бафидар кодтаид: «Ӕмӕ ныр, Хицау, ӕркӕс сӕ ӕртхъирӕнтӕм ӕмӕ ратт Дӕ цагъартӕн уӕндонӕй дзурын Дӕ ныхас» (Куыстытӕ 4:23–30). Ахуыргӕнинаг Иаков чырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй, фӕлварӕнты куы бахауой, уӕд Хуыцауӕй зонд курой (Иаковы 1:5). Ды дӕр ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй Иегъовӕмӕ фӕкувыс?
17. Кӕй куывдтытӕ хъусы Иегъовӕ?
17 Хуыцау алы куывд нӕ хъусы. Уӕдӕ куыд хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй нӕ Иегъовӕ хъуса? Рагзаманты Хуыцау кӕй хъуыста, уыцы иузӕрдион адӕм ӕм куывтой сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕмӕ раст зӕрдӕйы уагимӕ. Уыдонӕн уыд фидар уырнындзинад ӕмӕ йӕ ӕвдыстой сӕ хорз хъуыддӕгтӕй. Мах дӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, абон Иегъовӕмӕ афтӕ чи ӕввахс кӕны, уыдоны кӕй хъусы.
18. Цӕмӕй Хуыцау чырыстӕтты куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй сын ӕнӕмӕнг цавӕр хъуыддаг у?
18 Ӕнӕмӕнг ма у ноджы иу хъуыддаг. Апостол Павел ӕй бамбарын кодта: «Уый фӕрцы у нӕ бон уыцы иу сыгъдӕг уды руаджы Хуыцауы раз ӕрлӕууын». Павел куы фыста, «уый фӕрцы», зӕгъгӕ, уӕд кӕй кой кодта? Йесо Чырыстийы кой (Ефесӕгтӕм 2:13, 18, НД). О, нӕ Фыдмӕ нӕ бон у сӕрибарӕй кувын ӕрмӕстдӕр Йесойы номӕй (Иоанны 14:6; 15:16; 16:23, 24).
19. а) Израилӕгтӕ-иу кувинагӕн цы буд сыгътой, уый-иу Иегъовӕйӕн ӕлгъаг кӕд уыд? ӕ) Цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕ куывдтытӕ Иегъовӕйӕн хӕрздӕфгӕнаг будау уой?
19 Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй израилаг сауджынтӕ цы буд сыгътой, уый амоны Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ. Фӕлӕ-иу хатт израилӕгтӕ Иегъовӕйӕн цы буд сыгътой, уый-иу ын уыд ӕлгъаг. Афтӕ-иу уыд, израилӕгтӕ-иу кувӕндоны буд куы сыгътой, фӕлӕ-иу уыциу рӕстӕг мӕнгхуыцӕуттӕн дӕр куы куывтой, уӕд (Иезекил 8:10, 11). Уӕдӕ йын абон дӕр ахӕм ӕлгъаг тӕф кӕнынц, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, зӕгъгӕ, чи дзуры, фӕлӕ йын уыциу рӕстӕг йӕ закъон чи халы, уыдоны куывдтытӕ дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 15:8). Цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр нӕ царды алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уӕм, цӕмӕй нӕ куывдтытӕ Хуыцауӕн уой хӕрздӕфгӕнаг будау. Иегъовӕйӕн ӕхсызгон сты, йӕ рӕстаг фӕндӕгтыл ын чи цӕуы, уыдоны куывдтытӕ (Иоанны 9:31). Фӕлӕ ма нӕ равзарын хъӕуы цалдӕр фарсты. Куыд хъуамӕ кувӕм? Цӕй тыххӕй ис кувӕн? Куыд нын баххуыс кӕны Хуыцау, куы йӕм фӕкувӕм, уӕд? Ацы ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
[Фиппаинаг]
^ 12 абз. Кӕс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 2001 аз, 15 май, 27 фарс, уыр.
Куыд бамбарын кӕнис?
• Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон куыд у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын?
• Махӕн дӕр нӕ бон куыд у иузӕрдион нӕлгоймӕгтау кувын?
• Фыццаг чырыстӕттӕ куыд куывтой, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
• Нӕ куывдтытӕ Хуыцауӕн хӕрздӕфгӕнаг будау кӕд вӕййынц?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 23 фарсыл]
Хуыцау Авелы нывонд цӕмӕн айста, Каины нывонд та цӕуылнӕ айста?
[Ныв 24 фарсыл]
«Ӕз дӕн рыг ӕмӕ фӕнык»
[Ныв 25 фарсыл]
«Йӕ дӕсӕм хай [дын] ратдзынӕн»
[Ныв 26 фарсыл]
Дӕ куывдтытӕ Иегъовӕйӕн хӕрздӕфгӕнаг будау сты?