Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм уынаффӕтӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн

Ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм уынаффӕтӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн

Ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм уынаффӕтӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн

«МӔНЫЛ цыд 19 азы, мӕ хиуӕттӕ ӕмӕ мӕ хӕстӕджытӕй цардтӕн дард ӕмӕ зонгӕ та ӕппындӕр ницы кодтон»,– дзуры Рут, йӕ фыццаг сывӕллонӕй йӕхи бар куы нӕ уыд, уыцы рӕстӕджы тыххӕй. Йӕхӕдӕг уыд иунӕг сывӕллон, ӕмӕ, ныййарӕг цы у, ууыл хъуыды дӕр никуы кодта. Кӕм хъуамӕ ссардтаид, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм уынаффӕтӕ?

Джанӕн йӕ дыууӕ сывӕллоны дӕр ныр стыртӕ сты. Уый та афтӕ дзуры: «Фыццаг тынг ныфсхаст уыдтӕн. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы бамбӕрстон, фӕлтӕрддзинад мӕм кӕй нӕй». Ӕцӕгдӕр, иуӕй-иу ныййарджытӕн сывӕллӕттӕ куы фӕзыны, уӕд уайтагъд бамбарынц, хъомыл кӕнын сӕ кӕй нӕ зонынц, иннӕтӕ та уый бамбарынц фӕстӕдӕр, сӕ сывӕллӕттӕ куы фестырдӕр вӕййынц, уӕд. Сӕ бон ӕххуыс ссарын кӕм у?

Абон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, Интернетӕй чи пайда кӕны, уыцы ныййарджытӕ. Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, уым цы уынаффӕтӕ ис, уыдоныл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ, ууыл. Ӕмӕ дзӕгъӕлы нӕ дызӕрдыг кӕныс. Ӕцӕгдӕр ӕй зоныс, Интернеты дын уынаффӕ чи дӕтты, уыдон цавӕр адӕм сты? Сӕхи сывӕллӕтты хорз схъомыл кодтой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ бинонты хӕрзӕбоныл кӕй тыхсыс, уымӕ гӕсгӕ лӕмбынӕг уыдзынӕ. Фыццаг статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй арӕх ахуыргӕндты уынаффӕтӕй дӕр фыдӕнхъӕл фӕвӕййынц. Уӕдӕ зондагур кӕдӕм ис фӕцӕуӕн?

Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн иууыл хуыздӕр уынаффӕтӕ раттын йӕ бон у Йегъовӕ Хуыцауӕн, бинонты царды Бындурӕвӕрӕгӕн (Ефесӕгтӕм 3:15). Уыцы хъуыддаджы ӕрмӕстдӕр уый у ӕцӕг зондамонӕг. Йӕ Ныхас Библийы нын уый дӕтты, ӕууӕндӕн кӕуыл ис ӕмӕ царды ӕцӕгдӕр чи ахады, ахӕм разамынд (Псалом 31:8; Исай 48:17, 18). Уӕдӕ нӕ хъуыды кӕнын ницӕуылуал хъӕуы – ӕрмӕст уыцы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм.

Цалдӕр къайы бафарстой, зӕгъгӕ уын куыд бантыст уӕ сывӕллӕтты афтӕ схъомыл кӕнын, цӕмӕй ӕмбаргӕ уой ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсой. Уыдон загътой, сӕйраджыдӕр сын кӕй баххуыс кодтой Библийы уагӕвӕрдтӕ. Уыцы ныййарджытӕ бамбӕрстой, Библийы уынаффӕтӕ фыст куы ’рцыдысты, уӕд сыл куыд уыд ӕууӕндӕн, афтӕ сыл кӕй ис ӕууӕндӕн абон дӕр.

Фылдӕр рӕстӕг иумӕ ут

Дыууӕ сывӕллоны мад Кэтрины куы бафарстой, зӕгъгӕ дын тынгдӕр цавӕр уынаффӕ баххуыс кодта, уӕд ӕрхаста, Дыккаг закъоны 6:7 цы уынаффӕ ис, уый: «Уарзын... кӕн [Библийы уагӕвӕрдтӕ] дӕ фыртӕн ӕмӕ сыл дзур, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, хуысгӕ куы кӕнай ӕмӕ куы сыстай, уӕд дӕр». Кэтрин бамбӕрста, уыцы уынаффӕ ӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ кӕй хъӕуы йӕ сывӕллӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын.

Чи зоны, ӕмӕ зӕгъай: «Аразынӕй дзурын ӕнцондӕр у». Бинонты фӕдарыны тыххӕй фыды дӕр ӕмӕ мады дӕр кусын куы хъӕуа, уӕд ма сӕ сывӕллӕттӕн рӕстӕг кӕм ссарой? Торлифӕн ис фырт, ӕмӕ уымӕн ныр йӕхицӕн дӕр ис бинонтӕ, сывӕллӕттӕ. Торлиф дзуры, стыр ӕххуыс кӕй у, Дыккаг закъоны цы уынаффӕ ис, уый. Кӕдӕмфӕнды ма цӕуай, дӕ сывӕллӕтты демӕ кӕн, ӕмӕ дӕ семӕ ныхас кӕнынӕн фадӕттӕ агурын нӕ хъӕудзӕн – сӕхигъӕдӕй-иу фӕзындзысты. «Хӕдзары куыстытӕ-иу мӕ фыртимӕ иумӕ кодтам,– дзуры Торлиф.– Улӕфынмӕ-иу цыдыстӕм ӕнӕхъӕн бинонтӕй. Хӕргӕ дӕр-иу кӕддӕриддӕр кодтам иумӕ». Ӕмӕ уый фӕрцы, дзуры Торлиф, «нӕ фырт йӕ хъуыдытӕ алкӕддӕр ӕргом дзырдта».

Фӕлӕ сывӕллӕттӕ, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕргом куы нал дзурой, ӕмӕ сын ныййарджытимӕ ныхас кӕнын куы фӕзын уа, уӕд та? Хатт афтӕ ’рцӕуы, сывӕллӕттӕ куы фестырдӕр вӕййынц, уӕд. Ам дӕр та ныййарджытӕн баххуыс кӕндзӕн, сӕ сывӕллӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг куы уой. Кэтрины лӕг Кен дзуры, сӕ чызг куы бахъомыл, уӕд ын уайдзӕф кӕнын кӕй райдыдта, нӕ мӕ ӕмбарыс, зӕгъгӕ. Ӕрыгӕттӕй ахӕм ныхӕстӕ арӕх вӕййы фехъусӕн. Цы бакодта Кен? Уый дзуры: «Мӕхицӕн загътон, фылдӕр рӕстӕг йемӕ кӕй уыдзынӕн ӕмӕ кӕй ныхас кӕндзыстӕм, цы хъуыды кӕны, цы ’нкъары ӕмӕ йӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттыл. Уый мын ӕцӕгдӕр фӕахъаз ис» (Ӕмбисӕндтӕ 20:5). Фӕлӕ Кен зоны: уый йын уымӕн фӕахъаз, ӕмӕ-иу сӕ бинонтӕ уымӕй размӕ дӕр ӕргом ныхас кодтой. «Мӕ чызгимӕ мах кӕрӕдзи алкӕддӕр хорз ӕмбӕрстам,– дзуры уый.– Уый зыдта, йӕ бон мемӕ кӕддӕриддӕр аныхас кӕнын кӕй у».

Фӕстаг иртасӕнтӕй иумӕ гӕсгӕ рабӕрӕг иу цымыдисаг хабар: ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ иумӕ фаг рӕстӕг кӕй нӕ вӕййынц, уымӕй ӕртӕ хатты арӕхдӕр хъаст кӕнынц ныййарджытӕ нӕ, фӕлӕ сывӕллӕттӕ. Цымӕ хорз нӕ уаид Библийы уынаффӕмӕ байхъусын? Гӕнӕн уӕвгӕйӕ уӕ сывӕллӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг ут – улӕфгӕйӕ ӕмӕ кусгӕйӕ, хӕдзары ӕмӕ фӕндагыл, райсомӕй куы сыстут, уӕд, ӕмӕ изӕрӕй, цалынмӕ не схуыссут, уӕдмӕ. Кӕдӕмфӕнды ма цӕуат, фадат уын-иу куы уа, уӕд-иу уӕ сывӕллӕтты уемӕ акӕнут. Дыккаг закъоны 6:7 куыд зыны, афтӕмӕй, ныййарджытӕ сӕ цотимӕ цы рӕстӕг вӕййынц, уый ницӕмӕй ис баивӕн.

Ахуыр сӕ кӕнут хӕрзӕгъдаудзинадыл

Марио у дыууӕ сывӕллоны фыд. Уый дӕр дзуры: «Уӕ цотӕн уӕ уарзондзинад ма хӕлӕг кӕнут, чингуытӕ сын кӕсут». Фӕлӕ дзырд ӕрмӕст ууыл нӕ цӕуы, ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕ бирӕ истытӕ базоной. Хъуамӕ сӕ сахуыр кӕнат хорз ӕвзӕрӕй иртасын. Марио ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Семӕ Библи ахуыр кӕнут».

Уымӕ гӕсгӕ Библи ныййарджытӕн дӕтты ахӕм уынаффӕ: «Мӕсты ма кӕнут уӕ сывӕллӕтты, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут Хуыцауы ахуырыл ӕмӕ амындыл» (Ефесӕгтӕм 6:4, НФ). Абон бирӕ бинонты ’хсӕн хӕрзӕгъдаудзинадмӕ фаг хъусдард нӕй. Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, сывӕллӕттӕ куы сыстыр уой, уӕд сӕхӕдӕг базондзысты, куыд цӕрын хъӕуы, уый. Ахӕм хъуыды дӕм раст кӕсы? Цӕмӕй сывӕллоны буар фидар ӕмӕ ӕнӕниз уа, уый тыххӕй йӕ хорз хӕринаг куыд хъӕуы, афтӕ ӕрыгон зонд ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр хъӕуы разамынд. Ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармыл уӕ сывӕллӕтты уӕхӕдӕг хӕдзары куы нӕ ахуыр кӕнат, уӕд ацӕудзысты се ’мкъласонты ӕмӕ сӕ ахуыргӕнджыты зондыл кӕнӕ, дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ цы зонд хъарынц, ууыл.

Библи ныййарджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ цоты сахуыр кӕной хорз ӕвзӕрӕй иртасын (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Джефф, фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг, схъомыл кодта дыууӕ сывӕллоны. Уый ныййарджытӕн уынаффӕ кӕны, цӕмӕй хӕрзӕгъдаудзинадыл сӕ цоты ахуыр кӕной Библийы руаджы. Джефф дзуры: «Сывӕллӕттӕн Библийӕ исты уагӕвӕрд куы равдисай, уӕд бамбардзысты, афтӕ ӕрмӕст мама ӕмӕ папа кӕй нӕ хъуыды кӕнынц, фӕлӕ уый Сфӕлдисӕджы хъуыды кӕй у. Мах бафиппайдтам, Библи зонд ӕмӕ зӕрдӕйыл куыд тынг ӕндавы. Нӕ сывӕллӕттӕй-иу исчи исты ӕвзӕр ми куы ракодта, йе та раст куы нӕ хъуыды кодта, уӕд-иу бацагуырдтам, чи нын баххуыс кодтаид, ахӕм стих. Стӕй-иу сывӕллонимӕ хибарӕй ӕрбадтыстӕм ӕмӕ-иу ын ӕй бакӕсын кодтам. Арӕх-иу йӕ цӕстытӕ доны разылдысты кӕнӕ-иу йӕ цӕссыгтӕ йӕ уадултыл ӕргӕр-гӕр кодтой. Уый-иу нӕм тынг диссаг каст. Махӕн нӕ бон зӕгъын кӕнӕ бакӕнын цы уыд, уымӕй-иу ыл Библи тынгдӕр бандӕвта».

Дзуттӕгтӕм 4:12 дзырдӕуы: «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых... ӕмӕ базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ». Библийӕ нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау кӕмӕн ныффыссын кодта, уыдон дзы ӕнӕуи сӕхи хъуыдытӕ ӕмӕ, сӕхи цардӕй цы хатдзӕгтӕ кодтой, уыдӕттӕ ныффыстой. Уым фыст ис, Хуыцау ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарммӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Растдӕр уымӕй хицӕн кӕны Библи иннӕ чингуытӕй. Уӕ сывӕллӕтты Библимӕ гӕсгӕ куы хъомыл кӕнат, уӕд сын баххуыс кӕндзыстут цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсынӕн. Афтӕмӕй уӕ зондамынд тынгдӕр ахаддзӕн ӕмӕ уын ӕнцондӕр уыдзӕн уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕтӕ бацагайын.

Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Кэтрин разы у уыимӕ. Уый зӕгъы: «Уавӕр-иу цас зындӕр уыди, уыйас-иу тынгдӕр агуырдтам Хуыцауы Ныхасы разамынд – ӕмӕ-иу нын тынг фӕахъаз!» Хорз нӕ уаид, уӕ сывӕллӕтты хорз ӕвзӕрӕй иртасын ахуыр кӕнгӕйӕ, Библийӕ арӕхдӕр куы пайда кӕниккат?

Ӕмбаргӕ ут

Апостол Павел йӕ хъус ӕрдардта, сывӕллон хъомыл кӕнынӕн ма чи ӕххуыс кӕны, ӕндӕр ахӕм ахсджиаг уагӕвӕрдмӕ. Уый йе ’мчырыстӕтты разӕнгард кодта: «Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр» (Филиппӕгтӕм 4:5). Уӕдӕ ӕмбаргӕ кӕй стӕм, уый хъуамӕ нӕ сывӕллӕттӕ дӕр уыной. Дӕ зӕрдыл дар, ӕмбаргӕдзинад кӕй у «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонды» нысан (Иаковы 3:17).

Фӕлӕ ӕмбаргӕдзинад сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны? Нӕ бон цы у, уымӕй сын ӕххуыс кӕнӕм, фӕлӕ сын сӕ алы къахдзӕфмӕ ма кӕсӕм. Марио, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, (йӕ кой кодтам уӕлдӕр) загъта: «Мах нӕ сывӕллӕтты алкӕддӕр разӕнгард кодтам, цӕмӕй донаргъуыд райсой, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕной ӕмӕ тырной ӕндӕр нысӕнттӕм дӕр Хуыцауы хъуыддаджы. Фӕлӕ-иу сын алы хатт дӕр ӕмбарын кодтам, афон куы ’рцӕуа, уӕд уыцы уынаффӕтӕ сӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ рахӕссой». Цы сын бантыст уымӕй? Сӕ дыууӕ сывӕллоны дӕр абон сты ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ.

Библи Колоссӕгтӕм 3:21 фыдӕлты фӕдзӕхсы: «Уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой». Кэтрины зӕрдӕмӕ ацы стих тынг цӕуы. Ныййарджытӕн фӕразондзинад куы нал фӕфаг кӕны, уӕд рамӕсты вӕййынц ӕмӕ, сывӕллӕттӕн сӕ бон цы нӕу, уый дӕр сӕ райдайынц домын. Фӕлӕ Кэтрин зӕгъы: «Уӕхицӕй цас домут, уӕ сывӕллӕттӕй уыйбӕрц ма домут». Кэтрин дӕр у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уый ма дзуры: «Афтӕ бакӕнут, цӕмӕй уӕ бинонтӕ Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕной».

Джефф (уый кой дӕр кодтам) загъта ахӕм хорз хъуыды: «Нӕ сывӕллӕттӕ куы фестырдӕр сты, уӕд нӕ не ’мбал бафӕдзӕхста, йӕхиуыл цы рӕдыд ӕрцыд, уымӕй. Загъта нын, зӕгъгӕ нӕм-иу нӕ сывӕллӕттӕ истӕй тыххӕй куы бахатой, уӕд-иу сын „нӕ“ ӕгӕр арӕх ма дзурӕм. Уый сын вӕййы тынг хъыг ӕмӕ нынкъард вӕййынц. Загъта ма нын, цӕмӕй нын-иу гӕнӕн куы уа, уӕд-иу сын сӕ курдиат сӕххӕст кӕнӕм».

«Уыцы уынаффӕ нӕм хорз фӕкаст,– дзуры Джефф.– Мах дӕр афтӕ кӕнын райдыдтам, ӕмӕ-иу исчи, нӕ зӕрдӕмӕ цы цыд, ахӕм исты куы арӕзта, уӕд-иу архайдтам, цӕмӕй-иу нӕ сывӕллӕттӕ дӕр уым уыдаиккой. Зӕгъӕм, бафарстам-иу сӕ: „Зонут ӕй, уый ӕмӕ уый абон уырдӕм кӕй цӕуы? Сымах йемӕ нӕ фӕнды?“ Кӕнӕ та нын-иу сӕхӕдӕг куы загътой, цӕмӕй сӕ искуыдӕм акӕнӕм, уӕд-иу кӕд тынг фӕллад уыдыстӕм, уӕддӕр-иу ацыдыстӕм. Уый тыххӕй-иу сразы стӕм, цӕмӕй-иу сын „нӕ“ ма загътаиккам». Гъе уый у ӕмбаргӕдзинад – хъуамӕ уай рӕстаг, ӕрхъуыдыджын, фӕлмӕн, фӕлӕ уыимӕ Библийы уагӕвӕрдты сӕрты ма хизай.

Ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы уынаффӕтӕ ӕххуыс кӕнынц

Кӕй кой кодтам, уыцы ныййарджытӕн сӕ фылдӕрӕн абон ис хъӕбулы хъӕбултӕ. Уыдонӕн ӕхсызгон у, Библийы уагӕвӕрдтӕ сӕхицӕн куыд баххуыс кодтой, афтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц сӕ сывӕллӕттӕн дӕр сӕ цоты хъомыл кӕнынӕн. Библийы уагӕвӕрдтӕ дӕуӕн нӕ баххуыс кӕниккой?

Нӕ статьяйы райдианы цы Руты тыххӕй дзырдтам, уымӕн сывӕллон куы райгуырд, уӕд-иу йӕ лӕг Торлифимӕ хатгай, цы кӕной, уый нӕ зыдтой. Фӕлӕ сын ӕххуыс фӕзынд – диссаджы уынаффӕтӕ Хуыцауы Ныхасӕй, Библийӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ рауагътой, ныййарджытӕн чи баххуыс кӕндзӕн, бирӕ ахӕм литературӕ Библийы бындурыл. Зӕгъӕм, чингуытӕ «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ», «Мӕ библион радзырдты чиныг», «Фӕсивӕды фарстытӕ. Ахадгӕ уынаффӕтӕ» ӕмӕ «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Руты лӕг Торлиф дзуры: «Библийы ныййарджытӕн цы бирӕ уынаффӕтӕ ис, уыдон абон тынг ӕнцон ссарӕн сты. Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнгӕйӕ ныййарджытӕ цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлой – уыцы уынаффӕтӕ сын баххуыс кӕндзысты. Ӕрмӕст сӕ хъӕуы пайда кӕнын».

[Рамкӕ/Ныв 5 фарсыл]

Цы дзурынц АХУЫРГӔНДТӔ... Цы дзуры БИБЛИ

Уарзондзинад ӕвдисыны тыххӕй

Зындгонд америкаг психолог Джон Бродес Уотсон йӕ чиныджы ныййарджытӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Уӕ сывӕллӕттӕн хъӕбыстӕ ӕмӕ пъатӕ макуы кӕнут, уӕ хъӕбысы бадын сӕ ма уадзут» («The Psychological Care of Infant and Child», 1928). Фӕлӕ ӕрӕджы психологтӕ Верӕ Лейн ӕмӕ Дороти Молино иу журналы ныффыстой: «Иртасӕнтӕй куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй рӕвдыд ӕмӕ уарзондзинадцух сывӕллӕттӕ царды стӕм хатт вӕййынц амондджын» («Our Children», 1999 мартъи).

Цы дзуры Библи та? Исайы 66:12 нӕ бон базонын у, ныййарджытӕ сӕ уарзондзинад сӕ сывӕллӕттӕм куыд февдисынц, афтӕ кӕй ӕвдисы Хуыцау дӕр йӕ уарзондзинад йӕ адӕммӕ. Йесо дӕр, адӕм ӕм сӕ сывӕллӕтты куы кодтой ӕмӕ сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы нӕ уагътой, уӕд сын загъта: «Ӕрбауадзут мӕм сывӕллӕтты. Ма сӕ хъыгдарут». Стӕй «сывӕллӕтты йӕ хъӕбысы ӕрбакодта... ӕмӕ сын раарфӕ кодта» (Марчы 10:14, 16).

Зонд амоныны тыххӕй

1969 азы зындгонд психоаналитик Бруно Беттельхайм иу журналы ныффыста, зӕгъгӕ, «сывӕллонӕн уый бар ис, цӕмӕй йын йӕ хъуыдытыл ныййарджыты зондамындтӕ ма ӕндавой, фӕлӕ йӕхи цардӕй цӕуыл ахуыр кӕны, уыдӕттӕ» («New York Times Magazine»). Уымӕй 30 азы дӕр нӕ рацыд, афтӕ психиатр Роберт Колс йӕ чиныджы ныффыста: «Сывӕллӕттӕ хъуамӕ зоной, цӕмӕн цӕрынц, уый, хъуамӕ сын исчи разамынд дӕтта, стӕй аргъ кӕной, ахсджиаг чи сты, уыцы хъуыддӕгтӕн» – сӕ ныййарджытӕ кӕнӕ сын иннӕ хистӕртӕ кӕй амонынц, уыдонӕн («The Moral Intelligence of Children», 1997).

Ӕмбисӕндты 22:6 ныййарджытӕн ис ахӕм фӕдзӕхст: «Дӕ фырты раст фӕндагыл сӕвӕр, ӕмӕ куы базӕронд уа, уӕд дӕр ӕй нӕ ныууадздзӕн». «Сӕвӕрын»-ӕй цы дзуттаг дзырд у тӕлмац, уый ма нысан кӕны «базонгӕ кӕнын» дӕр, ӕмӕ йӕ хъуыды у, сабийӕн суанг йӕ гыццылӕй райдайын зонд амонын. Уӕдӕ Библи ныййарджытӕн дзуры, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты, раст цы у, ууыл ахуыр кӕнын райдайой, бынтон чысыл ма куы уой, уӕд (2 Тимофеймӕ 3:14, 15). Сӕхи ӕмбарын куы райдайынц, уӕд цы базоной, уый сӕ зӕрдӕ ӕмӕ удыхъӕды баззайдзӕн цӕрӕнбонтӕм дӕр.

Ӕфхӕрыны тыххӕй

Профессор Джеймс Добсон йӕ чиныджы ныффыста: «Сывӕллон-иу исты знаггад куы ракӕна ӕмӕ-иу ӕй уый тыххӕй йӕ уарзӕгой ныййарджытӕ куы фӕнӕмой, уӕд ӕй афтӕмӕй сахуыр кӕндзысты, цӕмӕй ӕвзӕр митӕ мауал кӕна» («The Strong-Willed Child», 1978). Фӕлӕ Бенджамин Спок, ӕвдӕм хатт ын кӕй рауагътой, уыцы зындгонд чиныджы дзуры: «Сывӕллоны куы нӕмай, уӕд ӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ йӕхицӕй стырдӕр ӕмӕ тыхджындӕр чи у, уымӕн, раст уа ӕви нӕ, уӕддӕр йӕ бон кӕнын у, цы йӕ фӕнды, уый» («Baby and Child Care», 1998).

Зонд амоныны ӕмӕ ӕфхӕрыны тыххӕй Библи зӕгъы: «Уис ӕмӕ ных бакъуырын – зонды хос» (Ӕмбисӕндтӕ 29:15). Фӕлӕ «уис» алы сывӕллоны нӕ хъӕуы. Ӕмбисӕндты 17:10 фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг иу уайдзӕфӕй куыд бамбара, ӕдылы афтӕ сӕдӕ цӕфӕй дӕр нӕ бамбардзӕн».

[Ныв]

Библийы фӕрцы зӕрдӕ агай

[Ныв 7 фарсыл]

Зондджын ныййарджытӕ архайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ сӕхи ирхӕфсой