Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уарз, чи дӕ уарзы, уыцы Хуыцауы

Уарз, чи дӕ уарзы, уыцы Хуыцауы

Уарз, чи дӕ уарзы, уыцы Хуыцауы

«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (МАТФЕЙЫ 22:37).

1, 2. Ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у, уый фӕдыл фарст цӕмӕн сӕвзӕрд?

ӔВӔЦЦӔГӔН, ацы фарсты фӕдыл арӕх быцӕу кодтой фарисейтӕ Йесойы рӕстӕджы. Моисейы Закъоны уыд 600 закъонӕй фылдӕр. Кӕцы дзы уыд ӕппӕты ахсджиагдӕр? Мыййаг нывӕндтӕ хӕссыны закъон? Исты нывӕндтӕ уый тыххӕй нӕ хастой, ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой, стӕй, Хуыцауӕй бузныг кӕй сты, уый равдисой? Ӕви сунӕт кӕныны закъон уыд ахсджиагдӕр? Уый дӕр ахсджиаг куыннӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сунӕт кӕнын уыд, Йегъовӕ Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уый нысан (Райдиан 17:9–13).

2 Уымӕй уӕлдай, раздӕры ӕгъдӕуттыл фидар чи хӕцыд, уыцы фарисейтӕ, чи зоны, ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, кӕд Хуыцауы лӕвӕрд закъӕттӕй алкӕцы дӕр ахсджиаг у, уӕд раст нӕу иу фӕдзӕхст иннӕмӕй уӕлдӕр ӕвӕрын – кӕцыдӕртӕ дзы кӕд афтӕ ахсджиаг нӕ зынынц, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ фарисейтӕ сфӕнд кодтой Йесойы бафӕрсын. Чи зоны сӕ уый ныфс уыдис, ахӕм исты кӕй зӕгъдзӕн, ӕмӕ йыл адӕм нал ӕууӕнддзысты. Сӕ иу дзы Йесомӕ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Ахуыргӕнӕг, Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у?» (Матфейы 22:34–36).

3. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у?

3 Йесо цы дзуапп радта, уый тынг ахсджиаг у махӕн дӕр абон. Цы загъта, уымӕй сын бамбарын кодта, раст дины сӕйрагдӕр алкӕддӕр цы уыд ӕмӕ цы уыдзӕн, уый. Йесо сфӕлхат кодта Дыккаг закъоны 6:5: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Уый у ӕппӕты сӕйрагдӕр, стӕй фыццаг фӕдзӕхст». Ӕмӕ йӕ кӕд фарисей ӕрмӕст иу фӕдзӕхстӕй фарста, уӕддӕр ма йын Йесо ракодта ӕндӕр фӕдзӕхсты кой дӕр. Ӕрхаста йын Левиты 19:18 ныхӕстӕ: «Дыккаг фӕдзӕхст дӕр ай хуызӕн у: „Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр“». Уый фӕстӕ бамбарын кодта, уыцы дыууӕ закъоны кӕй сты раст динӕн йӕ апп. Стӕй фӕстагмӕ, цӕмӕй йӕ, иннӕ закъӕттӕ куыд ахсджиаг сты, уымӕй мауал фарстаиккой, уый тыххӕй загъта: «Ацы дыууӕ фӕдзӕхстыл лӕууынц ӕгас Закъон дӕр ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕ дӕр» (Матфейы 22:37–40). Ацы статьяйы мах аныхас кӕндзыстӕм дыууӕ фӕдзӕхстӕй сӕйрагдӕрыл. Цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм Хуыцауы? Уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй Хуыцауы уарзӕм? Ацы фарстытӕн дзуапп зонын ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ нӕ кӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд ӕй хъуамӕ уарзӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй.

Уарзондзинад ахсджиаг у

4, 5. а) Йесо цы загъта, уый фарисеймӕ диссаг цӕуылнӕ фӕкаст? ӕ) Хуыцауӕн ӕппӕт нывӕндтӕй дӕр зынаргъдӕр цы у?

4 Ӕвӕццӕгӕн Йесойы дзуапп фарисеймӕ нӕдӕр ӕнахуыр фӕкаст, нӕдӕр – диссаг. Фарисей зыдта, раст дины ӕнӕмӕнг кӕй у Хуыцауы уарзын, кӕд бирӕты хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ уый зӕгъӕн нӕ уыд, уӕддӕр. Синагогӕты-иу хъӕрӕй кастысты Шема, ома дзуттаг куывд. Уыцы куывды уыдысты, Дыккаг закъоны 6:4–9 фыст чи уыд ӕмӕ Йесо кӕй ӕрхаста, уыцы ныхӕстӕ. Ацы хабары тыххӕй Марчы Евангелийы дзырд кӕм цӕуы, уым кӕсӕм, фарисей уый фӕстӕ Йесойӕн кӕй загъта: «Ахуыргӕнӕг, раст загътай – „Хуыцау иу у, ӕмӕ уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй“. Ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт хъаруйӕ уарзай, стӕй, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарзай дӕ хионы дӕр – уый бирӕ ахсджиагдӕр у, судзгӕ кӕй бакӕнынц, уыцы нывӕндтӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмӕ ӕппӕт иннӕ нывӕндтӕй дӕр» (Марчы 12:32, 33).

5 Раст у, судзгӕ кӕй бакӕнынц, уыцы нывӕндтӕ ӕмӕ ӕппӕт иннӕ нывӕндтӕ дӕр хъуыдысты Закъонмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ Хуыцау стыр аргъ кӕны йӕ лӕггадгӕнджыты зӕрдӕбын уарзондзинадӕн. Адӕймаг Хуыцауы куы уарза ӕмӕ йыл иузӕрдион куы уа, афтӕмӕй йын нывондӕн сырддонцъиу куы ӕрхӕсса, уӕд Хуыцауӕн уый зынаргъдӕр уыдзӕн, зӕрдӕйӕ хаст чи не сты, уыцы мин-мин фырытӕй (Михей 6:6–8). Ӕркӕсӕм, Йесо Иерусалимы кувӕндоны кӕй федта, уыцы мӕгуыр идӕдз усы хабармӕ. Уый кувӕндоны ӕхцавӕрӕны цы дыууӕ лыстӕг ӕхцайы ныппӕрста, уыдонӕй иунӕг сырддонцъиу дӕр нӕ уыд балхӕнӕн. Фӕлӕ Йегъовӕйы зӕрдӕбынӕй кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйӕн уыцы мысайнаг уыд, хъӕздгуытӕ сӕ хъӕздыгӕй цы стыр мысайнӕгтӕ ӕппӕрстой, уыдонӕй зынаргъдӕр (Марчы 12:41–44). Мах тынг цин кӕнӕм, Йегъовӕйӕн ӕппӕты зынаргъдӕр кӕй у, алкӕмӕн дӕр, цавӕрфӕнды уавӕрты ма уа, уӕддӕр йӕ бон ӕвдисын цы у, уый – нӕ уарзондзинад!

6. Уарзондзинад ахсджиаг кӕй у, уый тыххӕй Павел цы ныффыста?

6 Хуыцауы цӕсты уарзондзинад куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Адӕмы ӕвзӕгтӕй дӕр ӕмӕ зӕдты ӕвзагӕй дӕр куы дзурон, фӕлӕ мӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд ӕз дӕн зӕлланггӕнаг ӕрхуыйы кӕнӕ дзыгъал-мыгъулгӕнаг ӕрхуы тӕбӕгъты хуызӕн. Ӕмӕ мӕм пехуымпар-ныхас кӕныны курдиат куы уа, Хуыцауы сусӕгдзинӕдтӕ мын иууылдӕр ӕргом куы уой, алцыдӕр куы зонон, ахӕм уырнындзинад мӕм куы уа, ӕмӕ мӕ бон уыдзӕн хӕхтӕ дӕр иу ранӕй сисын ӕмӕ сӕ ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын, фӕлӕ мӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд ӕз ницы дӕн. Ӕмӕ мӕм цыдӕриддӕр ис, уый иннӕты бафсадынӕн куы раттон, ӕмӕ мӕхи дӕр нывондӕн куы ’рхӕссон, цӕмӕй мӕхицӕй раппӕлон, фӕлӕ мӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд мын уыдӕттӕ ницы пайда сты» (1 Коринфӕгтӕм 13:1–3). Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нӕ лӕггад Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуа, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы уарзондзинад. Фӕлӕ Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый куыд ӕвдисӕм?

Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый куыд ӕвдисӕм

7, 8. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ бон ӕвдисын куыд у?

7 Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уарзондзинад у, нӕ бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм ӕнкъарӕн. Фӕлӕ ӕцӕг уарзондзинад, ӕрмӕст цы ӕнкъарӕм, уый нӕу. Уый бӕрӕг кӕны хъуыддӕгтӕй. Библи уарзондзинад хоны «ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг» ӕмӕ «ӕппӕт хъарутӕй» кӕуыл хъуамӕ архайӕм, ахӕм хъуыддаг (1 Коринфӕгтӕм 12:31; 14:1). Фыстад чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй уарзой ӕрмӕст «дзыхыныхасӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй, стӕй уӕд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (1 Иоанны 3:18).

8 Хуыцауы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразӕм ӕмӕ ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр ӕвдисӕм, йӕ хицаудзинады фарс кӕй стӕм. Уыцы уарзондзинады фӕрцы нӕхи хизӕм, цӕмӕй ма уарзӕм ацы ӕнӕхуыцау дуне ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ (1 Иоанны 2:15, 16). Хуыцауы чи уарзы, уыдонӕн фыддзинад у ӕнӕуынон, се сӕфт дзы уынынц (Псалом 96:10). Хуыцауы уарзынмӕ ма хауы иннӕты уарзын дӕр (уыцы фарстыл нӕ ныхас уыдзӕн иннӕ статьяйы). Уымӕй уӕлдай, кӕд Хуыцауы уарзӕм, уӕд хъуамӕ йӕ коммӕ дӕр кӕсӕм. Библи дзуры: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм» (1 Иоанны 5:3).

9. Йесо куыд равдыста, Хуыцауы кӕй уарзы, уый?

9 Йесойӕ хуыздӕр ничи равдыста, Хуыцауы уарзын цы нысан кӕны, уый. Йӕ уарзондзинад ын ныууадзын кодта йӕ уӕларвон хӕдзар. Уый сси адӕймаг ӕмӕ цард зӕххыл. Уарзондзинад ын лӕвӕрдта тых, цӕмӕй йӕ Фыды кадджын кодтаид, цы арӕзта ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, уымӕй. Уарзондзинады фӕрцы «коммӕгӕс уыд мӕлӕты онг» (Филиппӕгтӕм 2:8). Уыцы коммӕгӕсдзинад – йӕ уарзондзинады ӕвдисӕн – иузӕрдион адӕмӕн фадат радта, цӕмӕй сӕ Хуыцау рӕстгӕнджытыл банымайа. Павел фыста: «Иу адӕймаг [Адам] ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый аххосӕй бирӕтӕ тӕригъӕдджынтӕ куыд систы, афтӕ, иу адӕймаг [Йесо Чырысти] коммӕгӕс кӕй уыди, уый фӕрцы бирӕтӕ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ» (Ромӕгтӕм 5:19).

10. Хуыцауы чи уарзы, уый коммӕгӕс цӕмӕн хъуамӕ уа?

10 Мах дӕр Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм, йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй, ӕмӕ афтӕмӕй Йесойы фӕзмӕм. «Уарзондзинад уый мидӕг ис,– ныффыста Йесойы уарзон апостол Иоанн,– ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрӕм» (2 Иоанны 6). Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон ын йӕ разамынд агурынц. Уыдон ӕмбарынц, сӕ къахдзӕфтыл сӕ бар кӕй нӕ цӕуы, ӕмӕ сӕ ныфс дарынц Хуыцауы зондыл, хъусынц ын йӕ уарзӕгой разамындмӕ (Йереми 10:23). Уыдон сты, Хуыцауы хабармӕ зӕрдиагӕй чи хъуыста ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕндыд, уыцы рагон верийӕгты хуызӕн (Хъуыддӕгтӕ 17:11). Верийӕгтӕ лӕмбынӕг иртӕстой Фыстад. Уый фӕрцы Хуыцауы фӕндон хуыздӕр бамбӕрстой, ӕмӕ дарддӕр дӕр сӕ уарзондзинад сӕ коммӕгӕсдзинадӕй ӕвдыстой.

11. Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ уарзын цы нысан кӕны?

11 Йесо куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ Хуыцауы уарзӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ (Марчы 12:30). Ахӕм уарзондзинад цӕуы зӕрдӕйӕ – хауынц ӕм не ’нкъарӕнтӕ, нӕ фӕндтӕ, нӕ арф хъуыдытӕ – ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ тынг фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Уарзӕм ма йӕ нӕ зондӕй дӕр. Нӕ иузӕрдиондзинад куырмӕджы нӕу: мах базыдтам Йегъовӕйы – йӕ миниуджытӕ, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ фӕндтӕ. Лӕггад ын кӕнӕм ӕмӕ йӕ кадджын кӕнӕм нӕ удӕй, ома, ӕнӕхъӕнӕй цы стӕм, уымӕй ӕмӕ нӕ цардӕй. Уый тыххӕй нӕ ауӕрдӕм нӕ хъарутыл дӕр.

Цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм Йегъовӕйы

12. Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, ӕмӕ йӕ уарзӕм?

12 Йегъовӕйы, фыццаджыдӕр, уымӕн хъуамӕ уарзӕм, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ миниуджытӕ махмӕ дӕр уой. Уарзондзинад цӕуы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕ уымӕй хуыздӕр ӕвдисгӕ дӕр ничи кӕны. «Хуыцау у уарзондзинад»,– ныффыста апостол Иоанн (1 Иоанны 4:8). Хуыцау адӕмы сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ; уый нӕ сфӕлдыста уарзынӕн. Йегъовӕйы хицаудзинады бындур у уарзондзинад. Уый хъӕуынц, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын йӕ рӕстаг хицаудзинадмӕ чи бӕллы, ӕрмӕст ахӕм лӕггадгӕнджытӕ. Ӕцӕгдӕр, цӕмӕй Хуыцауы сконд дунейы фарн уа, уый тыххӕй ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы уарзондзинад.

13. а) Цӕмӕн уыд израилӕгтӕн афтӕ загъд: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз»? ӕ) Диссаг цӕуылнӕ у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, ӕмӕ йӕ уарзӕм?

13 Йегъовӕйы ма ноджыдӕр уымӕн уарзӕм, ӕмӕ нын цы сарӕзта, уый тыххӕй дзы бузныг стӕм. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йесо дзуттӕгтӕн афтӕ кӕй загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз». Уыдоны ӕнӕзонгӕ ӕмӕ дард кӕмдӕр чи ис, ахӕм Хуыцауы уарзын нӕ хъуыд. Уыдон хъуамӕ уарзтаиккой, йӕ уарзондзинад сӕм чи равдыста, уыцы Хуыцауы. Йегъовӕ уыд сӕ Хуыцау. Уый сӕ ракодта Египетӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ, хъахъхъӕдта сӕ, ӕххуыс сын кодта, тыхстис сыл ӕмӕ сӕ кӕд ӕфхӕрдта, уӕддӕр сӕ уарзта. Абон та Йегъовӕ у мах Хуыцау. Уый йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй мах ӕнустӕм цӕрӕм. Уӕдӕ Йегъовӕйы кӕй фӕнды, ӕмӕ йӕ мах дӕр уарзӕм, уым диссагӕй цы ис! Нӕ уарзондзинад иувӕрсыг нӕу: мах хъӕуы уарзын, нӕхи нын чи уарзы, уыцы Хуыцауы. Мах уарзӕм, йӕхӕдӕг нӕ раздӕр чи бауарзта, Уый (1 Иоанны 4:19).

14. Йегъовӕ Хуыцау уарзӕгой ныййарӕджы хуызӕн куыд у?

14 Йегъовӕ адӕмы уарзы, уарзӕгой ныййарӕг йӕ сывӕллӕтты куыд фӕуарзы, афтӕ. Кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр уарзӕгой ныййарджытӕ, бирӕ азты дӕргъы фӕфыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты сӕ къахыл слӕууын кӕной, ӕмӕ уый тыххӕй сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц, ныхасӕй сӕ фидар кӕнынц, ӕххуыс сын кӕнынц, зонд сын амонынц, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын уой. Цы сӕ хъӕуы сӕ сывӕллӕттӕй, цӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц? Уыдоны фӕнды, ӕмӕ сӕ сӕ сывӕллӕттӕ уарзой, стӕй ма рох кӕной, цы сын сарӕзтой, уый. Уӕдӕ не ’ххӕст уӕларвон Фыд куыннӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕса, цы нын аразы, уый тыххӕй йӕ кӕй уарздзыстӕм ӕмӕ дзы бузныг кӕй уыдзыстӕм?

Куыд ис Хуыцауы тынгдӕр уарзӕн

15. Цӕмӕй Хуыцауы тынгдӕр уарзӕм, уый тыххӕй фыццаг цы хъӕуы?

15 Мах Хуыцауы никуы федтам, йӕ хъӕлӕс ын никуы фехъуыстам (Иоанны 1:18). Фӕлӕ нӕ хоны, цӕмӕй ӕввахс хӕлӕрттӕ суӕм (Иаковы 4:8). Уымӕн гӕнӕн куыд ис? Цӕмӕй искӕй бауарзай, уый тыххӕй уал ӕй фыццаг хъуамӕ зонгӕ бакӕнай. Кӕй нӕ зоныс, уый зӕрдӕйӕ уарзын зын у. Йегъовӕ нын радта йӕ Ныхас, Библи, ӕмӕ уырдыгӕй нӕ бон у базонын, цавӕр Хуыцау у, уый. Уымӕ гӕсгӕ нын Йегъовӕ йӕ организацийы уылты дзуры, цӕмӕй Библи алы бон дӕр кӕсӕм. Библийы фыст ис Хуыцауы тыххӕй, йӕ миниуджытӕ, йӕ удыхъӕд, стӕй мин азты дӕргъы адӕмӕн куыд уыд, уый тыххӕй. Уыцы хабӕрттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд дзы тынгдӕр бузныг уыдзыстӕм ӕмӕ йӕ фылдӕр уарздзыстӕм (Ромӕгтӕм 15:4).

16. Йесойы лӕггадыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Хуыцауы тынгдӕр куыд уарздзыстӕм?

16 Йегъовӕйы тынгдӕр уарзынӕн нын сӕйраджыдӕр баххуыс кӕндзӕн, Йесойы цард ӕмӕ лӕггадыл куы хъуыды кӕнӕм, уый. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы миниуджытӕ Йесойы мидӕг афтӕ ирдӕй зындысты, ӕмӕ йӕ бон зӕгъын уыд: «Мӕн чи федта, уый федта мӕ Фыды дӕр» (Иоанны 14:9). Ӕхсызгон дын нӕ уыд, Йесо идӕдз усӕн кӕй фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын йӕ иунӕг фырты кӕй райгас кодта? (Лукайы 7:11–15). Дӕ зӕрдӕ дын нӕ бацагайдта, Йесо – Хуыцауы Фырт ӕмӕ ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг – йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ кӕй ныхсадта, уымӕй цы сӕрныллӕгдзинад равдыста, уый? (Иоанны 13:3–5). Стӕй, кӕд цыфӕнды адӕймагӕй номдзыддӕр ӕмӕ зондджындӕр уыд, уӕддӕр ӕм иууылдӕр, суанг ма сывӕллӕттӕ дӕр, кӕй уӕндыдысты, уый диссаг нӕу? (Марчы 10:13, 14). Ацы хъуыддӕгтыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм, Петр кӕй тыххӕй фыста, уыцы чырыстӕтты хуызӕн: «Сымах кӕд Чырыстийы уынгӕ дӕр никуы фӕкодтат, уӕддӕр ӕй уарзут» (1 Петры 1:8). Цас тынгдӕр уарзӕм Йесойы, уыйас тынгдӕр уарздзыстӕм Йегъовӕйы дӕр.

17, 18. Цӕуыл у нӕ бон хъуыды кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр уарзӕм?

17 Йегъовӕйы ма тынгдӕр уӕд уарздзыстӕм, хӕларзӕрдӕйӕ нын цас цыдӕртӕ дӕтты, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм. Зӕгъӕм, ӕмбисонды рӕсугъд ӕрдз, дуне алыхуызон хӕрзад хӕринӕгтӕ, хорз хӕлӕрттӕ, стӕй ма ноджыдӕр, циндзинад ӕмӕ удӕнцой цӕй фӕрцы ӕвзарӕм, бирӕ ӕндӕр ахӕм диссӕгтӕ (Хъуыддӕгтӕ 14:17). Цас фылдӕр зонӕм нӕ Хуыцауы тыххӕй, уыйас дзы тынгдӕр бузныг уыдзыстӕм йӕ ӕгӕрон хорздзинад ӕмӕ рӕдаудзинады тыххӕй. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ сӕрмагондӕй дӕуӕн цы сарӕзта, уыдӕттыл. Уӕдӕ уый аккаг нӕу, ӕмӕ йӕ уарзай?

18 Хуыцау нын бирӕ цыдӕртӕ балӕвар кодта. Уыдонмӕ хауы, нӕ бон ӕм кувын кӕй у, уый дӕр. Мах ӕй зонӕм, «куывдтытӕ Чи хъусы», уымӕ цыфӕнды афон ма скувӕм – алкӕддӕр нӕ фехъусдзӕн (Псалом 64:3). Йегъовӕ йӕ уарзон Фыртӕн радта хицауы ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы бартӕ. Фӕлӕ куывдтытӕ хъусыны бар никӕмӕн радта, суанг йӕ Фыртӕн дӕр. Уый йӕхӕдӕг хъусы нӕ куывдтытӕм. Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уый ахӕм хуызы кӕй ӕвдисы, уый тыххӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм.

19. Цавӕр зӕрдӕвӕрдтӕ нӕ ӕввахс кӕнынц Йегъовӕмӕ?

19 Йегъовӕмӕ ма ӕввахс кӕндзыстӕм, адӕмӕн цы ӕрцӕттӕ кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Уый зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй фесӕфдзысты низтӕ, маст ӕмӕ мӕлӕт (Раргомад 21:3, 4). Адӕм ӕххӕст куы суой, уӕд ӕрхӕндӕг, ныфсаст ӕмӕ зӕрдӕрыст ничиуал уыдзӕн. Ӕххормагдзинад, мӕгуырдзинад ӕмӕ хӕстытӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн (Псалом 45:10; 71:16). Зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт (Лукайы 23:43). Йегъовӕ нӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй уый тыххӕй не схайджын кӕндзӕн, ӕмӕ хӕсджын у, фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй.

20. Йегъовӕйы уарзын цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый тыххӕй Моисей цы загъта?

20 Уӕдӕ Йегъовӕйы цӕй тыххӕй хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ уыцы уарзондзинад цӕй тыххӕй хъуамӕ тыхджындӕр кӕнӕм, уыдон гыццыл хъуыддӕгтӕ не сты. Цӕмӕй Хуыцауы тынгдӕр уарзай ӕмӕ йын йӕ зондамындмӕ хъусай, ууыл дарддӕр дӕр архайдзынӕ? Уый дӕхицӕй аразгӕ у. Моисей ӕмбӕрста, Йегъовӕйы уарзын стыр арфӕдзинӕдтӕ кӕй хӕссы. Уый израилӕгтӕн загъта: «Равзарут цард, ӕмӕ цӕрат уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ цот дӕр, уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы, хъусут ын йӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йыл баныхӕсут, уымӕн ӕмӕ уын уый дӕтты цард ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбонтӕ» (Дыккаг закъон 30:19, 20).

Бахъуыды кодтай?

• Ӕнӕмӕнг цӕмӕн у Йегъовӕйы уарзын?

• Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нӕ бон ӕвдисын куыд у?

• Цӕй тыххӕй уарзӕм Йегъовӕйы?

• Куыд ис Хуыцауы тынгдӕр уарзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Йегъовӕ аргъ кӕны, алкӕмӕн дӕр йӕ бон ӕвдисын цы у, уымӕн – уарзондзинадӕн