Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн!

Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн!

Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн!

«Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ... ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут» (ИУДӔЙЫ 20, 21).

1, 2. Цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуай, уый тыххӕй цы аразын хъӕуы?

ЙЕГЪОВӔ афтӕ тынг уарзы адӕмы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чи ӕууӕнды, уыдон ӕнустӕм цӕрой (Иоанны 3:16). Куыд диссаг у, Йегъовӕ нӕ афтӕ кӕй уарзы! Кӕд Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг дӕ, уӕд дӕ куыннӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй ахӕм уарзтӕй ӕнустӕм хайджын уай.

2 Чырыстийы ахуыргӕнинаг Иудӕ бамбарын кодта, цы аразын хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм. «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ удыхъӕд аразут уӕ сыгъдӕг уырнындзинадыл ӕмӕ кувут, сыгъдӕг удимӕ ӕмвӕнд уӕвгӕйӕ, ӕмӕ афтӕмӕй, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ ӕмӕ ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут» (Иудӕйы 20, 21). Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ удыхъӕд араздзыстӕм «сыгъдӕг уырнындзинадыл» – Библийы ахуырӕдтыл. Цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ кувӕм «сыгъдӕг удимӕ ӕмвӕнд уӕвгӕйӕ», ома йӕ разамындмӕ йын хъусӕм. Ӕнусон цардӕй схорзӕхджын уӕм, уымӕн та ӕнӕмӕнг у Йесо Чырыстийы нывондыл ӕууӕндын (1 Иоанны 4:10).

3. Иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуылнӕуал сты?

3 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ йӕ уарзтӕй ӕнӕхай фесты. Тӕригъӕдджын царды фӕндаг кӕй равзӕрстой, уый тыххӕй нал сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Куыд бахизӕм нӕхи ахӕм хъуыддагӕй? Ацы статьяйы цы хъуыдытӕ равзардзыстӕм, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕхи тӕригъӕдӕй бахъахъхъӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм.

Хуыцауы кӕй уарзыс, уый бӕрӕг уӕд

4. Цӕмӕн хъӕуы Хуыцаумӕ хъусын?

4 Хуыцауы кӕй уарзыс, уый хъуамӕ бӕрӕг уа, кӕй йӕм хъусыс, уымӕй (Матфейы 22:37). Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоанны 5:3). Хуыцаумӕ хъусын ахуыр куы уай, уӕд фӕлварӕнты ныхмӕ фидар лӕудзынӕ ӕмӕ зӕрдӕрухс уыдзынӕ. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Тӕхудиаг лӕг, кӕцы нӕ цӕуы ӕнӕрӕстыты уынаффӕмӕ... фӕлӕ Хицауы закъоны йӕ фӕндон» (Псалом 1:1, 2).

5. Йегъовӕйы куы уарзай, уӕд дӕ уый цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕн?

5 Йегъовӕйы куы уарзай, уӕд ын йӕ ном нӕ фӕхудинаг кӕндзынӕ – уӕззау тӕригъӕд нӕ сараздзынӕ. Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Агур куывта: «Мӕгуыр цард ӕмӕ мын бирӕ исбон ма ратт, фагӕй фылдӕр къӕбӕр дӕ нӕ курын, цӕмӕй мын алцыдӕр куы уа, уӕд дыл мӕ зӕрдӕ ма сивон ӕмӕ ма зӕгъон: „Чи у Йегъовӕ? Ӕмӕ, цӕмӕй ма смӕгуыр уон ӕмӕ давын ма райдайон, мӕ Хуыцауы ном худинаг кӕнгӕйӕ“» (Ӕмбисӕндтӕ 30:1, 8, 9). Фидар у, ӕмӕ Хуыцауы ном ма худинаг кӕн, цӕмӕй йыл фидистӕ ма кӕной. Фӕлӕ архай хорздзинад аразыныл ӕмӕ йӕ афтӕмӕй кадджын кӕн (Псалом 85:12).

6. Зонгӕ-зонын тӕригъӕд куы саразай, уӕд, уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн?

6 Ӕдзухдӕр кув нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдмӕ, цӕмӕй дын фӕлварӕнты ӕххуыс кӕна тӕригъӕды ныхмӕ тох кӕнынӕн (Матфейы 6:13; Ромӕгтӕм 12:12). Хуыцау цы дзуры, уымӕ дарддӕр дӕр хъус, цӕмӕй дын дӕ куывдтытӕм хъуса (1 Петры 3:7). Зонгӕ-зонын тӕригъӕд куы саразай, уӕд дӕ уый ӕркӕндзӕн стыр бӕллӕхтӕм, уымӕн ӕмӕ хивӕнд адӕмы куывдтытӕм Йегъовӕ нал фӕхъусы, цыма йӕхи мигътӕй бамбӕрзы, уыйау (Йеремийы хъарӕг 3:42–44). Уымӕ гӕсгӕ, сӕрныллӕг у ӕмӕ кув, цӕмӕй ахӕмӕй мацы саразай, ӕмӕ дын Хуыцаумӕ кувгӕйӕ цӕлхдур фӕзына (2 Коринфӕгтӕм 13:7).

Хуыцауы Фырты кӕй уарзыс, уый бӕрӕг уӕд

7, 8. Йесойы ныхӕстӕн куы аргъ кӕнай, уӕд тӕригъӕды фӕндагыл цӕуылнӕ ацӕудзынӕ?

7 Йесо Чырыстийы кӕй уарзыс, уый дӕ царды ӕвдис, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын кӕй ӕххӕст кӕныс, уымӕй. Ӕмӕ дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй тӕригъӕды фӕндагыл ма слӕууай. Йесо загъта: «Ӕз мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йӕ уарзондзинадыл фидар куыд хӕцын, афтӕ сымах дӕр мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд фидар хӕцдзыстут мӕ уарзондзинадыл» (Иоанны 15:10). Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд дын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуай?

8 Йесойы ныхӕстӕн куы аргъ кӕнай, уӕд хӕрзӕгъдау цард кӕндзынӕ. Хуыцауы Закъоны фыст уыд: «Ма хӕт» (Рацыд 20:14). Фӕлӕ Йесо равдыста, уыцы фӕдзӕхст цы уагӕвӕрдыл арӕзт у, уый: «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матфейы 5:27, 28). Апостол Петр дзырдта, зӕгъгӕ, фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды иуӕй-иутӕн сӕ «цӕстытӕ ӕдзух здӕхт [уыдысты] хӕтындзинадмӕ» ӕмӕ лӕмӕгъты рӕдийын кодтой (2 Петры 2:14). Фӕлӕ уыдонӕй уӕлдай, Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы куы уарзай, куы сӕм хъусай ӕмӕ семӕ дӕ хӕлардзинад куы хъахъхъӕнай, уӕд дӕхи хӕтындзинадӕй бахиздзынӕ.

Сыгъдӕг уд дын фӕндагамонӕг уӕд

9. Адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл куы нӕ фӕсмон кӕна, уӕд ма йын Хуыцау йӕ сыгъдӕг уд дӕтдзӕн?

9 Хуыцауӕй сыгъдӕг уд кур, ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ хъус (Лукайы 11:13; Галатӕгтӕм 5:19–25). Тӕригъӕд куы аразай ӕмӕ куы нӕ фӕсмон кӕнай, уӕд дын Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй нал хай кӕндзӕн. Давид Вирсавиимӕ куы фӕрӕдыд, уӕд Хуыцауӕй зӕрдиагӕй куырдта: «Ма аппар мӕн Дӕ цӕсгомӕй, ӕмӕ Дӕ Сыгъдӕг Уды ма айс мӕнӕй» (Псалом 50:13). Паддзах Саул та не ’рфӕсмон кодта ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг удӕй ӕнӕхай фӕци. Йӕ тӕригъӕд уый мидӕг уыд, ӕмӕ нывонд ӕрхаста, амаликӕгты лыстӕг ӕмӕ стурвос иууылдӕр нӕ ныццагъта, стӕй сын сӕ паддзахы нӕ амардта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй ӕнӕхай фӕкодта (1 Паддзахӕдты 13:1–14; 15:1–35; 16:14–23).

10. Тӕригъӕд саразай, суанг уыцы хъуыды дӕр дӕхимӕ цӕуылнӕ хъуамӕ уадзай?

10 Тӕригъӕд саразай, суанг уыцы хъуыды дӕр дӕхимӕ ма уадз. Апостол Павел фыста: «Кӕд, ӕцӕгдзинад бӕлвырд куы базыдтам, уый фӕстӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразӕм, уӕд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕндӕр нывонд хаст нал ӕрцӕудзӕн» (Дзуттӕгтӕм 10:26–31). Цӕй стыр бӕллӕх уаид, зонгӕ-зонын тӕригъӕд куы саразис, уӕд!

Адӕмы зӕрдиагӕй уарз

11, 12. Адӕмы куы уарзай, бинонты цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй куы кӕсай, уӕд дӕ уый хӕтындзинадӕй куыд бахиздзӕн?

11 Адӕмы куы уарзай, уӕд дӕхи бахъахъхъӕндзынӕ хӕтындзинадӕй (Матфейы 22:39). Ахӕм уарзондзинад дын хъахъхъӕндзӕн дӕ зӕрдӕ, цӕмӕй кӕйдӕр цардӕмбалмӕ ма бабӕллай. Дӕхи уымӕй куы нӕ хизай, уӕд дӕ уый хӕтындзинадмӕ ’ркӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 4:23; Йереми 4:14; 17:9, 10). Уӕдӕ иузӕрдион Иовы фӕзм. Иов йӕхицӕн уый бар нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ усӕй уӕлдай ӕндӕр сылгоймагмӕ йӕ хъус дардтаид (Иов 31:1).

12 Лӕг ӕмӕ усы цард Хуыцауы цӕсты табуйаг кӕй у, уый куы ’мбарай, уӕд дӕхи уӕззау тӕригъӕдӕй бахиздзынӕ. Бинонты цард, стӕй лӕг ӕмӕ ус ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый сын у Хуыцауӕй лӕвӕрд, цӕмӕй цот кӕной (Райдиан 1:26–28). Дӕ зӕрдыл дар, ӕрдон уӕнгтӕ кӕй сты ног удӕн цард раттынӕн, цард та Хуыцауы цӕсты у табуйаг. Хӕтгӕ чи кӕны, уыдон Хуыцаумӕ нӕ хъусынц, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уыцы хъуыддаг ӕгад кӕнынц, нӕ аргъ кӕнынц бинонты цардӕн, стӕй сӕхи буары тӕригъӕды дӕр цӕуынц (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Фӕлӕ адӕймаг Хуыцауы куы уарза ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕса, адӕмы дӕр куы уарза, уӕд ахӕм хъуыддаг нӕ сараздзӕн, цӕмӕй йӕ чырыстон ӕмбырдӕй ацух кӕной.

13. Хӕтаг адӕймаг, «зынаргъӕй йӕм цы ис, уый» куыд сафы?

13 Цы тӕригъӕдджын хъуыдытӕ нӕм фӕзыны, уыдон хъуамӕ нӕ сӕрӕй сурӕм, цӕмӕй нӕ уарзон адӕмы зӕрдӕтӕ ма фӕриссын кӕнӕм. Ӕмбисӕндты 29:3 дзуры: «Хӕтаг сылгоймӕгтимӕ чи лымӕн кӕны, уый фесафы, зынаргъӕй йӕм цы ис, уый». Йӕ рӕдыдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уый адард вӕййы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕ бинонтӕй. Ахӕм лӕджы усӕн ис бар, цӕмӕй дзы ахицӕн уа (Матфейы 19:9). Аххосджын лӕг уа ӕви ус, кӕй ахицӕн сты, уый стыр маст ӕрхӕссы ӕфхӕрд цардӕмбалӕн, сывӕллӕттӕн ӕмӕ иннӕтӕн. Уӕдӕ хӕтындзинад цытӕ расайы, уый нӕ хъуамӕ ма урома?

14. Ӕмбисӕндты 6:30–35 зондӕн райсӕн цы ис?

14 Хӕтындзинад цы зиан ӕрхӕссы, уый баххӕст кӕнӕн кӕй ницӕмӕй ис, уый ӕмбаргӕйӕ адӕймаг йӕхи хъуамӕ хъахъхъӕна ахӕм хиуарзон хъуыддагӕй. Ӕмбисӕндты 6:30, 31 фыст ис: «Адӕм сӕхи нӕ атигъ кӕнынц къӕрныхыл, ӕххормаг кӕй у, уый тыххӕй куы дава, уӕд». Фӕлӕ сӕ цӕсты ӕгад у, хӕтгӕ чи кӕны, уый, уымӕн ӕмӕ йӕм ӕвзӕр фӕндтӕ уыд. Ахӕм адӕймаг «йӕ уд [кӕнӕ йӕ цард] сафы» (Ӕмбисӕндты 6:32–35). Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ йӕ хъуамӕ маргӕ акодтаиккой (Левит 20:10). Хӕтгӕ чи кӕны, уый иннӕтӕн маст скӕны, йӕ монцты фӕдыл кӕй ацӕуы, уый тыххӕй. Йӕ тӕригъӕдыл фӕсмон чи нӕ кӕны, уый йӕхи ӕнӕхай фӕкӕны Хуыцауы уарзтӕй ӕмӕ йӕ сыгъдӕг чырыстон ӕмбырдӕй ацух кӕныныц.

Хуыцауы раз нӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд

15. Адӕймагӕн йӕ цӕсгом, «буар тӕвд ӕфсӕйнагӕй куы басудзынц, уӕд уый куыд ницыуал фембары, афтӕ» цӕй тыххӕй свӕййы?

15 Цӕмӕй нӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ тӕригъӕд аразыныл ма фӕцалх уӕм. Хъуамӕ дунейы ницӕйаг ӕгъдӕуттыл ма ныххӕцӕм, ӕмӕ лӕмбынӕг кӕсӕм, кӕимӕ лымӕн кӕнӕм, цы кӕсӕм ӕмӕ цы ирхӕфсӕнтӕ ’взарӕм, уыдӕттӕм. Павел фӕдзӕхста: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕджытӕ, ӕмӕ иуӕй-иутӕ уырнындзинады фӕндагӕй ахаудзысты, уымӕн ӕмӕ хъусдзысты, адӕймаджы зонд чи зыгъуыммӕ кӕны, ахӕм пехуымпар-ныхӕстӕм ӕмӕ хӕйрӕджыты ахуырӕдтӕм, ӕмӕ уый уыдзӕн, гӕдыныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны цӕстмӕ миты тыххӕй. Уыцы адӕймӕгтӕн сӕ цӕсгом у, буар тӕвд ӕфсӕйнагӕй куы басудзынц, уӕд уый куыд ницыуал фембары, афтӕ» (1 Тимофеймӕ 4:1, 2). Тӕвд ӕфсӕйнагӕй сыгъд буарыл цы нос баззайы, уый куыд ницыуал фембары, афтӕ свӕййы адӕймаджы ӕфсарм, цӕсгом дӕр. Не ’фсарм ахӕм уавӕры куы уа, уӕд нын нӕ иузӕрдиондзинад бахъахъхъӕнынӕн ницы ’ххуыс у, стӕй раст дин цӕй тыххӕй ныууадзӕм, ахӕм уавӕртӕй дӕр нӕ нӕ бахиздзӕн.

16. Афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа?

16 Нӕ ирвӕзындзинад баст у, не ’фсарм, нӕ цӕсгом сыгъдӕг у, ӕви нӕ, уыимӕ (1 Петры 3:21). Чырыстийы тугныккалдыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нӕ цӕсгом мард хъуыддӕгтӕй ссыгъдӕг вӕййы, «цӕмӕй удӕгас Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм» (Дзуттӕгтӕм 9:13, 14). Кӕд зонгӕ-зонын рӕдийӕм, уӕд нӕ цӕсгом сыгъдӕг нал уыдзӕн ӕмӕ Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы сыгъдӕг адӕмӕй дӕр нал уыдзыстӕм (Титмӕ 1:15). Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ цӕсгом йӕ разы сыгъдӕг уа.

Цӕй фӕрцы ма бахиздзынӕ дӕхи ӕвзӕрдзинадӕй

17. Хорз цӕмӕн у, алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсын?

17 Хуыцауы рагон лӕггадгӕнӕг Халевау, алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕс (Дыккаг закъон 1:34–36). Хуыцау дӕ цы домы, уый араз ӕмӕ «хӕйрӕджыты фынгӕй» макуы хӕр (1 Коринфӕгтӕм 10:21). Раст дин ма ныууадз. Аргъ кӕн, Йегъовӕ нӕ уырнындзинадӕн цы хӕринаг дӕтты, уымӕн. Ӕмӕ дӕ уӕд мӕнг ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ «уӕларвон фыдгӕнӕг тыхтӕ» сӕ зондыл нӕ акӕндзысты (Ефесӕгтӕм 6:12; Иудӕйы 3, 4). Сӕйрагдӕр дын уӕд Хуыцауы хъуыддӕгтӕ – ахуыр кӕн Библи, ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цу. Фидарӕй зон: алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсай ӕмӕ Хицауы хъуыддаг зӕрдиагӕй куы аразай, уӕд уыдзынӕ амондджын (1 Коринфӕгтӕм 15:58).

18. Йегъовӕйӕ куы тӕрсай, уӕд уый дӕ цардыл куыд зындзӕн?

18 Архай «лӕггад кӕнын, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ ӕмӕ йӕ нымайгӕйӕ» (Дзуттӕгтӕм 12:28). Йегъовӕйӕ куы тӕрсӕм, уӕд хивӕнд нӕ уыдзыстӕм. Уый нын ӕххуыс кӕндзӕн, Петр сӕрст чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн: «Кӕд, алы адӕймагӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон чи хӕссы, уыцы Фыдмӕ кувут, уӕд, цалынмӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы стут, уӕдмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ цӕрут» (1 Петры 1:17).

19. Хуыцауы Ныхасӕй цы базонай, уый ӕдзух ӕххӕст кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

19 Хуыцауы Ныхасӕй цы базонай, уый ӕдзух дӕ царды ӕххӕст кӕн. Уый дӕ бахъахъхъӕндзӕн уӕззау тӕригъӕдӕй, ӕмӕ уӕд бӕрӕг уыдзӕн, «йӕ зондӕй чи архайы ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта, уыдонӕй» кӕй дӕ (Дзуттӕгтӕм 5:14). Дӕ ныхӕстӕм ӕмӕ дӕхи куыд дарыс, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсыны бӕсты, хъуыды кӕн, цӕмӕй ӕмбаргӕ уай ӕмӕ ацы тӕссаг бонты «рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнай». «Ӕмбар, цӕй мидӕг ис Йегъовӕйы фӕндон» ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архай (Ефесӕгтӕм 5:15–17; 2 Петры 3:17).

20. Мах цы нӕу, уымӕ цӕуылнӕ хъуамӕ бӕллӕм?

20 Дӕхи хиз зыд ӕмӕ кӕрӕфӕй – дӕу цы нӕу, уымӕ ма бӕлл. Дӕс фӕдзӕхстӕй иу у: «Ма бабӕлл искӕй хӕдзармӕ. Ма бабӕлл искӕй усмӕ, нӕдӕр йӕ нӕлгоймаг-цагъармӕ, нӕдӕр йӕ сылгоймаг-цагъармӕ, нӕдӕр йӕ галмӕ, нӕдӕр йӕ хӕрӕгмӕ, цы йӕм ис, уымӕй ӕппындӕр мацӕмӕ бабӕлл» (Рацыд 20:17). Ацы закъон адӕймагӕн хъахъхъӕдта йӕ хӕдзар, йӕ усы, йӕ цагъарты, йӕ фос ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Фӕлӕ уымӕй ахсджиагдӕр та, Йесо загъта, зӕгъгӕ, дӕу цы нӕу, уымӕ бӕллын адӕймаджы чъизи кӕны (Марчы 7:20–23).

21, 22. Чырыстон йӕхи куыд хъуамӕ хъахъхъӕна, цӕмӕй йӕ фӕндты фӕдыл ма ацӕуа ӕмӕ тӕригъӕд ма сараза?

21 Дӕхи хъахъхъӕн, цӕмӕй дӕ фӕндты фӕдыл ма ацӕуай ӕмӕ тӕригъӕд ма саразай. Ахуыргӕнинаг Иаков загъта: «Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый. Уыцы фӕнд та уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ, ӕмӕ тӕригъӕд та, иугӕр ӕрцыд, уӕд ӕркӕны мӕлӕтмӕ» (Иаковы 1:14, 15). Зӕгъӕм, адӕймаг раздӕр фыднозт кодта, уӕд, чи зоны, ӕмӕ йӕ бафӕнда, цӕмӕй йӕ хӕдзары карз нуӕзт ма уа. Кӕнӕ ӕнӕгъдаудзинад саразынӕй тӕссаг куы уа, уӕд чырыстон, гӕнӕн ис, сфӕнд кӕна, цӕмӕй йӕ куысты йӕ бынат аива, йе та ӕндӕр куыстмӕ ацӕуа (Ӕмбисӕндтӕ 6:23–28).

22 Иу къахдзӕф дӕр ма скӕн тӕригъӕд саразынмӕ. Бинонтӕ скӕныны фӕнд дӕм куы нӕ уа, афтӕмӕй хъазӕн митӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыдытӕ кӕнынц хӕтындзинадмӕ. Адӕймаг гыццыл дӕр гӕдыныхӕстӕ кӕныныл куы фӕцалх уа, уӕд иу хатт стыр хъуыддаджы дӕр асайдзӕн ӕмӕ, чи зоны, уыцы тӕригъӕдджын хъуыддагыл дӕр ныххӕца. Кӕнӕ гыццыл истытӕ давын райдайа, ӕмӕ йӕм уый куыдфӕстагмӕ худинаг нал кӕсдзӕн ӕмӕ дзы къӕрных рауайдзӕн. Раст дины ныхмӕ цы хъуыдытӕ сты, уыдонмӕ адӕймаг куыдфӕндыйы цӕстӕй куы кӕса, уӕд, гӕнӕн ис, ӕппынфӕстаг Хуыцауы ныхмӕ дӕр рацӕуа (2 Фессалоникӕгтӕм 2:3; Раргомад 21:8).

Тӕригъӕд куы саразай, уӕд та?

23, 24. 2 Паралипоменон 6:29, 30 ӕмӕ Ӕмбисӕндтӕ 28:13 нын ныфсы хос куыд сты?

23 Адӕм иууылдӕр сты ӕнӕххӕст (Екклесиаст 7:20). Фӕлӕ кӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзтай, уӕд дын ныфсы хос уыдзысты, Соломон Йегъовӕйӕн кувӕндон куы нывонд кодта, уӕд кувгӕйӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон. «Цыфӕнды адӕймаг дӕр кӕнӕ дӕм дӕ адӕм Израил иууылдӕр куы кувой, кӕнӕ дӕ хорзӕх куы курой, (уымӕн ӕмӕ алчидӕр зоны йӕ маст ӕмӕ йӕ рыст), ӕмӕ ацы хӕдзармӕ йӕ къухтӕ куы иваза, уӕд ӕй ды фехъус уӕлӕрвтӕй, дӕ бынатӕй, ныххатыр ын кӕн ӕмӕ алкӕйдӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ схорзӕхджын кӕн, уымӕн ӕмӕ йын ды зоныс йӕ зӕрдӕ (уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ды зоныс адӕмы зӕрдӕтӕ)» (2 Паралипоменон 6:29, 30).

24 О, Хуыцау зӕрдӕтӕ зоны ӕмӕ хатыр кӕны. Ӕмбисӕндты 28:13 фыст ис: «Йӕ рӕдыдтытӕ чи ӕмбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн, чи сыл сӕтты ӕмӕ сӕ чи нал кӕны, уый та хатыргонд уыдзӕн». Йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ йӕ чи ныууадза, уымӕн Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ кӕд дӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ, уӕд ма дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнай?

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цы аразӕн ис, цӕмӕй нӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм?

• Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы кӕй уарзӕм, уый нӕ тӕригъӕдӕй куыд бахиздзӕн?

• Адӕмы ӕцӕг куы уарзӕм, уӕд нӕ уый куыд бахъахъхъӕндзӕн хӕтындзинадӕй?

• Адӕймагӕн йӕ бон куыд у йӕхи ӕвзӕрдзинадӕй бахизын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 11 фарсыл]

Иудӕ нын бамбарын кодта, Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай куыд ма фӕуӕм, уый

[Ныв 13 фарсыл]

Лӕг ӕмӕ ус куы ахицӕн вӕййынц, уӕд уый стыр маст ӕрхӕссы цардӕмбалӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн