Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Табуйаг хъуыддӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс?

Табуйаг хъуыддӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс?

Табуйаг хъуыддӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс?

«Уӕ хъус лӕмбынӕг дарут... цӕмӕй уе ’хсӕн ма уа хӕтаг кӕнӕ... Хуыцауы хъуыддӕгтӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм» (ДЗУТТӔГТӔМ 12:15, 16).

1. Цавӕр зондахастыл хӕст сты дунейы? Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ та?

ДУНЕ бонӕй-бон къаддӕр аргъ кӕны Хуыцауы хъуыддӕгтӕн, йе та табуйаг хъуыддӕгтӕн. Францаг социолог Эдгар Моран зӕгъы: «Ӕгъдау цӕуылдӕриддӕр лӕууы – Хуыцау, ӕрдз, фыдыбӕстӕ, истори, зонд – иууылдӕр систы дызӕрдыггаг... Алчидӕр йӕхӕдӕг ӕвзары, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый». Уый та ӕвдисы «дунейы зондахаст» кӕнӕ, «ныртӕккӕ ӕгоммӕгӕс адӕм» цы зондахастыл хӕст сты, уый (1 Коринфӕгтӕм 2:12, фип.; Ефесӕгтӕм 2:2, фип.). Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕхи чи снывонд кодта ӕмӕ йӕ рӕстаг хицаудзинады коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн сӕ зондахаст ӕндӕр у (Ромӕгтӕм 12:1, 2). Йегъовӕйы адӕм ӕмбарынц, сӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ куыд ахсджиаг сты табуйаг кӕнӕ сыгъдӕг хъуыддӕгтӕ. Цавӕр хъуыддӕгтӕ нын хъуамӕ уой табуйаг? Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн табуйаг кӕнӕ сыгъдӕг цавӕр фондз хъуыддаджы сты, ууыл. Иннӕ статьяйы та нӕ хъус ӕрдардзыстӕм, нӕ чырыстон фембӕлдтӕ табуйаг кӕй сты, уымӕ. Фӕлӕ цы нысан кӕны дзырд «сыгъдӕг»?

2, 3. а) Йегъовӕ сыгъдӕг кӕй у, уый Библи куыд ӕвдисы? ӕ) Йегъовӕйы ном сыгъдӕгыл кӕй нымайӕм, уый куыд ӕвдисӕм?

2 Рагон дзуттаг ӕвзаджы дзырд «сыгъдӕг»-ӕн йӕ хъуыды у ахибар кӕнын. Дзырд диныл кӕм цӕуы, уым «сыгъдӕг» амоны, ӕнӕуи хъуыддӕгты кӕмӕй нӕ пайда кӕнынц, уаз ӕмӕ табуйагыл нымад цы у, уый. Йегъовӕ у алцӕмӕйдӕр сыгъдӕг. Уый хуыйны «Ӕппӕты Сыгъдӕгдӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 9:10; 30:3). Рагон Израилы хистӕр сауджыны сарыхъыл разӕй фидаргонд уыди сыгъдӕг зӕрины гӕбаз ахӕм ныхӕстимӕ: «Сыгъдӕгдзинад Йегъовӕмӕ ис» (Рацыд 28:36, 37). Библийы фыст ис, Йегъовӕйы паддзахбадӕны алыварс чи лӕууы, уыцы херувимтӕ ӕмӕ серафимтӕ кӕй дзурынц: «Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у... Йегъовӕ» (Исай 6:2, 3; Раргомад 4:6–8). Ацы дзырд фӕлхат кӕй цӕуы, уый ууыл дзурӕг у, Йегъовӕ афтӕ сыгъдӕг, афтӕ уаз ӕмӕ табуйаг у, ӕмӕ йӕм фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сыгъдӕгдзинад иууылдӕр уымӕй цӕуы.

3 Йегъовӕйы ном у табуйаг кӕнӕ сыгъдӕг. Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Уадз кад кӕнӕнт Дӕ стыр ӕмӕ тӕссаг номӕн: сыгъдӕг у уый!» (Псалом 98:3). Йесо дзырдта, цӕмӕй кувӕм афтӕ: «Нӕ Уӕларвон Фыд, сыгъдӕг уӕд Дӕ ном» (Матфейы 6:9, НТ). Йесойы мад Марийӕ загъта: «Стауы Мӕ уд Хицауы, Уымӕн ӕмӕ Мын Тыхджын Хуыцау стыр кад скодта, ӕмӕ сыгъдӕг у Йӕ ном» (Лукайы 1:46, 49, НФ). Мах Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ ном нымайӕм сыгъдӕгыл ӕмӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй йын йӕ сыгъдӕг ном мацӕмӕй фӕчъизи кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай, табуйаг хъуыддӕгтӕм мах дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм, ома уый табуйагыл цы нымайы, уый мах дӕр табуйагыл нымайӕм (Амос 5:14, 15).

Йесойӕн тынг цӕмӕн аргъ кӕнӕм

4. Библи Йесойы «сыгъдӕг» цӕмӕн хоны?

4 Йесо у сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйы «иунӕггуырд фырт», ӕмӕ йӕ Йегъовӕ куы сфӕлдыста, уӕд уыд сыгъдӕг (Иоанны 1:14, фип.; Колоссӕгтӕм 1:15; Дзуттӕгтӕм 1:1–3). Уымӕ гӕсгӕ йӕ хонынц «Хуыцауы Сыгъдӕг» (Иоанны 6:69, фип.). Уый сыгъдӕгӕй баззад, йӕ цард уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ хаст куы ’рцыд, уӕд дӕр, уымӕн ӕмӕ Марийӕйӕн Йесо райгуырд сыгъдӕг уды фӕрцы. Зӕд ын загъта: «Иунӕг Стыр Хуыцау дӕ йӕ сыгъдӕг удӕй схайджын кӕндзӕн... цы лӕппу дын райгуыра, уый хондзысты Хуыцауӕй ӕрвыст [«хондзысты сыгъдӕг», фип.], Хуыцауы Фырт» (Лукайы 1:35). Иерусалимы чырыстӕттӕ Йегъовӕмӕ куы куывтой, уӕд Хуыцауы Фырты дыууӕ хатты схуыдтой «сыгъдӕг лӕггадгӕнӕг Йесо» (Хъуыддӕгтӕ 4:27, 30).

5. Цавӕр ахсджиаг хъуыддаг сӕххӕст кодта Йесо зӕххыл ӕмӕ йӕ туг зынаргъ цӕмӕн у?

5 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд сӕххӕст кодта ахсджиаг хъуыддаг. Нӕ эрӕйы 29 азы Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд сӕрст ӕрцыд, цӕмӕй Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны суыдаид Хистӕр Сауджын (Лукайы 3:21, 22; Дзуттӕгтӕм 7:26; 8:1, 2). Уымӕй уӕлдай, уый хъуамӕ йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид. Йӕ туг кӕй ныккалдта, уымӕй бафыста ахӕсты аргъ, ӕмӕ уый фӕрцы гӕнӕн ис, цӕмӕй адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой (Матфейы 20:28; Дзуттӕгтӕм 9:14). Уымӕ гӕсгӕ мах Йесойы туг нымайӕм табуйагыл, «зынаргъыл» (1 Петры 1:19).

6. Цавӕр ахаст нын ис Йесо Чырыстимӕ ӕмӕ цӕмӕн?

6 Нӕ Паддзах ӕмӕ Хистӕр Сауджын Йесо Чырыстийӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисынӕн апостол Павел ныффыста: «Хуыцау... сӕвӕрдта [йӕ Фырты] ноджы уӕлдӕр ӕмӕ йын нӕ бавгъау кодта, ӕппӕт иннӕ нӕмттӕй бӕрзонддӕр чи у, ахӕм ном, цӕмӕй Йесойы номӕй йӕ зонгуытыл ӕрлӕууа алчидӕр: уӕлӕрвты чи ис, зӕххыл чи ис ӕмӕ зӕххы бын чи ис, уыдон, ӕмӕ алчидӕр ӕргом зӕгъа, Йесо Чырысти кӕй у Хицау нӕ Фыд Хуыцауы кадӕн» (Филиппӕгтӕм 2:9–11). Табуйаг хъуыддӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕй кӕсӕм, уый ӕвдисӕм, нӕ Разамонӕг, нӕ Паддзах ӕмӕ чырыстон ӕмбырды Сӕр Йесо Чырыстийы дӕлбар нӕхи кӕй кӕнӕм, уымӕй (Матфейы 23:10; Колоссӕгтӕм 1:18).

7. Чырыстийы дӕлбар кӕй стӕм, уый куыд ӕвдисӕм?

7 Чырыстийы дӕлбар кӕй стӕм, уый ма ӕвдисӕм, йӕ хъуыддагӕн разамынд кӕй уылты дӕтты, уыцы нӕлгоймӕгтӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй аргъ кӕнӕм, уымӕй. Разамонӕг советы цы сӕрст чырыстӕттӕ ис ӕмӕ уыдон филиалты, облӕстты, районты ӕмӕ ӕмбырдты цӕстдарджытӕй кӕй снысан кӕнынц, уыдонӕн уыцы куыст сӕ бар бакӕны Хуыцау. Уымӕ гӕсгӕ сын хъуамӕ аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм (Дзуттӕгтӕм 13:7, 17).

Сыгъдӕг адӕм

8, 9. а) Израилӕгтӕ сыгъдӕг адӕм цы хуызы уыдысты? ӕ) Йегъовӕ израилӕгтӕн куыд бамбарын кодта, сыгъдӕгдзинад цы у, уый?

8 Йегъовӕ Израилимӕ бадзырд скодта. Уый фӕрцы уыцы ног адӕм иннӕ адӕмтӕй хицӕн кӕнын райдыдтой. Уыдон систы сыгъдӕг кӕнӕ хибар. Йегъовӕ израилӕгтӕн йӕхӕдӕг загъта: «Сыгъдӕг ут мӕнӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз, Йегъовӕ, дӕн сыгъдӕг; ӕмӕ уӕ ӕз хицӕн кӕнын иннӕ адӕмтӕй, цӕмӕй мӕн уат» (Левит 19:2; 20:26).

9 Йегъовӕ Израилы адӕмы куы ӕвзӕрста, уӕд сын бамбарын кодта, сыгъдӕгдзинад цы у, уый. Дӕс фӕдзӕхсты сын цы хохыл радта, уымӕ хӕстӕг чи бацыдаид, уый амардаид. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Синайы хох уыд сыгъдӕг, табуйаг (Рацыд 19:12, 23). Сауджынтӕ ӕмӕ хӕсгӕ кувӕндоны цатыр ӕд мигӕнӕнтӕ нымад уыдысты сыгъдӕгыл, табуйагыл (Рацыд 30:26–30). Цы зӕгъӕн ис чырыстон ӕмбырдӕй та?

10, 11. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд у сыгъдӕг, ӕмӕ уый «ӕндӕр фыстыл» куыд зыны?

10 Сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд Йегъовӕйы цӕсты у сыгъдӕг (1 Коринфӕгтӕм 1:2). Сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл уыциу рӕстӕджы чи цӕры, уыдон ма барст цӕуынц суанг сыгъдӕг, рухс кувӕндонимӕ дӕр, кӕд Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндон уыдонӕй арӕзт нӕу, уӕддӕр. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй цӕры уыцы кувӕндоны. Апостол Павел ныффыста: «Йемӕ [Йесо Чырыстиимӕ] иумӕ уыцы хӕдзар ӕгасӕй дӕр уыцы ӕмхуызонӕй кӕрӕдзийыл хӕцы ӕмӕ дзы рӕзы рухс [«сыгъдӕг», НТ] кувӕндон Йегъовӕйӕн. Йемӕ иумӕ сымахӕй дӕр арӕзт цӕуы, Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй кӕм цӕрдзӕн, уыцы бынат» (Ефесӕгтӕм 2:21, 22; 1 Петры 2:5, 9).

11 Павел ма сӕрст чырыстӕттӕм ныффыста: «Нӕ йӕ зонут, сымах Хуыцауы кувӕндон кӕй стут ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг уд уӕ мидӕг кӕй цӕры? ...Хуыцауы кувӕндон у сыгъдӕг, ӕмӕ уыцы кувӕндон та стут сымах» (1 Коринфӕгтӕм 3:16, 17). Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй сӕрстыты ’хсӕн цӕры ӕмӕ цӕуы се ’хсӕн (2 Коринфӕгтӕм 6:16). Уый дарддӕр дӕр разамынд дӕтты йе ’ууӕнкджын «цагъарӕн» (Матфейы 24:45–47). «Ӕндӕр фыстӕ» сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, сӕрстытимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнынц, уый (Иоанны 10:16; Матфейы 25:37–40).

Табуйаг хъуыддӕгтӕ нӕ чырыстон царды

12. Цавӕр хъуыддӕгтӕ нымайӕм табуйагыл ӕмӕ цӕмӕн?

12 Диссаг нӕу, сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ се ’мбӕлтты цардмӕ цы хъуыддӕгтӕ хауынц, уыдонӕй бирӕтӕ табуйагыл нымад кӕй сты. Нӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ у табуйаг, сыгъдӕг (1 Паралипоменон 28:9; Псалом 35:8). Уыцы хӕлардзинад нын афтӕ зынаргъ у, ӕмӕ уый бар ницӕмӕн ӕмӕ никӕмӕн ратдзыстӕм, цӕмӕй нын ӕй фехала (2 Паралипоменон 15:2; Иаковы 4:7, 8). Цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕввахс хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй тынг ахсджиаг у кувын. Пехуымпар Данел Йегъовӕйӕн кувын ахӕм табуйаг хъуыддагыл нымадта, ӕмӕ йын суанг мӕлӕтӕй тӕссаг куы уыд, уӕддӕр ӕм куывта (Данелы 6:7–11). «Сыгъдӕджыты», кӕнӕ сӕрст чырыстӕтты, куывдтытӕ барст цӕуынц, кувӕндоны цы буд сыгътой, уыимӕ (Раргомад 5:8; 8:3, 4; Левит 16:12, 13). Ацы абарст ӕвдисы, кувын табуйаг, сыгъдӕг хъуыддаг кӕй у. Цӕй стыр кад у Дунедарӕг Хуыцауимӕ ныхас кӕнын! Ӕцӕгдӕр, кувын мах нымайӕм табуйаг хъуыддагыл!

13. Цавӕр тых у сыгъдӕг ӕмӕ йӕ нӕ цардыл ӕндавын куыд хъуамӕ уадзӕм?

13 Ис ахӕм тых, сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ табуйагыл кӕй нымайынц – сыгъдӕг уд. Уыцы уд у Йегъовӕйы архайӕг тых. Уый алкӕддӕр сыгъдӕг Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй архайы, уымӕ гӕсгӕ хуыйны «сыгъдӕг уд» (Иоанны 14:26; Ромӕгтӕм 1:4). Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды руаджы йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕтты хъару хорз хабар хъусын кӕнынӕн (Хъуыддӕгтӕ 1:8; 4:31). Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уд дӕтты, йӕ «хицауыл ӕй чи нымайы ӕмӕ йӕм чи хъусы», йӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл чи нӕ цӕуы, фӕлӕ «сыгъдӕг уды коммӕ чи кӕсы», уыдонӕн (Хъуыддӕгтӕ 5:32; Галатӕгтӕм 5:16, 25; Ромӕгтӕм 8:5–8). Ацы хъомысджын тых чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ удыхъӕды ӕвзӕра «сыгъдӕг уды дыргъ» – арфӕйаг миниуджытӕ – ӕмӕ сыгъдӕг цард кӕной ӕмӕ Хуыцауыл ӕнувыд уой (Галатӕгтӕм 5:22, 23, фип.; 2 Петры 3:11). Кӕд сыгъдӕг уд табуйагыл нымайӕм, уӕд ахӕмӕй ницы араздзыстӕм, цӕмӕй йӕ фӕхъыг кӕнӕм кӕнӕ йӕ нӕ цардыл ӕндавын ма уадзӕм (Ефесӕгтӕм 4:30).

14. Цавӕр кадджын хъуыддаг нымайынц сӕрстытӕ табуйагыл ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕндӕр фыстӕ куыд архайынц?

14 Ахӕм стыр кад нӕм кӕй ӕрхауд, ӕмӕ сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйы ном кӕй хӕссӕм, стӕй йӕ Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый дӕр нымайӕм табуйаг хъуыддагыл (Исай 43:10–12, 15). Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты скодта йӕ «ног бадзырды лӕггадгӕнджытӕ» (2 Коринфӕгтӕм 3:5, 6). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕной ӕмӕ «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕной ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Сӕрстытӕ уыцы хӕс зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕнынц, ӕмӕ хорз хабармӕ милуангай адӕм байхъусынц ӕмӕ сын цыма афтӕ фӕзӕгъынц: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис» (Захари 8:23). Уыцы сӕрныллӕг адӕм «нӕ Хуыцауы [сӕрст] лӕггадгӕнджытӕн» зӕрдӕрайгӕйӕ ӕххуыс кӕнынц «зӕхкусджытӕй» ӕмӕ «сӕндонгӕстӕй» монон хъуыддӕгты. Афтӕмӕй ӕндӕр фыстӕ стыр ӕххуыс сты сӕрстытӕн, цӕмӕй сӕ хъуыддаг ӕгас дунейыл ӕххӕст кӕной (Исай 61:5, 6).

15. Цавӕр хъуыддаг нымадта Павел табуйагыл ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ мах дӕр ахӕм цӕстӕй цӕмӕн кӕсӕм?

15 Хъусын кӕнын табуйаг кӕнӕ сыгъдӕг хъуыддаг кӕмӕн уыд, уыдонӕй сӕ иу уыд апостол Павел. Уый йӕхицӕй загъта, зӕгъгӕ, «иннӕ адӕмыхӕттытӕн Йесо Чырыстийы тыххӕй ӕргом дзурын ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕй хорз хабар хъусын кӕныны арфӕйаг [табуйаг] куыст кӕнын» (Ромӕгтӕм 15:16). Йӕ фыстӕджы Коринфы чырыстӕттӕм Павел йӕ лӕггад схуыдта «хӕзна» (2 Коринфӕгтӕм 4:1, 7). Уацамынды мах хъусын кӕнӕм адӕмӕн «Хуыцауы [сыгъдӕг] ныхӕстӕ» (1 Петры 4:11). Уымӕ гӕсгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ стӕм ӕви ӕндӕр фыстӕ, мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый.

«Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм»

16. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, «Хуыцауы хъуыддӕгтӕн» чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм адӕймӕгтӕ ма суӕм?

16 Апостол Павел йе ’мчырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй «Хуыцауы хъуыддӕгтӕн», йе та табуйаг хъуыддӕгтӕн, чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм адӕймӕгтӕ ма суой. Уый сын загъта, зӕгъгӕ, «сыгъдӕг ут» ӕмӕ «уӕ хъус лӕмбынӕг дарут... цӕмӕй уе ’хсӕн маргджын уидаг тау ма суадза ӕмӕ уын мацы бӕллӕхтӕ ракӕна, ӕмӕ дзы бирӕтӕ ма фӕхъӕстӕ уой» (Дзуттӕгтӕм 12:14–16). Дзырдбаст «маргджын уидаг» ахӕссӕн ис, чырыстон ӕмбырды хъуыддӕгты тыххӕй хъуыр-хъуыр чи кӕны, уыдонмӕ. Зӕгъӕм, уыдон нӕ разы кӕнынц, Йегъовӕ ӕмкъайад сыгъдӕгыл кӕй нымайы йе та адӕймаг хӕрзӕгъдау кӕй хъуамӕ уа, уыимӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3–7; Дзуттӕгтӕм 13:4). Кӕнӕ та динафӕливӕн ныхӕстӕ кӕнынц, «раст фӕндагӕй [чи] адзӕгъӕл», уыдоны зондыл цӕуынц ӕмӕ дзурынц, «сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, [ахӕм] дзӕгъӕл ныхӕстӕ» (2 Тимофеймӕ 2:16–18).

17. Сӕрстытӕ ӕдзухдӕр цӕмӕн хъуамӕ архайой, цӕмӕй сыгъдӕгдзинадмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсой?

17 Павел йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕм ныффыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ... нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ уд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уымӕй, ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм» (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, сӕрст чырыстӕттӕ, «уӕларвмӕ хуынд чи у, уыдон», ӕдзухдӕр кӕй хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕ царды алы фӕзилӕны дӕр бӕрӕг уа, сыгъдӕгдзинадмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕй кӕсынц (Дзуттӕгтӕм 3:1). Афтӕ ма апостол Петр дӕр йе ’фсымӕртӕн, сыгъдӕг удӕй гуырд ӕфсымӕртӕн, дзырдта: «Ут коммӕгӕс сывӕллӕттау ӕмӕ мауал цӕут, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд цы монцты фӕдыл цыдыстут, уыдоны фӕдыл. Ӕмӕ уӕ чи ӕрхуыдта, уый Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг» (1 Петры 1:14, 15).

18, 19. а) «Тынг бирӕ адӕм» куыд ӕвдисынц, табуйаг хъуыддӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый? ӕ) Иннӕ статьяйы ныхас цавӕр ахсджиаг хъуыддагыл цӕудзӕн?

18 Цы зӕгъӕн ис, «стыр бӕллӕхы» чи аирвӕздзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕмӕй» та? Уыдон дӕр хъуамӕ ӕвдисой, табуйаг хъуыддӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕй кӕсынц. Раргомады чиныджы уыдоны тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕн «лӕггад кӕнынц» йӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕрты. Уыдон ӕууӕндынц, Чырысти сӕ сӕрвӕлтау йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл – афтӕ ӕвдыст сты, цыма «сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй» (Раргомад 7:9, 14, 15). Уый фӕрцы сын Йегъовӕйы раз ис сыгъдӕг ном ӕмӕ сыл ис хӕс, цӕмӕй сӕхи «сыгъдӕг кӕной, сӕ буар ӕмӕ сын сӕ уд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уымӕй, ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕной».

19 Сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ се ’мбӕлтты царды ма ахсджиаг у ноджыдӕр иу хъуыддаг: иудадзыг ӕмбырд кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кувой ӕмӕ йын йӕ Ныхас ахуыр кӕной. Йегъовӕ йӕ адӕмы фембӕлдтӕ нымайы табуйагыл. Уыдонмӕ мах дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ уый цӕмӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, ууыл та ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Цавӕр зондахастыл хӕст сты дунейы? Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ та?

• Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ сыгъдӕгдзинад иууылдӕр Йегъовӕйӕ цӕуы?

• Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Чырысти «сыгъдӕг» кӕй у, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм?

• Нӕ царды цавӕр хъуыддӕгтӕ хъуамӕ нымайӕм табуйагыл?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Рагон Израилы сауджынтӕ, хӕсгӕ кувӕндоны цатыр ӕд мигӕнӕнтӕ нымад уыдысты сыгъдӕгыл, табуйагыл

[Ныв 24 фарсыл]

Зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕ ӕвдисынц сыгъдӕг, рухс кувӕндон

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Кувын ӕмӕ нын хъусын кӕнын у стыр кад