Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон цӕрдзысты зӕххыл

Фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон цӕрдзысты зӕххыл

Фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон цӕрдзысты зӕххыл

«Мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕрдз аивдзӕн ӕмӕ та раздӕры хуызӕн суыдзӕн... Уый тагъд нӕ уыдзӕн, фӕлӕ бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ ног арв ӕмӕ ног зӕхх куы уа, уӕд»,– Жан-Маре Пельт, Францы ӕрдз хъахъхъӕныны кусӕг.

НӔ АЛЫВАРС ӕрдз ӕмӕ зӕхх цы уавӕры сты, ууыл чи тыхсы, уыдонӕн ӕхсызгон уаид сӕхи цӕстӕй фенын, зӕхх дзӕнӕт куы фестид, уый. Ӕмӕ уымӕ ӕрмӕст 21 ӕнусы нӕ бӕллынц. Зӕхх та дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уымӕй Библи зӕрдӕ тынг раджы бавӕрдта. Йесо загъта, абон бирӕтӕ кӕй зонынц, уыцы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у... зӕхх уыдоны уыдзӕн» ӕмӕ «дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 5:5; 6:10, НД). Фӕлӕ абон бирӕты нӕ уырны, зӕхх дзӕнӕт кӕй уыдзӕн ӕмӕ йыл сӕрныллӕг адӕм кӕй цӕрдзысты. Йӕхи чырыстон чи хоны, уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ адӕм тӕригъӕдджын кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сын дзӕнӕтӕй ныфс нӕй.

Францы ӕрвылкъуыри цы газет цӕуы, уым ӕмбарын кодтой, дзӕнӕт кӕй уыдзӕн,– зӕххыл ӕви уӕлӕрвты,– ууыл цӕуылнӕуал ӕууӕндынц, зӕгъӕм, католикты аргъуаны: «1 900 азы дӕргъы католикты аргъуаны сӕйраг ахуырӕдтӕй иу уыд дзӕнӕты тыххӕй, фӕлӕ ныр йӕ кой дӕр нал ис нӕдӕр дины ахуырӕдты, нӕдӕр семинарты» («La Vie»). Дзырд «дзӕнӕт» цыма мигъӕй ӕмбӕрзт у, афтӕ зын ӕмбарӕн сси адӕмӕн. Иуӕй-иу динамонджытӕ дзӕнӕты тыххӕй барӕй нӕ дзурынц, уымӕн ӕмӕ уый «бӕлвырд ӕвдисы зӕххыл амондджын цард».

Диниртасӕг Фредерик Ленуары хъуыдымӕ гӕсгӕ, дзӕнӕт цы у, уый адӕм ӕмбарынц ӕмхуызон. Историк Жан Делюмо, уыцы фарсты фӕдыл цалдӕр чиныджы чи ныффыста, уый хъуыдымӕ гӕсгӕ дӕр Библийы зӕрдӕвӕрдтӕ фыццаджыдӕр фӕсномыгӕй ӕмбаргӕ сты. Делюмо ныффыста: «Ацы фарстӕн, „дзӕнӕт ма уыдзӕн?“, зӕгъгӕ, чырыстон дины ахуырӕдтӕ нырмӕ дӕр ахӕм дзуапп дӕттынц: „Ирвӕзынгӕнӕг кӕй райгас, уый руаджы мах иу бон кӕрӕдзи къухтыл ныххӕцдзыстӕм ӕмӕ нӕхи цӕстытӕй фендзыстӕм, нӕ ныфс кӕй сӕххӕст“».

Зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уыцы хабар абон дӕр ахсджиаг у? Ӕцӕгӕйдӕр, цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕхмӕ? Уыцы фидӕн цавӕр уыдзӕн, уый бӕлвырд у ӕви нӕ? Ацы фарстатӕн иннӕ статьяйы ис дзуапп.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 2 фарсыл]

COVER: Emma Lee/​Life File/​Getty Images