Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Екклесиасты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Екклесиасты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

«АДӔЙМАГӔЙ чи райгуыры, уымӕн йӕ цард цыбыр у ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ’взары»,– загъта Иов (Иов 14:1). Ӕвӕдза, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ цыбыр цард ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл ма ацӕуа! Уӕдӕ цӕуыл хъуамӕ хардз кӕнӕм нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ исбон? Ӕмӕ нӕхи та цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизӕм? Екклесиасты чиныг нын уымӕн дӕтты хорз дзуапп. Цы фыст дзы ис, уый «базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй амондджын уӕм (Дзуттӕгтӕм 4:12).

Екклесиасты чиныг ныффыста рагон Израилы паддзах Соломон, стыр зонды хицау. Чиныг ӕмбарын кӕны, царды ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Йӕ чиныджы дзуры, цытӕ сарӕзта, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ ныффыста, арӕзт сӕ куы фӕци, уӕд, фӕлӕ уыцы рӕстӕг Соломон раст динӕй нӕма аздӕхт (Нееми 13:26). Екклесиасты чиныг ныффыста н. э. агъоммӕ 1000 азы размӕ йӕ паддзахдзинады кӕронмӕ ’ввахс. Паддзах та уыди 40 азы.

ДЗӔГЪӔЛЫ ЦЫ НӔУ?

(Екклесиаст 1:1–6:12)

«Ӕппӕт дӕр у дзӕгъӕлы!»,– зӕгъы Соломон. Стӕй фӕрсы: «Цы пайда ис адӕймагӕн, хуры бын цы фыдӕбон кӕны, уымӕй?» (Екклесиаст 1:2, 3). Дзырдтӕ «дзӕгъӕлы» ӕмӕ «хуры бын» арӕх ӕмбӕлынц Екклесиасты чиныджы. Дзуттаг дзырд «дзӕгъӕлы» комкоммӕ нысан кӕны «комытӕф» кӕнӕ «мигъ» ӕмӕ амоны, ахсджиаг ӕмӕ фидар цы нӕу, рӕстӕгмӕ цы у, уымӕ. Дзырдбаст «хуры бын» нысан кӕны «зӕххыл» кӕнӕ «дунейы». Уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕмы ӕппӕт хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фӕндтӕ, Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ куы уой, уӕд сты дзӕгъӕлы.

«Дӕхимӕ кӕс, Хуыцауы хӕдзармӕ куы фӕцӕуыс, уӕд, ӕмӕ цӕттӕ у байхъусынмӕ»,– загъта Соломон (Екклесиаст 5:1). Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дзӕгъӕлы нӕу. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕимӕ ӕнгом кӕй стӕм – гъе уый у ӕцӕг цард.

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:4–10 – Ӕрдзы хъуыддӕгтӕй адӕймаджы цы «фӕлмӕцын кӕны»? Зӕххыл цард цӕй фӕрцы ис, уыдӕттӕй Соломон дзуры ӕрмӕст ӕртӕйы тыххӕй,– хур, дымгӕ ӕмӕ доны зилдухы тыххӕй. Ӕцӕгдӕр, ӕрдзы ис бирӕ закъӕттӕ ӕмӕ ӕнцон бамбарӕн не сты. Кӕмӕндӕрты сӕ цард ӕгасӕй дӕр ацӕуы уыцы закъӕттӕ иртасыныл, фӕлӕ сӕ уӕддӕр кӕронмӕ нӕ раиртасынц. Уый куыннӕ «фӕлмӕцын кӕндзӕн» адӕймаджы. Стӕй ма, дзӕгъӕлы уаид нӕ цыбыр цард ӕрдзы, ӕнустӕм чи сты, уыцы закъӕттимӕ барын. Ӕрдзы сусӕгдзинӕдтӕй ног исты базонын дӕр «фӕлмӕцын кӕны». Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр, адӕм ногӕй цы базонынц, уыдон сты, Хуыцау рагӕй кӕй сфидар кодта ӕмӕ дуне фӕлдисгӕйӕ кӕмӕй пайда кодта, уыцы закъӕттӕ.

2:1, 2 – Худын «ӕнӕзонд ми» цӕмӕн у? Куы фӕхудӕм, уӕд нӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ ферох кӕнӕм, ӕмӕ хорз зӕрдӕйыл куы вӕййӕм, уӕд сыл уыйас нал фӕхъуыды кӕнӕм. Фӕлӕ уымӕй нӕ зындзинӕдтӕй нӕ фервӕздзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ, царды ӕрмӕст хъӕлдзӕгдзинадмӕ бӕллын у «ӕнӕзонд ми».

3:11 – Хуыцау «йӕ рӕстӕджы рӕсугъд цы сарӕзта»? Уыцы рӕсугъд хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ сты: сфӕлдыста Адам ӕмӕ Евӕйы, скодта арвӕрдыны бадзырд, сфидар кодта бадзырд Авраам ӕмӕ Давидимӕ, стӕй Мессийӕ зӕхмӕ ’рцыд ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады Паддзах сси. Фӕлӕ ма тагъд рӕстӕджы Йегъовӕ ноджыдӕр иу диссаджы рӕсугъд хъуыддаг сараздзӕн – мах ӕй фидарӕй зонӕм, йӕ рӕстӕджы ног дуне кӕй скӕндзӕн (2 Петры 3:13).

3:15ӕ – Ӕцӕг Хуыцау куыд «агуры, кӕй фӕдыл зилынц, уыдоны»? Дзырдбаст «кӕй фӕдыл зилынц» ахӕссӕн ис, фыдгӕнджытӕ кӕй ӕфхӕрынц, уыцы рӕстгӕнджытӕм. Йегъовӕ агуры рӕстгӕнджыты, цӕмӕй сӕ йӕ хъаруйӕ фидар кӕна (2 Паралипоменон 16:9).

5:9 – Куыд ӕмбаргӕ у, «иууылдӕр зӕххӕй цӕрынц», зӕгъгӕ? Адӕм се ’ппӕт дӕр «зӕххӕй цӕрынц», ома зӕхх у сӕ дарӕг. Паддзахӕн дӕр зӕхх йӕ дарӕг у. Цӕмӕй йӕ зӕххӕй исты тыллӕг райса, уый тыххӕй йыл хъуамӕ кусой йӕ кусджытӕ.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:15. Ӕфхӕрд ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ мауал уа, ууыл нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ хардз кӕнӕм, уый у дзӕгъӕлы. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахады бон у уыдӕттӕн кӕрон скӕнын (Данелы 2:44).

2:4–11. Ахӕм хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, архитектурӕ, бӕлӕстӕ ӕмӕ дидинджытӕм зилын, музыкӕ ӕмӕ хъӕздыг цард ницы сты, «дымгӕ сурынау». Уыдон адӕймагӕн ницы дӕттынц, амондджындӕр ӕй нӕ кӕнынц.

2:12–16. Адӕймаг зондджын уа, уый хорз у, йӕ бон у зындзинӕдтыл тых кӕнын, ӕнӕзондӕн та – нӕ. Фӕлӕ мӕлӕты раз сӕ дыууӕ дӕр ӕмхуызон сты. Ӕмӕ кӕд кӕмӕндӕр йӕ ном йе ’стыр зонды тыххӕй айхъуысы, уӕддӕр тагъд ӕрбайрох вӕййы.

2:24; 3:12, 13, 22. Адӕймаг йӕ куыстӕй райгонд уа, уым ӕвзӕрӕй ницы ис.

2:26. Хуыцау йӕ зондӕй хайджын кӕны, разы кӕмӕй у, уыдоны. Уый та адӕймагӕн хӕссы циндзинад. Адӕймаг Хуыцауимӕ ӕнгом куы нӕ уа, уӕд уыцы зондӕй не схайджын уыдзӕн.

3:16, 17. Алы хъуыддаджы дӕр рӕстдзинад агурын у дзӕгъӕлы. Абон дунейы цы бӕллӕхтӕ цӕуы, ууыл тыхсыны бӕсты хуыздӕр уаид ӕппӕт дӕр Йегъовӕйы бар бакӕнын.

4:4. Нӕ куыст дзӕбӕх куы рауайы, уӕд нын уый ӕрхӕссы циндзинад. Фӕлӕ ӕзхуыздӕруонӕй кусын ӕркӕны ерысмӕ, хӕраммӕ ӕмӕ хӕлӕгдзинадмӕ. Мах дӕр нӕ чырыстон хъуыддӕгтӕ хъуамӕ кӕнӕм зӕрдиагӕй.

4:7–12. Кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрын цыфӕнды мулк ӕмӕ фӕллойӕ дӕр бирӕ зынаргъдӕр у.

4:13. Адӕймаг стыр бынат куы ахса кӕнӕ йыл бирӕ куы цӕуа, уӕд уый кад ӕмӕ зондыл дзурӕг нӕу. Стыр бынат чи ахсы, уый хъуамӕ зоной зондджын адӕймагӕй.

4:15, 16. «Дыккаг сывӕллоны», паддзахы бындары, фарс райдианы вӕййы бирӕ адӕм, фӕлӕ рӕстӕг рацӕуы, ӕмӕ дзы разы нал вӕййынц. Ӕцӕгдӕр, адӕймагӕн йӕ кад бирӕ нӕ хӕссы.

5:1. Нӕ куывдтытыл-иу хъуамӕ рагацау ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ сӕ хъуамӕ бӕрӕг уа, Хуыцауы ’фсарм нӕм кӕй ис, уый, стӕй кувгӕйӕ бирӕ дзурын дӕр ницӕмӕн хъӕуы.

5:2–6. Ӕдзух ӕхцайыл чи фӕхъуыды кӕны, уый райдайы ӕрмӕстдӕр йӕхи мӕт кӕнын. Уый ма адӕймаджы бафтауы сагъӕсы ӕмӕ ӕгъуыссӕг фӕвӕййы. Бирӕдзураг адӕймаг иннӕты цӕсты у ӕнӕзонд ӕмӕ, гӕнӕн ис, ӕнӕрхъуыдыйӕ Хуыцауӕн дзырд ратта. Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд нӕ уый ахӕм хъуыддӕгтӕй хъахъхъӕндзӕн.

6:1–9. Цы пайда сты хъӕздыгдзинад, кад, бирӕ царды бонтӕ, суанг стыр бинонтӕ дӕр, кӕд ӕмӕ адӕймагӕн, фӕцин сыл кӕна, уый фадат нӕй? «Зӕрдӕйы бӕллицты фӕдыл цӕуыны бӕсты хуыздӕр у, дӕ цӕстытӕ цы уынынц, ууыл хъуыды кӕнын», кӕнӕ цард ӕцӕгдӕр куыд у, афтӕ йӕм кӕсын. «Зӕрдӕйы бӕллицты фӕдыл цӕуын» у, нӕ къухы цы фӕндтӕ нӕ бафтдзысты, уыдонмӕ тырнын. Бирӕ хуыздӕр у, «уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм», уый нын кӕй ис, уый фагыл нымайын ӕмӕ цардыл цин кӕнын, стӕй фылдӕр хъуыды кӕнын, Йегъовӕимӕ ӕнгом куыд уӕм, ууыл (1 Тимофеймӕ 6:8).

УЫНАФФӔ ЗОНДДЖЫНӔН

(Екклесиаст 7:1–12:8)

Нӕ бон куыд у нӕ ном ӕмӕ нӕ кад хъахъхъӕнын? Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ацы дунейы хицӕуттӕм ӕмӕ, зӕххыл рӕстдзинад кӕй нӕй, уымӕ? Мӕрдты кӕй ницы ис, уый кӕй зонӕм, уый куыд хъуамӕ зына нӕ цардыл? Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ рӕстӕгӕй ӕмӕ сӕ хъарутӕй раст пайда кӕнын? Ацы ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгты тыххӕй хорз уынаффӕтӕ ис Екклесиасты чиныджы 7–12 сӕрты.

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

7:19 – Зонд «дӕс хицауӕй» тыхджындӕр куыд у? Библийы нымӕц дӕс нысан кӕны ӕххӕстдзинад. Паддзах Соломон дзуры, зӕгъгӕ, зонд бирӕ хуыздӕр хъахъхъӕны, ӕфсад сахар куыд хъахъхъӕндзӕн, уымӕй.

10:2 – Куыд ӕмбаргӕ у, зӕрдӕ «рахизырдыгӕй» кӕнӕ «галиуырдыгӕй» ис, зӕгъгӕ? Рахизфарс фӕамоны хорз цӕмӕдӕр. Адӕймаджы зӕрдӕ рахизырдыгӕй кӕй ис, уый нысан кӕны, йӕ зӕрдӕ йӕ кӕй разӕнгард кӕны хорз хъуыддӕгтӕм. Йӕ зӕрдӕ галиуырдыгӕй кӕмӕн ис, уымӕн та йӕ зӕрдӕ арӕзт у ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм.

10:15 – Ӕнӕзонд куыстӕй куыд фӕллайы? Адӕймаг уӕззау зондӕй куы нӕ архайа, уӕд йӕ фыдӕбоны бӕркад нӕ уыдзӕн ӕмӕ дзы йӕ зӕрдӕ дӕр нӕ райдзӕн. Ахӕм куыст ӕй фӕлмӕцын цы кӕна, ӕндӕр ницы.

11:7, 8 – Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, «ӕхсызгон у рухс ӕмӕ зӕрдӕ хурӕй райы»? Рухс ӕмӕ хур адӕймагӕн цины хос сты. Ам Соломон дзуры, адӕймаг цардыл кӕй хъуамӕ цин кӕна, цалынмӕ йыл «талынг бонтӕ» не скодтой, ома йыл азтӕ сӕ уӕз не ’руагътой ӕмӕ йын йӕ хъару нӕ асастой, уӕдмӕ.

11:10 – «Сабибонтӕ ӕмӕ ӕвзонджы бонтӕ» дзӕгъӕлы цӕмӕн сты? Ӕрыгӕттӕ сӕ рӕстӕгӕй раст куы нӕ пайда кӕной, уӕд ӕвзонджы бонтӕ дзӕгъӕлы сты, уымӕн ӕмӕ уыцы дуг, мигъау ӕрбайсӕфы.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

7:6. Дзӕгъӕл худт кӕнын аив нӕу, адӕймаджы смӕсты кӕны, ӕмӕ у, аджы бын судзгӕ пыхсытӕ куыд фӕкъӕр-къӕр кӕнынц, уыйау. Мах хъуамӕ ахӕм дзӕгъӕл худтытӕ ма кӕнӕм.

7:21, 22. Адӕм нӕ цы дзурынц, ууыл ӕгӕр тыхсын нӕ хъӕуы.

8:2, 3; 10:4. Нӕ хицау нын уайдзӕф куы кӕна кӕнӕ нын уынаффӕ куы дӕтта, уӕд хъуамӕ нӕхиуыл хӕцын зонӕм. Уый хуыздӕр у масты фӕдыл ацӕуын ӕмӕ нӕ куыст ныууадзынӕй.

8:8; 9:5–​10, 12. Кӕсаг хызы кӕнӕ маргъ къӕппӕджы ӕнӕнхъӕлӕджы куыд бахауы, афтӕ адӕймаджы цард дӕр ӕнӕнхъӕлӕджы аскъуыйы. Уымӕй уӕлдай, адӕймаг цӕй фӕрцы цӕры, уыцы тыхыл никӕй бар цӕуы, никӕй бон у адӕмы се знагӕй – мӕлӕтӕй – фервӕзын кӕнын, ничи йыл фӕуӕлахиз уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы ма сафӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй цардӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ дзы нӕ зӕрдӕ райа. Уый тыххӕй нӕ царды фыццаг бынаты хъуамӕ уа Йегъовӕйы хъуыддаг.

8:16, 17. Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ адӕмыл цы ’рцыд, уый кӕй бауагъта, уыдон кӕронмӕ бамбарӕн нӕй, ууыл ӕхсӕвыгӕтты куы хъуыды кӕниккам, уӕддӕр. Дунейы цы ӕвзӕрдзинӕдтӕ ’рцыд, ууыл ӕгӕр куы тыхсӕм, уӕд нӕ циндзинад фесӕфдзӕн.

9:16–18. Мах хъуамӕ зондӕн аргъ кӕнӕм, кӕд адӕммӕ нымады дӕр нӕу, уӕддӕр. Зондджын адӕймаджы сабыр ныхас ӕнӕзонды цъӕхахстӕй хуыздӕр у.

10:1. Хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, цы дзурӕм ӕмӕ цы аразӕм, ууыл. Зӕгъгӕ иу хъуыддаджы дӕр нӕхиуыл нӕ фӕхӕцыдыстӕм: нӕ масты фӕдыл ацыдыстӕм, нуӕзтӕй фегӕр кодтам кӕнӕ ӕнӕгъдау ми сарӕзтам, уӕд уыдӕттӕ дӕр фаг сты нӕ хорз ном фесафынӕн.

10:5–11. Ӕнарӕхст адӕймаг стыр бынат куы ахса, уӕд ӕм хӕлӕг кӕнын нӕ хъӕуы. Ахӕм адӕймаг гыццыл хъуыддаг дӕр ӕнӕфыдбылызӕй нӕ саразы. Фӕлӕ зондӕй архайыныл куы ахуыр кӕнӕм, уӕд уый ӕрхӕсдзӕн пайда. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы фӕлтӕрын!

11:1, 2. Мах рӕдау, цӕстуарзон куы уӕм, уӕд нын адӕм дӕр афтӕ уыдзысты (Лукайы 6:38).

11:3–6. Цард раив-баив кӕй кӕны, уый нын хъуамӕ нӕ ныфс ма сӕтта.

11:9; 12:1–7. Ӕрыгӕттӕ Йегъовӕйы раз сты хӕсджын. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ Хуыцауы хъуыддагӕн ма ’вгъау кӕной, цалынмӕ нӕ базӕронд сты ӕмӕ сӕ хъару нӕ асаст, уӕдмӕ.

«ЗОНДЫ НЫХӔСТӔ» НЫН ФӔНДАГ АМОНЫНЦ

(Екклесиаст 12:9–14)

Соломон цы «зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ» ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ ныффыста, уыдонмӕ куыд хъуамӕ кӕсӕм? Адӕмы зондӕй цы «бирӕ чингуытӕ» фыст ӕрцыд, уыдонӕй уӕлдай «зондджынты ныхӕстӕ сты, адӕм фос кӕмӕй фескъӕрынц, ахӕм цыргъ уисты хуызӕн ӕмӕ зонды ныхӕстӕ чи ӕмбырд кӕны, уыдон сты къуырд зӕгӕлты хуызӕн; се ’ппӕт дӕр сты иу фыййауӕй» (Екклесиаст 12:10–12). Нӕ «фыййау» Йегъовӕйӕ цы зонды ныхӕстӕ цӕуы, уыдон нын нӕ цардӕн хӕссынц фарн.

Екклесиасты чиныджы цы зонды ныхӕстӕ ис, уыдонӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ нын цард царды ад кӕндзӕн. Стӕй ма нын зӕрдӕ ’вӕры, зӕгъгӕ, «ӕцӕг Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдонӕн царды алцыдӕр уыдзӕн хорз». Цӕй уӕдӕ, «тӕрсӕм ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм» (Екклесиаст 8:12; 12:13).

[Ныв 15 фарсыл]

Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтӕй иу тагъд нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм

[Ныв 16 фарсыл]

Хӕринаг, нозт ӕмӕ нӕ къухвӕллойыл цин кӕнын – Хуыцауы лӕвӕрттӕ