Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр»

«Уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр»

«Уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр»

«Католикты дины сӕйраг ахуырӕдтӕм гӕсгӕ, адӕймагмӕ ӕппынфӕстаг ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕт, тӕрхон, зындон ӕмӕ уӕлӕрвтӕ» (Catholicism, редактор Джордж Брантл).

БАФИППАИНАГ у, ацы хыгъды зӕххы кой кӕй нӕй, уый. Ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ католикты дин дӕр иннӕ динтау ахӕм хъуыдыйыл хӕст у, зӕгъгӕ, иу бон зӕхх фесӕфдзӕн. Иу дзырдуаты, статьяйы «Дунейы кӕрон», фыст ис: «Католикты уырнындзинӕдтӕм ӕмӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ, ацы дуне Хуыцау куыд сфӕлдыста ӕмӕ йӕ абон куыд зонӕм, афтӕмӕй ӕнустӕм нӕ уыдзӕн» (Dictionnaire de Théologie Catholique). Ацы хъуыды ис, ӕрӕджы католикты дины ахуырӕдты фӕдыл цы чиныг рацыд, уым дӕр: «Нӕ дуне... ӕнӕмӕнгдӕр фесӕфдзӕн». Фӕлӕ кӕд зӕхх фесӕфдзӕн, уӕд ма Библи зӕрдӕ цавӕр зӕххон дзӕнӕтӕй ӕвӕры?

Библи бӕлвырдӕй дзуры, фидӕны та зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн. Цӕвиттон, пехуымпар Исай зӕхх ӕмӕ йӕ цӕрджыты тыххӕй загъта: «Уыдон араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты; садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Уыдон нӕ араздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи цӕра, ӕмӕ нӕ садздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи хӕра. Уымӕн ӕмӕ мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау; ӕмӕ ме ’взӕрстытӕ сӕ къухты куыстӕй пайда кӕндзысты ӕххӕстӕй» (Исай 65:21, 22). Ацы зӕрдӕвӕрдтӕ Хуыцау радта дзуттӕгтӕн, ӕмӕ уыдон ӕууӕндыдысты, ӕрмӕст сӕ зӕхх нӕ, фӕлӕ ӕгас дуне дӕр иу бон кӕй суыдзӕн дзӕнӕт ӕмӕ йыл адӕм амондджынӕй ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты.

Псалом 36 дӕр уыцы хъуыды бӕлвырд кӕны: «Сабыртӕ [фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон] та зӕхх сӕхи бакӕндзысты» (Псалом 36:11). Ацы стих ӕрмӕст ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ та израилӕгтӕ рӕстӕгмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл кӕй ӕрцӕрдзысты, уымӕн ӕмӕ ацы псалом дарддӕр дзуры: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:29). Дӕ хъус ма ӕрдар, ацы псалом кӕй дзуры, зӕгъгӕ, зӕххыл ӕнусон цард у Хуыцауы хорзӕх «сабыртӕн». Иу Библийы тӕлмацы ацы стихмӕ цы фиппаинаг ис, уый ӕмбарын кӕны, дзырд «сабыртӕ» «тӕлмацгӕнджытӕ куыд фыссынц, уымӕй йын бирӕ стырдӕр нысаниуӕг кӕй ис. Уыдон сты, Яхвейы (Иегъовӕйы) номы тыххӕй хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ ’фхӕрд чи ’ййафы, сӕрныллӕг ӕмӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс чи у, уыцы адӕм».

Зӕххыл ӕви уӕлӕрвты?

Уӕлдӕр цы стихы кой кодтам, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды цы зӕрдӕвӕрд радта, уый: «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны уыдзӕн» (Матфейы 5:5, НД). Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ та зӕхх ногӕй ӕнусон хорзӕхтӕ дӕтдзӕн иузӕрдион адӕмӕн. Фӕлӕ Йесо йӕ апостолтӕн бӕлвырд бамбарын кодта, «йӕ Фыды хӕдзары» сын бынат кӕй бацӕттӕ кӕндзӕн ӕмӕ йемӕ уӕлӕрвты кӕй уыдзысты (Иоанны 14:1, 2; Лукайы 12:32; 1 Петры 1:3, 4). Уӕдӕ куыд ӕмбаргӕ сты, зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй зӕрдӕвӕрдтӕ? Уыдон абон дӕр ахсджиаг сты, ӕмӕ кӕд о, уӕд кӕмӕ хауынц?

Библи ӕмбарынгӕнӕг ахуыргӕндтӕ афтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Уӕлхох уацамынды, стӕй ма суанг 36 псаломы дӕр цы «зӕххы» кой ис, уый ӕнӕуи зӕхх нӕу. Ф. Вигуру иу Библимӕ (Bible de Glaire) цы фиппаинаг скодта, уым ныффыста: «Уыцы стихтӕ фӕсномыгӕй хауынц уӕлӕрвтӕм ӕмӕ аргъуанмӕ». Французаг библииртасӕг М. Лагранжы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ам дзырд нӕ цӕуы «сӕрныллӕг адӕм цы зӕххыл цӕрынц, ууыл цӕргӕйӕ кӕй баззайдзысты нӕдӕр ацы цардӕвӕрды, нӕдӕр ӕххӕст уавӕрты фидӕны. Фӕлӕ уыцы бынат кӕмфӕнды ма уа, у уӕларвон паддзахад». Иннӕ библииртасӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ та ацы стих, «зӕххыл цы хорздзинӕдтӕ ис, уыдоны руаджы фӕсномыгӕй ӕвдисы уӕлӕрвтӕ». Ӕндӕр ахуыргӕндтӕм та афтӕ кӕсы, ӕмӕ «Ханаан зӕрдӕвӕрд зӕххыл нымад цӕуы ахӕсгӕ хуызы ӕмӕ ’вдисы уӕларвон райгуырӕн бӕстӕ – Хуыцауы паддзахад, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыцы адӕм кӕм цӕрдзысты, ахӕм бынат. Уый хауы 36 псаломмӕ ӕмӕ Библийӕ ӕндӕр бынӕттӕм дӕр». Фӕлӕ ацы хъуыдытӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ мах цы зӕххыл цӕрӕм, уый тыххӕй Хуыцау ницы зӕрдӕ бавӕрдта?

Ӕнӕивгӕ фӕнд зӕххы тыххӕй

Ӕппӕты райдианы дӕр Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый ӕнгом баст уыд зӕххимӕ. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Арв – арв Хицауӕн, зӕхх та ратта Уый адӕймаджы фырттӕн» (Псалом 113:24). Уӕдӕ Хуыцауы фыццаг фӕнд адӕмы тыххӕй баст уыд зӕххимӕ, уӕлӕрвтимӕ нӕ, фӕлӕ. Иегъовӕ фыццаг къайӕн, Адам ӕмӕ Евӕйӕн, радта хӕслӕвӕрд – хъуамӕ ӕгас зӕххӕй дӕр Едемы хуызӕн цӕхӕрадон сарӕзтаиккой (Райдиан 1:28). Уыцы фӕнд рӕстӕгмӕ нӕ уыд. Иегъовӕ нын йӕ Ныхасы фидарӕй зӕгъы, зӕхх ӕнустӕм кӕй уыдзӕн: «Фӕлтӕр фӕлтӕры ивы, зӕхх та лӕууы ӕнустӕм» (Екклесиаст 1:4; 1 Паралипоменон 16:30; Исай 45:18).

Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕсӕххӕстӕй никуы баззайынц. Уый у Дунедарӕг ӕмӕ нын фидарӕй зӕгъы, кӕй сӕ сӕххӕст кӕндзӕн. Хуыцау йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уый бамбарын кӕнынӕн Библийы фыст ӕрцыд, дон ӕрдзы куыд зилдух кӕны, уый: «Къӕвда ӕмӕ мит куыд ӕруарынц ӕмӕ фӕстӕмӕ арвмӕ куыд нӕ аздӕхынц, цалынмӕ зӕхх донӕй нӕ бафсада ӕмӕ дзы тавс бауадза ӕмӕ мыггаг сӕвзӕрын кӕна... Афтӕ мӕ дзыхӕй цы дзырд рацӕуы [Хуыцауы дзырд], уый дӕр мӕм фӕстӕмӕ ӕнӕсӕххӕстӕй не ’рбаздӕхы, фӕлӕ ӕнӕмӕнг саразы, мӕнӕн ӕхсызгон цы у, уый, ӕмӕ сӕххӕст кӕны, цӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уый» (Исай 55:10, 11). Уӕдӕ Хуыцау адӕмӕн фидарӕй зӕрдӕ ’вӕры. Гӕнӕн ис, ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг рацӕуа, цалынмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст уой, уӕдмӕ, фӕлӕ ма сӕххӕст уой, уымӕн уӕвӕн нӕй. Уыцы ныхӕстӕ Хуыцаумӕ «ӕрбаздӕхдзысты», ома цыдӕриддӕр загъта, уый сӕххӕст уыдзӕн.

Иегъовӕ адӕмӕн зӕхх куы сфӕлдыста, уӕд «райгондӕй баззад». Ӕхсӕзӕм сфӕлдыстадон боны кӕрон Хуыцау загъта, зӕгъгӕ, ӕппӕт дӕр у «иттӕг хорз» (Райдиан 1:31). Зӕххӕй дзӕнӕт саразын у Хуыцауы фӕндтӕй иу, кӕд нырма нӕ сӕххӕст, уӕддӕр. Фӕлӕ Хуыцаумӕ йӕ ныхӕстӕ «ӕнӕсӕххӕстӕй не ’рбаздӕхдзысты». Адӕм фӕрнӕй ӕмӕ ӕдасӕй зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уый фӕдыл ӕппӕт зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр сӕххӕст уыдзысты (Псалом 134:6; Исай 46:10).

Хуыцауы фӕндон ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн

Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый аххосӕй рӕстӕгмӕ фехӕлд, Хуыцаумӕ райдианы цы фӕнд уыд, уый – зӕххӕй дзӕнӕт саразын. Иегъовӕйы коммӕ кӕй нӕ бакастысты, уый тыххӕй Едемы цӕхӕрадонӕй тард ӕрцыдысты. Афтӕмӕй фесӕфтой диссаджы фадат – Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ зӕххыл дзӕнӕты цӕрын. Фӕлӕ Хуыцау йӕ фӕнд нӕ ныууагъта ӕмӕ бӕлвырд хъуыддӕгтӕ сарӕзта, цӕмӕй йӕ ныхас сӕххӕст кӕна. Цы сарӕзта? (Райдиан 3:17–19, 23).

Едемы цы хабар ’рцыд, уый абарӕн ис, адӕймаг хорз зӕххыл хӕдзар аразын куы райдайы, уыимӕ. Куыддӕр хӕдзарӕн бындур ӕрӕвӕрдта, афтӕ чидӕр ӕрбацыд ӕмӕ йын ӕй фехӕлдта. Фӕлӕ йӕ фӕнд ныууадзыны бӕсты, уыцы адӕймаг дарддӕр архайы, цӕмӕй йӕ хӕдзар сараза. Кӕд ӕй уый тыххӕй уӕлдай фыдӕбон ӕмӕ уӕлдай хӕрдзтӕ бахъуыд, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хӕдзар дзӕгъӕлы райдыдта аразын.

Афтӕ Хуыцау дӕр батыхст, цӕмӕй йӕ фӕнд ӕнӕкъуылымпыйӕ сӕххӕст кӕна. Адам ӕмӕ Евӕйы тӕригъӕды хӕдфӕстӕ Иегъовӕ сӕ байзӕддӕгтӕн фехъусын кодта ныфсы хабар – фӕзындзӕн «мыггаг», ӕмӕ тӕригъӕд цы зиан ӕрхаста, уый фесафдзӕн. Цӕмӕй ацы пехуымпарад сӕххӕст уыдаид, уый тыххӕй мыггаджы сӕйраг хай сси Хуыцауы Фырт Йесо. Уый ӕрцыд зӕхмӕ ӕмӕ йӕ цард радта адӕмы тӕригъӕдӕй балхӕнынӕн (Галатӕгтӕм 3:16; Матфейы 20:28). Йесо куы райгас ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд сси Хуыцауы Паддзахады Паддзах. Фыццаджыдӕр Йесо, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уый, зӕхх бынӕн райста йе ’взӕрст иузӕрдион лӕггадгӕнджытимӕ. Уыдон райгас вӕййынц уӕларвон цардӕн, цӕмӕй йемӕ паддзӕхтӕ уой (Псалом 2:6–9). Йӕ рӕстӕгыл уыцы хицауад зӕххы хъуыддӕгтӕ йӕ къухмӕ райсдзӕн, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, Хуыцаумӕ райдианы цы фӕнд уыд, уый, ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт сараза. Тынг бирӕ сӕрныллӕг адӕм та зӕхх бынӕн уыцы хуызы райсдзысты, ӕмӕ сын Йесо Чырысти ӕмӕ йе ’мпаддзӕхты разамынд ахъаз кӕндзӕн (Райдиан 3:15; Данелы 2:44; Куыстытӕ 2:32, 33; Раргомад 20:5, 6).

«Уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр»

Апостол Иоанн цы цӕстылуайӕн федта, уым дзырд цӕуы адӕмы ирвӕзындзинадыл – иутӕ уӕлӕрвты цӕрдзысты, иннӕтӕ та зӕххыл. Иоанн федта паддзӕхты уӕларвон паддзахбадӕнтыл, уыдон ӕвзӕрст уыдысты Чырыстийы иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕй. Библи бӕлвырдӕй дзуры, зӕгъгӕ, уыдон Чырыстиимӕ иумӕ «паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл» (Раргомад 5:9, 10). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ дыууӕ хъуыддаджы кӕй хауы – зӕхх та ногӕй суыдзӕн дзӕнӕт уӕларвон Паддзахады разамындӕй. Уыцы Паддзахады та сты Йесо Чырысти ӕмӕ ма йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон. Ӕппӕт уыцы хъуыддӕгты фӕрцы Хуыцау зӕххӕй сараздзӕн дзӕнӕт, райдианы йӕм цы фӕнд уыд, уымӕ гӕсгӕ.

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй кувой, Хуыцауы фӕндон «уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ... зӕххыл дӕр» куыд уа (Матфейы 6:9, 10, НД). Ацы ныхӕстӕ цы пайда сты, афтӕ ӕмбаргӕ куы уаиккой, ӕмӕ зӕхх фесӕфдзӕн, кӕнӕ фӕсномыгӕй уӕлӕрвтӕм куы амониккой, йе та ӕппӕт рӕстгӕнджытӕ дӕр уӕлӕрвтӕм куы цӕуиккой, уӕд? Хуыцауы фӕндон зӕххы тыххӕй бӕлвырдӕй фыст у Библийы райдианӕй кӕронмӕ – зӕххӕй дзӕнӕт саразын. Ӕмӕ Хуыцау йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн. Зӕххыл алы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг дӕр кувы, цӕмӕй уыцы фӕндон сӕххӕст уа.

Зӕххыл ӕнусон цард кӕй уыдзӕн, уый у, йӕ ныхас чи нӕ ивы, уыцы Сфӕлдисӕг Хуыцауы фыццаг фӕнд (Малахи 3:6; Иоанны 17:3; Иаковы 1:17). Сӕдӕ азӕй фылдӕр журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбарын кӕны, Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ дыууӕ хъуыддаджы кӕй хауы. Уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, зӕхх та ногӕй дзӕнӕт кӕй суыдзӕн, уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ Фыстады сӕйраг хъуыды кӕй сты. Дӕ бон у ацы фарстайыл бӕстондӕр ӕрныхас кӕнын Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ кӕнӕ ныффыссын журнал чи рауагъта, уыдонмӕ.

[Ныв 4 фарсыл]

Библи бӕлвырдӕй дзуры, фидӕны та зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн

[Ныв 7 фарсыл]

Кӕд зӕхх фесӕфдзӕн, уӕд Йесо, кувын куыд хъӕуы, уый амонгӕйӕ цы загъта, уый цы пайда у?