Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ бон у, ӕмӕ амондджын уай

Дӕ бон у, ӕмӕ амондджын уай

Дӕ бон у, ӕмӕ амондджын уай

НЫЙЙАРДЖЫТӔ сӕ сывӕллӕттыл куыд фӕтыхсынц ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ амонд куыд фӕзӕгъы, афтӕ нӕ уӕларвон Фыд дӕр тыхсы махыл ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм. Кӕй ныл ауды, уымӕ гӕсгӕ нын ӕмбарын кӕны, амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый. Ӕцӕгдӕр, Хуыцау цы дзуры, уымӕ чи хъусы, ахӕм адӕймаджы тыххӕй Библи зӕгъы: «Ӕмӕ йын ӕппӕт, уый цы кӕны, бантысдзӕн» (Псалом 1:3).

Уӕдӕ кӕд уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд бирӕтӕ амондджын цӕуылнӕ сты ӕмӕ сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ цӕуылнӕ райы? Ацы псаломмӕ лӕмбынӕгдӕр куы ӕркӕсӕм, уӕд нӕ фарстӕн дзуапп ссардзыстӕм ӕмӕ базондзыстӕм, махӕн дӕр нӕ бон куыд у, ӕмӕ амондджын уӕм.

«Ӕнӕрӕстыты уынаффӕ»

Псаломзарӕггӕнӕг фӕдзӕхсы, куыд тӕссаг у «ӕнӕрӕстыты уынаффӕмӕ» хъусын (Псалом 1:1). Фыццаджыдӕр «ӕнӕраст», «хинӕйдзаг» схонӕн кӕй ис, уый у Сайтан Хӕйрӕг (Матфейы 6:13). Фыстад нын зӕгъы, уый кӕй у «ацы дунейы хицау», стӕй «ӕгас дуне... [кӕй] ис Фыдбылызы къухы» (Иоанны 16:11; 1 Иоанны 5:19). Уӕдӕ диссаг нӕу, дунейы цы уынаффӕтӕ ис фехъусӕн, уыдонӕн сӕ фылдӕры уыцы хинӕйдзаджы зондахаст кӕй зыны.

Цавӕр уынаффӕтӕ дӕттынц ӕнӕрӕстытӕ? Фыццаджыдӕр, ӕнӕрӕстытӕ ӕнӕрвӕссон кӕнынц Хуыцауыл (Псалом 9:34). Сӕ уынаффӕтӕ адӕмы ахӕм зондыл аразынц, цӕмӕй Хуыцауы ӕппындӕр мацӕмӕ дарой кӕнӕ та йыл ӕнӕрвӕссон кӕной. Ӕмӕ ахӕм уынаффӕтӕ фехъусӕн ис алы къахдзӕфыл дӕр. Абоны дуне цырен кӕны «тӕригъӕдджын буары монцтӕ, цӕстыты монцтӕ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын» (1 Иоанны 2:16). Телевизоры, радиойы ӕмӕ нын газетты ӕдзух ахӕм хъуыдытӕ хъарынц, цӕмӕй мулкыл суӕм – «цардӕй, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый ис», зӕгъгӕ. Ӕнӕхъӕн дунейы алы аз дӕр фирмӕтӕ рекламӕтыл хардз кӕнынц 500 миллиард доллӕрӕй фылдӕр, цӕмӕй адӕмы сцыбӕл кӕной сӕ товартӕ балхӕнынмӕ – хъӕуынц сӕ ӕви нӕ, уӕддӕр. Ӕмӕ рекламӕ адӕмыл ӕрмӕст афтӕ нӕ фӕзынд, ӕмӕ фылдӕр цыдӕртӕ ӕлхӕнын райдыдтой. Уый аивта дунейы цӕстӕнгас амондмӕ.

Ӕмӕ кӕд бирӕтӕм, цалдӕр азы размӕ ӕрмӕст бӕлгӕ кӕмӕ кодтой, абон уыцы дзаумӕттӕ ис, уӕддӕр ма ноджы цӕуылдӕрты зыд кӕнынц. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕнӕ уыцы дзаумӕттӕй амондджын нӕ уыдзысты ӕмӕ цардӕй фӕстейӕ баззайдзысты. Ахӕм зондахаст раст нӕу, уымӕн ӕмӕ «Фыдӕй [нӕ], фӕлӕ... ацы дунейӕ» у (1 Иоанны 2:16).

Не Сфӕлдисӕг зоны, ӕцӕг амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый. Йӕ уынаффӕтӕ тынг хицӕн кӕнынц «ӕнӕрӕстыты уынаффӕтӕй». Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы хорзӕх ссарыныл архайын дӕр ӕмӕ, дуне амонды фӕндаг цы хоны, ууыл цӕуын дӕр у уыциу рӕстӕг дыууӕ алыхуызон фӕндагыл цӕуынау. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Уӕдӕ диссаг нӕу, Библи нӕ кӕй фӕдзӕхсы: «Ацы дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ мауал цӕрут»! (Ромӕгтӕм 12:2).

Дуне дӕ йӕхи хуызӕн ма скӕнӕд

Сайтаны къухы цы дуне ис, уый алцыдӕр ахӕм хуызы ӕвдисы, цыма йӕ нӕ хорздзинад фӕнды. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм. Сайтан фӕсайдта фыццаг сылгоймаджы, Евӕйы, цӕмӕй йӕ хиуарзон фӕндтӕ йӕ къухы бафтыдаиккой. Уый фӕстӕ Евӕйы фӕрцы Адамы дӕр тӕригъӕды фӕндагмӕ ’ркодта. Афтӕ абон дӕр Сайтан йӕ хинӕйдзаг хъуыдытӕ хъарынӕн пайда кӕны адӕмӕй.

Зӕгъӕм, фыццаг статьяйы цы Дейвиды кой кодтам, уый арӕх хъуыдис фӕскуыст кусын ӕмӕ командировкӕты цӕуын. «Ацыдтӕн-иу къуырисӕры сӕумӕрайсомӕй, фӕстӕмӕ та-иу ӕрбаздӕхтӕн цыппӕрӕмы изӕрӕй»,– дзуры Дейвид. Йе ’мбӕлттӕ, йе ’мкусджытӕ ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕ ӕмбӕрстой, цӕмӕй ацы дунейы «цардӕй фӕстейӕ ма баззадаид», уый тыххӕй йӕ кӕй хъуыд афтӕ бирӕ фыдӕбон кӕнын, ӕмӕ йын дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, «дӕ бинонтыл хъуыды кӕн» ӕмӕ дӕ куыст ма ныууадз. Дзырдтой йын, уыйбӕрц кусын ӕй кӕй хъӕудзӕн ӕрмӕст цалдӕр азы – цалынмӕ йӕ бынаты не ’рфидар уа, уӕдмӕ. Дейвид дзуры: «Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ афтӕ уад, мӕ бинонтӕн уый хуыздӕр кӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд фылдӕр ӕхца истаин ӕмӕ мӕ цард хуыздӕр уыдаид. Кӕд мӕ мӕ ус ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕ стӕм хатт йеддӕмӕ нӕ уыдтаиккой, уӕддӕр ме ’мбӕлттӕ иууылдӕр ӕмдзырд кодтой: „Дӕ бинонтӕ кӕй ницы цух сты, уый ахсджиагдӕр у“». Дейвидау бирӕтӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц, цӕмӕй, куыд сӕм кӕсы, афтӕмӕй сӕ бинонтӕ мацы хъуаг ӕййафой. Фӕлӕ адӕймаг ахӕм уынаффӕтӕм куы фӕхъусы, уӕд цымӕ амондджындӕр вӕййы? Бинонты сӕйраджыдӕр цы хъӕуы?

Дейвид уый бамбӕрста, иу хатт командировкӕйы куы уыд, уӕд. «Мӕ чызг Анжеликӕимӕ телефонӕй ныхас кодтон ӕмӕ мын ӕвиппайды афтӕ куы бакӕнид: „Па, хӕдзары немӕ цӕуылнӕ вӕййыс? Нӕ дӕ фӕнды?“ Мӕ зӕрдӕ куыннӕ ныккӕрзыдтаид». Йӕ чызгӕй уыцы ныхас куы фехъуыста, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бафӕндыд йӕ куыст ныууадзын. Дейвид аскъуыддзаг кодта, йӕ бинонтӕн кӕй ратдзӕн, сӕйраджыдӕр сӕ цы хъуыд, уый – сӕ фарсмӕ уыдзӕн.

Хуыцауы уынаффӕтӕм хъус, ӕмӕ амондджын уай

Цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй нын ацы дуне нӕ зонд ма сзыгъуыммӕ кӕна? Псаломзарӕггӕнӕг дзуры, амондджын ахӕм адӕймаг кӕй у, «Хицауы закъоны йӕ фӕндон [кӕмӕн ис], ӕмӕ Уый закъоныл [чи] хъуыды кӕны... ӕхсӕвӕй-бонӕй» (Псалом 1:2).

Хуыцау Йесо Навины израилӕгты разамонӕгӕй куы снысан кодта, уӕд ын загъта: «[Хуыцауы Ныхас] дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс ӕхсӕвӕй-бонӕй». О, Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын ӕнӕмӕнг хъуыддаг уыд, фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йесо Навины хъуыд, «цы фыст [дзы] уыдис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнын». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи ӕрмӕст кӕсгӕ куы кӕнай, уӕд амондджын нӕ фестдзынӕ. Цы кӕсыс, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕргӕ дӕр кӕнай. Йегъовӕ Йесо Навинӕн загъта: «Ӕрмӕст афтӕмӕй уыдзысты дӕ хъуыддӕгтӕ раст ӕмӕ ӕрмӕст афтӕмӕй архайдзынӕ зондӕй» (Йесо Навин 1:8).

Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн ахӕм ныв: сывӕллон йӕ фыды хъӕбысы бады ӕмӕ иумӕ сӕ уарзон чиныг кӕсынц. Сывӕллоны цӕсгомыл хъазы мидбылхудт. Кӕд уыцы чиныг арӕх фӕкӕсынц, уӕддӕр бирӕ уарзынц, иумӕ куы вӕййынц, уый. Уӕдӕ Хуыцауы чи уарзы, ахӕм адӕймагӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы алы бон дӕр Библи кӕсын – уыцы рӕстӕг вӕййы йӕ уӕларвон Фыдимӕ. Уый хъусы Йегъовӕйы уынаффӕтӕм ӕмӕ разамындмӕ, ӕмӕ свӕййы «куыд бӕлас, цӕугӕдоны цур сагъд, кӕцы ӕрхӕссы йӕ дыргъ йӕхи афон, ӕмӕ кӕцыйы сыф не руайы; ӕмӕ йын ӕппӕт уый цы кӕны, бантысдзӕн» (Псалом 1:3).

Псаломзарӕггӕнӕг цы бӕласы кой кӕны, уый йӕхӕдӕг йӕхигъӕдӕй нӕ зайы. Доны был ӕй ныссагъта ӕмӕ йӕм зилы дыргъдонгӕс. Нӕ уӕларвон Фыд дӕр нын нӕ зондахаст, Фыстады цы уынаффӕтӕ ис, уыдоны руаджы афтӕ раст кӕны. Афтӕмӕй амондджындӕр кӕнӕм ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм дыргъ хӕссӕм.

Фӕлӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты хабар ӕндӕрхуызон у. Ӕнӕуи сын, чи зоны, ӕмӕ нырма бирӕ ӕнтысы, фӕлӕ сӕм фӕстагмӕ хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уыдон «фӕцуддзысты... тӕрхоны». «Ӕнӕрӕстгӕнджыты фӕндаг... фесӕфдзӕн» (Псалом 1:4–6).

Уӕдӕ ма бауадз, цӕмӕй дын дуне бандава дӕ нысӕнттыл ӕмӕ, цӕмӕн аргъ кӕныс, ууыл. Чи зоны, стыр курдиӕтты хицау дӕ ӕмӕ дӕ бон бауаид ацы дунейы дӕхицӕн ном скӕнын. Фӕлӕ лӕмбынӕг кӕс, дӕ курдиӕттӕй дӕхӕдӕг куыд пайда кӕныс кӕнӕ дын сӕ дуне куыд пайда кӕны, уымӕ. Адӕймаг йӕ цард, фылдӕр ӕхца куыд бакуса, ахӕм ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл куы скӕна, уӕд «баруайдзӕн», ома бахус уыдзӕн. Фӕлӕ Хуыцауы хӕлар куы уа, уӕд ӕцӕгдӕр уыдзӕн амондджын.

Дӕ бон у, ӕмӕ амондджын уай

Адӕймаг Хуыцауы уынаффӕтӕм куы хъуса, уӕд ын ӕппӕт дӕр цӕмӕн бантыстдзӕн, ома амондджын цӕмӕн уыдзӕн? Псаломзарӕггӕнӕг, ацы дуне амондыл цы нымайы, уый кой нӕ кӕны. Хуыцауӕн кувӕг адӕймагӕн амонд баст у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынимӕ. Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та фыдӕнхъӕл никуы фӕвӕййы. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын амондӕн цы ’ххуыс у, уымӕ.

Бинонтӕ. Фыстад лӕгты фӕдзӕхсы, цӕмӕй «сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ... уарзой сӕ устыты», усӕн та дзуры, цӕмӕй «йӕ лӕджы нымайа» (Ефесӕгтӕм 5:28, 33). Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтӕн рӕстӕг арой, семӕ «худой» ӕмӕ сӕ ахуыр кӕной, царды ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттыл (Дыккаг закъон 6:6, 7; Екклесиаст 3:4). Хуыцауы Ныхас ма ныййарджытӕн дӕтты ахӕм уынаффӕ дӕр: «Уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут». Ныййарджытӕ ацы уынаффӕ сӕ зӕрдыл куы фӕдарынц, уӕд сывӕллонӕн ӕнцондӕр вӕййы «йӕ ныййарджытӕм хъусын» ӕмӕ «нымайын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады» (Ефесӕгтӕм 6:1–4). Бинонтӕ ацы уынаффӕйӕ куы пайда кӕной, уӕд сӕ цард уыдзӕн хуыздӕр.

Ӕмбӕлттӕ. Ӕмбал кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм адӕймӕгтӕ стӕм сты. Афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй искӕй уарзӕм, ӕмӕ нын нӕхи дӕр исчи уарза. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, кӕй хъуамӕ «уарзой сӕ кӕрӕдзийы» (Иоанны 13:34, 35). Уыдоны ’хсӕн мах ссарӕм, суанг нӕ сусӕг хъуыдытӕ ӕмӕ ’нкъарӕнтӕ дӕр кӕуыл феууӕндӕм, ахӕм ӕввахс хӕлӕрттӕ (Ӕмбисӕндтӕ 18:24). Фӕлӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ нӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы аразӕм. Уӕд «баввахс уыдзыстӕм Хуыцаумӕ» ӕмӕ Авраамау суанг «Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ» дӕр суыдзыстӕм (Иаковы 2:23; 4:8).

Адӕймаг цӕмӕн цӕры. Цӕмӕн цӕрынц, уый чи нӕ зоны, уыдонӕй уӕлдай ӕцӕг амондджын сты, цӕй тыххӕй цӕрынц, уый чи базыдта, уыцы адӕм. Уыдон сӕ цард абоны тӕссонд цардӕвӕрды уагӕвӕрдты бындурыл нӕ аразынц. Цӕмӕ тырнынц, уый сын сӕ зӕрдӕтӕ дзаг кӕны ӕцӕг ӕмӕ ӕгӕрон циндзинадӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ хъарутӕ сарӕзтой, царды ӕппӕты сӕйрагдӕр цы у, уымӕ. Уӕдӕ адӕймаг цӕмӕн цӕры? «Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн. Уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс» (Екклесиаст 12:13).

Ныфс. Хуыцау нӕ хӕлар куы уа, уӕд нын уый ныфс дӕтдзӕн фидӕнӕн дӕр. Апостол Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй «сӕ зӕрдӕ дарой, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл нӕ, фӕлӕ... Хуыцауыл». Афтӕмӕй уыдон ӕмбырд кодтаиккой, «чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм хӕзна – фидӕнӕн хорз бындур, цӕмӕй фидар ныххӕцой ӕцӕг цардыл» (1 Тимофеймӕ 6:17–19). Уыцы ӕцӕг цард уыдзӕн тагъд, Хуыцауы уӕларвон Паддзахад зӕххӕй фӕстӕмӕ Дзӕнӕт куы скӕна, уӕд (Лукайы 23:43).

Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ зындзинӕдтӕй хызт уыдзынӕ, фӕлӕ афтӕмӕй дӕхи хъахъхъӕндзынӕ, ӕнӕрӕстытӕ сӕхицӕн кӕй скӕнынц, бирӕ ахӕм зӕрдӕрыстытӕ ӕмӕ мӕстытӕй. Уӕлдӕр цы Дейвиды кой кодтам, уый, ӕмӕ ма ноджыдӕр милуантӕ бамбӕрстой, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куыд хорз у, уый. Дейвид ссардта, къаддӕр рӕстӕг кусын кӕм хъуыд, ахӕм куыст. Уый зӕгъы: «Ӕз тынг цин кӕнын, мӕ ус ӕмӕ мӕ сывӕллӕттимӕ куыд лымӕн стӕм, стӕй мӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймагӕй кӕй снысан кодтой, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнын, ууыл». Уӕдӕ диссаг нӕу, Хуыцауы уынаффӕтӕм чи хъусы, ахӕм адӕймаджы тыххӕй псаломы афтӕ фыст кӕй ис: «Ӕппӕт уый цы кӕны, [уый йын] бантысдзӕн»!

[Таблицӕ 6 фарсыл]

ФОНДЗ КЪАХДЗӔФЫ АМОНДМӔ

1 Цардмӕ дунейы цӕстӕй ма кӕс.

Псалом 1:1; Ромӕгтӕм 12:2

2 Алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас кӕс ӕмӕ йыл хъуыды кӕн.

Псалом 1:2, 3

3 Дӕ цард араз Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ.

Йесо Навин 1:7–9

4 Хуыцауы хӕлар су.

Иаковы 2:23; 4:8

5 Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй; ӕххӕст ын кӕн йӕ фӕдзӕхстытӕ.

Екклесиаст 12:13

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уыдӕттӕ аразыс?