Амонд дӕумӕ гӕсгӕ цы у?
Амонд дӕумӕ гӕсгӕ цы у?
БИРӔТӔ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уый хуызӕн брокер никуыма уыд. Дзырд цӕуы Джесси Ливермурыл. Йӕ ном хъуыстгонд уыд, йӕ куысты хъуыддӕгты кӕй никуы рӕдыд, уымӕй. Уый фӕрцы Ливермур сси тынг хъӕздыг. Дзаумӕттӕ йын хуыдтой ӕппӕты хуыздӕр хуыйджытӕ. Цард, 29 уаты кӕм уыд, ахӕм хӕдзары. Ласгӕ та йӕ кодтой зынаргъ сау Роллс-Ройсыл.
Дейвид * дӕр цыд раст ахӕм фӕндагыл. Уый уыд стыр компанийы президенты хӕдивӕг ӕмӕ сӕйраг менеджер. Фидӕны гӕнӕн ис, ӕмӕ суыдаид компанийы филиалтӕй иуы президент. Бирӕ ӕхца кӕй куыста ӕмӕ йын адӕм кӕй кад кодтой, уый йӕ зӕрдӕмӕ цыд. Фӕлӕ Дейвид сфӕнд кодта йӕ куыст ныууадзын. «Зонын ӕй, хицауы куыст никуыуал кӕндзынӕн»,– загъта Дейвид. Куыд дӕм кӕсы, Дейвид раст бакодта?
Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ амонд хъӕздыгдзинадӕй, кадӕй кӕнӕ стыр номӕй кӕнгӕ у. Фӕлӕ вӕййы афтӕ, ӕмӕ хъӕздгуытӕн дӕр цыдӕр нӕ фӕфаг кӕны, сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ нӕ фӕрайы ӕмӕ цӕмӕн цӕрынц, уый нӕ фӕзонынц. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ уыд йӕ хабар Ливермурӕн дӕр. Кӕд хъӕздыг уыд, уӕддӕр зӕрдӕрыст, бӕллӕхтӕ ӕмӕ мастӕй хызт нӕ уыд. Арӕх-иу йӕхимӕ ныхъхъуыста, цалдӕр усы аивта, йӕ фырттимӕ ӕцӕгӕлӕттӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Ӕппынфӕстаг йӕ исбонӕн йӕ фылдӕр хай фесӕфт. Иу бон куы уыд, уӕд зынаргъ рестораны бадт ӕмӕ йӕхиуыл куыдта. Нуӕзт ӕрбахӕссын кодта, йӕ
сӕракцъар фыссӕн чиныг систа ӕмӕ дзы цыдӕртӕ афыста. Уыдон уыдысты йӕ фӕстаг ныхӕстӕ йӕ усмӕ. Йӕ агуывзӕ кӕронмӕ куы бануӕзта, уӕд талынггомау гардеробмӕ бацыд ӕмӕ йӕхи фехста.Адӕймаг йӕхи цӕмӕн амары, уымӕн кӕд бирӕ аххосӕгтӕ вӕййы, уӕддӕр ацы хабарӕй бӕрӕг у, Библийы ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Кӕй фӕнды, цӕмӕй схъӕздыг уа, уыдон... сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкодтой» (1 Тимофеймӕ 6:9, 10).
Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ амонд хъӕздыгдзинадӕй, стыр бынатӕй ӕмӕ стыр номӕй чи бары, уыдон рӕдийгӕ кӕнынц? Дӕхи амондджын адӕймагыл нымайыс? Цӕмӕн? Дӕумӕ гӕсгӕ амонд цӕмӕй кӕнгӕ у? Амонд цы у, уымӕ кӕй цӕстӕй кӕсыс? Иннӕ статьяйы дзырд цӕуы, милуангай адӕймӕгтӕ амондджын цы уынаффӕты фӕрцы сты, уыдоныл. Никуы ничи фӕфӕсмон кодта, уыцы уынаффӕтӕй кӕй пайда кодта, ууыл. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ ды дӕр амондджын уай.
[Фиппаинаг]
^ 3 абз. Ном ивд у.