Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд»

«Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд»

«Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд»

«Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд ӕмӕ зонут, Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уый дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы базыдтат, Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у» (ИАКОВЫ 5:11, НД).

1, 2. Польшӕйы иу лӕг ӕмӕ ус цавӕр фыдӕвзарӕнтӕ бавзӕрстой?

ЦӔГАТ Польшӕйы горӕт Данциг (ныр Гданьск) Гитлеры ’фсад куы бацахста, уӕд Харальд Абт иу аз дӕр нӕма уыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕн. Чырыстӕттӕн ралӕууыд тӕссаг рӕстӕг. Гестапо архайдта, цӕмӕй Харальд йӕ дин ныууадза ӕмӕ уый фӕдыл гӕххӕттыл йӕ къух ӕрфысса, фӕлӕ уый не сразы. Ахӕстоны цалдӕр къуырийы куы фӕци, уӕд ӕй арвыстой Заксенхаузены концлагермӕ, ӕмӕ та йӕм уым дӕр ӕртхъирӕнтӕ кодтой ӕмӕ фыднад ӕййӕфта. Иу хатт иу афицер Харальдӕн бацамыдта, адӕмы кӕм сыгътой, уыцы пецы фӕздӕгуадзӕнмӕ ӕмӕ йын загъта: «Дыууӕ къуырийы дын рӕстӕг. Дӕ диныл афтӕ фидар куы хӕцай, уӕд ссӕудзынӕ дӕ Иегъовӕмӕ».

2 Харальды ахӕстоны куы бакодтой, уӕд йӕ цардӕмбал Эльзӕ баззад дӕсмӕйдзыд сывӕллонимӕ. Гестапо Эльзӕйы дӕр нӕ ферох кодта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йын йӕ чызджы байстой ӕмӕ йын йӕхи та арвыстой, ӕгасӕй кӕцӕй не здӕхтысты, уыцы концлагер Освенциммӕ. Фӕлӕ Эльзӕ ӕмӕ Харальд дӕр ӕгасӕй баззадысты. 1980 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (англ.) ис фылдӕр бакӕсӕн сӕ фидардзинады тыххӕй. Харальд фыста: «Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыдтӕн, уый тыххӕй ӕдӕппӕтӕй 14 азы фӕдӕн концлагерты ӕмӕ ахӕстӕтты. Мӕн бафӕрсынц: „Уыцы рӕстӕг дын фидар фӕлӕууынӕн дӕ цардӕмбал ӕххуыс кодта?“ Ӕнӕмӕнг дӕр! Ӕз ӕй райдианӕй зыдтон, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзӕн ӕмӕ мӕ уыцы хъуыды фидар кодта. Цӕйнӕфӕлтау Иегъовӕйы ныууадзон ӕмӕ афтӕмӕй ссӕрибар уон, уый бӕсты Эльзӕ разы уыд мӕ мард фенынмӕ дӕр... Германы концлагерты Эльзӕ цы бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уыдонӕн фидар разынд».

3, 4. а) Кӕй цӕвиттонтӕ разӕнгард кӕнынц чырыстӕтты фидар лӕууынмӕ? ӕ) Цӕмӕн нӕ разӕнгард кӕны Библи Иовы цӕвиттон равзарынмӕ?

3 Хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын ӕнцон кӕй нӕу, уый зӕгъдзысты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ. Уымӕ гӕсӕ Библи ӕппӕт чырыстӕттӕн дӕр уынаффӕ кӕны: «Хицауы номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕ хъизӕмӕрттӕн куыд фӕразон уыдысты, афтӕ фӕразон ут сымах дӕр» (Иаковы 5:10, НТ). Ӕнусты дӕргъы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕты ӕнаххосӕй ӕфхӕрдтой. «Бирӕ ӕвдисӕнты» цӕвиттонтӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл фӕразонӕй згъорӕм (Дзуттытӕм 11:32–38; 12:1, НД).

4 Мах Библийы кӕсӕм, Иов стыр фидардзинад кӕй равдыста. «О, мах амондджын хонӕм, кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууыд, уыдоны,– фыста Иаков.– Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд ӕмӕ зонут, Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уый дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы базыдтат, Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у» (Иаковы 5:11, НД). Иовы хабарӕй хуыздӕр ӕмбарӕм, цы хорзӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Иегъовӕ кӕмӕн арфӕ кӕны, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нын ӕргом кӕны, бӕллӕхты рӕстӕг чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм хабӕрттӕ. Иовы чиныг нын дӕтты дзуапп ахӕм фарстатӕн: фӕлварӕнты рӕстӕг, ахсджиаг дзырддаг фарстатӕ бамбарыныл цӕмӕн хъуамӕ архайӕм? Цавӕр миниуджытӕ ӕмӕ нын зондахаст ӕххуыс кӕнынц фидар фӕлӕууынӕн? Не ’мчырыстӕттӕй хъизӕмӕрттӕ чи ’взары, уыдоны нӕ бон куыд у фидар кӕнын?

Хъуыддаг бӕстон ӕмбарын

5. Цавӕр ахсджиаг дзырддаг фарста хъуамӕ уа нӕ хъуыдыйы фӕлварӕнтӕ кӕнӕ цыбӕлтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд?

5 Цӕмӕй бӕллӕхты рӕстӕг нӕ уырнындзинад ма фӕцуда, уый тыххӕй хъуамӕ бӕстон ӕмбарӕм, цӕмӕн хъизӕмар кӕнӕм, уый. Науӕд цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдоны аххосӕй хъуыддӕгтӕм уырнындзинады цӕстӕй нал кӕсдзыстӕм. Хуыцауыл иузӕрдиондзинады фӕдыл дзырддаг фарста у ӕппӕты ахсджиагдӕр. Нӕ уӕларвон Фыд нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй махӕй алчидӕр йӕ зӕрдӕмӕ айса йӕ ныхӕстӕ: «Зондджын у, мӕ фырт, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мын фидистӕ чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттон» (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Цӕй стыр кад у уый махӕн! Кӕд рӕдийӕм ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон у не Сфӕлдисӕджы зӕрдӕ рухс кӕнын. Уый нӕ къухы бафтдзӕн, Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый руаджы, фӕлварӕнтӕ ӕмӕ цыбӕлтыл ӕмбӕлгӕйӕ, фидар куы лӕууӕм. Ӕцӕг чырыстон уарзондзинад алцӕмӕндӕр фӕразы ӕмӕ уыдзӕн алкӕддӕр (1 Коринфӕгтӕм 13:7, 8).

6. Сайтан Иегъовӕйӕн куыд фидистӕ кӕны ӕмӕ цас рӕстӕг?

6 Иовы чиныг бӕлвырд ӕвдисы, Сайтан Иегъовӕйӕн фидистӕ кӕй кӕны. Стӕй ма нын ӕргом кӕны, уыцы ӕнӕуынгӕ знаг саузӕрдӕ кӕй у ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды Хуыцауимӕ нӕ хӕлардзинад фехалын. Иовы хабарӕй бӕрӕг у, Сайтан Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты тыххӕй дӕр кӕй дзуры, зӕгъгӕ, йын сӕхи пайдайӕн кувынц. Уый ма фадӕттӕ агуры, цӕмӕй сбӕлвырд кӕна, сӕ уарзондзинад Хуыцаумӕ фӕлварӕнты кӕй ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн. Ныр миназты дӕргъы фидистӕ кӕны Хуыцауӕн. Сайтан зӕхмӕ ӕппӕрст куы ’рцыд, уӕд уӕлӕрвтӕй хъӕлӕс райхъуыст: «[Уый у] не ’фсымӕрты фыдгойгӕнӕг, кӕцы Хуыцауы раз ӕхсӕвӕй-бонӕй уыдоны фыдкой кӕны» (Раргомад 12:10). Иузӕрдион куы уӕм, уӕд равдисдзыстӕм, йӕ фидистӕн бындур кӕй нӕй.

7. Нӕ бон куыд у нӕ лӕмӕгъдзинӕдты ныхмӕ фидар фӕлӕууын?

7 Хӕйрӕг цыфӕнды зындзинадӕй дӕр кӕй пайда кӕндзӕн ӕмӕ кӕй архайдзӕн, цӕмӕй нӕ Иегъовӕйӕ адард кӕна, уый нӕ хъуамӕ рох ма уа. Хӕйрӕг Чырыстийы кӕд фӕлвӕрдта? Йесо бирӕ рӕстӕг ком даргӕйӕ ӕххормаг куы уыд, уӕд (Лукайы 4:1–3). Фӕлӕ Йесо Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕй уыд, уый руаджы Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууыд. Куыд ахсджиаг у, цӕмӕй Иегъовӕмӕ ӕввахс уӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕ лӕмӕгъдзинӕдты ныхмӕ фидар лӕууӕм, уыцы лӕмӕгъдзинӕдтӕ низтӕ сты кӕнӕ ныл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, уӕддӕр! «Кӕд нӕ буар лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕны», уӕддӕр нӕ къухтӕ нӕ уадзӕм, уымӕн ӕмӕ «нӕ мидӕг цы адӕймаг ис, уый бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕны» (2 Коринфӕгтӕм 4:16, НД).

8. а) Ныфссӕттӕн хъуыдытӕ цы зиан хӕссынц? ӕ) Цавӕр зондахаст уыд Йесойӕн?

8 Уымӕй уӕлдай, ныфссӕттӕн хъуыдытӕн сӕ бон у нӕ уырнындзинадӕн зиан ӕрхӕссын. Чи зоны, исчи зӕгъа: «Иегъовӕ уыцы уавӕр цӕмӕн бауагъта?». Кӕй фӕхъыг кодтой, уый та зӕгъдзӕн: «Уыцы ӕфсымӕр афтӕ цӕмӕн бакодта?». Ахӕм хъуыдыты тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ ферох уой сӕйраг дзырддаг фарстатӕ ӕмӕ ӕрмӕст нӕхи уавӕртыл суӕм. Иовӕн йӕ зӕрдӕ йе ’ртӕ мӕнг ӕмбалыл кӕй фӕхудт, уый йын йӕ ныфс афтӕ тынг асаста, раст йӕ низӕй куыд фӕцудыдта, уый хуызӕн (Иов 16:20; 19:2). Апостол Павел дӕр загъта, зӕгъгӕ, маст бирӕ куы хӕсса, уӕд Хӕйрӕгӕн бынат кӕнӕ фадат кӕй дӕттӕм (Ефесӕгтӕм 4:26, 27). Кӕмӕдӕр мӕсты кӕнын, йе та цыдӕр хӕрам хъуыддагыл ӕгӕр хъуыды кӕныны бӕсты, чырыстӕттӕн хуыздӕр уаид Йесойы фӕзмын. Йесо-иу, «ӕнӕхӕрам тӕрхон чи кӕны, уый бар бакодта йӕхи», ома Иегъовӕ Хуыцауы бар (1 Петры 2:21–23, НД). Йесойы «зондахаст» нӕм куы уа, сӕйрагдӕр уый фӕрцы фӕлӕудзыстӕм фидар Сайтаны ныхмӕ (1 Петры 4:1, НД).

9. Цы зындзинӕдтыл кӕнӕ цыбӕлтыл сӕмбӕлӕм, уыдоны тыххӕй нын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

9 Фыццаджыдӕр, хъуамӕ афтӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ зындзинӕдтӕ уый тыххӕй ’взарӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау разы кӕй нӕу. Иов уый не ’мбӕрста ӕмӕ йӕхимӕ ныхъхъуыста. Ноджы ма йӕ уыцы ӕфсоны ныфсӕвӕрджытӕ кӕй ӕфхӕрдтой, уый йын йӕ уавӕр фӕфыддӕр кодта (Иов 19:21, 22). Библи нын зӕрдӕ ’вӕры: «Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр никӕй фӕлвары» (Иаковы 1:13, НД). Уый нӕ, фӕлӕ нын Иегъовӕ ныфс дӕтты, цыфӕнды зындзинӕдты рӕстӕг дӕр нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нӕ кӕй хиздзӕн, нӕ алыварс цы цыбӕлтӕ ис, уыдонӕй (Псалом 54:23; 1 Коринфӕгтӕм 10:13). Бӕллӕхы рӕстӕг Иегъовӕмӕ ӕнгом куы лӕууӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсын ӕмӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕууын (Иаковы 4:7, 8).

Фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс

10, 11. а) Иовӕн фидар фӕлӕууынӕн цы ӕххуыс кодта? ӕ) Иовӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл кӕй нӕ худт, уый йын куыд ӕххуыс кодта?

10 Кӕд Иов уӕззау уавӕры уыд, уыимӕ ма йӕ йӕ «ныфсӕвӕрджытӕ» дӕр ӕфхӕрдтой ӕмӕ йӕ бӕллӕхты ӕцӕг аххосаг дӕр нӕ зыдта, уӕддӕр иузӕрдионӕй баззад. Иов фидар кӕй разынд, уый нын зонды хос куыд у? Ӕнӕдызӕрдыгӕй, фидар уый тыххӕй разынд, ӕмӕ Иегъовӕйыл иузӕрдион уыд. Хуыцауӕй тарст ӕмӕ йӕхи ӕвзӕрдзинадӕй хызта (Иов 1:1). Иовӕн уый уыд йӕ царды фӕндаг. Суанг ӕй бӕллӕхтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цӕмӕн баййӕфтой, кӕд уый не ’мбӕрста, уӕддӕр Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ не сивта. Иов ӕмбӕрста, Хуыцауӕн цыфӕнды уавӕрты дӕр кӕй хъуамӕ лӕггад кӕна (Иов 1:21; 2:10).

11 Иовӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл кӕй нӕ худт, уый дӕр ын удӕнцой хаста. Афтӕ йӕм куы каст, ӕмӕ бирӕ нал фӕцӕрдзӕн, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кодта, иннӕтӕн йӕ бон хорзӕй цы уыди, уый кӕй арӕзта, Иегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кодта ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувынӕй йӕхи кӕй хызта (Иов 31:4–11, 26–28).

12. Иов Елиуйы ӕххуысмӕ цы цӕстӕй ракаст?

12 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иовӕн хъуыд баххуыс кӕнын, цӕмӕй иуӕй-иу хъуыддӕгты фӕдыл йӕ зондахаст фӕивтаид. Иов сӕрныллӕгӕй райста ахӕм ӕххуыс, ӕмӕ йын уый дӕр фӕахъаз фидар фӕлӕууынӕн. Иов саргъ кодта Елиуйы зондджын уынаффӕйӕн ӕмӕ Иегъовӕйы зондамынд йӕ зӕрдӕмӕ айста. «Ӕз афтӕ дзырдтон, фӕлӕ не ’мбӕрстон... Мӕ ныхӕстӕ фӕстӕмӕ исын ӕмӕ сыл фӕсмон кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй рыг ӕмӕ фӕнычы бадын» (Иов 42:3, 6). Кӕд ма йӕ низӕй удхар кодта, уӕддӕр ын циндзинад ӕрхаста, йӕ зондахаст кӕй фӕивта ӕмӕ уый руаджы Хуыцаумӕ кӕй феввахсдӕр. Иов загъта: «Ныр зонын, ӕппӕтдӕр кӕй у дӕ бон [Иегъовӕ]» (Иов 42:2). Уый бузныг уыд, Иегъовӕ йын кӕй бамбарын кодта, куыд стыр ӕмӕ кадджын у, ӕмӕ афтӕмӕй хуыздӕр бамбӕрста, Сфӕлдисӕгимӕ абаргӕйӕ куыд ницы у, уый.

13. Иов фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд, уый йын куыд фӕахъаз?

13 Иов уыд диссаджы фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг. Кӕд ын йе ’фсоны ныфсӕвӕрджытӕ йӕ зӕрдӕ скъахтой, уӕддӕр ын Иегъовӕ куы загъта, уыдоны тыххӕй скув, зӕгъгӕ, уӕд сразы. Уый фӕстӕ йӕ Иегъовӕ сдзӕбӕх кодта йӕ низӕй (Иов 42:8, 10). Бӕлвырд у, фидар фӕлӕууынӕн маст хӕссын кӕй не ’ххуыс кӕны, фӕлӕ уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕйы уаг. Куы нал мӕсты кӕнӕм, уӕд удӕнцой ссардзыстӕм ӕмӕ нын Иегъовӕ арфӕ кӕндзӕн (Маркы 11:25).

Фидар фӕлӕууынӕн нын чи ’ххуыс кӕны, ахӕм ӕмбаргӕ уынаффӕгӕнджытӕ

14, 15. а) Уынаффӕ чи дӕтты, уый цӕмӕй иннӕтӕн ныфсы хос уа, уый тыххӕй йӕ цавӕр миниуджытӕ хъӕуы? ӕ) Елиуй Иовӕн куыд баххуыс кодта?

14 Иовы хабарӕй ма ахуыр кӕнӕм иу хъуыддагыл: ахсджиаг у, цӕмӕй уынаффӕгӕнджытӕ ӕмбаргӕ уой. Уыдон сты, «зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууа, уый тыххӕй чи райгуыры», ахӕм ӕфсымӕртӕ (Ӕмбисӕндтӕ 17:17). Фӕлӕ Иовыл цы ’рцыд, уымӕй уынӕм, иуӕй-иутӕ сӕ уынаффӕйӕ адӕймаджы зӕрдӕ къахгӕ цы скӕнынц, ӕндӕр ын ныфсы хос нӕ фӕвӕййынц. Хорз уынаффӕгӕнӕг хъуамӕ искӕй рис ӕмбара, адӕймагӕн кад кӕна ӕмӕ Елиуйы хуызӕн хӕларзӕрдӕ уа. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрд чырыстӕтты бахъӕуы, зындзинӕдтӕй чи тыхсы, уыцы ’фсымӕртӕн сӕ зондахаст фӕивынӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ уый фӕдыл сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын Иовы чиныгӕй (Галатӕгтӕм 6:1; Дзуттытӕм 12:12, 13).

15 Ацы хъуыддаджы Елиуй куыд арӕхстджын уыд, уымӕй бирӕ цӕуылдӕрты ис ахуыр кӕнӕн. Ныхас зӕгъыны размӕ уал фӕразонӕй байхъуыста, Иовы ӕртӕ ӕмбалы цы дзырдтой, уымӕ, кӕд рӕдийгӕ кодтой, уӕддӕр (Иов 32:11; Ӕмбисӕндтӕ 18:13). Елиуй Иовмӕ дзырдта йӕ номӕй ӕмӕ йемӕ ныхас кодта хӕларау (Иов 33:1). Ӕфсоны ныфсӕвӕрджытӕй уӕлдай, Елиуй йӕхи Иовӕй хуыздӕрыл нӕ нымадта. «Ӕз дӕр ӕлыгӕй конд дӕн»,– загъта уый. Елиуйы нӕ фӕндыд йе ’нӕрхъуыды ныхӕстӕй Иовы хъизӕмӕрттыл ноджыдӕр бафтауын (Иов 33:6, 7; Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Йӕ раздӕры хъуыддӕгты тыххӕй йын уайдзӕф кӕныны бӕсты дзы раппӕлыд, рӕстгӕнӕг кӕй уыд, уый тыххӕй (Иов 33:32). Ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ Елиуй хъуыддӕгтӕм Хуыцауы цӕстӕй каст ӕмӕ Иовы ӕргом раздӕхта, Иегъовӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй никуы аразы, уымӕ (Иов 34:10–12). Елиуй Иовы разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ рӕстдзинады сӕрыл дзурыны бӕсты, йӕ ныфс дардтаид Иегъовӕйыл (Иов 35:2; 37:14, 23). Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕтӕн дӕр ацы хабӕрттӕ зонды хос куыннӕ сты.

16. Иовы ӕртӕ ’фсоны ныфсӕвӕрӕгӕй Сайтан куыд спайда кодта?

16 Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софары ныфссӕттӕн уынаффӕтӕй тынг хицӕн кодта Елиуйы зондджын уынаффӕ. «Сымах мӕн тыххӕй рӕстытӕ нӕ дзырдтат»,– загъта Иегъовӕ (Иов 42:7). Уыдон хорз ӕмбӕлтты бӕсты разындысты Сайтаны къухы хъазӕнхъултӕ, кӕд афтӕ дзырдтой, ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ уынаффӕ кӕнӕм, уӕд дӕр. Суанг райдианӕй ӕртӕйӕ дӕр Иовӕн йӕхи аххосджын кодтой йӕ бӕллӕхты (Иов 4:7, 8; 8:6; 20:22, 29). Елифазы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытыл не ’ууӕнды ӕмӕ йын уӕлдай нӕу, рӕстгӕнджытӕ сты ӕви нӕ (Иов 15:15; 22:2, 3). Суанг ма Иов цы нӕ сарӕзта, уымӕй дӕр ӕй аххосджын кодта (Иов 22:5, 9). Елифазӕй уӕлдай, Елиуй ӕххуыс кодта Иовӕн, цӕмӕй та Иегъовӕмӕ баввахс уыдаид. Зӕрдӕхӕлар уынаффӕгӕнӕгӕн уый кӕддӕриддӕр йӕ нысан у.

17. Фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ рох цы хъуамӕ ма уа?

17 Иовы чиныджы ма ис, фидар фӕлӕууынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, иу ахӕм зондзонӕн. Нӕ уарзӕгой Хуыцау нӕ уавӕртӕм лӕмбынӕг кӕсы, стӕй йӕ фӕнды ӕмӕ йӕ бон дӕр у махӕн баххуыс кӕнын. Статьяйы райдианы мах кастыстӕм Эльзӕ Абты тыххӕй. Ахъуыды ма кӕнӕм, цы хатдзӕгмӕ ’рцыд: «Цалынмӕ мӕ не ’рцахстой, уӕдмӕ бакастӕн иу хойы фыстӕг. Уый фыста, зӕгъгӕ, уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг Иегъовӕйы сыгъдӕг уд радты фарн ӕмӕ сабыр зӕрдӕ. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ ацы хъуыддаг ӕгӕр ныддиссаг кодта. Фӕлӕ ахӕм фӕлварӕнты мӕхӕдӕг куы бахаудтӕн, уӕд ӕй бамбӕрстон, раст кӕй дзырдта, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр афтӕ вӕййы. Уый зын бамбарӕн у, адӕймаг ӕй йӕхӕдӕг куы нӕ бавзара, уӕд. Фӕлӕ йӕ ӕз бавзӕрстон. Иегъовӕ ӕцӕгдӕр ӕххуыс кӕны». Эльзӕ нӕ дзырдта, Иегъовӕйӕн йӕ бон цы уыд саразын кӕнӕ Иовы рӕстӕг цы сарӕзта, уый тыххӕй. Уый нӕ рӕстӕджы кой кодта. Уӕдӕ «Иегъовӕ ӕцӕгдӕр ӕххуыс кӕны»!

Амондджын сты, фидар чи лӕууы, уыдон

18. Иовӕн йӕ иузӕрдиондзинад куыд фӕахъаз?

18 Иовыл цы стыр бӕллӕхтӕ ’рцыд, ахӕмтӕ нӕ бирӕтӕ нӕ бавзардзӕн. Фӕлӕ ацы дунейы цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр хъуамӕ Иовау иузӕрдионӕй баззайӕм, ӕмӕ нын уымӕн ис бирӕ аххосӕгтӕ. Куыд зонӕм, афтӕмӕй, Иов фидар кӕй фӕлӕууыд, уый руаджы бирӕ цыдӕртӕ бамбӕрста. Йӕ фӕлварӕнты руаджы Иов сфӕлтӕрдта (Иаковы 1:2–4). Иегъовӕимӕ йӕ хӕлардзинад фӕфидардӕр. Иов загъта: «Дӕ кой дын хъуыстон, ныр та дӕ мӕ цӕстытӕ уынынц» (Иов 42:5). Сайтаны бон кӕй нӕ баци Иовы иузӕрдиондзинад басӕттын, уымӕй сбӕлвырд, йӕ фидистӕ мӕнг кӕй уыдысты. Уыцы цаутӕй сӕдӕ азтӕ фӕстӕ дӕр ма Иегъовӕ Иовы тыххӕй дзырдта, рӕстгӕнӕг кӕй уыд ӕмӕ бафӕзмыны аккаг кӕй у (Иезекил 14:14). Иов иузӕрдион ӕмӕ фидар кӕй уыд, уый ма абон дӕр Хуыцауы адӕмы ныфс уадзы.

19. Дӕумӕ гӕсгӕ, фидар лӕууын ахсджиаг цӕмӕн у?

19 Иаков фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм фидар фӕлӕууыны тыххӕй куы фыста, уӕд загъта, уый цы удӕнцой хӕссы, уый тыххӕй. Сӕ зӕрдыл сын ӕрлӕууын кодта, Иегъовӕ Иовӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты дӕр стыр хорзӕхтӕй кӕй хайджын кӕны (Иаковы 5:11). Иовы 42:12 мах кӕсӕм: «Иегъовӕ Иовы йӕ фӕстаг бонты схайджын кодта, раздӕр ӕм цы уыд, уымӕй фылдӕр хорздзинӕдтӕй». Цы фесӕфта, уымӕй йын Иегъовӕ дыууӕ хатты фылдӕр радта, бирӕ фӕцард ӕмӕ амондджын уыд (Иов 42:16, 17). Афтӕ абон мах дӕр, ацы дунейы кӕрон цыфӕнды рис, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ маст ма ’взарӕм, уӕддӕр уыдӕттӕ Хуыцауы ног дунейы фесӕфдзысты ӕмӕ нӕ ферох уыдзысты (Исай 65:17; Раргомад 21:4). Мах фехъуыстам, Иов куыд фидар разынд, ӕмӕ йӕ бафӕзмынмӕ цӕттӕ стӕм Иегъовӕйы ’ххуысӕй. Библи нын зӕрдӕ ’вӕры: «Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, аккаг разынгӕйӕ, райсдзӕн, Йегъовӕ, чи йӕ уарзы, уыдонӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг – цард» (Иаковы 1:12, НД).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Нӕ бон куыд у Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын?

• Афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ зындзинӕдтӕ уый тыххӕй ’взарӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау разы нӕу?

• Иовӕн фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кодта?

• Елиуйау нӕ бон куыд у не ’мчырыстӕтты фидар кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Хорз уынаффӕгӕнӕг хъуамӕ искӕй рис ӕмбара, адӕймагӕн кад кӕна ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уа

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Эльзӕ ӕмӕ Харальд Абт