Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Исайы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай

Исайы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай

«КӔЙ АРВИТОН, чи ацӕудзӕн мах тыххӕй?» Йегъовӕ Хуыцау афтӕ куы загъта, уӕд Амосы фырт Исай дзуапп радта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит!» (Исай 1:1; 6:8). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Исай пехуымпарӕй лӕггад кодта. Йӕ хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты, Библийы йӕ ном чи хӕссы, уыцы чиныджы.

Ацы чиныг Исай йӕхӕдӕг ныффыста. Дзырд дзы цӕуы 46 азы дӕргъы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоныл – н. э. агъоммӕ 778 азӕй н. э. агъоммӕ 732 азмӕ. Кӕд чиныг Иудӕ, Израил ӕмӕ сӕ сыхаг адӕмты ныхмӕ дзуры, уӕддӕр йӕ сӕйраг хъуыды тӕрхон нӕу, фӕлӕ Йегъовӕ Хуыцау ирвӕзын кӕй кӕны, уый (Исай 25:9). Исайӕн йӕ ном дӕр нысан кӕны «ирвӕзындзинад Йегъовӕйӕ». Ацы статьяйы мах ӕрныхас кӕндзыстӕм, Исайы 1:1–35:10 цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдоныл.

«ӔРМӔСТ МА СТӔМТӔ ӔРБАЗДӔХДЗЫСТЫ»

(Исай 1:1–12:6)

Ацы чиныджы фыццаг фондз сӕры цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон Исай, пехуымпар куы сси, уӕд ӕви раздӕр ныффыста, уый тыххӕй Библи ницы дзуры (Исай 6:6–9). Фӕлӕ бӕлвырд у иу хъуыддаг: Иудӕ ӕмӕ Иерусалим Хуыцауӕй адард сты – рынчын сты «суанг къахӕй сӕрмӕ» (Исай 1:6). Алы ран дӕр кувынц мӕнгхуыцӕуттӕн. Хицӕуттӕ исынц гӕртӕмттӕ. Сылгоймӕгтӕ схъал сты. Адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ лӕггад кӕнынц. Исайӕн загъд уыд, цӕмӕй ацӕуа ӕмӕ «ногӕй ӕмӕ ногӕй» дзура, чи не ’мбары ӕмӕ ахуыр дӕр чи ницӕуыл кӕны, уыдонӕн.

Иудӕмӕ бабырсынвӕнд кӕнынц Израил ӕмӕ Сирийы ӕфсӕдтӕ. Йегъовӕ Исай ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты руаджы равдыста «нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ», цӕмӕй Иудӕйӕн зӕрдӕ бавӕра, Сири ӕмӕ сын Израил кӕй ницы бакӕндзысты (Исай 8:18). Фӕлӕ ӕцӕг сабырдзинад уыдзӕн, «Фарны кънйаз» хицау куы суа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Исай 9:6, 7). Йегъовӕ ма дзуапп ӕрдомдзӕн Ассирийӕ дӕр, «мастисӕн уисау» кӕмӕй пайда кӕны, уыцы паддзахадӕй. Ӕппынфӕстаг Иудӕйы акӕндзысты уацары, фӕлӕ ма «ӕрмӕст стӕмтӕ ӕрбаздӕхдзысты» (Исай 10:5, 21, 22). Ӕцӕг рӕстдзинад уыдзӕн, «Йессейы бындзӕфхадӕй цы тала ссӕуа», уый хицау куы уа, уӕд (Исай 11:1).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:8, 9 – Сионы чызг «сӕнӕфсирдоны мусонгау ӕмӕ джитъриты быдыры ӕхсӕвгӕсы халагъудау» куыд уыд? Ассирийӕгтӕ куы бабырстой, уӕд Иерусалим уыд тынг лӕмӕгъ, раст сӕнӕфсирдоны мусонгау кӕнӕ джитъриты быдыры ӕнцон ныккалӕн халагъудау. Фӕлӕ йын Йегъовӕ баххуыс кодта ӕмӕ йыл уый фӕрцы Содом ӕмӕ Гоморрӕйы бон нӕ акодта.

1:18 – Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ: «Ӕрцӕут, ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсӕм?» Ам Йегъовӕ йӕ адӕмы уымӕ нӕ хоны, ӕмӕ ӕнӕуи аныхас кӕной ӕмӕ иу хъуыдымӕ ’рцӕуой. Ацы стих ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ, рӕстаг Тӕрхонгӕнӕг, дзуттӕгтӕн уый фадат дӕтты, цӕмӕй сӕ цард фӕивой ӕмӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕной.

6:8а – Ацы стихы номивджытӕ «ӕз» ӕмӕ «мах» цӕмӕн ис? Номивӕг «ӕз» хауы Йегъовӕмӕ. Бирӕон нымӕцы номивӕг «мах» та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ма Йегъовӕимӕ чидӕр кӕй ис. Уый та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, у йӕ «иунӕг Фырт» (Иоанны 1:14; 3:16).

6:11 – Исай цы зӕгъынмӕ хъавыд, Йегъовӕйы афтӕ куы бафарста: «Кӕдмӕ, о Йегъовӕ?» Исайӕн йӕ сагъӕс ууыл нӕу, цас ма дзурдзӕн Йегъовӕйы хабар дурзӕрдӕ адӕмӕн. Фӕлӕ йӕ фӕнды базонын, ӕнӕуырнӕг адӕмӕн сӕ уавӕр кӕд фӕивдзӕн ӕмӕ кӕдмӕ ӕгад кӕндзысты Хуыцауы ном.

7:3, 4 – Фыдзӕрдӕ паддзах Ахазӕн Йегъовӕ цӕмӕн ӕххуыс кодта? Сирийы ӕмӕ Израилы паддзӕхтӕ сфӕнд кодтой Иудӕйы паддзах Ахазы йӕ бынатӕй раппарын ӕмӕ дзы Тавеилы фырты сӕвӕрын хъазӕнхъул паддзахӕй. Тавеилы фырт Давиды байзӕддаг нӕ уыд. Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй, Хуыцау Давидимӕ цы Паддзахады бадзырд скодта, уый фехӕлдаид. Уый тыххӕй Йегъовӕ ӕххуыс кодта Ахазӕн, цӕмӕй, «Фарны кънйаз» цы хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, уый бахъахъхъӕдтаид (Исай 9:6).

7:8 – Ефрем 65 азмӕ куыд «ныддихтӕ»? Исай ацы пехуымпарад куы загъта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ дӕсмыггаг паддзахады адӕмы уацары акодтой ӕмӕ сын сӕ бынӕтты ӕндӕр адӕмты ӕрцӕрын кодтой. Уыцы хабар ӕрцыд «Израилы паддзах Факейы бонты» (4 Паддзахӕдты 15:29). Уыцы хабар ма ӕрӕййӕфта Ассирийы паддзах Сеннахиримы фырт Асардан дӕр (4 Паддзахӕдты 17:6; Ездрӕ 4:1, 2; Исай 37:37, 38). Ассирийӕгтӕ-иу Самарийӕ адӕмы куы акодтой ӕмӕ-иу сӕ бынӕтты ӕндӕрты куы ӕрцӕрын кодтой, уый ахаста 65 азы, Исайы 7:8 куыд кӕсӕм, афтӕ.

11:1, 10 – Йесо Чырысти, «Йессейы бындзӕфхадӕй тала» ӕмӕ «Йессейы бындзӕфхад» дӕр куыд уыд (Ромӕгтӕм 15:12)? Йесо уыд «Йессейы бындзӕфхадӕй», Йессейы фырт Давиды хӕдзарвӕндагӕй (Матфейы 1:1–6; Лукайы 3:23–32). Фӕлӕ Йесо паддзахы бартӕ куы райста, уӕд йӕ уавӕр фӕивта. Йесо Чырыстийӕн цы тых ӕмӕ цы бартӕ лӕвӕрд ӕрцыд, уыдоны руаджы коммӕгӕс адӕмӕн сӕ бон уыдзӕн зӕххыл ӕнустӕм цӕрын, ӕмӕ афтӕмӕй Йесо суыдзӕн сӕ «Ӕнусон Фыд» (Исай 9:6). Уымӕ гӕсгӕ Йесо уыд йӕ фыдӕлты «бындзӕфхад», уыимӕ Йессейы «бындзӕфхад» дӕр.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:3. Не Сфӕлдисӕджы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын нӕ куы нӕ фӕнда, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ гал ӕмӕ хӕрӕгӕй фылдӕр не ’мбарӕм. Фӕлӕ нын Йегъовӕ цыдӕриддӕр сарӕзта, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд ӕнӕзонд нӕ уыдзыстӕм ӕмӕ йӕ нӕ ныууадздзыстӕм.

1:11–13. Адӕмы цӕстмӕ цыдӕр бӕрӕгбӕттӕ аразын ӕмӕ ӕфсоны куывдтытӕ кӕнын Йегъовӕйӕн ӕнад сты. Нӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕ куывдтытӕ хъуамӕ цӕуой сыгъдӕг зӕрдӕйӕ.

1:25–27; 2:2; 4:2, 3. Иудӕйы цагъарад ӕмӕ ӕдзӕллаг уавӕрӕн йӕ кӕрон ӕрцыд, чи ӕрфӕсмон кодта, уыдон Иерусалиммӕ куы ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ раст дин йӕ къахыл куы слӕууыд, уӕд. Йегъовӕ хатыр кӕны, чи ӕрфӕсмон кӕны, уыцы тӕригъӕдджынтӕн.

2:2–4. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уый фӕрцы алы адӕмтӕй бирӕтӕ ахуыр кӕнынц фарны фӕндӕгтыл цӕуын ӕмӕ архайынц иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл.

4:4. Йегъовӕ фесафдзӕн кӕнӕ ныхсдзӕн ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ тугкалд.

5:11–13. Ирхӕфсӕнтӕ ’взаргӕйӕ адӕймаг хиуылхӕцгӕ ӕмӕ ’мбаргӕ куы нӕ уа, уӕд цы зоны, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕры (Ромӕгтӕм 13:13).

5:21–23. Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, кӕнӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ «сӕхи зондджыныл ма нымайой». Хъуамӕ «сӕн нуазынӕй» дӕр бӕрц зоной ӕмӕ макӕй хъулон кӕной.

«ЙЕГЪОВӔ НЫХХАТЫР КӔНДЗӔН ИАКОВӔН»

(Исай 13:1–35:10)

Исайы чиныджы 13–23 сӕртӕ дзурынц адӕмты ныхмӕ. Фӕлӕ «Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн Иаковӕн» – Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕн дӕр сӕ бӕстӕмӕ раздахыны бар ратдзӕн (Исай 14:1). Ис 24–27 сӕрты ӕрмӕст Иудӕйы сӕфты хабар нӕй, фӕлӕ ма зӕрдӕ дӕр ӕвӕрынц, фӕстӕмӕ та йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн. Йегъовӕ мӕсты кӕны, «Ефремы [Израилы] расыггӕнджытӕ» Сириимӕ бадзырд кӕй кӕнынц ӕмӕ Иудӕйы «сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ» та Ассириимӕ бадзырд саразыныл кӕй архайынц, уый тыххӕй (Исай 28:1, 7). Пехуымпарад дзуры, «Ариил [Иерусалим]» Египетмӕ ӕххуыс агурӕг кӕй цӕуынвӕнд кӕны, уый тыххӕй йӕм цы бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл (Исай 29:1; 30:1, 2). Фӕлӕ пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйыл чи ӕууӕнды, ӕрмӕст уыдон аирвӕздзысты.

Йӕ амӕттагыл чи богъ-богъ кӕны, ахӕм ӕрыгон домбайау, Йегъовӕ хъахъхъӕндзӕн «Сионы хох» (Исай 31:4). Стӕй ма зӕрдӕ ’вӕры: «Мӕнӕ, паддзах паддзахиуӕг кӕндзӕн рӕстӕй» (Исай 32:1). Кӕд Ассирийы тӕссӕй суанг Иудӕйы «фарны уацхӕсджытӕ» дӕр кӕудзысты, уӕддӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ ’вӕры, кӕй сӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн (Исай 33:7, 22–24). «Йегъовӕ смӕсты уыдзӕн адӕмтӕм ӕмӕ йӕ маст рафыцдзӕн се ’ппӕт ӕфсадмӕ дӕр» (Исай 34:2). Иудӕ ӕдзӕрӕгӕй нӕ баззайдзӕн. «Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ хус бӕстӕ цин кӕндзысты, ӕмӕ кӕм ницы зайы, уыцы фӕзбыдыр райдзӕн ӕмӕ сафранау дидин калдзӕн» (Исай 35:1).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

13:17 – Мидийӕгтӕй афтӕ загъд цӕмӕн уыд, зӕгъгӕ сӕм ӕвзист нымады нӕу ӕмӕ сызгъӕринӕй сӕ зӕрдӕ нӕ райы? Мидийӕгтӕ ӕмӕ персӕгтӕн хӕсты ӕфтиагӕй зынаргъдӕр уыд уӕлахизы кад. Афтӕ кӕй уыд, уый зыны, паддзах Кир уацайрӕгтӕн бар кӕй радта, цӕмӕй, Навуходоносор Йегъовӕйы кувӕндонӕй цы сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист дзауматӕ рахаста, уыдонимӕ фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ аздӕхтаиккой.

14:1, 2 – Йегъовӕйы адӕм, «уацары сӕ чи дардта, уыдоны уацары [куыд] дардзысты ӕмӕ сӕ цӕстдарджытыл [куыд] хицауиуӕг кӕндзысты»? Зӕгъӕм, Данел Вавилоны стыр бынат ахста мидийӕгтӕ ӕмӕ персӕгтӕм. Есфир сси персаг паддзахы ус. Мардохей та Персы паддзахы фӕстӕ уыд дыккаг лӕг.

20:2–5 – Исай ӕцӕгдӕр ӕртӕ азы дӕргъы бӕгънӕгӕй цыд? Исай, ӕвӕццӕгӕн, раласта ӕрмӕстдӕр йӕ уӕллаг дарӕс ӕмӕ цыдис мидӕггаг дарӕсы (1 Паддзахӕдты 19:24 абар 2 Паддзахӕдты 6:14, 20).

21:1 – «Ӕдзӕрӕг денджыз» цавӕр бынат хуынд? Кӕд Вавилонмӕ ’ввахс денджыз нӕ уыд, уӕддӕр дзы йӕ кой цӕуы. Уымӕн ӕмӕ-иу алы аз дӕр Ефрат ӕмӕ Тигры стыр цӕугӕдӕттӕ раивылдысты ӕмӕ-иу фӕзынд цъымара «денджыз».

24:13–16 – Дзуттӕгтӕ «адӕмы астӕу [куыд] уыдзысты, оливӕбӕласы дыргътӕ куы фӕцӕгъдынц ӕмӕ сӕнӕфсир тоныны фӕстӕ цы гагатӕ баззайынц, уыдоны хуызӕн»? Тыллӕг ӕфснайыны фӕстӕ бӕласыл кӕнӕ сӕнӕфсирыл иугай гагатӕ куыд аззайы, афтӕ Иерусалим ӕмӕ Иудӕйы сӕфты рӕстӕг ӕрмӕст стӕмтӕ аирвӕздзысты. Уыдоны фӕнды хурыскӕсӕн бӕстӕ Вавилонмӕ, фӕнды сӕ Зӕххастӕу денджызырдӕм сакъадахмӕ акӕной, уӕддӕр Йегъовӕйӕн кад кӕндзысты.

24:21 – Чи сты «бӕрзӕндты ’фсад» ӕмӕ «зӕххон паддзӕхтӕ»? «Бӕрзӕндты ’фсад» сты дӕлимонтӕ. «Зӕххон паддзӕхтӕ» та сты, дӕлимонтӕ кӕуыл ӕндавынц, уыцы хицӕуттӕ (1 Иоанны 5:19).

25:7 – Цы у, «ӕппӕт адӕмы чи ӕмбӕрзы, уыцы ӕмбӕрзӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмыхӕттытыл тыд чи у, уыцы уӕфт хъуымац»? Ацы абарст хауы адӕмы дыууӕ цыфыддӕр знагмӕ: тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтмӕ.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

13:20–22; 14:22, 23; 21:1–9. Йегъовӕйы ныхас кӕддӕриддӕр сӕххӕст вӕййы, Вавилонимӕ куыд уыд, афтӕ.

17:7, 8. Кӕд израилӕгтӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кодтой, уӕддӕр ӕм чидӕртӕ хъуыста. Афтӕ чырыстон дунейы дӕр, Хуыцауы Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынц иуӕй-иутӕ.

28:1–6. Ассири басаста Израилы, фӕлӕ Хуыцау рӕстгӕнджыты аирвӕзын кӕндзӕн. Йегъовӕ афтӕ нӕ тӕрхон кӕны, ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдоны ӕнӕ ныфсӕй ныууадза.

28:23–29. Йегъовӕ рӕстзӕрдӕ адӕмӕн ӕмхуызон нӕ уайдзӕф кӕны, фӕлӕ алкӕмӕн дӕр йӕхи уавӕртӕм гӕсгӕ.

30:15. Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ ирвӕзын кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ уырнындзинад ӕвдисӕм, «сабыр» кӕй стӕм, уымӕй – уыцы хъуыддаджы адӕмӕй ’ххуыс ма агурӕм. «Сабыр» кӕй стӕм кӕнӕ кӕй нӕ тӕрсӕм, уымӕй ӕвдисдзыстӕм, Йегъовӕйы бон кӕй у мах фервӕзын кӕнын.

30:20, 21. Мах «уынӕм» Йегъовӕйы ӕмӕ йын «хъусӕм» йӕ хъӕлӕс, ирвӕзындзинады хъӕлӕс, йӕ Ныхас Библийы ӕмӕ «зондджын ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъары» уылты нын цы дзуры, уый кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй (Матфейы 24:45).

Исайы пехуымпарады фӕрцы ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм Библийыл

Куыд бузныг стӕм, Исайы чиныджы цы диссаджы хабар ис, уый тыххӕй! Цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты, уыдоны фӕрцы тынгдӕр ӕууӕндӕм, Йегъовӕйӕ цы дзырд рацӕуы, уый фӕстӕмӕ ӕнӕсӕххӕстӕй кӕй не ’рбаздӕхы, ууыл (Исай 55:11).

Цы зӕгъӕн ис, Исай 9:7 ӕмӕ 11:1–5, 10 Мессийӕйы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй та? Уыцы пехуымпарӕдты фӕрцы нӕ уырнындзинад нӕ фидар кӕны, Йегъовӕ нын нӕ ирвӕзындзинадӕн цы аразы, ууыл? Исайы чиныджы ма ис, сӕйраджыдӕр нӕ рӕстӕджы чи ’ххӕст кӕны кӕнӕ чи сӕххӕст уыдзӕн, ахӕм пехуымпарӕдтӕ (Исай 2:2–4; 11:6–9; 25:6–8; 32:1, 2). Ӕцӕгдӕр, Исайы чиныджы фӕрцы мах уынӕм, «Хуыцауы ныхас... удӕгас» кӕй у! (Дзуттӕгтӕм 4:12).

[Ныв 30 фарсыл]

Исай ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты руаджы Йегъовӕ равдыста «нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ»

[Ныв 31 фарсыл]

Иерусалим сси «сӕнӕфсирдоны мусонгау»

[Ныв 32 фарсыл]

Адӕмӕн куыд баххуыс кодтой «сӕ цирхътӕй гутонтӕ скӕнын»?