Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Соломоны зарӕджы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Соломоны зарӕджы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

«ЛИЛИ сындзыты ’хсӕн куыд уа, афтӕ у мӕ уарзон чызг чызджыты ’хсӕн». «Фӕткъуыбӕлас хъӕды бӕлӕсты астӕу куыд уа, афтӕ у мӕ уарзон лӕппуты ’хсӕн». «Чи у ацы сылгоймаг, сӕуӕхсидау дӕлӕмӕ чи кӕсы, дзаг мӕйау рӕсугъд чи у, ӕрттивгӕ хурау – сыгъдӕг?» (Соломоны зарӕг 2:2, 3; 6:10). Куыд рӕсугъд ныхӕстӕ ис ацы стихты! Соломоны зарӕджы чиныджы ахӕм арф хъуыды ис, йе ’взаг афтӕ аив у, ӕмӕ йӕ хонынц «ӕппӕты рӕсугъддӕр зарӕг» (Соломоны зарӕг 1:1).

Ацы чиныг ныффыста рагон Израилы паддзах Соломон йӕ 40-азон паддзахдзинады райдианы, ӕвӕццӕгӕн, н. э. агъоммӕ 1020 азмӕ ’ввахс. Уыцы зарӕг у ӕрыгон фыййау ӕмӕ хъӕууон, суламитаг, чызджы уарзондзинады тыххӕй. Ис ма дзы чызгӕн йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕрты, «Иерусалимы чызджыты [паддзахы галуаны цӕрӕг фӕсдзӕуин-сылгоймӕгты]» ӕмӕ «Сионы чызджыты [Иерусалимы сылгоймӕгты]» кой дӕр (Соломоны зарӕг 1:5; 3:11). Ацы чиныг кӕсгӕйӕ зын равзарӕн у, чи кӕм дзуры, уый. Фӕлӕ уый бамбарӕн ис, цы дзурынц кӕнӕ дзуапп куыд дӕттынц, уымӕ хъус даргӕйӕ.

Соломоны зарӕг у Хуыцауы Ныхасы хай ӕмӕ дзы райсӕн ис дыууӕ зондзонӕны (Дзуттӕгтӕм 4:12). Фыццаджыдӕр нын уый амоны, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн ӕцӕг уарзондзинад цавӕр хъуамӕ уа. Дыккаджыдӕр, ацы зарӕджы ӕвдыст цӕуы, Йесо Чырысти ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый (2 Коринфӕгтӕм 11:2; Ефесӕгтӕм 5:25–31).

«МА СУДЗУТ УАРЗОНДЗИНАД МӔ РИУЫ»

(Соломоны зарӕг 1:1–3:5)

«Уадз ӕмӕ мын батӕ кӕнӕд йӕ былты батӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ рӕвдыд сӕнӕй хуыздӕр у» (Соломоны зарӕг 1:2). Ацы ныхӕстӕй райдайы Соломоны зарӕджы чиныг. Дзургӕ та сӕ кӕны, Соломоны цатырмӕ кӕй ӕрбакодтой, уыцы хуымӕтӕг хъӕууон чызг. Цымӕ куыд бахауд уырдӕм?

«Мӕ мады фырттӕ мӕм смӕсты сты,– дзуры чызг.– Арвыстой мӕ сӕндӕттӕ хъахъхъӕнынмӕ». Йе ’фсымӕртӕ йӕм мӕсты кӕнынц, уымӕн ӕмӕ, цы фыййауы уарзы, уый йӕ рӕсугъд уалдзыгон бон фӕхуыдта атезгъо кӕнынмӕ. Уыдон ӕй нӕ уадзынц, ӕмӕ йӕ арвыстой, цӕмӕй хӕстӕг ма уадза, «сӕндӕттӕ чи сафы, уыцы лӕппын рувӕсты». Афтӕмӕй чызг бафтыд, Соломон йӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдта, уыцы бынатмӕ. «Ӕнгуз бӕлӕстӕ кӕм зайы», уырдӕм куы ныццыд, уӕд йӕ рӕсугъддзинад ӕнӕбафиппайгӕ нӕ баззад, ӕмӕ йӕ бакодтой, паддзахы цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм (Соломоны зарӕг 1:6; 2:10–15; 6:11).

Чызг фыййауы куыд тынг уарзы, уый тыххӕй дзуры, ӕмӕ йын паддзахы галуаны цӕрӕг фӕсдзӕуин-сылгоймӕгтӕ зӕгъынц, цӕмӕй фысты фӕд-фӕд ацӕуа, ӕмӕ йӕ уарзоны ссара. Фӕлӕ йӕ Соломон нӕ уадзы. Чызг йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йын дзуры, «сыгъзӕрин кады худтӕ [йын] ӕвзист тӕппытимӕ» кӕй балӕвар кӕндзӕн. Фӕлӕ йын чызг нӕ комы. Ӕрыгон фыййау йӕ фӕндаг кӕны, Соломон кӕм ӕрбынат кодта, уый уылты, чызджы уыны, ӕмӕ дзуры: «О, куыд рӕсугъд дӕ, мӕ уарзон! О, куыд рӕсугъд дӕ!». Чызг фӕсдзӕуин-сылгоймӕгты фӕдзӕхсы, цӕмӕй расомы кӕной: «Ма хъал кӕнут, ма судзут уарзондзинад мӕ риуы, цалынмӕ йӕхи нӕ бафӕнда, уӕдмӕ» (Соломоны зарӕг 1:8–11, 15; 2:7; 3:5).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:2, 3 – Цӕмӕн цӕуы барст фыййауы рӕвдыд сӕнимӕ, йӕ ном та – зетиимӕ? Сӕнӕй зӕрдӕ куыд хъӕлдзӕг кӕны ӕмӕ зети сӕрыл куы ӕркӕнынц, уӕд адӕймаг куыд сабыр кӕны, раст афтӕ чызгӕн дӕр лӕппуйы уарзондзинад ӕмӕ йӕ номыл хъуыды кӕнын хъару дӕтты ӕмӕ йын удӕнцой хӕссы (Псалом 22:5; 103:15). Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр, уӕлдайдӕр та сӕрстытӕ, удӕнцой ссарынц ӕмӕ сӕ хъаруйыл хъару бафты, Йесо Чырысти сӕм цы уарзондзинад равдыста, ууыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд.

1:5, [1:4, Синодалон тӕлмац] – Саулагъз суламитаг чызг йӕхи «Кедары цатыртимӕ» цӕмӕн абарста? Сӕгъы хъуынӕй бирӕ цыдӕртӕ арӕзтой (Нымӕцтӕ 31:20). Зӕгъӕм, «сӕгъы хъуынӕй арӕзт ӕмбӕрзӕнтӕй» ӕмбӕрзт уыд «хӕсгӕ кувӕндоны цатыр» (Рацыд 26:7). Ӕвӕццӕгӕн, Кедары цатыртӕ, абон бедуинтӕ сӕ цатыртӕ куыд аразынц, афтӕ арӕзт уыдысты сау сӕгъы хъуынӕй.

1:15 – Ӕрыгон фыййауы цы фӕндыд зӕгъын, «дӕ цӕстытӕ – бӕлоны цӕстытӕ», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд? Ӕрыгон фыййау афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ йӕ уарзон чызджы цӕстӕнгас уыд бӕлоны цӕстӕнгасау фӕлмӕн ӕмӕ рӕвдаугӕ.

2:7; 3:5 – Фӕсдзӕуин-сылгоймӕгтӕн ӕвзонг чызг цӕмӕн загъта, цӕмӕй «дзейрантӕй ӕмӕ быдираг сыл сагтӕй» расомы кӕной? Дзейрантӕ ӕмӕ сыл сагтӕ сты уӕздан ӕмӕ рӕсугъд. Ӕндӕр ныхасӕй, чызг фӕсдзӕуин-сылгоймӕгты сомы кӕнын кӕны, уӕздан ӕмӕ рӕсугъдӕй цыдӕриддӕр ис, уымӕй, цӕмӕй йын ма хъал кӕной уарзондзинад йӕ риуы.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:2; 2:6. Уарзӕттӕн сӕ бон у кӕрӕдзийыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ узӕлын. Фӕлӕ сӕхи хъуамӕ хизой, цӕмӕй сӕм чъизи хъуыдытӕ ма фӕзына, ӕмӕ ӕнӕгъдау ми ма бакӕной (Галатӕгтӕм 5:19).

1:6; 2:10–15. Ӕфсымӕртӕ сӕ хойы йӕ уарзонимӕ хибар ранмӕ нӕ ауагътой. Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ ӕнӕгъдау уыд кӕнӕ йӕм ӕвзӕр фӕндтӕ уыд, фӕлӕ йӕ рӕдыд къахдзӕфӕй бахызтой. Уый хорз зондзонӕн у уарзӕттӕн. Уыдон хъуамӕ сӕхи хизой, иунӕгӕй кӕм уыдзысты, ахӕм бынӕттӕй.

2:1–3, 8, 9. Суламитаг рӕсугъд чызг, йӕхи сӕрныллӕгӕй абарста, «дӕлвӕзты чи зайы, ахӕм шафранимӕ [хуымӕтӕг быдираг дидинӕгимӕ]». Фӕлӕ ӕрыгон фыййау йӕ уарзоны схуыдта «лили сындзыты ’хсӕн», рӕсугъд ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй. Фыййауӕн та йӕхи цы схуыдтой? Хӕрзконд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ уарзоны цӕстыты уыд дзейраны хуызӕн. Ӕвӕццӕгӕн, уый дӕр Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ йыл иузӕрдион уыд. «[Аууон чи дӕтты ӕмӕ дыргъ чи хӕссы, ахӕм] фӕткъуыбӕлас хъӕды бӕлӕсты астӕу куыд уа,– зӕгъы суламитаг чызг,– афтӕ у мӕ уарзон лӕппуты ’хсӕн». Уӕдӕ фидар уырнындзинад ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдиондзинад, цардӕмбал агургӕйӕ хъус дарын кӕмӕ хъӕуы, ахӕм миниуджытӕ сты.

2:7; 3:5. Хъӕууон чызг Соломонмӕ уарзоны зӕрдӕ нӕ дардта. Уый ма фӕдзӕхста фӕсдзӕуин-сылгоймӕгты, цӕмӕй йын йӕ уарзон фыййауы йеддӕмӕ ӕндӕр макӕмӕ хъал кӕной уарзондзинад йӕ риуы. Алкӕмӕ дӕр уарзоны зӕрдӕ дарын гӕнӕн дӕр нӕй ӕмӕ раст дӕр нӕу. Бинонтӕ скӕнын цы чырыстоны фӕнды, уый хъуамӕ йӕхицӕн цардӕмбал агура ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ’хсӕн (1 Коринфӕгтӕм 7:39).

«ЦЫ УЫНУТ СУЛАМИТАГ ЧЫЗДЖЫ?»

(Соломоны зарӕг 3:6–8:4)

«Ӕдзӕрӕг быдырӕй фӕздӕджы къуымбилы хуызӕн хӕрдмӕ цӕуы» цыдӕр (Соломоны зарӕг 3:6). Иерусалимы сылгоймӕгтӕ цы уынынц? Соломон йӕ фӕсдзӕуинтимӕ сахармӕ ӕрбаздӕхы! Йемӕ ӕрбакӕны суламитаг чызджы дӕр.

Ӕрыгон фыййау чызджы фӕдыл ацыд ӕмӕ цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ фембӕлдысты. Лӕппу йын дзуры йӕ уарзондзинады тыххӕй, чызг та йын дзуры, кӕй йӕ фӕнды сахарӕй ацӕуын: «Цалынмӕ бон не ’рбаулӕфыд ӕмӕ аууӕттӕ нӕ фӕлыгъдысты, уӕдмӕ ссӕудзынӕн миррӕйы хохмӕ ӕмӕ буды къуылдыммӕ». Чызг фыййауы хоны, цӕмӕй уый «йӕ дыргъдонмӕ бацӕуа ӕмӕ йын йӕ равзаргӕ дыргътӕй бахӕра». Лӕппу йын дзуапп дӕтты: «Ӕрбацыдтӕн ӕз мӕ дыргъдонмӕ, мӕ хо, мӕ усаг». Иерусалимы сылгоймӕгтӕ сын дзурынц: «Хӕрут, хӕлӕрттӕ! Науазут ӕмӕ расыг кӕнут рӕвдыдтытӕй!» (Соломоны зарӕг 4:6, 16; 5:1).

Суламитаг чызг фӕсдзӕуин-сылгоймӕгтӕн йӕ фын радзырдта ӕмӕ сын дзуры: «Уарзты цӕхӕры судзын». Уыдон ӕй фӕрсынц: «Дӕ уарзон иннӕ уарзӕттӕй цӕмӕй хуыздӕр у?» Уый сын зӕгъы: «Мӕ уарзон у урсцъар ӕмӕ сырхуадул, дӕс мины ’хсӕн дӕр бӕрӕг дары» (Соломоны зарӕг 5:2–10). Соломон ӕппӕлӕн ныхӕстыл нӕ ауӕрды, фӕлӕ чызг сӕрныллӕгӕй фӕрсы: «Цы уынут суламитаг чызджы?» (Соломоны зарӕг 6:4–13). Уыцы ныхӕстӕм паддзахмӕ афтӕ фӕкаст, кӕй йын бантысдзӕн чызджы зӕрдӕ йӕхимӕ раздахын, ӕмӕ ӕппӕлӕн ныхӕстӕ нал ӕвгъау кӕны. Фӕлӕ чызг йӕ фыййауыл йӕ зӕрдӕ нӕ ивы. Ӕппынфӕстаг ын Соломон бар дӕтты, цӕмӕй сӕхимӕ ацӕуа.

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

4:1; 6:5 – Суламитаг чызджы дзыккутӕ «сӕгъты дзугимӕ» барст цӕмӕн цӕуынц? Ахӕм абарстӕй зыны, йӕ дзыккутӕ кӕй уыдысты сау сӕгъы хъуынау ӕрттиваг ӕмӕ бӕзджын.

4:11 – Суламитаг чызджы «дзыхӕй фӕзгъӕры мыд тӕдзы» ӕмӕ «мыд ӕмӕ ӕхсыр ис йе ’взаджы бын», зӕгъгӕ, уый цы нысан кӕны? Цасдӕр рӕстӕг мигӕнӕны чи ис, уыцы мыдӕй фӕзгъӕры мыд тынгдӕр тӕф кӕны ӕмӕ адджындӕр у. Ацы дыууӕ абарсты дӕр ӕвдисынц, суламитаг чызджы ныхӕстӕ кӕй уыдысты фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ.

5:12 – Цы нысан кӕны «йӕ цӕстытӕ сты, цӕугӕдӕтты цур чи ис, ӕхсыры йӕхи чи найы... ахӕм бӕлӕтты хуызӕн»? Суламитаг чызг кӕны йӕ уарзоны рӕсугъд цӕстыты кой. Ӕвӕццӕгӕн, уый йӕ уарзоны сау гагуытӕ ӕмӕ цӕсты урсытӕ бары, ӕхсыры йӕхи чи найы, ахӕм фӕныкхуыз бӕлӕттимӕ.

5:14, 15 – Цымӕ фыййауы къухтӕ ӕмӕ къӕхтӕй афтӕ цӕмӕн загъдӕуы? Суламитаг чызг фыййауы ӕнгуылдзтӕ абарста сыгъзӕрин ӕлхуыйтимӕ, йӕ къухы ныхтӕ та – хризолиттимӕ. Йӕ къӕхтӕ йын абарста мрамор цӕджындзтимӕ, уымӕн ӕмӕ йын уыдысты фидар ӕмӕ рӕсугъд.

6:4 – «Зӕрдӕмӕдзӕугӕ сахар» Иерусалим у? Нӕ. «Зӕрдӕмӕдзӕугӕ сахар» у «Фирцӕ». Уыцы ханаайнаг сахар кӕддӕр бацахста Йесо Навин. Соломоны фӕстӕ уый сси цӕгат дӕсмыггаг паддзахад Израилы фыццаг сӕйраг сахар (Йесо Навин 12:7, 24; 3 Паддзахӕдты 16:5, 6, 8, 15). «Ӕвӕццӕгӕн уыцы сахар уыд тынг рӕсугъд,– дзырдӕуы иу чиныджы,– уӕдӕ ӕмбӕрст у, йӕ кой дзы цӕмӕн ис».

6:13 – Цы у «дыууӕ лагеры кафт»? Ацы дзырдбаст ма ратӕлмац кӕнӕн ис, куыд «Маханаимаг кафт». Сахар Маханаим уыд Иорданы скӕсӕн фарс, Иавокы цӕугӕдоны дӕлвӕзы (Райдиан 32:2, 22; 2 Паддзахӕдты 2:29). «Дыууӕ лагеры кафт», ӕвӕццӕгӕн у, уыцы сахары-иу бӕрӕгбоны рӕстӕджы кӕй кафыдысты, ахӕм цавӕрдӕр кафт.

7:4 – Соломон суламитаг чызджы хъуыр «пылы стӕгӕй арӕзт мӕсыгимӕ» цӕмӕн бары? Раздӕр Соломон чызгӕн загъта: «Дӕ хъуыр у Давиды мӕсыджы хуызӕн» (Соломоны зарӕг 4:4). Мӕсыг вӕййы даргъ ӕмӕ нарӕг, ӕмӕ пылы стӕг та – лӕгъз. Соломоны зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд чызджы нарӕг ӕмӕ лӕгъз хъуыр.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

4:1–7. Суламитаг чызг Соломоны ныхӕстыл кӕй не сразы, уымӕй равдыста, кӕд ӕнӕххӕст у, уӕддӕр ын йе ’гъдаумӕ фау ӕрхӕссӕн кӕй нӕй. Йӕ хӕрзӕгъдаудзинад ӕй ноджы рӕсугъддӕр кодта. Афтӕ зӕгъӕн ис чырыстон сылгоймӕгтӕй дӕр.

4:12. Йӕ алыварс ӕмбонд кӕнӕ къул кӕмӕн ис ӕмӕ ӕрмӕст ӕхгӕд дуарыл бахизӕн кӕдӕм вӕййы, ахӕм рӕсугъд дыргъдонау суламитаг чызг дӕр йӕ сыгъдӕг уарзтӕй йӕ фидӕны мойӕ дарддӕр никӕмӕн хай кодта. Цӕй диссаджы цӕвиттон у уый, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕн!

«ЙАГЪЫ АРТ»

(Соломоны зарӕг 8:5–14)

«Чи у ацы сылгоймаг, ӕдзӕрӕг быдырӕй йӕ уарзоныл хӕцгӕйӕ чи ӕрбацӕуы?»,– фӕрсынц суламитаг чызджы ’фсымӕртӕ, ӕрбацӕуы, уый куы федтой, уӕд. Уымӕй размӕ сӕ иу загъта: «Къул куы уа, уӕд ыл сараздзыстӕм ӕвзист мӕсыг, дуар куы уа, уӕд ӕй кедр фӕйнӕгӕй сӕхгӕндзыстӕм». Ныр чызгӕн йӕ уарзондзинад фӕлвӕрд куы ’рцыд, уӕд йӕхӕдӕг зӕгъы: «Ӕз дӕн къул, мӕ риутӕ та сты мӕсгуыты хуызӕн. Уымӕ гӕсгӕ йӕ цӕсты ӕз дӕн, фарнӕй хорзӕхджын чи цӕуы, уыйау» (Соломоны зарӕг 8:5, 9, 10).

Ӕцӕг уарзондзинад у «Йагъы арт». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ахӕм уарзондзинады бындурӕвӕрӕг у Йегъовӕ. Уый нӕ схайджын кодта уыцы миниуӕгӕй. Уарзондзинады артӕн бамынӕг кӕнӕн нӕй. Соломоны зарӕджы чиныг хорз ӕвдисы, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн уарзондзинад гӕнӕн ис, ӕмӕ уа «мӕлӕтау тыхджын» (Соломоны зарӕг 8:6).

Соломоны диссаджы зарӕг ма нын ӕмбарын кӕны, Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ уӕларвон «чындзы» къордмӕ чи хауы, уыдоны ’хсӕн цы ахастытӕ ис, уый (Раргомад 21:2, 9). Йесо Чырыстийы уарзондзинад сӕрст чырыстӕттӕм у, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цыфӕнды стыр уарзондзинад ма уа, уымӕй бирӕ тыхджындӕр. «Чындзы» къордмӕ чи хауы, уыдон фидарӕй аскъуыддзаг кодтой, Чырыстийыл сӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзысты. Йесо йӕ цард ратта «ӕндӕр фысты» тыххӕй дӕр (Иоанны 10:16). Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕн дӕр сӕ бон у суламитаг чызджы фӕзмын ӕмӕ архайын, цӕмӕй сӕ уарзондзинад макуы ӕрмынӕг уа ӕмӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ ма сивой.

[Ныв 8, 9 фарсыл]

Цардӕмбал чи агуры, уыдонӕн Соломоны зарӕджы цавӕр зондзонӕнтӕ ис?