Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы нысан кӕны хионы уарзын

Цы нысан кӕны хионы уарзын

Цы нысан кӕны хионы уарзын

«Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр» (МАТФЕЙЫ 22:39).

1. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый куыд ӕвдисӕм?

ЙЕГЪОВӔ йӕ лӕггадгӕнджытӕй цы домы? Ацы фарстӕн Йесо дзуапп радта, арф хъуыды кӕм ис, цалдӕр ахӕм хуымӕтӕг ныхасӕй. Уый загъта, ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕй у Йегъовӕйы уарзын ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ (Матфейы 22:37; Марчы 12:30). Амӕй размӕйы статьяйӕ куыд федтам, афтӕмӕй Хуыцауы уарзынмӕ хауы йӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы уарзӕм, йӕхӕдӕг нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй. Хуыцауы чи уарзы, уыдонӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын уаргъ нӕ, фӕлӕ зӕрдӕрухсы хос у (Псалом 39:9; 1 Иоанны 5:2, 3).

2, 3. Нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ ӕрдарӕм хионы уарзыны тыххӕй фӕдзӕхстмӕ ӕмӕ цавӕр фарстытӕ сӕвзӕрд уый фӕдыл?

2 Йесо куыд загъта, афтӕмӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхстытӕй дыккаг баст у фыццагимӕ: «Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр» (Матфейы 22:39). Ацы статьяйы нӕ хъус ӕрдардзыстӕм ацы фӕдзӕхстмӕ. Ныры дуджы адӕм уарзондзинадмӕ раст цӕстӕй нӕ кӕсынц, бирӕтӕ сты хиуарзон. Апостол Павел «фӕстаг бонты» тыххӕй куы фыста, уӕд дзырдта, адӕм кӕрӕдзи кӕй нал уарздзысты, фӕлӕ кӕй уарздзысты ӕрмӕстдӕр сӕхи, ӕхца ӕмӕ хиирхӕфсӕнтӕ. Бирӕ «бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал ис» (2 Тимофеймӕ 3:1–4). Йесо Чырысти дӕр дзырдта: «Бирӕтӕ... кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт уындзысты... Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн» (Матфейы 24:10, 12).

3 Бафиппайын хъӕуы уый, ӕмӕ Йесо афтӕ нӕ загъта, алкӕй уарзондзинад дӕр ӕруазал уыдзӕн. Йегъовӕ цы уарзондзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ цы уарзондзинады аккаг у, ахӕм уарзондзинад чи ӕвдисы, ахӕм адӕм алкӕддӕр уыд ӕмӕ уыдзӕн. Йегъовӕйы ӕцӕгӕй чи уарзы, уыдон архайынц, цӕмӕй адӕммӕ уый цӕстӕй кӕсой. Фӕлӕ чи у, кӕй хъуамӕ уарзӕм, уыцы хион? Куыд хъуамӕ уарзӕм хионы? Фыстад нын ӕххуыс кӕны ацы ахсджиаг фарстытӕн дзуапп раттынӕн.

Чи у мӕ хион?

4. Левиты 19 сӕрмӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕ кӕй хъуамӕ уарзтаиккой?

4 Йесо иу фарисейӕн загъта, ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхстытӕй дыккаг кӕй у, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр, зӕгъгӕ. Уымӕй йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцау Израилӕн цы закъон радта, уый. Фыст ис Левиты 19:18. Ацы сӕры ма загъд уыд, цӕмӕй израилӕгтӕ хиуӕттыл нымадтаиккой ӕрмӕст сӕхи адӕмы нӕ, фӕлӕ иннӕ адӕмты дӕр. 34 стихы кӕсӕм: «Уе ’хсӕн чи цӕры, уыцы ӕрцӕуӕггаг уын бынӕттон цӕрӕджы хуызӕн уӕд; уарз ӕй, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах дӕр уыдыстут ӕрцӕуӕггӕгтӕ Египеты зӕххы». Уӕдӕ израилӕгтӕ хъуамӕ уарзтаиккой, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдоны дӕр, ӕмӕ уӕлдайдӕр та дзуттаг дин чи райста, уыдоны.

5. Дзуттӕгтӕ хионы уарзын куыд ӕмбӕрстой?

5 Фӕлӕ Йесойы заманы дзуттаг разамонджытӕ афтӕ нӕ хъуыды кодтой. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой, «хӕлар» ӕмӕ «хион» кӕй ис схонӕн ӕрмӕстдӕр дзуттаджы. Дзуттаг чи нӕ уыд, уыдон та сын хъуамӕ ӕнӕуынон уыдаиккой. Уыцы ахуыргӕнджытӕ хӕст уыдысты ахӕм хъуыдыйыл: Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ ма ӕввӕрсой, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоныл. «Ахӕм уавӕрты,– дзырдӕуы иу чиныджы,– адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт ма уыдтаиккой, уый гӕнӕн нӕ уыд. Зын уыд, цӕмӕй адӕймаг уыцы зондӕй ма фӕхъӕстӕ уыдаид».

6. Йесо хионы уарзыны тыххӕй куы дзырдта, уӕд цавӕр дыууӕ хъуыддагмӕ ӕрдардта хъус?

6 Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды скодта ацы фарсты кой ӕмӕ бамбарын кодта, уарзын кӕй хъӕуы. Уый загъта: «Сымах фехъуыстат, афтӕ кӕй загъдӕуыд: „Уарз дӕ хионы, де знагӕй та де сӕфт уын“. Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты дӕр ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй. Уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстут уӕ уӕларвон Фыды фырттӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матфейы 5:43–45). Ам Йесо хъус ӕрдардта дыууӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг, Йегъовӕ рӕдау ӕмӕ зӕрдӕхӕлар у хорз адӕммӕ дӕр ӕмӕ ӕвзӕр адӕммӕ дӕр. Дыккаг, мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм.

7. Цы у нӕ бон зондӕн райсын хӕларзӕрдӕ самариаджы хабарӕй?

7 Ӕндӕр хатт та, закъон хорз чи зыдта, иу ахӕм дзуттаг лӕг Йесойы бафарста: «Мӕ хион та чи у?». Йесо йын радзырдта иу хабар. Иу дзуттаджы абырджытӕ фӕнадтой ӕмӕ йӕм цы уыд, уый йын байстой. Афтӕмӕй йӕ ссардта самариаг лӕг. Кӕд дзуттӕгтӕ самариӕгтӕй се сӕфт уыдтой, уӕддӕр ын самариаг лӕг йӕ цӕфтӕ бабаста ӕмӕ йӕ фысымуатмӕ фӕхӕццӕ кодта, цӕмӕй уым уыдаид, цалынмӕ не сдзӕбӕх уыдаид, уӕдмӕ. Ацы хабарӕй цы ис зондӕн райсӕн? Мах хъуамӕ уарзӕм алы адӕймаджы дӕр – ма йын кӕсӕм йӕ буары хуызмӕ, йӕ динмӕ ӕмӕ цавӕр адӕмыхаттӕй у, уымӕ (Лукайы 10:25, 29, 30, 33–37).

Цы нысан кӕны хионы уарзын?

8. Уарзондзинад куыд ӕвдисын хъуыд, уый тыххӕй Левиты 19 сӕры цы фыст ис?

8 Хионы уарзын, Хуыцауы уарзынау, ӕрмӕст ӕнкъарӕн нӕу. Уый бӕрӕг кӕны хъуыддӕгтӕй. Уӕдӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, Левиты 19 сӕры ма дзырд ноджыдӕр цӕуыл цӕуы, уымӕ. Фыст дзы ис, цӕмӕй Хуыцауы адӕм сӕхи куыд уарзынц, афтӕ уарзой хионы дӕр. Израилӕгтӕ-иу хъуамӕ мӕгуырты ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгты уагътаиккой сӕхицӕн, тыллӕгӕй-иу цы баззад, уый ӕмбырд кӕнын. Израилӕгтӕ хъуамӕ ма давдтаиккой, ма сайдтаиккой ӕмӕ хинӕй макӕуыл цыдаиккой. Исты хъуыддӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ хъулон макӕй кодтаиккой. Фӕлӕ-иу кӕд искӕй бафхӕрын дӕр хъуыд, уӕддӕр сӕ Закъон фӕдзӕхста: «Де ’фсымӕрмӕ фыдзӕрдӕ ма хӕсс». Ацы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр фӕдзӕхстытӕ загъд уыдысты иу цыбыр хъуыдыйадӕй: «Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз иннӕйы дӕр» (Левит 19:9–11, 15, 17, 18).

9. Йегъовӕ израилӕгтӕн цӕмӕн загъта, цӕмӕй сын иннӕ адӕмтимӕ иумӕйагӕй мацы уыдаид?

9 Израилӕгтӕ кӕд ӕндӕр адӕмты дӕр хъуамӕ уарзтаиккой, уӕддӕр сын хъуамӕ иумӕйагӕй мацы уыдаид, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдонимӕ. Йегъовӕ сӕ фӕдзӕхста, ӕвзӕр адӕмимӕ иу кӕнын тӕссаг кӕй уыд ӕмӕ сӕ цӕмӕ ӕркодтаид, уымӕй. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ цы адӕмты хъуамӕ фӕсырдтаиккой, уыдоны тыххӕй Йегъовӕ загъта: «Ма сӕ агурут хӕстӕгӕн. Мадӕр сын дӕ чызджы дӕтт йӕ фыртӕн, ӕмӕ сын мадӕр сӕ чызджы кур дӕ фыртӕн. Уымӕн ӕмӕ дын уыдон дӕ фырты мӕнӕй аздахдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕндзысты. Ӕмӕ дӕм уӕд Йегъовӕйы маст рафыцдзӕн» (Дыккаг закъон 7:3, 4).

10. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

10 Раст афтӕ чырыстӕттӕ дӕр сӕхи хизынц, сӕ уырнындзинадӕн сын зиан чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм адӕмӕй (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй чырыстон ӕмбырдӕй чи нӕу, уыцы ӕнӕуырнджытимӕ «нӕхи иу ӕфсондзы ма баифтындзӕм» (2 Коринфӕгтӕм 6:14, фип.). Уымӕй уӕлдай ма чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ цард иу кӕной, «Хицауыл чи ӕууӕнды», ӕрмӕст ахӕмтимӕ (1 Коринфӕгтӕм 7:39). Фӕлӕ хъуамӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй макуы кӕсӕм, Йегъовӕйыл чи не ’ууӕнды, уыдонмӕ. Чырысти амард тӕригъӕдджынты тыххӕй, ӕмӕ раздӕр цъаммар хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдонӕй бирӕтӕ сӕ цард фӕивтой ӕмӕ Хуыцауимӕ бафидыдтой (Ромӕгтӕм 5:8; 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11).

11. Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон уарзын куыд хъӕуы, уый иууыл хуыздӕр куыд ис ӕвдисӕн ӕмӕ цӕмӕн?

11 Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон уарзын куыд хъӕуы, уый тыххӕй ӕппӕты хуыздӕр у Йегъовӕйӕн йӕхи фӕзмын. Кӕд уый фыддзинадӕй йе сӕфт уыны, уӕддӕр алкӕйдӕр ӕнувыд уарзтӕй уарзы ӕмӕ алкӕмӕндӕр фадат дӕтты, цӕмӕй йе ’взӕр фӕндӕгтӕй раздӕха ӕмӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа (Иезекил 18:23). Йегъовӕйы фӕнды, «цӕмӕй иууылдӕр ӕрфӕсмон кӕной» (2 Петры 3:9). «Уый фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕймӕгтӕ дӕр, ӕцӕгдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тимофеймӕ 2:4). Йесо дӕр уымӕн бафӕдзӕхста йӕ фӕдылдзӕуджытӕн хъусын кӕнын, амонын ӕмӕ ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матфейы 28:19, 20). Ацы куыст кӕй кӕнӕм, уымӕй ӕвдисӕм, кӕй уарзӕм Хуыцауы ӕмӕ хиуоны, стӕй ма суанг не знӕгты дӕр!

Уарзӕм нӕ чырыстон ӕфсымӕрты

12. Ӕфсымӕрты уарзыны тыххӕй апостол Иоанн цы ныффыста?

12 Апостол Павел ныффыста: «Алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм, уӕлдайдӕр та, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтау кӕимӕ стӕм, уыдонӕн» (Галатӕгтӕм 6:10). Махӕн, чырыстӕттӕн, нӕ хӕс у уарзын не ’муырнджыты – нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты. Цас ахсджиаг у уыцы уарзт? Уый тыххӕй апостол Иоанн ныффыста: «Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у лӕгмар... Афтӕ чи зӕгъы, ӕз уарзын Хуыцауы, зӕгъгӕ, йе ’фсымӕрӕй та йе сӕфт чи уыны, уый сайгӕ кӕны. Уымӕн ӕмӕ, кӕй уыны, уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон нӕу, кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын» (1 Иоанны 3:15; 4:20). Куыд арф хъуыды ис ацы ныхӕсты. Йесо Чырысти «лӕгмар» ӕмӕ «мӕнгард» схуыдта Сайтан Хӕйрӕджы (Иоанны 8:44). Уӕдӕ мах афтӕ макуы мачи схонӕд!

13. Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

13 Ӕцӕг чырыстӕтты «Хуыцау йӕхӕдӕг сахуыр кодта сӕ кӕрӕдзийы уарзын» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:9). Мах «уарзӕм дзыхыныхасӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй, стӕй уӕд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (1 Иоанны 3:18). Нӕ уарзондзинад хъуамӕ уа ӕнӕхин (Ромӕгтӕм 12:9). Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй хӕлӕг ма кӕнӕм, нӕхицӕй ма ӕппӕлӕм, ӕнӕрвӕссон кӕнӕ хиуарзон ма уӕм, фӕлӕ уӕм хӕларзӕрдӕ, хатыргӕнаг, бирӕфӕразон ӕмӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарӕм (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5; Ефесӕгтӕм 4:32). Уарзондзинад нын амоны кӕрӕдзийӕн «цагъары лӕггад кӕнын» (Галатӕгтӕм 5:13). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзийы уарзой, уый сӕ куыд бауарзта, афтӕ (Иоанны 13:34). Уымӕ гӕсгӕ чырыстон хъуамӕ цӕттӕ уа, куы хъӕуа, уӕд йе ’фсымӕрты тыххӕй йӕ цард раттынмӕ дӕр.

14. Куыд у нӕ бон уарзондзинад ӕвдисын бинонты ’хсӕн?

14 Уарзондзинад хъуамӕ бӕрӕг уа чырыстон бинонты ’хсӕн, сӕйраджыдӕр та лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд хъуамӕ уой, уый тыххӕй Павел загъта: «Лӕгтӕ... сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты.– Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта,– йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр» (Ефесӕгтӕм 5:28). Павел ацы уынаффӕ ногӕй сфӕлхат кодта фондз стих дӕлдӕр. Йӕ усы чи уарзы, уыцы лӕг нӕ фӕзмдзӕн Малахийы бонты цӕрӕг израилӕгты, сӕ устытыл гадзрахатӕй чи цыд, уыдоны (Малахи 2:14). Уый йын стыр аргъ кӕндзӕн. Уарздзӕн ӕй, Чырысти ӕмбырд куыд бауарзта, афтӕ. Уарзондзинад усы дӕр разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ лӕджы нымайа (Ефесӕгтӕм 5:25, 29–33).

15. Ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзи куыд уарзынц, уый фенгӕйӕ иуӕй-иутӕ цы бакӕнынц?

15 Ахӕм уарзондзинадӕй ис базонӕн ӕцӕг чырыстӕтты. Йесо загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа» (Иоанны 13:35). Кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уый адӕм куы фенынц, уӕд сӕ бафӕнды, мах кӕй уарзӕм ӕмӕ кӕй номӕй дзурӕм, уыцы Хуыцауы базонын. Зӕгъӕм, Мозамбикӕй иу чырыстон бинонтӕ ныффыстой: «Ахӕм диссаг никуыма федтам. Фӕссихор тыхдымгӕ сыстад, уый фӕстӕ райдыдта тӕрккъӕвда ӕмӕ их ныккалдта. Тыхдымгӕ нын нӕ хъӕзӕй арӕзт хӕдзар ныппырх кодта ӕмӕ, йӕ сӕр цы зестытӕй ӕмбӕрзт уыди, уыдон ахаста. Иннӕ ӕмбырдтӕй нӕм не ’фсымӕртӕ куы ӕрбацыдысты ӕмӕ нын нӕ хӕдзар куы сарӕзтой, уӕд нӕ сыхӕгты дисӕн кӕрон нал уыд. Уыдон загътой: „Уӕ дин тынг хорз дин у. Махӕн нӕ аргъуан афтӕ никуы баххуыс кодта“. Уӕд сын Библийӕ равдыстам Иоанны 13:34, 35. Ныр нӕ сыхӕгтӕй бирӕтӕ ахуыр кӕнынц Библи».

Уарзӕм алы адӕймаджы дӕр

16. Цӕмӕй хицӕн кӕнынц адӕмы ӕмткӕй уарзын ӕмӕ алы адӕймаджы дӕр уарзын?

16 Адӕмы ӕмткӕй райсгӕйӕ уарзын зын нӕу. Фӕлӕ алы адӕймаджы дӕр уарзын арӕх ӕнцон нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕн се стырдӕр уарзондзинад у хӕрзаудӕн организацитӕн мысайнӕгтӕ раттын. Ӕцӕгдӕр, бирӕ ӕнцондӕр у зӕгъын хиуоны уарзын, зӕгъгӕ, фӕлӕ ӕнцон нӕу уарзын, чи нӕ нӕ уарзы, уыцы ӕмкусӕджы, чи нӕ смӕсты кӕны, уыцы хӕлары йе та зындзӕрӕн сыхаджы.

17, 18. Йесо куыд ӕвдыста алы адӕймаджы дӕр кӕй уарзы ӕмӕ уый цӕмӕн арӕзта?

17 Алы адӕймаджы дӕр уарзын куыд хъӕуы, ууыл ахуыр кӕнӕм Йесойӕ. Уый алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта Хуыцауы. Йесо зӕхмӕ ӕрцыд дуне ӕгасӕй дӕр йӕ тӕригъӕдтӕй ссӕрибар кӕнынмӕ. Фӕлӕ бӕрӕг у, Йесо кӕй уарзта алы адӕймаджы дӕр: рынчын сылгоймаджы, хъотырджыны, сывӕллоны (Матфейы 9:20–22; Марчы 1:40–42; 7:26, 29, 30; Иоанны 1:29). Афтӕ мах дӕр, хиуоны кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм, алы бон дӕр нӕ фарсмӕ чи ис, уыдонӕн куыд стӕм, уымӕй.

18 Фӕлӕ хъуамӕ макуы рох кӕнӕм, хиуоны уарзын Хуыцауы уарзынимӕ баст кӕй у. Йесо мӕгуыртӕн ӕххуыс кодта, рынчынты дзӕбӕх кодта, ӕххормӕгты ӕфсӕста ӕмӕ бирӕты ахуыр кодта сӕйраджыдӕр уый тыххӕй, цӕмӕй Йегъовӕимӕ бафидыдтаиккой (2 Коринфӕгтӕм 5:19). Йесо уарзта Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт дӕр арӕзта йӕ кадӕн, рох дзы никуы уыд, йӕ номӕй кӕй дзырдта ӕмӕ йын йӕ миниуджытӕ кӕй хъуамӕ ӕвдыстаид, уый (1 Коринфӕгтӕм 10:31). Йесойы фӕзмгӕйӕ, махӕн дӕр нӕ бон у хиуоны сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уарзын ӕмӕ архайын, цӕмӕй нын ацы фыддунеимӕ иумӕйагӕй мацы уа.

Нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ куыд ис хиуоны дӕр уарзӕн?

19, 20. Цы нысан кӕны, нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ уарзӕм иннӕты дӕр?

19 Йесо загъта: «Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр». Алы адӕймаг дӕр йӕхиуыл кӕй хъуыды кӕны ӕмӕ йӕхицӕн кӕй аргъ кӕны, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд ацы фӕдзӕхстӕн тых нӕ уыдаид. Ахӕм уарзондзинадӕн иумӕйагӕй ницы ис, апостол Павел 2 Тимофеймӕ 3:2 цы хиуарзондзинады кой кодта, уыимӕ. Уый у, адӕймаг йӕхимӕ раст цӕстӕй куы кӕса ӕмӕ йӕхицӕн куы аргъ кӕна. Иу библииртасӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ уый у «ӕмбӕлон уарзондзинад, ӕмӕ йӕхи йеддӕмӕ чи никӕй уарзы, кӕнӕ йӕхи зӕххӕй сисыны аккагыл чи нӕ нымайы, ахӕм нӕу».

20 Нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ иннӕты дӕр уарзын уый нысан кӕны, ӕмӕ иннӕтӕн стӕм, нӕхи куыд фӕнды, цӕмӕй нын иннӕтӕ уой, афтӕ. Йесо загъта: «Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Матфейы 7:12). Ам Йесо афтӕ нӕ загъта, цӕмӕй ӕппынӕдзух нӕ зӕрдыл дарӕм, иннӕтӕ нын раздӕр цы бакодтой, уый, ӕмӕ сӕ нӕ маст исӕм. Фӕлӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, нӕхӕдӕг иннӕтӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ууыл ӕмӕ мах дӕр афтӕ кӕнӕм. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕ ӕрмӕст хӕлӕрттӕм ӕмӕ чырыстон ӕфсымӕртӕм кӕй нӕ хауынц. Дзырд «адӕмӕй», ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй спайда кодта, цӕмӕй афтӕ уӕм алкӕмӕдӕр.

21. Адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕй цы ӕвдисӕм?

21 Хионы куы уарзӕм, уӕд нӕ уый ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй хъахъхъӕндзӕн. Апостол Павел ныффыста: «Закъоны мӕнӕ ацы фӕдзӕхстытӕн, зӕгъгӕ, „ма хӕт“, „ма амар“, „ма адав“, „хӕлӕг ма кӕн“, стӕй иннӕ фӕдзӕхстытӕн дӕр, сӕ хъуыды ацы ныхӕсты ис: „Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр“. Чи уарзы, уый иннӕмӕн ӕвзӕрдзинад никуы сараздзӕн» (Ромӕгтӕм 13:9, 10). Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕндзӕн иннӕтӕн хорздзинад кӕнынмӕ. Адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕй ӕвдисӕм, кӕй уарзӕм Йегъовӕ Хуыцауы дӕр – адӕмы йӕхимӕ гӕсгӕ чи сфӕлдыста, уый (Райдиан 1:26).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Кӕй хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ цӕмӕн?

• Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны нӕ бон куыд у уарзын?

• Не ’фсымӕрты куыд хъуамӕ уарзӕм, уый тыххӕй Библи цы дзуры?

• Цы нысан кӕны, нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ уарзӕм хиуоны дӕр?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 26 фарсыл]

«Мӕ хион та чи у?»

[Ныв 27 фарсыл]

Йесо уарзта алы адӕймаджы дӕр