«Ахуыргӕндты» уынаффӕтыл ӕууӕндӕн ис?
«Ахуыргӕндты» уынаффӕтыл ӕууӕндӕн ис?
ИНТЕРНЕТЫ программӕтӕй иу куы бакӕнай ӕмӕ дзы дзырдтӕ «хъомыл кӕнын» ӕмӕ «уынаффӕ» куы ныффыссай, уӕд дын, уыцы дзырдтӕ кӕм ӕмбӕлынц, ахӕм бынӕттӕ уайтагъд равдисдзӕн 26 милуанӕй фылдӕр. Цӕмӕй дзы ныййарджытӕ алкӕцы дӕр бакӕной ӕмӕ йӕ бакӕсой, ууыл сын ӕрмӕст иу минут куы цӕуа, уӕд дӕр уыйбӕрц рӕстӕг рацӕудзӕн, ӕмӕ сӕ сывӕллон схъомыл уыдзӕн ӕмӕ йӕхи цард кӕнын райдайдзӕн, уыдон та сӕ кӕронмӕ каст дӕр нӕма фӕуыдзысты.
Сывӕллӕтты дохтыртӕ ӕмӕ психологтӕ, стӕй Интернет куы нӕма уыд, уӕд ныййарджытӕ зондагур кӕмӕ цыдысты? Сӕйраджыдӕр, сӕ бирӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ хиуӕттӕм. Мадӕлтӕ, фыдӕлтӕ, мадыхотӕ, фыдыхотӕ, мадыфсымӕртӕ ӕмӕ фыдыфсымӕртӕ ныййарджытӕн зонд амыдтой, ӕхцайӕ сын ӕххуыс кодтой ӕмӕ сын сӕ сывӕллӕттӕм кастысты. Фӕлӕ бирӕ бӕстӕты адӕм хъӕутӕй горӕттӕм кӕй лидзынц, уый тыххӕй хиуӕттӕ афтӕ ӕнгом нал сты. Ӕмӕ абон тынг арӕх мадӕлтӕ ӕмӕ фыдӕлты фӕхъӕуы сӕ сывӕллӕтты ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй хъомыл кӕнын.
Уӕдӕ нӕ рӕстӕджы фыццаджыдӕр уымӕ гӕсгӕ райдыдтой сывӕллӕтты хъомыл кӕныны тыххӕй алы диссӕгтӕ уадзын ӕмӕ алы уынаффӕтӕ дӕттын. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг бонӕй-бонмӕ тынгдӕр рӕзы. Уымӕй уӕлдай ма бирӕ рӕтты адӕм сӕ ныфс дарын райдыдтой зонадыл. 19-ӕм ӕнусы кӕрон Америкӕйы адӕмӕй ничиуал дызӕрдыг кодта, зонады фӕрцы царды алы фӕзилӕн дӕр кӕй ис фӕхуыздӕр кӕнӕн. Ӕмӕ уӕд зонад сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны хъуыддаджы нӕ баххуыс кодтаид? 1899 азы Америкӕйы мадӕлты националон конгрессы ӕргом куы хъаст кодтой, зӕгъгӕ, «ныййарджытӕн сӕ бон ницы у», уӕд ӕвиппайды фӕзынд дуне «ахуыргӕндтӕ». Уыдон ныййарджытӕн зӕрдӕ бавӕрдтой, сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн сын кӕй баххуыс кӕндзысты.
Чингуытӕм гӕсгӕ хъомыл кӕнын
Уыцы ахуыргӕндтӕн цы бантыст? Абон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕныныл къаддӕр мӕт кӕнынц ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ хуыздӕр цӕттӕ сты? Стыр Британийы ӕрӕджы цы ӕрфарст ауагътой, уымӕ гӕсгӕ – нӕ. Гыццыл сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн сӕ 35 проценты загътой, зӕгъгӕ, нырма не ссардтой, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм уынаффӕтӕ. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ сын ӕндӕр гӕнӕн нӕй – сӕ зӕрдӕ сын куыд дзура, афтӕ кӕндзысты.
Энн Халберт йӕ чиныджы фыссы, сывӕллӕтты хъомыл кӕныны фӕдыл бирӕ азты дӕргъы цы литературӕ рацыд, уый тыххӕй («Raising America: Experts, Parents, and a Century of Advice About Children»). Энн, йӕхӕдӕг дыууӕ сывӕллоны мад, банысан кодта, ахуыргӕндтӕй ӕрмӕст цалдӕры куыстытӕ кӕй бындуриуӕг кӕнынц зонадыл. Сӕ фылдӕры уынаффӕтӕ бындуриуӕг кӕнынц, хабӕрттӕ ӕцӕг куыд сты, ууыл нӕ, фӕлӕ сӕхи царды фӕлтӕрддзинадыл. Абоны цӕстӕй акӕсгӕйӕ, кӕй ныффыстой, уыцы чингуыты бирӕ рӕтты сӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл нӕ фӕбадынц, вӕййынц худӕг, ӕмӕ хатгай та – бынтон ӕнахуыр.
Уӕдӕ абон ныййарджытӕ цы уавӕры сты? Ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд бирӕтӕ тынг тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сын ныр цас уынаффӕтӕ дӕттынц ӕмӕ сын цас алыхуызон хъуыдытӕ хъарынц, уыйас никуыма. Фӕлӕ ныййарджытӕ се ’ппӕт ахӕм уавӕры не сты, ӕмӕ, зондагур кӕдӕм ацӕуой, уый ма зоной. Ӕппӕт дунейы дӕр ныййарджытӕн стыр ӕххуыс у иу рагон зондджын чиныг. Уым ис, ныр дӕр ӕууӕндӕн кӕуыл ис, бирӕ ахӕм уынаффӕтӕ. Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.