Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ ныфс дар Иегъовӕйыл ӕмӕ хъӕбатыр у

Дӕ ныфс дар Иегъовӕйыл ӕмӕ хъӕбатыр у

Дӕ ныфс дар Иегъовӕйыл ӕмӕ хъӕбатыр у

«Ныфс дӕ уӕд Хицауӕй, хъӕбатыр у; ӕмӕ дӕ зӕрдӕ фидар уӕд; ныфс дӕ уӕд Хицауӕй» (ПСАЛОМ 26:14, МГТ).

1. Цас ахсджиаг у ныфс ӕмӕ уыцы дзырд Библийы цӕмӕ фӕамоны?

ӔЦӔГ ныфс рухсӕй уӕлдай нӕу. Ныфс ӕххуыс кӕны, цӕмӕй абоны фӕлварӕнтыл ма суӕм, фӕлӕ фидӕнмӕ хъӕбатырӕй ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй кӕсӕм. Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы бон у махӕн фидар ныфс раттын йӕ Ныхас Библийы уылты (2 Тимофеймӕ 3:16). Библийы дзырд ныфс бирӕ рӕтты ӕмбӕлы ӕмӕ фӕамоны, хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уымӕ, ӕмӕ йӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй хъӕуы, уымӕ *. Уыцы ныфс, бындур кӕмӕн нӕй кӕнӕ дызӕрдыггаг чи у, ахӕм бӕллиц нӕу.

2. Йесойӕн ныфс цас зынаргъ уыд?

2 Йесо фӕлварӕнты ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг хъуыды кодта фидӕныл ӕмӕ йӕ ныфс дардта Иегъовӕйыл. «Цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй худинаг ницӕмӕ ӕрдардта – хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста, ӕмӕ ӕрбадт Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс» (Дзуттытӕм 12:2, НД). Йесойӕн сӕйрагдӕр уыд, Иегъовӕ дун-дунейы иунӕг Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнын ӕмӕ йын йӕ ном срухс кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ, цыфӕнды зын уавӕрты дӕр, коммӕгӕс уыд Хуыцауӕн.

3. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ныфс цас зынаргъ у?

3 Ныфс хъӕбатырдзинадимӕ баст кӕй у, уый тыххӕй паддзах Давид загъта: «Ныфс дӕ уӕд Хицауӕй, хъӕбатыр у; ӕмӕ дӕ зӕрдӕ фидар уӕд; ныфс дӕ уӕд Хицауӕй» (Псалом 26:14, МГТ). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ фидар уа, уӕд хъуамӕ нӕ ныфс сӕттын ма бауадзӕм, фӕлӕ йӕ ӕдзух дарӕм нӕ хъуыдыйы ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнӕм нӕ зӕрдӕйы. Уӕд Йесойау хъӕбатыр ӕмӕ зынгзӕрдӕ уыдзыстӕм, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Ӕцӕгдӕр, Библи уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинады тыххӕй дзургӕйӕ зӕгъы, ныфс дӕр ахсджиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ миниуӕг кӕй у. Ныфс Хуыцауы лӕггадгӕнджыты хицӕн кӕны иннӕ адӕмӕй (1 Коринфӕгтӕм 13:13).

Дӕ «ныфс фидар у»?

4. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» фидӕнмӕ зӕрдиагӕй цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?

4 Хуыцауы адӕмӕн ис диссаджы ныфс. Сӕрст чырыстӕттӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Чырыстиимӕ уӕлӕрвты лӕггад кӕнын куы райдайой, уыцы рӕстӕгмӕ. «Ӕндӕр фысты» та ис ныфс, мӕлӕты цагъартӕ кӕй нал уыдзысты, ӕмӕ Хуыцауы зӕххон хъӕбултӕ кӕй суыдзысты, уымӕй – «уый уыдзӕн диссаджы сӕрибардзинад» (Иоанны 10:16; Ромӕгтӕм 8:19–21, НД; Филиппӕгтӕм 3:20). Уый «диссаджы сӕрибардзинад» у, уымӕн ӕмӕ нал уыдзӕн тӕригъӕд, ӕмӕ уый цы стыр бӕллӕхтӕм ӕркодта, уый. Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕ дӕтты «алкӕцы хорз лӕвар ӕмӕ алкӕцы ӕххӕст лӕвар». Йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕтты, ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый (Иаковы 1:17; Исай 25:8).

5. Нӕ «ныфс фидар» кӕнын нӕ бон куыд у?

5 Хуыцау нын цы ныфс дӕтты, уый нын цас зынаргъ хъуамӕ уа? Ромӕгтӕм 15:13 (НД) кӕсӕм: «Уӕдӕ уын ныфсдӕттӕг Хуыцау уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кӕнӕд цин ӕмӕ фарнӕй, сыгъдӕг уды хъаруйы руаджы уӕ ныфс фидар куыд уа». Хуыцау цы ныфс дӕтты, уый, талынг ран цы цырагъ судзы, уый хуызӕн нӕу, фӕлӕ райсомы хуры сызгъӕрин тынты хуызӕн. Нӕ цардӕн нын дӕтты фарн, амонд, нысан ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Дӕ хъус ма ӕрдар, нӕ «ныфс фидар» уӕд кӕй уыдзӕн, Хуыцауы Ныхасыл куы ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ сыгъдӕг удӕй хайджын куы уӕм. «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ромӕгтӕм 15:4, НД). Уӕдӕ нӕхи бафӕрсӕм: «Мӕ ныфс фидар кӕнын, Библи ӕрвылбон кӕй кӕсын ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг кӕй ахуыр кӕнын, уымӕй? Хуыцаумӕ йӕ сыгъдӕг уды тыххӕй арӕх фӕкувын?» (Лукайы 11:13).

6. Цӕмӕй нӕ ныфс ма асӕтта, уый тыххӕй нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

6 Махӕн фӕзминаг у Чырысти, уый йӕхи фидар кодта Хуыцауы Ныхасӕй. Йесойы цардыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕллайдзыстӕм ӕмӕ нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн (Дзуттытӕм 12:3). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. Хуыцау нын цы ныфс радта, уый нӕ хъуыдыйы ӕмӕ нӕ зонды куы нал дарӕм кӕнӕ не ’ргом ӕндӕр хъуыддӕгтӕм куы аздахӕм, зӕгъӕм, мулк кӕнӕ ацы дунейы бӕллицтӕм, уӕд нӕ уырнындзинад тагъд ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд фесафдзыстӕм, хӕрзӕгъдау цард кӕнынӕн цы хъарутӕ ӕмӕ хъӕбатырдзинад хъӕуы, уыдон. Ахӕм зондахастимӕ нӕ «уырнындзинад фесӕфдзӕн, нау денджызы куыд фесӕфы, афтӕ» (1 Тимофеймӕ 1:19, НД). Фӕлӕ нын ӕцӕг ныфс та нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн.

Ӕнӕ ныфсӕй уырнындзинад нӕй

7. Ныфс уырнындзинадӕн ахсджиаг куыд у?

7 Библи дзуры: «Уырнындзинад та уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты» (Дзуттытӕм 11:1, НД). Уӕдӕ ныфс уырнындзинадимӕ ӕнӕуи баст нӕу, фӕлӕ у йӕ ахсджиаг хай. Ӕркӕсӕм Авраамы хабармӕ. Адӕймаджы цӕстӕй акӕсгӕйӕ, Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн Иегъовӕ бындарӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд сывӕллон ныййарыны кары нал уыдысты (Райдиан 17:15–17). Авраам уыцы зӕрдӕвӕрдмӕ цы цӕстӕй ракаст? «Авраамы ныфс уыд ӕмӕ йӕ уырныдта, бирӕ адӕмты фыд кӕй суыдзӕн, кӕд ӕм афтӕ каст, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, уӕддӕр» (Ромӕгтӕм 4:18, НД). Авраамӕн Хуыцау ныфс кӕй бавӕрдта, уый руаджы йӕ уырнындзинад бафидар, сывӕллон ын ӕнӕмӕнг кӕй уыдзӕн. Йӕ уырнындзинад та йын йӕ ныфс фӕбӕлвырддӕр ӕмӕ фӕфидардӕр кодта. Цы хъӕбатыр разындысты Авраам ӕмӕ Саррӕ, сӕ хӕдзар, сӕ хӕстӕджыты куы ныууагътой ӕмӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы сӕ цард цатырты арвитыныл куы сразы сты, уӕд!

8. Фидардзинад ныфсӕн куыд ахъаз у?

8 Авраамӕн йӕ ныфс фидар уыд, алкӕддӕр Иегъовӕмӕ кӕй хъуыста, уый фӕрцы, кӕд-иу ын зын уыд, уӕддӕр (Райдиан 22:2, 12). Мах дӕр Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ коммӕгӕс ӕмӕ фидар куы уӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы, йӕ хорзӕхӕй хайджын кӕй уыдзыстӕм, ууыл. Павел фыста, зӕгъгӕ, фидардзинад ӕркӕны Хуыцауы хорзӕхмӕ ӕмӕ уый дӕтты ныфс, уыцы ныфсӕй та адӕймаг нӕ фӕфыдӕнхъӕл вӕййы (Ромӕгтӕм 5:4, 5). Гъе уымӕ гӕсгӕ ма апостол Павел ныффыста: «Фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ алчидӕр афтӕ зӕрдиагӕй архайа ӕмӕ уын цы ныфс ис, ууыл кӕронмӕ фидарӕй ӕууӕндат» (Дзуттытӕм 6:11, НД). Ахӕм раст зондахаст нын уыдзӕн, Иегъовӕмӕ ӕввахс куы уӕм, уӕд. Ӕмӕ уӕд цыфӕнды зындзинӕдтимӕ дӕр нӕ бон уыдзӕн тох кӕнын хъӕбатырӕй ӕмӕ ма суанг циндзинадимӕ дӕр.

Ныфс «уын цины хос уӕд»

9. Ӕппынӕдзух цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын ныфс цины хос уа?

9 Хуыцау нын цы ныфс дӕтты, уый бирӕ хуыздӕр у, ацы дунейӕн йӕ бон раттын цы у, уымӕй. «Ныфс дӕ уӕд Иегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ фӕндагыл цу. Уый дӕ скадджын кӕндзӕн ӕмӕ цӕрдзынӕ зӕххыл. Ӕмӕ фендзынӕ, фыдгӕнджытӕ куыд сӕфдзысты, уый» (Псалом 37:34 [36:34], НД). Уӕдӕ нын цӕмӕй ныфс «цины хос» уа, уымӕн нын ис бирӕ аххосӕгтӕ (Ромӕгтӕм 12:12). Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс ӕдзух нӕ хъуыдыйы уа. Ды ӕдзух хъуыды кӕныс, Хуыцау цы ныфс дӕтты, ууыл? Дӕ бон у дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, ног дунейы кӕй дӕ: ӕнӕниз, ӕнӕмӕт, дӕ алыварс дӕ уарзон адӕм, ис дын зӕрдӕрайгӕ куыст? Нӕ литературӕйы дзӕнӕты нывтӕ куы вӕййы, уӕд сыл фӕхъуыды кӕныс? Уый абарӕн ис, адӕймаг рудзынг куы фехсы, уыимӕ: цас сыгъдӕгдӕр ӕй ӕхсы, уыйас ӕм хуыздӕр зыны рӕсугъд ныв. Рудзынг ӕнӕбары ӕхсӕдтытӕ куы кӕнӕм, уӕд та рыг ӕмӕ чъизийы бын фӕуыдзӕн, ӕмӕ ӕддейы куыд рӕсугъд у, уый дзӕбӕх нал уындзыстӕм ӕмӕ нын ӕндӕр хъуыддӕгтӕ не ’ргом сӕхимӕ аздахдзысты. Макуы ныл ӕрцӕуӕд ахӕм хабар!

10. Иегъовӕйы хорзӕхмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уый нӕ йемӕ ӕнгомдӕр куыд кӕны?

10 Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, сӕйраджыдӕр ын уый тыххӕй лӕггад кӕнӕм (Маркы 12:30). Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ бӕллӕм, цы хорзӕх нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ дӕр. Афтӕ фӕнды Иегъовӕйы. «Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны» (Дзуттытӕм 11:6, НД). Иегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, ӕмӕ йын йӕ хорзӕхмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Уымӕн ӕмӕ уӕд бӕрӕг уыдзӕн, нӕ уӕларвон Фыды хорз кӕй зонӕм. Хуыцау рӕдау у ӕмӕ уарзы йӕ сывӕллӕтты. Ахъуыды ма кӕн, куыд ӕнамонд уаиккам ӕмӕ куыд ӕнцонсӕттӕн уаид нӕ хъару ӕнӕ фидӕн ӕмӕ ӕнӕ ныфсӕй (Иереми 29:11).

11. Хуыцау Моисейӕн цы ныфс радта, уый йын куыд баххуыс кодта зондджын уынаффӕтӕ хӕссынӕн?

11 Хуыцау цы ныфс дӕтты, уый ӕдзух йӕ хъуыдыйы чи дардта, уымӕн диссаджы цӕвиттон у Моисей. «Фараоны чызджы фырт» уӕвгӕйӕ, Моисейӕн уыд фадат, цӕмӕй йын уыдаид бартӕ, кад ӕмӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ. Цымӕ Моисей уыдӕттӕм бӕллыд ӕви Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ? Моисей хъӕбатыр разынд ӕмӕ равзӕрста Хуыцауӕн лӕггад кӕныны фӕндаг. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ «йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, цы хӕрзиуӕг ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл» (Дзуттытӕм 11:24–26, НД). Бӕрӕг у, Моисей куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст, Иегъовӕ йын цы ныфс радта, уымӕ.

12. Чырыстӕттӕн сӕ ныфс згъӕрхуды хуызӕн куыд у?

12 Апостол Павел ныфс абарста згъӕрхудимӕ. «Згъӕрхуд» нын хъахъхъӕны нӕ зонд. Уый фӕрцы хӕссӕм зондджын уынаффӕтӕ, ӕмбарӕм, царды сӕйрагдӕр цы у ӕмӕ иузӕрдион стӕм (1 Фессалоникӕгтӕм 5:8). Ахӕм згъӕрхуд ӕдзух дӕ уӕлӕ ис? Кӕд о, уӕд Моисей ӕмӕ Павелау дӕ бон у «хъӕздыгдзинадыл нӕ, фӕлӕ нын ӕппӕт дӕр нӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн рӕдауӕй чи дӕтты, уыцы Хуыцауыл» дӕ ныфс дарын. Цӕмӕй дунейы зондахасты ныхмӕ лӕууӕм ӕмӕ ныл йӕ хиуарзон фӕндтӕ ма фӕзыной, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм хъӕбатыр. Уый йӕ фыдӕбоны аргъ у! Цыдӕр ницӕйаг хъуыддӕгтыл нӕ цард цӕмӕн хъуамӕ арвитӕм, кӕд ӕмӕ Иегъовӕйыл йӕ ныфс чи дары ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы «ӕцӕг цард»? (1 Тимофеймӕ 6:17, 19, НД).

«Никуы дӕ ныууадздзынӕн»

13. Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

13 Ацы цардӕвӕрдыл йӕ ныфс чи дары, уыцы адӕм тынг тыхсынц сӕ фидӕныл, уымӕн ӕмӕ ацы дуне цы «тухитӕ» ’взары, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц (Матфейы 24:8, НД). Фӕлӕ Иегъовӕйӕ ныфсджын чи у, уыдон нӕ тӕрсынц ӕмӕ дарддӕр дӕр «цӕрдзысты ӕдасӕй ӕмӕ фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 1:33). Сӕ ныфс ацы цардӕвӕрдыл кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ хъусынц Павелы уынаффӕмӕ: «Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут, цы уын ис, уый фагыл нымайут, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг афтӕ загъта: „Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн“» (Дзуттытӕм 13:5, НД).

14. Цардамӕлттӕ кӕнгӕйӕ чырыстӕтты ӕгӕр тыхсын цӕуылнӕ хъӕуы?

14 Дзырд «никуы» бӕлвырд ӕвдисы, Хуыцау ныл кӕй тыхсы, ууыл дызӕрдыг кӕнӕн кӕй нӕй. Йесо дӕр фидарӕй дзырдта, Хуыцау ныл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы: «Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр [цардӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый] уыдзӕни. Ӕмӕ, райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут, уымӕн ӕмӕ райсомы бонӕн уыдзӕн йӕхи катӕйттӕ. Алы бонӕн дӕр йӕхи сагъӕстӕ фаг сты» (Матфейы 6:33, 34, НД). Иегъовӕ зоны, ӕнцон кӕй нӕу хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын ӕмӕ цардамӕлттӕ кӕнын дӕр. Цӕй уӕдӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Иегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны, цардӕн нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттыл батыхсын (Матфейы 6:25–32; 11:28–30).

15. Цы нысан кӕны, чырыстӕттӕн сӕ «цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт у», зӕгъгӕ?

15 Иегъовӕйыл нӕ ныфс кӕй дарӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕ «цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт куы уа», уӕд (Матфейы 6:22, 23, НД). Уый нысан кӕны, адӕймаг рӕстзӕрдӕ кӕй у, сыгъдӕг фӕндтӕ йын кӕй ис, кӕрӕф ӕмӕ хиуарзондзинадӕй йӕхи кӕй хизы. «Цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт» уа, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ мӕгуыр цард кӕнӕм кӕнӕ ныл нӕ бинонты раз цы хӕстӕ ис, уыдонмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕм. Фӕлӕ нысан кӕны, Иегъовӕйы хъуыддаг фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрӕм ӕмӕ уымӕй ӕвдисӕм, «уӕззау зондыл» хӕст кӕй стӕм (2 Тимофеймӕ 1:7, НД).

16. Цӕмӕй «цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт» уа, уый тыххӕй уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъӕуынц?

16 Цӕмӕй «цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт» уа, уый тыххӕй хъӕуы уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Зӕгъӕм, куысты хицау дӕ домы, цӕмӕй ӕдзух чырыстон фембӕлдты рӕстӕг кусай. Цымӕ дӕм хъӕбатырдзинад разындзӕн, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрай? Адӕймаг куы дызӕрдыг кӕна, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл кӕй тыхсдзӕн, ууыл, уӕд Сайтан йӕ ныхмӕ гыццыл фидардӕр куы фӕлӕууа, уӕд, чи зоны, ӕмбырдтӕм дӕр мауал цӕуа. Уӕдӕ нӕ уырнындзинад лӕмӕгъ куы уа, уӕд ныл Иегъовӕйы нӕ, фӕлӕ Сайтаны бар цӕудзӕн ӕмӕ нын уый амондзӕн, царды ахсджиагдӕр цы у, уый. Цӕй стыр бӕллӕх уаид уый! (2 Коринфӕгтӕм 13:5).

Дӕ ныфс дар Иегъовӕйыл

17. Йӕ ныфс Иегъовӕйыл чи дары, уыдон абон дӕр куыд арфӕгонд сты?

17 Библи арӕх дзуры, йӕ ныфс Иегъовӕйыл чи дары, уыдон кӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзысты (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; Иереми 17:7). Чи зоны, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕхца цух дӕр баййафынц, фӕлӕ зонынц, фидӕны арфӕдзинӕдтимӕ абаргӕйӕ, уыцы хъуагдзинӕдтӕ ницы сты. Афтӕмӕй уыдон ӕвдисынц, Иегъовӕйыл сӕ ныфс кӕй дарынц ӕмӕ кӕй ӕууӕндынц, ӕппынфӕстаг йе ’ппӕт иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕр сӕ раст фӕндтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Псалом 36:4, 34). Уымӕ гӕсгӕ абон дӕр ӕцӕг амондджын сты. «Рӕстгӕнджыты бӕллицтӕ – цины хос, фыдгӕнджыты ныфс та фесӕфдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 10:28).

18, 19. а) Иегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры? ӕ) Нӕ бон куыд у нӕ рахиз къухӕй Иегъовӕйыл хӕцын?

18 Гыццыл лӕппу йӕ фыды къухыл хӕцгӕ куы фӕцӕйцӕуы, уӕд ницӕмӕй фӕтӕрсы. Афтӕ мах дӕр нӕ уаларвон Фыдимӕ цӕугӕйӕ ӕдас ӕмӕ ныфсджын стӕм. Иегъовӕ израилӕгтӕн дзырдта: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн... Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн... Ӕз, Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕмӕ дын зӕгъын: „Ма тӕрс. Мӕхӕдӕг дын уыдзынӕн ӕххуысгӕнӕг“» (Исай 41:10, 13).

19 Цы диссаджы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныв у – Иегъовӕ нын хӕцы нӕ къухыл. «Ӕдзухдӕр уыдтон ӕз мӕ размӕ Хицауы,– фыста Давид,– уымӕн ӕмӕ Уый ис мӕ рахизварс; нӕ фӕцуддзынӕн» (Псалом 15:8). Нӕ бон куыд у нӕ рахиз къухӕй Иегъовӕйыл хӕцын? Фыццаг уымӕй, ӕмӕ нӕ царды алы хъуыддаг дӕр Библимӕ гӕсгӕ куы аразӕм. Дыккаг та, Иегъовӕ нын цы диссаджы хорзӕх ӕрцӕттӕ кодта, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм. Псаломзарӕггӕнӕг Асаф зарыд: «Ӕз ӕдзух Дӕуимӕ; Ды хӕцыс мӕ рахиз къухыл. Ды къухдариуӕг кӕныс мӕныл Дӕ уынаффӕйӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ райсдзынӕ мӕн кадмӕ» (Псалом 72:23, 24). Ахӕм фидар зӕрдӕвӕрдимӕ нӕ бон у фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсын.

«Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»

20, 21. Цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Иегъовӕйыл йӕ ныфс чи дары, уыдонмӕ?

20 Бонӕй-бонмӕ ноджы ахсджиагдӕр у Иегъовӕйыл нӕ рахиз къухӕй хӕцын. Тагъд ралӕудзӕн мӕнг динӕн йе сӕфты рӕстӕг ӕмӕ Сайтаны дуне бавзардзӕн, чи никуыма уыд, ахӕм стыр бӕллӕх (Матфейы 24:21). Ӕнӕуырнӕг адӕмы стыр тас бацӕудзӕн. Фӕлӕ уыцы змӕст рӕстӕг Иегъовӕйы хъӕбатыр лӕггадгӕнджытӕн сӕ ныфс цины хос уыдзӕн! Йесо загъта: «Ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ цӕуын куы райдайой, уӕд-иу уӕхи сӕмраст кӕнут ӕмӕ-иу уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг» (Лукайы 21:28, НД).

21 Уӕдӕ цин кӕнӕм, Хуыцау нын цы ныфс дӕтты, ууыл, ӕмӕ Сайтаны мӕнгард ӕмӕ хин митӕн сайын ма бакомӕм. Уыимӕ ма архайӕм, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ӕмӕ нӕ уарзондзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсӕм. Уӕд уыдзыстӕм хъӕбатыр – Иегъовӕмӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр хъусдзыстӕм ӕмӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕудзыстӕм (Иаковы 4:7, 8). Уӕдӕ «хъӕбатыр ут, ӕмӕ уӕ зӕрдӕ фидар уӕд, Хуыцауӕй ныфсджынтӕ уе ’ппӕт дӕр!» (Псалом 30:25, МГТ).

[Фиппаинаг]

^ 1 абз. Грекъаг Фыстыты арӕх дзырд «ныфс» фӕамоны, сӕрст чырыстӕтты уӕларвон лӕвармӕ, фӕлӕ ацы статьяйы ныхас цӕудзӕн, ӕнӕуи цы нысан кӕны, ууыл.

Дӕ бон у дзуапп раттын?

• Йесойӕн ныфс куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй хъӕбатыр уыдаид?

• Уырнындзинад ӕмӕ ныфс куыд баст сты?

• Ныфс ӕмӕ уырнындзинад чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, царды сӕйрагдӕр цы у, уый ӕвзарынӕн?

• Иегъовӕйыл йӕ ныфс чи дары, уыдон фидӕнмӕ ныфсджынӕй цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 30 фарсыл]

Стыр дӕ ӕви гыццыл, дӕхи дзӕнӕты уыныс?