Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уырнындзинад нӕм кӕй ис ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый руаджы стӕм хъӕбатыр

Уырнындзинад нӕм кӕй ис ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый руаджы стӕм хъӕбатыр

Уырнындзинад нӕм кӕй ис ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый руаджы стӕм хъӕбатыр

«Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у... дӕ Хуыцау Иегъовӕ демӕ ис» (ЙЕСО НАВИН 1:9).

1, 2. а) Адӕймаджы цӕстӕй акӕсгӕйӕ, израилӕгтӕ ханаайнӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаиккой? ӕ) Иегъовӕ Йесойӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

НӔ ЭРӔЙЫ агъоммӕ 1473 аз. Израилӕгтӕ лӕууыдысты Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл. Разӕй сӕм цы зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдоны тыххӕй Моисей загъта: «Абон сымах Иорданыл бахиздзыстут ӕмӕ байсдзыстут, сымахӕй тыхджындӕр ӕмӕ хъомысджындӕр чи у, йе стыр сахартӕн арвы онг фидӕрттӕ кӕмӕн ис, уыцы адӕмы зӕххытӕ, Енакы фыртты зӕххытӕ... сымах фехъуыстат, цы сӕ дзурынц, уый: „Чи фӕлӕудзӕн Енакы фыртты ныхмӕ?“» (Дыккаг закъон 9:1, 2). Ӕцӕгдӕр, уыцы уӕйыгарӕзт ӕфсӕддонтӕ зындгонд уыдысты. Уымӕй уӕлдай ма, Ханааны иуӕй-иу адӕмыхӕттытӕм уыди алцӕмӕй гӕрзифтонг ӕфсӕдтӕ. Уыдис сӕм бӕхтӕ ӕмӕ бӕхуӕрдӕттӕ ӕфсӕйнаг кӕрдтимӕ сӕ цӕлхытыл (Тӕрхонгӕнджыты 4:13).

2 Израилӕгтӕ та бирӕ рӕстӕг уыдысты цагъартӕ ӕмӕ 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры фӕрахау-бахау кодтой. Уымӕ гӕсгӕ, адӕймаджы цӕстӕй акӕсгӕйӕ, ацы тохы ницы хуызы фӕуӕлахиз уыдаиккой. Фӕлӕ Моисей ӕууӕндыд Иегъовӕйыл ӕмӕ уырнындзинады цӕстӕй «уыдта», семӕ кӕй ис (Дзуттытӕм 11:27). Моисей адӕмӕн дзырдта: «Уый уӕ разӕй цӕуы... Уый сӕ фесафдзӕн ӕмӕ сӕ уӕ дӕлбар бакӕндзӕн» (Дыккаг закъон 9:3; Псалом 32:16, 17). Моисейы мӕлӕты фӕстӕ, Иегъовӕ Йесо Навинӕн зӕрдӕ бавӕрдта йе ’ххуысӕй: «Ныр сыст ӕмӕ ӕппӕт ацы адӕмимӕ Иорданыл бахиз, ӕз Израилы фырттӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхмӕ. Цалынмӕ цӕрай, уӕдмӕ дӕ ныхмӕ никӕй бон уыдзӕн фӕлӕууын. Моисеимӕ куыд уыдтӕн, афтӕ уыдзынӕн демӕ дӕр» (Йесо Навин 1:2, 5).

3. Йесомӕ уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад цӕй фӕрцы уыд?

3 Цӕмӕй Иегъовӕ Йесойӕн ӕххуыс кодтаит ӕмӕ йын разамынд лӕвӕрдтаид, уый тыххӕй йӕ хъуыд Хуыцауы Закъон кӕсын ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнын, стӕй йӕ ’ххӕст кӕнын. Иегъовӕ йын загъта: «Ӕрмӕст афтӕмӕй уыдзысты дӕ хъуыддӕгтӕ раст ӕмӕ ӕрмӕст афтӕмӕй архайдзынӕ зондӕй. Мӕхӕдӕг дын нӕ загътон, цӕмӕй хъӕбатыр ӕмӕ фидар уай? Уӕдӕ ма тӕрс ӕмӕ ма риз, уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау Иегъовӕ демӕ ис, кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай» (Йесо Навин 1:8, 9). Йесо Иегъовӕмӕ кӕй хъуыста, уымӕ гӕсгӕ уыд хъӕбатыр, фидар ӕмӕ ӕнтыстджын. Фӕлӕ йӕ фӕлтӕрӕй бирӕтӕ Хуыцаумӕ нӕ хъуыстой ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры амардысты.

Ӕнӕуырнӕг ӕмӕ тӕппуд адӕм

4, 5. а) Йесо Навин ӕмӕ Халевимӕ абаргӕйӕ, дӕс сгарӕгӕн цавӕр зондахаст уыд? ӕ) Израилӕгтӕн уырнындзинад кӕй нӕ фаг кодта, уый тыххӕй сын Иегъовӕ цы загъта?

4 Дыууиссӕдз азы размӕ израилӕгтӕ фыццаг хатт Ханааны къӕсӕрыл куы ’рлӕууыдысты, уӕд Моисей 12 адӕймаджы арвыста уыцы бӕстӕ басгарынмӕ. Куы ’рбаздӕхтысты, уӕд 10 адӕймаджы фыртӕссӕй рызтысты ӕмӕ хъӕр кодтой: «Уым цы адӕмы федтам, уыдон иууылдӕр уӕйгуытӕ сты. Мах федтам нефилимты байзӕддӕгты ӕмӕ нӕхимӕ цъыр-цъырӕгты хуызӕн фӕкастыстӕм». Цымӕ ӕрмӕст енакӕгтӕ нӕ, фӕлӕ «уыцы адӕм» се ’ппӕт дӕр «уӕйгуытӕ» уыдысты? Нӕ. Кӕнӕ Доны хъаймӕты размӕ цы нефилимтӕ уыд, уыдоны байзӕддӕгтӕ уыдысты енакӕгтӕ? Нӕ уыдысты. Фӕлӕ хъуыддаг кӕй ныддиссаг кодтой, уый тыххӕй израилӕгтӕ тӕрсын райдыдтой. Суанг ма сӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ, цагъартӕ кӕм уыдысты, уырдӕм аздӕхын дӕр ӕрфӕндыд! (Нымӕцтӕ 13:31–14:4).

5 Фӕлӕ дыууӕ сгарӕджы, Йесо Навин ӕмӕ Халевы, тынг фӕндыд Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуын. Уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ, ханаайнӕгтыл «ӕнцонӕй фӕуӕлахиз уыдзыстӕм». «Сӕ хъахъхъӕнӕг сӕ ныууагъта, махимӕ та Иегъовӕ ис. Ма сӕ тӕрсут» (Нымӕцтӕ 14:9). Цымӕ Йесо ӕмӕ Халев афтӕ ныфсджын дзӕгъӕлы уыдысты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Уыдон дӕр иннӕтау федтой, Иегъовӕ хъомысджын Египет ӕмӕ йӕ хуыцӕутты дӕс ӕфхӕрды руаджы куыд фӕхудинаг кодта. Стӕй федтой, Иегъовӕ фараоны ӕмӕ йӕ тыхджын ӕфсад Сырх денджызы куыд фӕдӕлдон кодта (Псалом 135:15). Уӕдӕ дӕс сгарӕджы ӕмӕ сӕ зондыл чи ацыд, уыдон кӕй фӕтарстысты, уымӕн ныххатыр кӕнӕн нӕ уыд. «Кӕдмӕ мыл не ’ууӕнддзысты ацы адӕм, бирӕ диссӕгтӕ сын куы равдыстон, уӕд?»,– загъта хъыгзӕрдӕйӕ Иегъовӕ (Нымӕцтӕ 14:11).

6. Хъӕбатырдзинад ӕмӕ уырнындзинад куыд баст сты ӕмӕ уый абон куыд уынӕм?

6 Иегъовӕ уыдта, хъуыддаг цӕй мидӕг уыди, уый. Кӕй тарстысты, уымӕй бӕрӕг уыд, уырнындзинад сын кӕй нӕ фаг кодта. Уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад тынг ӕнгом баст сты. Апостол Иоанн дӕр фыста, чырыстон ӕмбырд йӕ уырнындзинады сӕрыл кӕй тох кодта, уый тыххӕй: «Дунейыл та фӕуӕлахиз стӕм нӕ уырнындзинадӕй» (1 Иоанны 5:4, НД). Абон дӕр Йесо Навин ӕмӕ Халевау фидар уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас дунейыл дӕр хъусын кӕнынц. Уыдон сты 6 милуанӕй фылдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕны, се ’хсӕн ис ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ, ӕнӕнизтӕ ӕмӕ рынчынтӕ дӕр. Иу знагӕн дӕр йӕ бон нӕу уыцы хъомысджын ӕмӕ хъӕбатыр ӕфсад ныхъхъус кӕнын (Ромӕгтӕм 8:31).

«Хуыцауы чи ныууадзы», уыдонӕй ма уӕм

7. Цы нысан кӕны дзырд «ныууадзын»?

7 Иегъовӕйы адӕм абон хъӕбатырӕй хъусын кӕнынц хорз хабар, уымӕн ӕмӕ сӕм ис апостол Павелы зондахаст: «Мах та, чи фӕтӕрсы ӕмӕ Хуыцауы чи ныууадзы, ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи чи сафы, уыдонӕй не стӕм, фӕлӕ нӕм ис уырнындзинад, цӕмӕй нӕ цард бахъахъхъӕнӕм» (Дзуттытӕм 10:39, НД). Дзырд «ныууадзын» нӕ нысан кӕны ӕваст цӕмӕйдӕр фӕтӕрсын. Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр иуӕй-иу хатт фӕтӕрсынц (1 Паддзахӕдты 21:12; 3 Паддзахӕдты 19:1–4). Библийы дзырдтӕ ӕмбарынгӕнӕн дзырдуӕттӕй иу ацы ныхас афтӕ амоны: «Иуварс ацӕуын, зӕрдӕ сивын, ӕцӕгадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын». Стӕй ма «ныууадзын» фӕсномыгӕй амоны «наупӕлӕзтӕ дӕлӕмӕ ’руадзын» ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы «цыд фӕсабырдӕр кӕнын». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, уыдон сӕ «цыд нӕ фӕсабырдӕр кӕнынц», цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлой, уӕддӕр, фӕнды ӕфхӕрд ӕййафой, рынчын уой кӕнӕ ӕндӕр фӕлварӕнтӕ ’взарой. Уый нӕ, фӕлӕ дарддӕр Иегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц, уый зонгӕйӕ, ӕмӕ сыл тынг тыхсы ӕмӕ ӕмбары, сӕ бон алцы кӕй нӕу, уый (Псалом 54:23; 102:14). Дӕуӕн дӕр ис ахӕм уырнындзинад?

8, 9. а) Фыццаг чырыстӕтты уырнындзинад Иегъовӕ куыд фидар кодта? ӕ) Нӕ уырнындзинад цӕй руаджы фидар кӕны?

8 Иу афон Йесо Чырыстийы апостолтӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ сын уырнындзинад нӕ фаг кӕны ӕмӕ йын загътой: «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл» (Лукайы 17:5, НД). Йесо сын сӕххӕст кодта сӕ зӕрдиаг курдиат фыццаджыдӕр уымӕй, ӕмӕ сын н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон лӕвӕрд ӕрцыд сыгъдӕг уд, ӕмӕ уый руаджы арфдӕр бамбӕрстой Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ фӕндон (Иоанны 14:26; Куыстытӕ 2:1–4). Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ уырнындзинад фӕфидар ӕмӕ кӕд сӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр хорз хабар «хъуыстгонд ӕрцыди дунейы ӕппӕт адӕмӕн» (Колоссӕгтӕм 1:23, НТ; Куыстытӕ 1:8; 28:22).

9 Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕна ӕмӕ дарддӕр хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ Библи ахуыр кӕнӕм, арф ыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауӕй сыгъдӕг уд курӕм. Йесо Навин, Халев ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттау, Хуыцауы ӕцӕгад нӕ зонды ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы куы фидар кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр нын уӕд уыдзӕн, хъӕбатырдзинад нын чи радта, ахӕм уырнындзинад, цӕмӕй ма фӕцудӕм ӕмӕ фӕуӕлахиз уӕм (Ромӕгтӕм 10:17).

Хуыцау кӕй ис, ӕрмӕст ууыл ӕууӕндын фаг нӕу

10. Ӕцӕг уырнындзинад цы у?

10 Рагон заманты Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы лӕггадгӕнджыты цардӕй бӕрӕг у, уырнындзинад адӕймаджы хъӕбатыр ӕмӕ фидар кӕй кӕны. Уырнындзинад та, Хуыцау кӕй ис, ӕрмӕст ууыл ӕууӕндын нӕу (Иаковы 2:19). Хъуамӕ хорз зонӕм Иегъовӕйы ӕмӕ йыл фидарӕй нӕ ныфс дарӕм (Псалом 77:5–8; Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндӕм, Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ мах пайдайӕн кӕй сты (Исай 48:17, 18). Уырнындзинад ма у, Иегъовӕ йе ’ппӕт зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ «йӕ чи агуры, уыдонӕн хорзӕх кӕй ратдзӕн», ууыл фидарӕй ӕууӕндын (Дзуттытӕм 11:1, 6, НТ; Исай 55:11).

11. Йесо Навин ӕмӕ Халев сӕ уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй куыд арфӕгонд ӕрцыдысты?

11 Ахӕм уырнындзинад мард нӕу. Нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн, Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын куы уӕм, нӕ куывдтытӕн нын дзуапп кӕй дӕтты, уый куы уынӕм ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты фӕрцы куы ӕмбарӕм, Иегъовӕ нын нӕ цардӕн разамынд кӕй дӕтты (Псалом 33:9; 1 Иоанны 5:14, 15). Ӕнӕдызӕрдыгӕй, нӕ бон у зӕгъын, Халев ӕмӕ Йесо Навины уырнындзинад фидар уыд, Хуыцау сын кӕй арфӕ кодта, уый фӕрцы (Йесо Навин 23:14). Зӕгъӕм, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ удӕгасӕй баззадысты, израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры 40 азы куы фесты, уӕд (Нымӕцтӕ 14:27–30; 32:11, 12). Уыдоны уылты Иегъовӕ разамынд лӕвӕрдта, цӕмӕй, Ханааны адӕмимӕ ӕхсӕз азы дӕргъы цы хӕст уыд, уым фӕуӕлахиз уыдаиккой. Ӕппынфӕстаг бирӕ азты ӕнӕнизӕй фӕцардысты ӕмӕ ма сын Зӕрдӕвӕрд зӕххы хай дӕр лӕвӕрд ӕрцыд. Куыд хорзӕхджын кӕны Иегъовӕ, иузӕрдионӕй ӕмӕ йын хъӕбатырӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны! (Йесо Навин 14:6, 9–14; 19:49, 50; 24:29).

12. Иегъовӕ йӕ дзырд куыд бӕрзонд кӕны?

12 Йесо Навин ӕмӕ Халевы Хуыцау ӕнувыд уарзтӕй куыд уарзта, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Ды сбӕрзонд кодтай Дӕ дзырд Дӕ... номӕй уӕлдӕр» (Псалом 137:2). Иегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй йӕ номӕй куы расомы кӕны, уӕд уыцы зӕрдӕвӕрд кӕнӕ йӕ «дзырд» «сбӕрзонд вӕййы», ӕнхъӕл куыд нӕ вӕййӕм, афтӕ сӕххӕст вӕййы (Ефесӕгтӕм 3:20). О, Иегъовӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕны, йӕ ныфс ыл чи дары, уыдоны (Псалом 36:3, 4).

Хуыцау зӕрдӕрухс кӕмӕй уыд, уыцы адӕймаг

13, 14. Енохы уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъуыд?

13 Уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм, Хуыцауы рагон лӕггадгӕнӕг Енохы цӕрдмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд. Цалынмӕ Енох пехуымпарӕй лӕггад кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, зыдта, йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъӕбатырдзинад фӕлвӕрд кӕй цӕудзысты, уый. Цӕмӕн? Иегъовӕ Едемы загъта, йӕ адӕмы ӕмӕ Сайтан Хӕйрӕджы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн хӕрамдзинад кӕй уыдзӕн (Райдиан 3:15). Енох ма зыдта, уыцы хӕрамдзинад адӕмы царды райдиан кӕй фӕзынд, Каин йе ’фсымӕр Авелы куы амардта, уӕд. Ӕппынфӕстаг сӕ фыд Адам Енохы райгуырды фӕстӕ цард 310 азы бӕрц (Райдиан 5:3–18).

14 Фӕлӕ уӕддӕр Енох хъӕбатырӕй «цыд ӕцӕг Хуыцауимӕ» ӕмӕ адӕмӕн тӕрхон кодта, Иегъовӕйы ныхмӕ «къӕйных ныхӕстӕ» кӕй дзырдтой, уый тыххӕй (Райдиан 5:22; Иудӕйы 14, 15, НТ). Раст дины сӕрыл афтӕ ныфсджынӕй кӕй дзырдта, уый тыххӕй йын, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ знӕгтӕ фӕзынд ӕмӕ йӕ цардӕн уыд тӕссаг. Фӕлӕ Иегъовӕ йӕ пехуымпары бахызта хъизӕмайраг мӕлӕтӕй. Зӕрдӕрухсӕй дзы кӕй баззад, уый йын бамбарын кодта ӕмӕ йӕ стӕй «айста», ӕвӕццӕгӕн ын пехуымпарадон цӕстылуайӕн куы ӕвдыста, уӕд ын йӕ цард ӕрлӕууын кодта (Дзуттытӕм 11:5, 13, НД; Райдиан 5:24).

15. Абон Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн Енох диссаджы цӕвиттон цӕмӕй у?

15 Енохыл цы ’рцыд, уый кой ракӕнгӕйӕ, Павел ногӕй йӕ хъус ӕрдардта уырнындзинад куыд ахсджиаг у, уымӕ: «Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй» (Дзуттытӕм 11:6, НД). Енохӕн йӕ уырнындзинад лӕвӕрдта хъӕбатырдзинад, цӕмӕй Иегъовӕимӕ цыдаид ӕмӕ йын йӕ тӕрхӕттӕ ӕнӕхуыцау адӕмӕн хъусын кодтаид. Уымӕй Енох махӕн у диссаджы цӕвиттон. Енохау, мах дӕр хъусын кӕнӕм, раст дины ныхмӕ чи у ӕмӕ фыддзинадӕй чи байдзаг, уыцы дунейы (Псалом 91:8; Матфейы 24:14; Раргомад 12:17).

Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд хъӕбатыр уыдзыстӕм

16, 17. Чи уыд Авди ӕмӕ цы уавӕрты бахауд?

16 Уырнындзинадӕй уӕлдай ма, хъӕбатырдзинадӕн хъӕуы ӕндӕр миниуӕг дӕр – Хуыцауы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй тӕрсын. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцауӕй чи тарст, ахӕм адӕймаджы хабармӕ. Уый цард пехуымпар Илиайы ӕмӕ цӕгат Израилы паддзах Ахавы заман. Уыцы рӕстӕг цӕгат паддзахад мӕнг хуыцау Ваалӕн кувыныл сси. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Ахавы ус «Иезавелы фынгӕй хордтой» Ваалӕн кувӕг 450 дзуарылӕджы ӕмӕ цӕджындзӕн чи куывта, уыцы 400 дзуарылӕджы (цӕджындз ӕвдыста нӕлгоймаджы ӕрдон уӕнг) (3 Паддзахӕдты 16:30–33; 18:19).

17 Иегъовӕйы фыдызнаг Иезавел архайдта раст дин фесафыныл. Иезавел Иегъовӕйы пехуымпартӕй иуӕй-иуты амардта ӕмӕ йӕ фӕндыд Илиайы амарын дӕр. Фӕлӕ Илиа Иегъовӕйы амындмӕ гӕсгӕ Иорданы иннӕ фарсмӕ алыгъд ӕмӕ афтӕмӕй аирвӕзт (3 Паддзахӕдты 17:1–3; 18:13). Куыд зын уыдаид уыцы рӕстӕг цӕгат паддзахады раст дины фарс лӕууын! Ноджы зындӕр та дын куыннӕ уыдаид, паддзахы галуаны куы лӕггад кодтаис, уӕд. Ахӕм уавӕры уыд Ахавы хӕдзармӕгӕсӕг Авди *, Хуыцауы ’фсарм кӕмӕ уыд, уыцы адӕймаг (3 Паддзахӕдты 18:3).

18. Авди Иегъовӕйӕн куыд лӕггад кодта, уым диссагӕй цы уыд?

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйӕн уыцы уавӕрты лӕггадгӕнгӕйӕ, Авди уыд къӕрцхъус ӕмӕ ӕмбаргӕ. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы закъӕттӕ никуы фехӕлдта. Библийы кӕсӕм: «Авди тынг тарст Иегъовӕйӕ» (3 Паддзахӕдты 18:3). Авди Хуыцауӕй куыд тарст, уый диссаг у! Уый руаджы ӕмбисонды хъӕбатыр уыд. Уыцы хъӕбатырдзинад равдыста, Иезавел Иегъовӕйы пехуымпарты куы амардта, уӕд.

19. Авди хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

19 Мах кӕсӕм: «Иезавел Иегъовӕйы пехуымпарты куы мардта, уӕд Авди сӕдӕ пехуымпары ракодта ӕмӕ сӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй бамбӕхста лӕгӕтты ӕмӕ сын хаста дзул ӕмӕ дон» (3 Паддзахӕдты 18:4). Сӕдӕ адӕймаджы ӕмбӕхсын хуымӕтӕг хъуыддаг нӕ уыд. Авдийӕн ӕрмӕст Ахав ӕмӕ Иезавелӕй тӕссаг нӕ уыд, фӕлӕ ма паддзахы галуаны ӕдзух цы 850 дзуарылӕджы уыд, уыдон дӕр куы базыдтаиккой хъуыддаг, уымӕй. Стӕй ма дзы цы бирӕ мӕнг кувджытӕ уыд, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, уыдонӕй иу дӕр нӕ бацауӕрстаид Авдийыл ӕвзаг бахӕссын, паддзах ӕмӕ йӕ усы хорзӕх ссарыны тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр Авди уыцы мӕнг хуыцӕуттӕн кувджыты фындзы бын Иегъовӕйы пехуымпарты цух ницӕмӕй уагъта. Ӕвӕдза, адӕймаг Хуыцауӕй кӕй тӕрсы, уый йын цӕй стыр хъарутӕ радты!

20. Авди Хуыцауӕй кӕй тарст, уый йын куыд баххуыс ӕмӕ йӕ хабар махӕн куыд ӕххуыс кӕны?

20 Авди Хуыцауӕй кӕй тарст, уый руаджы хъӕбатыр уыд ӕмӕ йӕ Иегъовӕ дӕр йе знӕгтӕй хъахъхъӕдта. Ӕмбисӕндты 29:25 кӕсӕм: «Адӕмӕй тӕрсын къӕппӕгӕй уӕлдай нӕу, йӕ ныфс Иегъовӕйыл чи дары, уый та алцӕмӕй дӕр хызт у». Авди уыд хуымӕтӕг адӕймаг, ӕмӕ тарст, куы йӕ ’рцахсой ӕмӕ йӕ куы амарой, уымӕй, раст мах куыд тарстаиккам, афтӕ (3 Паддзахӕдты 18:7–9, 12). Фӕлӕ Хуыцауӕй кӕй тарст, уый йын цы хъӕбатырдзинад лӕвӕрдта, уый бирӕ стырдӕр уыд, адӕймаджы раз ӕм цы тас уыд, уымӕй. Авди не ’ппӕтӕн дӕр у фӕзминаг, уӕлдай дӕр та, Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ ахӕстоны бахауынӕй, йе та йӕ цардӕн тӕссаг кӕмӕн у, уыдонӕн (Матфейы 24:9). Уӕдӕ не ’ппӕт дӕр Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, «аргъ ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ дзы тӕрсгӕйӕ» (Дзуттытӕм 12:28, НТ).

21. Цавӕр фарста равзардзыстӕм иннӕ статьяйы?

21 Уырнындзинад ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, хъӕбатыр ӕрмӕст уый руаджы нӕ уыдзыстӕм. Ноджы стырдӕр тых дӕтты уарзондзинад. Апостол Павел фыста: «Хуыцау нын цы сыгъдӕг уд радта, уый нӕ тӕппудтӕ нӕ аразы, фӕлӕ нӕ уадзы тых, дӕтты нын уарзондзинад ӕмӕ уӕззау зонд» (2 Тимофеймӕ 1:7, НД). Иннӕ статьяйы мах равзардзыстӕм, уарзондзинад нын куыд ӕххуыс кӕны ацы фӕстаг бонты Иегъовӕйӕн хъӕбатырӕй лӕггад кӕнын (2 Тимофеймӕ 3:1).

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Уый пехуымпар Авди нӕу.

Дӕ бон у дзуапп раттын?

• Йесо Навин ӕмӕ Халев хъӕбатыр цӕй руаджы уыдысты?

• Ӕцӕг уырнындзинад цы у?

• Енох Хуыцауы тӕрхӕттӕ ныфсджынӕй цӕмӕн хъусын кодта?

• Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый хъӕбатырдзинад куыд дӕтты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]