Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕумӕ чи хауы, уыцы фарст

Дӕумӕ чи хауы, уыцы фарст

Дӕумӕ чи хауы, уыцы фарст

ДӔ БИНОНТӔ кӕнӕ де ’мбӕлттӕй искӕимӕ уӕлдай ӕввахс дӕ? Зӕгъӕм дын чидӕр загъта, зӕгъгӕ, йемӕ уый тыххӕй хӕлариуӕг кӕныс, ӕмӕ дзы цыдӕр ӕнхъӕл дӕ. Нӕ йӕм фӕхъыг уаис кӕнӕ йӕм суанг мӕсты дӕр не суаис? Раст афтӕ дзуры Сайтан Хӕйрӕг, Йегъовӕ Хуыцауимӕ ӕввахс хӕлӕрттӕ чи сты, ӕппӕт уыдонӕй.

Ӕркӕсӕм, Сайтан фыццаг къай Адам ӕмӕ Евӕйы куы асайдта, цӕмӕй Хуыцауы закъон фехалой ӕмӕ йемӕ Хуыцауы ныхмӕ рацӕуой, уӕд цы ’рцыд, уымӕ. Уыцы хабарӕй афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ адӕм Йегъовӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд хъуыстаиккой, цалынмӕ сын пайда уыдаид? (Райдиан 3:1–6). Адам Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уымӕй иу-2 500 азы фӕстӕ Сайтан уыцы фарст ногӕй ӕрӕвӕрдта. Ныр та дзырд цыди Иовыл. Хӕйрӕг ӕй цы хъуыддаджы аххосджын кодта, уый уыцы дзырддаг фарст кӕй бӕлвырд кӕны, уымӕ гӕсгӕ лӕмбынӕг ӕркӕсӕм ацы хабармӕ Библийӕ.

«Мӕ иузӕрдиондзинады фидар лӕудзынӕн»

Иов у «ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй йӕхи дард ласы». Фӕлӕ Сайтан дызӕрдыггаг кӕны Иовы рӕстдзинад. «Исты ӕнӕхъуаджы тӕрсы Иов Хуыцауӕй?»,– фӕрсы Сайтан Йегъовӕйы. Уый фӕстӕ Хӕйрӕг цъыфкалӕн ныхӕстӕ кӕны Хуыцауыл дӕр ӕмӕ Иовыл дӕр, ӕмӕ сӕ аххосджын кӕны, зӕгъгӕ, Иов Йегъовӕйыл иузӕрдион уый тыххӕй у, кӕй йӕ хъахъхъӕны ӕмӕ йын кӕй арфӕ кӕны. «Бафӕлвар [ма],– зӕгъы Сайтан,– дӕ къух ӕм сис ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕ бавнал – кӕддӕра дӕ комкоммӕ нӕ ралгъитид» (Иов 1:8–11).

Уыцы ныхӕстӕм Йегъовӕ Сайтанӕн уыцы бар дӕтты, ӕмӕ Иовы бафӕлвара. Цӕмӕй уыцы иузӕрдион адӕймаг Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сива, уый тыххӕй йын Хӕйрӕг иу бӕллӕх иннӕйы фӕдыл ӕвзарын кӕны. Иовмӕ фос нал баззад. Йе ’ххуырстытӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ иууылдӕр фӕмард сты (Иов 1:12–19). Фӕлӕ Сайтанӕн исты бантыст? Ницы! Иов нӕ зоны, уыцы бӕллӕхтӕ йыл Хӕйрӕджы аххосӕй кӕй цӕуынц, фӕлӕ уӕддӕр дзуры: «Йегъовӕ радта, ӕмӕ Йегъовӕ айста. Йегъовӕйы ном арфӕгонд уӕд» (Иов 1:21).

Фӕстӕдӕр Йегъовӕ, Сайтан йӕ размӕ куы ’рбацыд, уӕд ын загъта: «[Иов] фидар у йӕ иузӕрдиондзинады, кӕд ӕй мӕ ныхмӕ ардауыс, цӕмӕй ӕнаххосӕй фесӕфа, уӕддӕр» (Иов 2:1–3). Сӕйраджыдӕр дзырддаг у Иовы иузӕрдиондзинад – уыцы миниуӕг нысан кӕны Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзын ӕмӕ йын йӕ раст уагӕвӕрдтыл фидар хӕцын. Уӕдӕ адӕймаджы иузӕрдиондзинады фӕдыл дзырддаг фарсты Иов уӕлахиздзауӕй рацыд. Фӕлӕ Хӕйрӕг уӕддӕр нӕ сӕтты.

Дарддӕр Сайтан дзуры, адӕмӕй алкӕмӕ дӕр чи хауы, ахӕм ныхӕстӕ. «Царм цармы тыххӕй,– зӕгъы Йегъовӕйӕн,– фӕлӕ адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн. Уӕдӕ ма йӕм дӕ къух сис, ӕмӕ йын йе стӕг ӕмӕ йӕ буармӕ бавнал,– кӕддӕра дӕ комкоммӕ нӕ ралгъитид» (Иов 2:4, 5). Хӕйрӕг Иовы номы бӕсты «адӕймаг» кӕй дзуры, уымӕй дзырддаг кӕны алы адӕймаджы иузӕрдиондзинад дӕр. Ӕндӕр ныхӕстӕй, уый зӕгъы: «Адӕймаг йӕ уд фервӕзын кӕныны тыххӕй цыфӕнды дӕр сараздзӕн. Бар мын ратт, ӕмӕ ӕз кӕйфӕнды дӕр Хуыцауӕй аздахдзынӕн». Цымӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй исчи баззайдзӕн?

Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн бар дӕтты, цӕмӕй Иовыл фыдниз бафтауа. Иов афтӕ тынг хъизӕмар кӕны, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт куры (Иов 2:7; 14:13). Фӕлӕ уӕддӕр Иов дзуры: «Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ мӕ иузӕрдиондзинады фидар лӕудзынӕн!» (Иов 27:5). Афтӕ уый тыххӕй зӕгъы, Йегъовӕйы кӕй уарзы, ӕмӕ уыцы уарзондзинадыл ницы бандавдзӕн. Иов йӕ хъуыддӕгтӕй равдыста, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй у. «Йегъовӕ Иовы йӕ фӕстаг бонты схайджын кодта, раздӕр ӕм цы уыд, уымӕй фылдӕр хорздзинӕдтӕй»,– дзуры Библи (Иов 42:10–17). Исчи ма уыд Иовы хуызӕн? Цы равдыста рӕстӕг?

Цы сбӕрӕг ис

Библийы Дзуттӕгтӕм 11 сӕры апостол Павел ранымадта, рагзаманты цы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ цард, уыдоны, се ’хсӕн сты Ной, Авраам, Саррӕ ӕмӕ Моисей. Уый фӕстӕ апостол зӕгъы: «[Иннӕты] тыххӕй дзурон, уыйбӕрц рӕстӕг кӕм ис» (Дзуттӕгтӕм 11:32). Хуыцауы уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уыйбӕрц уыдысты, ӕмӕ сӕ Павел схуыдта ӕвдисӕнты стыр мигъ, ӕмӕ сӕ абарста, арв кӕрӕй-кӕронмӕ чи бамбӕрзы, ахӕм мигътимӕ (Дзуттӕгтӕм 12:1). Ӕцӕгдӕр, ӕнусты дӕргъы ӕнӕнымӕц бирӕ адӕм барвӕндонӕй ӕмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кодтой Йегъовӕ Хуыцауӕн (Йесо Навин 24:15).

Сайтаны ныхӕстӕн, адӕмы Йегъовӕйӕ аздахдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕппӕты хуыздӕр дзуапп радта Хуыцауы фырт, Йесо Чырысти. Кӕд хъизӕмӕртты хъӕдыл фыдмардӕй амард, уӕддӕр Хуыцауыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад. Йесойы фӕстаг ныхӕстӕ уыдысты: «Мӕ Фыд, дӕ къухтӕм дӕттын мӕ уд» (Лукайы 23:45, 46).

Рӕстӕг ирдӕй равдыста, Хӕйрӕгӕн йӕ бон кӕй нӕу ӕппӕт адӕмы дӕр ӕцӕг Хуыцауӕй аздахын. Тынг бирӕтӕ базыдтой Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ бауарзтой ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй (Матфейы 22:37). Адӕймаджы иузӕрдиондзинады фӕдыл дзырддаг фарсты Сайтан сайӕгой кӕй разынд, уый бӕрӕг у сӕ фидар иузӕрдиондзинадӕй. Хуыцауыл иузӕрдион куы уай, уӕд ды дӕр дӕ цардӕй равдисдзынӕ, Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у, уый.

Цы дӕ хъӕуы кӕнын?

Хуыцауы фӕндон у, «цӕмӕй алыхуызон адӕймӕгтӕ дӕр, ӕцӕгдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тимофеймӕ 2:4). Дӕ бон ӕй базонын куыд у? Ссар рӕстӕг Библи ахуыр кӕнынӕн, цӕмӕй базонай иунӕг ӕцӕг Хуыцауы ӕмӕ йе ’рвыст Йесо Чырыстийы (Иоанны 17:3).

Сайтан сдзырддаг кодта, адӕм Хуыцауӕн цӕй тыххӕй лӕггад кӕнынц, уый. Кӕд уыцы хъуыддаг зонындзинӕдтӕй аразгӕ у, уӕд, цы базыдтай, уый хъуамӕ дӕ зӕрдӕмӕ бахъара. Уый тыххӕй ӕрмӕст Библи кӕсын фаг нӕу, хорз ма уаид, куы сахуыр уаис, цы базоныс, ууыл хъуыды кӕнын дӕр (Псалом 142:5). Библи кӕнӕ библиӕмбарынгӕнӕн литературӕ куы кӕсай, уӕд-иу ссар рӕстӕг, цӕмӕй ахъуыды кӕнай ахӕм фарстытыл: «Цы дзы базыдтон Йегъовӕйы тыххӕй? Хуыцауы миниуджытӕй дзы ам кӕцытыл цӕуы дзырд? Цы базыдтон, уымӕй мӕ царды кӕм спайда кӕндзынӕн? Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы? Цы базыдтон, уый, Хуыцаумӕ цы зӕрдӕ дарын, ууыл куыд ӕндавы?» Афтӕ лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнай, уӕд Сфӕлдисӕджы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ дзы бузныг уыдзынӕ.

Адӕймаджы иузӕрдиондзинад ӕрмӕст дины хъуыддӕгтӕй нӕ бӕлвырд кӕны (3 Паддзахӕдты 9:4). Цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый тыххӕй хъуамӕ царды алы фӕзилӕны дӕр уай хӕрзӕгъдау ӕмӕ ӕмбаргӕ. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕхи истӕмӕй цух кӕнай. Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау» ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй цардӕй дӕ зӕрдӕ рухс кӕна (1 Тимофеймӕ 1:11). Ӕркӕсӕм, адӕймаджы цавӕр хъуыддӕгтӕй хъӕуы хи хизын, цӕмӕй хӕрзӕгъдау уа, амондджындӕр кӕна ӕмӕ дзы Хуыцауы зӕрдӕ райа.

Ӕнӕгъдаудзинадӕй дӕхи хиз

Йегъовӕ бинонты царды тыххӕй йӕ Ныхас Библийы радта ахӕм уагӕвӕрд: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баныхӕсдзӕн йӕ усыл, ӕмӕ уыдзысты дыууӕйӕ иу буар» (Райдиан 2:21–24). Ус ӕмӕ лӕг «иу буар» куы свӕййынц, уӕд ӕмкъайады тыххӕй Хуыцауы ӕвӕрд фӕткӕн фӕаргъ кӕнынц, ӕддӕхъус куы нӕ вӕййынц, уӕд. Апостол Павел загъта: «Йӕ бинонты цард сымахӕй алкӕй цӕсты дӕр уӕд кадджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ, хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдонӕн Хуыцау кӕндзӕн тӕрхон» (Дзуттӕгтӕм 13:4). Дзырд «хуыссӕнуат» амоны, загс кӕмӕн ис, ахӕм ус ӕмӕ лӕг ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уымӕ. Ӕндӕр искӕимӕ сӕ ӕмуат чи ’рцӕуа, уый кӕны хӕтгӕ ӕмӕ уый та Хуыцауы цӕсты у стыр тӕригъӕд (Малахи 3:5).

Адӕймагӕн бинонтӕ куы нӕма уа, афтӕмӕй искӕимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд та? Афтӕ чи кӕны, уыдон дӕр халынц Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ. «Хуыцауы фӕндон уый у... цӕмӕй уӕхи хизат хӕтынӕй» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3). Нӕлдзуан нӕлгоймӕгтӕ, сылдзуан сылгоймӕгтӕ, йӕ тугхӕстӕгимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы кӕнӕ фосимӕ цъаммар митӕ чи кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр стыр тӕригъӕд аразынц Хуыцауы раз (Левит 18:6, 23; Ромӕгтӕм 1:26, 27). Хуыцауы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй чи тӕрсы ӕмӕ амондджынӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ сӕхи хизой ӕнӕгъдау митӕй.

Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймаг йӕ монцтӕ куы цырен кӕна, уӕд уымӕй та цы зӕгъӕн ис? Ахӕм митӕ дӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц (Галатӕгтӕм 5:19). Адӕймагӕн йӕ сӕры ӕнӕгъдау хъуыдытӕн хъуамӕ бынат ма уа. Йесо загъта: «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матфейы 5:28). Ацы ныхӕстӕ ма хауынц, зӕгъӕм, хӕлд нывтӕм кӕсынмӕ дӕр – журналты уа, телевизоры ӕви Интернеты; хӕлд миты тыххӕй исты хабӕрттӕ кӕсынмӕ; ӕнӕгъдау хъуыдытыл чи ӕфтауы, ахӕм зарджытӕм хъусынмӕ. Уыдӕттӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд нӕ Хуыцауы зӕрдӕ райдзӕн ӕмӕ амондджындӕр уыдзыстӕм.

Хъазӕнфӕлгъауӕнтӕй та цы зӕгъӕн ис? Уый нысан кӕны, «хи афтӕ дарын, цӕмӕй дӕм искӕй зӕрдӕ бахъаза». Усджын кӕнӕ мойгонд искӕимӕ хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ куы кӕна, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ цӕуы Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ нымайы (Ефесӕгтӕм 5:28–33). Куыд нӕ фидауы, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕм дӕр хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ куы кӕной! Уыцы митӕ хъазынмӕ куы нӕ айсой, уӕд та? Адӕймаджы зӕрдӕ куыд фӕрисдзӕн, ууыл ма ахъуыды кӕн. Рох кӕнын нӕ хъӕуы, хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ хӕтындзинадмӕ дӕр кӕй ӕркӕнынц. Фӕлӕ адӕймаг ӕфсармджын ӕмӕ ӕгъдауджын куы уа, уӕд йӕхицӕн тынгдӕр аргъ кӕндзӕн (1 Тимофеймӕ 5:1, 2).

Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕн ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр

Нозт бирӕ бӕстӕты у арӕх. Нуазын, мыййаг, не ’мбӕлы? Фыстад афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ адӕймаг ӕппындӕр ма нуаза сӕн, бӕгӕны кӕнӕ ӕндӕр исты нозт (Псалом 103:15; 1 Тимофеймӕ 5:23). Фӕлӕ фыднозт кӕнын ӕмӕ расыг кӕнын Хуыцауы цӕсты раст нӕу (1 Коринфӕгтӕм 5:11–13). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕу нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕгӕр нуазай, ӕмӕ афтӕмӕй де ’нӕниздзинадӕн дӕр зиан хӕссай ӕмӕ дӕ бинонты цард дӕр халай (Ӕмбисӕндтӕ 23:20, 21, 29–35).

Йегъовӕ у «ӕцӕгдзинады Хуыцау» (Псалом 30:6). «Хуыцауӕн йӕ бон... нӕу фӕсайын»,– зӕгъы Библи (Дзуттӕгтӕм 6:18). Кӕд дӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд сайгӕ нӕ кӕндзынӕ (Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19; Колоссӕгтӕм 3:9, 10). «Алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, раст цы у, уый»,– фӕдзӕхсы Библи чырыстӕтты (Ефесӕгтӕм 4:25).

Цы зӕгъӕн ис ӕхцайыл хъазыны тыххӕй та? Ахӕм хъӕзтытӕ бирӕты зӕрдӕмӕ цӕуынц. Фӕлӕ ӕхцайыл хъазын у кӕрӕфдзинад, уымӕн ӕмӕ ӕхца рамбулӕн нӕй, исчи куы нӕ фӕхӕрд уа, уӕд. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, хи пайда чи агуры, уыдон, ома кӕрӕф адӕм (1 Тимофеймӕ 3:8). Кӕд дӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд ӕхцайыл нӕ хъаздзынӕ, зӕгъӕм, лӕтӕрейӕ, хъазӕн автоматты кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕй. Афтӕмӕй, ӕвӕццӕгӕн, бафиппайдзынӕ, дӕ бинонтӕн дын фылдӕр ӕхца кӕй зайы.

Давын, ома дӕхи цы нӕу, уый исын дӕр у кӕрӕфдзинад. «Ма адав»,– зӕгъы Библи (Рацыд 20:15). Давд дзаума зонгӕ-зонын ӕлхӕнын кӕнӕ ӕнӕфӕрсгӕйӕ искӕй дзаума исын дӕр раст нӕу. «Чи давта, уый мауал давӕд,– зӕгъы Библи,– фӕлӕ фыдӕбон кӕнӕд, йӕхи къухтӕй хорзӕй исты аразӕд, цӕмӕй йӕ бон уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕн исты фӕхай кӕнын» (Ефесӕгтӕм 4:28). Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон куысты рӕстӕг ӕндӕр хъуыддӕгтыл нӕ хардз кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй рӕстӕг «нӕ давынц». Уыдоны фӕнды, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уой (Дзуттӕгтӕм 13:18). Адӕймагӕн йӕ цӕсгом сыгъдӕг куы уа, уӕд йӕ зӕрдӕйы дӕр уыдзӕн фарн.

Цы цӕстӕй кӕсы Хуыцау мӕстыгӕр адӕймагмӕ та? Библи фӕдзӕхсы: «Тызмӕг адӕймагимӕ ма хӕлариуӕг кӕн ӕмӕ мӕстыгӕримӕ ма лымӕн кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 22:24). Адӕймаг йӕ маст уромын куы нӕ фӕзоны, уӕд уый арӕх тыхми дӕр расайы (Райдиан 4:5–8). Маст исыны тыххӕй Библи дзуры: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут. Аразут, алкӕй цӕсты дӕр хорз цы у, уый. Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат. Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“» (Ромӕгтӕм 12:17–19). Ацы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕ цард уыдзӕн бирӕ фӕрнджындӕр ӕмӕ амондджындӕр.

Ӕппӕт тыхтӕй архай

Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайай ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ ма фехалай? Куыннӕ! Дӕ зӕрдыл дар, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй дӕ цардӕй равдисай, адӕймаджы иузӕрдиондзинады фӕдыл, цы дзырддаг фарст ис, уым Сайтан раст кӕй нӕу. Уый тыххӕй йӕ Ныхасы ис фыст: «Зондджын у, мӕ фырт, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мын фидистӕ чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттон» (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дӕм хъарутӕ уа, йӕ цӕсты раст цы у, уый аразынӕн (Филиппӕгтӕм 4:6, 7, 13). Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архай, Хуыцауы Ныхас, Библи, хуыздӕр куыд базонай. Библийӕ цы базонай, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд Хуыцауы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ дӕ фӕнддзӕн йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын. «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн,– фыст ис 1 Иоанны 5:3,– ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты Библи ахуыр кӕнынӕн. Уый тыххӕй дӕ бон у зӕгъын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй кӕмӕнфӕнды дӕр кӕнӕ та ныффыссын ацы журналы рауагъдадмӕ.

[Ныв 3 фарсыл]

Иов фӕлварӕнты иузӕрдионӕй баззад

[Ныв 5 фарсыл]

Хуыцауы Ныхас цас хуыздӕр зонай, уыйас дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, раст цы у, уый аразын