Хуыцауӕй «курут, цы уӕ хъӕуы, уый»
Хуыцауӕй «курут, цы уӕ хъӕуы, уый»
«Алы уавӕры дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут, ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый» (ФИЛИППӔГТӔМ 4:6, НД).
1. Кӕимӕ у нӕ бон ныхас кӕнын ӕмӕ уый диссаг цӕмӕн у?
ЗӔГЪГӔ бӕстӕйы хицауимӕ аныхас кӕныны тыххӕй курдиат балӕвӕрдтай, уӕд цымӕ цавӕр дзуапп райсис? Гӕнӕн ис, ӕмӕ дын уӕздан дзуапп радтой, фӕлӕ дӕ хицауӕн йӕхиимӕ аныхас кӕнын бауадзой, уый дызӕрдыггаг у. Ӕппӕты стырдӕр Хицауимӕ, Дунедарӕг Иегъовӕ Хуыцауимӕ та хабар афтӕ нӕу. Нӕ бон у йемӕ ныхас кӕнын кӕцӕйфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕнды дӕр. Нӕ куывдтытӕ йӕ зӕрдӕмӕ куы цӕуой, уӕд нын сӕ кӕддӕриддӕр хъусдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 15:29). Уый ӕцӕг диссаг у! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый тыххӕй дзы бузныг стӕм. Уӕдӕ, куывдтытӕ чи хъусы, уымӕ хъуамӕ иудадзыг ма кувӕм? (Псалом 64:3).
2. Цӕмӕй нӕ куывдтытӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуой, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг цы хъӕуы?
2 Фӕлӕ, чи зоны, исчи бафӕрса: «Хуыцау цавӕр куывдтытӕ хъусы»? Библи нын ӕмбарын кӕны, цы хъӕуы, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъуса: «Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ балхӕнӕн нӕй; уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Уый кӕй ис, ууыл, ӕмӕ Йӕ агурджытӕн ратты» (Дзуттытӕм 11:6). О, амӕйразмӕйы статьяйы федтам, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнынӕн сӕйраджыдӕр кӕй хъӕуы уырнындзинад. Хуыцауӕн ӕхсызгон у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ хъусын. Фӕлӕ йӕм уыдон хъуамӕ кувой уырнындзинадимӕ ӕмӕ раст хъуыддӕгтӕ кӕной. Кувой йӕм раст зӕрдӕйы уагимӕ ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ.
3. а) Нӕ бон цӕй тыххӕй у кувын, уый рагзаманты иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ куыд ӕвдисынц? ӕ) Куывдтытӕ цавӕртӕ вӕййынц?
3 Апостол Павел йӕ рӕстӕджы цӕрӕг чырыстӕттӕн дзырдта: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут, ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7, НД). Библийы ис, Хуыцауӕн йӕ сагъӕстӕ чи ӕргом кодта, бирӕ ахӕм адӕмы цӕвиттонтӕ. Уыдонмӕ хауынц Аннӕ, Илиа, Езеки ӕмӕ Данел (1 Паддзахӕдты 2:1–10; 3 Паддзахӕдты 18:36, 37; 4 Паддзахӕдты 19:15–19; Данелы 9:3–21). Мах дӕр хъуамӕ уыдоны фӕзмӕм. Павелы ныхӕстӕй ма зыны, куывдтытӕ иухуызон кӕй нӕ вӕййынц. Уый загъта, зӕгъгӕ, бузныг дзурут, ома нӕ куывдтыты Хуыцауӕн арфӕ кӕнӕм, цы нын сарӕзта, уый тыххӕй. Уыимӕ ма йӕ нӕ бон у кадджын кӕнын дӕр. Лӕгъстӕ кӕнын та у сӕрныллӕгӕй, зӕрдӕбынӕй хатын. Нӕ бон ма дзы у бӕлвырд исты курын дӕр (Лукайы 11:2, 3). Нӕ уӕларвон Фыдӕн ахӕм куывдтытӕ ӕхсызгон вӕййынц.
4. Кӕд Иегъовӕ зоны цы нӕ хъӕуы, уый, уӕд ма уый тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?
4 Исчи чи зоны бафӕрса: «Цы нӕ хъӕуы, уый Иегъовӕ алы хатт дӕр нӕ фӕзоны?» Фӕзоны (Матфейы 6:8, 32). Уӕдӕ ма йӕ цӕмӕн фӕнды, ӕмӕ йӕм кувӕм, цы нӕ хъӕуы, уый тыххӕй? Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Дуканигӕсы фӕнды йӕ ӕлхӕнджытӕй кӕмӕндӕрты лӕвӕрттӕ скӕнын. Ӕрмӕст уый тыххӕй ӕлхӕнджытӕ хъуамӕ дуканигӕсмӕ бацӕуой ӕмӕ йын зӕгъой. Фӕлӕ бацӕуын кӕй нӕ фӕнды, уый уымӕй ӕвдисы, йӕ лӕварӕн ын ӕппындӕр кӕй нӕ аргъ кӕны. Раст афтӕ мах дӕр: цы нӕ хъӕуы, уый тыххӕй куы нӕ кувӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Иегъовӕ цы дӕтты, уымӕн нӕ аргъ кӕнӕм. Йесо загъта: «Курут ӕмӕ райсдзыстут» (Иоанны 16:24). Уӕдӕ дзы куы курӕм, уӕд ӕвдисӕм, Хуыцауыл нӕ ныфс кӕй дарӕм.
Куыд хъуамӕ кувӕм Хуыцаумӕ?
5. Цӕмӕн хъуамӕ кувӕм Йесойы номӕй?
5 Кувын куыд хъӕуы, уымӕн Иегъовӕ цавӕрдӕр закъӕттӕ не сфидар кодта. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ зонӕм, куыд хъӕуы Хуыцаумӕ раст кувын, ома Библи куыд дзуры, афтӕ. Зӕгъӕм, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта: «Цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй Мӕ номӕй, уый уын ратдзӕн» (Иоанны 16:23). Уӕдӕ мах хъуамӕ кувӕм Йесойы номӕй ӕмӕ ӕмбарӕм, адӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы кӕй исынц Хуыцауы хорзӕхтӕ.
6. Куыд хъуамӕ кувӕм Хуыцаумӕ – бадгӕйӕ, лӕугӕйӕ ӕви ӕндӕр искуыд?
6 Куыд хъуамӕ кувӕм Хуыцаумӕ – бадгӕйӕ, лӕугӕйӕ ӕви ӕндӕр искуыд? Уый фӕдыл Библийы бӕлвырдӕй ницы ис фыст (3 Паддзахӕдты 8:22; Нееми 8:6; Маркы 11:25; Лукайы 22:41). Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй йӕм кувӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕмӕ раст зӕрдӕйы уагимӕ (Иоил 2:12, 13).
7. а) Дзырд «аммен» цы нысан кӕны? ӕ) Куывды кӕрон «аммен» дзурын цӕмӕн хъӕуы?
7 Цы зӕгъӕн ис дзырд «аммен»-ӕй та? Фыстадӕй куыд зыны, афтӕмӕй уый нӕ куывдтыты кӕрон хорз фидауы, уӕлдайдӕр та адӕмы ’хсӕн куы фӕкувӕм, уӕд (Псалом 71:19; 88:53). Дзуттаг дзырд а́·мен-ы сӕйраг нысаниуӕг у «афтӕ уӕд». Иу энциклопедийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, куывдтыты кӕрон «аммен» дзурын нысан кӕны, «цы загъд уыд, ууыл разы кӕнын, ӕмӕ курын, цӕмӕй сӕххӕст уа» («McClintock and Strong’s Cyclopedia»). Уӕдӕ чи фӕкувы, уый фӕстагмӕ зӕрдӕбынӕй «аммен» куы фӕзӕгъы, уӕд уымӕй равдисы, йӕ ныхӕстӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ кӕй уыдысты. Ӕмбырды номӕй чи кува, уый йӕ куывд ацы дзырдӕй куы фӕуа, уӕд ӕм чи хъуса, уыдонӕн дӕр сӕ бон у хъӕрӕй кӕнӕ сӕхинымӕр зӕгъын «аммен», цӕмӕй равдисой, йӕ ныхӕстыл ын ӕппӕт зӕрдӕйӕ разы кӕй сты (1 Коринфӕгтӕм 14:16).
8. Нӕ куывдтытӕй иуӕй-иутӕ Иаков ӕмӕ Авраамы куывдтыты хуызӕн цӕмӕй уыдзысты ӕмӕ уыцы кувдтытӕ цӕуыл дзурӕг уыдзысты?
8 Хатт нӕ Хуыцау бауадзы, цӕмӕй равдисӕм, цӕй тыххӕй кувӕм, уый нын куыд ахсджиаг у, уый. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ хъӕуа Иаковау бакӕнын. Уый ӕнӕхъӕн ӕхсӕв зӕдимӕ хъӕбысӕй фӕхӕцыд, цӕмӕй йын раарфӕ кодтаид (Райдиан 32:24–26). Цавӕрдӕр уавӕрты та нӕ, чи зоны, бахъӕуа Авраамау архайын. Уый цалдӕр хатты Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта Лоты тыххӕй ӕмӕ ма Содомы цы рӕстаг адӕм разындаид, уыдоны тыххӕй (Райдиан 18:22–33). Махӕн дӕр нӕ бон у Иегъовӕмӕ кувын, ахсджиаг нын чи сты, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй, ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй архайа йӕ рӕстдзинад, йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ.
Цӕй тыххӕй ис кувӕн?
9. Сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм?
9 Дӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕн Павелы ныхӕстӕ: «Алы уавӕры дӕр... [Хуыцауӕй] курут, цы уӕ хъӕуы, уый» (Филиппӕгтӕм 4:6, НД). Уӕдӕ нӕхи номӕй куы кувӕм, уӕд нӕ бон у нӕ царды алы хъуыддаджы тыххӕй дӕр дзурын. Фӕлӕ нӕ куывдтыты фыццаг бынаты хъуамӕ уой Иегъовӕйы хъуыддӕгтӕ. Уымӕн нын Данел ныууагъта хорз цӕвиттон. Иегъовӕ израилӕгты сӕ тӕригъӕдты тыххӕй куы бафхӕрдта, уӕд ын Данел лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сын ныххатыр кодтаид: «Дӕ хатырӕй, фӕстиат мауал кӕн, о мӕ Хуыцау! Цӕмӕйдӕриддӕр Дӕ ном ӕвӕрд и Дӕ сахарыл ӕмӕ Дӕ адӕмыл!» (Данелы 9:15–19). Уӕдӕ Иегъовӕйы ном срухс уа ӕмӕ йӕ фӕндон сӕххӕст уа, уымӕй сӕйрагдӕр нын кӕй ницы ис, уый мах куывдтытӕй дӕр зыны?
10. Нӕхи хъуыддӕгты тыххӕй дӕр нӕ бон кувын кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм?
10 Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у нӕхи хъуыддӕгты тыххӕй дӕр кувын. Зӕгъӕм, псаломзарӕггӕнӕгау нӕ бон у кувын, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддӕгтӕ хуыздӕр ӕмбарӕм. Уый куывта: «Бамбарын мын кӕн, ӕмӕ ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ закъон ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕн уый ӕппӕт зӕрдӕйӕ» (Псалом 118:33, 34; Колоссӕгтӕм 1:9, 10). Йесо «дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ, куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй» (Дзуттӕгтӕм 5:7, НТ). Афтӕмӕй уый равдыста, тӕссаг уавӕры кӕнӕ фӕлварӕнты бахаугӕйӕ, раст кӕй у Хуыцауӕй ӕххуыс курын. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, кувын куыд хъӕуы, уый куы амыдта, уӕд скодта хи хъуыддӕгты кой дӕр. Зӕгъӕм, загъта сын, цӕмӕй кувой тӕригъӕдттӕ ныххатыр кӕныны тыххӕй ӕмӕ сын цӕмӕй алы боны фаг хӕринаг уа.
11. Цӕмӕй ма фӕрӕдийӕм, уый тыххӕй нын куывд куыд ӕххуыс кӕны?
11 Дӕнцон куывды ма Йесо загъта: «Ма бакӕн мах фыдӕвзарӕны, фӕлӕ фервӕзын кӕн мах хинӕйдзагӕй» (Матфейы 6:9–13). Фӕстӕдӕр ма загъта: «Ма бафынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат» (Матфейы 26:41, НД). Фӕлварӕнты бахаугӕйӕ нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы кувын. Куысты йе та скъолайы, гӕнӕн ис, ахӕм фӕлварӕны бахауӕм, ӕмӕ нӕ бафӕнда Библийы уагӕвӕрдты сӕрты ахизын. Ӕнӕуырнӕг адӕм нын, чи зоны, дзурой, цӕмӕй семӕ архайӕм, чырыстонӕн чи не ’мбӕлы, ахӕм хъуыддӕгты. Кӕнӕ та нын аразын кӕной, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ цы халы, ахӕм исты. Хорз уаид Йесойы уынаффӕмӕ хъусын, ома Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй нын баххуыс кӕна ӕмӕ ма фӕрӕдийӕм. Кувын хъӕуы, цалынмӕ фӕлварӕны нӕ бахауӕм, уӕдмӕ дӕр, ӕмӕ куы бахауӕм, уӕд дӕр.
12. Цавӕр сагъӕсты тыххӕй фӕкувӕм Иегъовӕмӕ ӕмӕ цӕуыл нӕ дызӕрдыг кӕнӕм?
12 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ абон ӕвзарынц алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты мӕт кӕнынц. Бирӕты сагъӕсы ӕфтауы се ’нӕниздзинад ӕмӕ сӕ ныфс кӕй асӕтты, уый. Фыддзинад кӕй сарӕх, уый нын нӕ цард уӕззаудӕр кӕны. Цардамӕлттӕ кӕнын дӕр фӕзындӕр ис. Куыд ӕхсызгон нын у, Иегъовӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ уыдӕтты тыххӕй куы фӕкувынц, уӕд сӕ кӕй хъусы! Иегъовӕйы тыххӕй Псаломы 101:18 (МГТ) дзырдӕуы: «Ӕркӕсдзӕн ӕнӕбонты кувынмӕ, ӕмӕ сын нӕ фегад кӕндзӕн сӕ куывд».
13. а) Дӕ бон цӕй тыххӕй у кувын? ӕ) Ӕрхӕсс цӕвиттон ахӕм куывдӕн.
1 Иоанны 5:14). Бинонтӕ скӕнын, куыст кӕнӕ фылдӕр куыд лӕггад кӕнай, уый тыххӕй дӕ уынаффӕ хӕссын куы хъӕуа, уӕд ма ӕфсӕрмы кӕн Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ дзы разамынд курын. Зӕгъӕм, Филиппинты иу ӕрыгон хойы фӕндыд ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Фӕлӕ йӕ хъуыд йӕхи дарын ӕмӕ йын куыст та нӕ уыд. Уый дзуры: «Иу сабатбон Иегъовӕмӕ куывтон, пионерӕй лӕггад кӕнын мӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Уыцы бон уацамынды иу чызгӕн чиныг радтон. Чызг мын ӕнӕнхъӕлӕджы афтӕ бакодта: „Къуырисӕры ма райсомӕй не скъоламӕ ӕрбацу“. Цӕмӕн, зӕгъгӕ йӕ куы бафарстон, уӕд мын загъта, се скъолайы зӕрдиагӕй кусӕг кӕй агурынц. Куы бацыдтӕн, уӕд мӕ уайтагъд айстой. Куыст куыд тагъд ссардтон, уый диссаг у!» Ӕппӕт дунейы дӕр Ӕвдисӕнтыл ахӕм хабӕрттӕ арӕх ӕрцӕуы. Уӕдӕ ӕфсӕрмы ма кӕн, ӕмӕ дӕ цы хъӕуы, уый тыххӕй Иегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кув!
13 Ӕцӕгдӕр, нӕ бон у кувын, нӕ лӕггадмӕ кӕнӕ нын Иегъовӕимӕ цы ахастытӕ ис, уымӕ чи хауы, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгты тыххӕй (Тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд та?
14, 15. а) Адӕймаг тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд дӕр цӕмӕн хъуамӕ кува? ӕ) Цӕмӕй адӕймаг фӕстӕмӕ Иегъовӕмӕ баввахс уа, уый тыххӕй йын йӕхи куывдтытӕй уӕлдай цы баххуыс кӕндзӕн?
14 Исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ын куывд куыд баххуыс кӕндзӕн? Тӕригъӕд чи ракӕны, уыдонӕй чидӕртӕ нал фӕкувынц, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕсгом нӕ фӕхъӕцы. Фӕлӕ уый раст нӕу. Цӕвиттон, пилоттӕ зонынц, сӕ маршрутӕй куы адзӕгъӕл уой, уӕд сӕ бон кӕй у диспетчермӕ фӕдзурын, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. Фӕлӕ пилот кӕй адзӕгъӕл, уый тыххӕй куы ӕфсӕрмы кӕна ӕмӕ диспетчермӕ куы нӕ фӕдзура, уӕд та? Уӕд стыр бӕллӕх дӕр ӕрцӕудзӕн! Раст уыйау, тӕригъӕд чи ракодта, уыцы адӕймаг Хуыцаумӕ кувын куы ӕфсӕрмы кӕна, уӕд ын уый ноджы стырдӕр зиан ӕрхӕсдзӕн. Кӕд йӕ рӕдыды тыххӕй ӕфсӕрмы кӕны, уӕддӕр ын уый хъуамӕ Иегъовӕимӕ ныхас кӕнынӕн цӕлхдур ма суа. Ӕцӕгдӕр, Хуыцау дзуры, цӕмӕй уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, уыдон ӕм кувой. Тӕригъӕдджын митӕ чи кодта, уыдонӕн пехуымпар Исай дзырдта, цӕмӕй кувой Иегъовӕмӕ, «уымӕн ӕмӕ Уый у бирӕхатыргӕнаг» (Исай 55:6, 7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «Иегъовӕйы цӕсгом ӕрфӕлмӕн кӕнын» кӕй фӕнды, уый уал хъуамӕ фыццаг йӕхи зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕна, тӕригъӕды фӕндаг ныууадза ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕна (Псалом 118:58; Данелы 9:13, НД).
15 Тӕригъӕд ракӕныны фӕстӕ кувын кӕй хъӕуы, уымӕн ма ис ноджыдӕр иу ахсджиаг аххоссаг. Ахуыргӕнинаг Иаков фыста, йӕ уырнындзинад бафидар кӕнын кӕмӕн хъӕуы, ахӕм адӕймаджы тыххӕй: «Уӕд фӕдзурӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, ӕмӕ йын уыдон скувӕнт... ӕмӕ йӕ Иегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн» (Иаковы 5:14, 15, НД). Раст у, адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл хъуамӕ Иегъовӕйы раз басӕтта. Фӕлӕ йӕ бон у зӕгъын хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр, ӕмӕ уый тыххӕй скувой. Уый йын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕмӕ баввахс уа.
Хуыцау куывдтытӕ хъусы
16, 17. а) Иегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны, чи йӕм кувы, уыдонӕн? ӕ) Куывд ӕмӕ уацамынд ӕнгом баст кӕй сты, уый цавӕр цӕвиттонтӕй зыны?
16 Куыд ӕххуыс кӕны Хуыцау, чи йӕм кувы, уыдонӕн? Иуӕй-иу хатт адӕймаджы ӕххуысмӕ бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ фӕхъӕуы ӕмӕ уыцы ӕххуыс бӕрӕг-бӕлвырдӕй фены (4 Паддзахӕдты 20:1–6). Хатт та йӕ фӕхъӕуы банхъӕлмӕ кӕсын, стӕй йын Хуыцау куыд ӕххуыс кӕны, уый афтӕ ӕнцон бамбарӕн дӕр нӕ вӕййы. Йесо ӕрхаста, тӕрхонгӕнӕгмӕ цалдӕр хатты чи бацыд, иу ахӕм идӕдз усы цӕвиттон. Уымӕй бӕрӕг у, уыциу хъуыддаджы фӕдыл цалдӕр хатты дӕр кӕй бахъӕуы Хуыцаумӕ скувын (Лукайы 18:1–8). Фӕлӕ мах фидарӕй зонӕм, нӕ куывд Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы уа, уӕд нын афтӕ кӕй никуы зӕгъдзӕн: «Ма тыхсын кӕн мӕн» (Лукайы 11:5–9).
17 Иегъовӕйы адӕм бирӕ хӕттыты федтой, сӕ куывдтытӕ-иу куыд сӕххӕст сты. Афтӕ арӕх вӕййы уацамынды. Зӕгъӕм, Филиппинты дыууӕ хойы дард ран парахат кодтой нӕ Ӕхсӕнады уагъд литературӕ. Иу сылгоймагӕн трактат куы радтой, уӕд йӕ цӕстытӕ доны разылдысты ӕмӕ загъта: «Дысон Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мӕм ӕрбарвита, Библи мын чи бамбарын кӕна, ахӕм адӕймаджы ӕмӕ мын, мӕнмӕ гӕсгӕ, мӕ куывд фехъуыста». Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы сылгоймаг Паддзахады залмӕ фембӕлдтӕм цӕуын райдыдта. Хуссар-скӕсӕн Азийы иннӕ хайы та иу ӕфсымӕр йӕ ныфс нӕ хаста, тынг кӕй хъахъхъӕдтой, уыцы хӕдзӕртты хъусын кӕнынмӕ. Фӕлӕ Иегъовӕмӕ куы скуывта, уӕд фӕныфсджындӕр ӕмӕ иу хӕдзармӕ бацыд. Иу фатеры дуар бахоста ӕмӕ йӕм ӕрыгон сылгоймаг ракаст. Ӕфсымӕр ын куы бамбарын кодта, цӕмӕн ӕрбацыд, уый, уӕд сылгоймаг скуыдта. Загъта, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй агуырдта ӕмӕ кӕй куывта, цӕмӕй сӕ ссардтаид. Ӕфсымӕр ын бацамыдта, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хӕстӕгдӕр ран ӕмбырд кӕм ис, уый.
18. а) Иегъовӕ нын куы баххуыс кӕны, уӕд-иу цы хъуамӕ бакӕнӕм? ӕ) Хуыцаумӕ иудадзыг куы кувӕм, уӕд нӕ ныфс цӕуыл дардзыстӕм?
18 Ӕцӕгдӕр, куывд у диссаджы лӕвар. Иегъовӕйӕн ӕхсызгон у нӕ куывдтытӕм хъусын ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнын (Исай 30:18, 19). Фӕлӕ мах хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй уынӕм, Иегъовӕмӕ нын куыд баххуыс кӕны, куы йӕм скувӕм, уӕд. Уый алы хатт, мах куыд фенхъӕлӕм, афтӕ нӕ вӕййы. Фӕлӕ нын Хуыцау разамынд куы ратты, уӕд ын-иу хъуамӕ бузныг зӕгъӕм ӕмӕ-иу ын йӕ ном скадджын кӕнӕм (1 Фессалоникӕгтӕм 5:18). Уымӕй уӕлдай ма кӕддӕриддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм апостол Павелы фӕдзӕхст: «Алы уавӕры дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут, ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый». О, Хуыцауимӕ дзурын цы стыр кад у, уымӕй дӕхи ӕнӕхай макуы кӕн. Афтӕмӕй дӕхиуыл ӕвзардзынӕ, Хуыцау кӕй куывдтытӕ хъусы, уыдоны тыххӕй Павел цы загъта, уый: «Хуыцауы фарн, адӕймаджы бон цас у бамбарын, уымӕй бирӕ уӕлдӕр чи у, уый... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7, НД).
Дӕ бон дзуапп раттын у?
• Куывдтытӕ цавӕртӕ вӕййынц?
• Куыд хъуамӕ кувӕм?
• Нӕ бон цӕй тыххӕй у кувын?
• Адӕймаг тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд куывд куыд ахады?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 29 фарсыл]
Зӕрдӕбын куывды фӕрцы фӕлварӕнты фидар уыдзыстӕм
[Нывтӕ 31 фарсыл]
Кувгӕйӕ Хуыцауӕн бузныг дзурӕм, ӕргом ын кӕнӕм нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ курдиӕттӕ