Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у»

«Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у»

«Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у»

«Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у. Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны» (СОФОНИ 1:14).

1, 2. а) Чырыстӕттӕ цавӕр бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц? ӕ) Цавӕр фарстытӕн хъуамӕ базонӕм дзуапп ӕмӕ цӕмӕн?

ЧЫЗГ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ чындзӕхсӕвы бонмӕ. Сывӕрджын сылгоймаг ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ сывӕллоны райгуырдмӕ. Куыствӕллад адӕймаг ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ улӕфты рӕстӕгмӕ. Ацы ӕртӕ адӕймаджы цы иу кӕны? Се ’ппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц цавӕрдӕр бонмӕ – сӕ цардыл чи фӕзындзӕн, ахӕм бонмӕ. Алкӕмӕ дӕр дзы алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ ис. Фӕлӕ цы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый ӕппынфӕстаг ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йе ’рцыдмӕ уыдзысты цӕттӕ.

2 Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр абон зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц иу бонмӕ. Уый у Йегъовӕйы стыр бон (Исай 13:9; Иоил 2:1; 2 Петры 3:12). Цы у Йегъовӕйы бон ӕмӕ йе ’рцыд адӕмыл куыд фӕзындзӕн? Йе ’рцыдмӕ цӕттӕ кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Хъуамӕ абон базонӕм ацы фарстытӕн дзуапп, уымӕн ӕмӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Библийы фыст ныхӕстӕ сты раст: «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у. Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны» (Софони 1:14).

«Йегъовӕйы стыр бон»

3. Цы у «Йегъовӕйы стыр бон»?

3 Цы у «Йегъовӕйы стыр бон»? Ӕппӕт Фыстады дзырдбаст «Йегъовӕйы бон» амоны цавӕрдӕр цаутӕм, Йегъовӕ-иу йе знӕгтыл йӕ тӕрхӕттӕ куы сӕххӕст кодта ӕмӕ-иу йе стыр ном куы скадджын кодта, уымӕ. Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы мӕнгард адӕм, стӕй Вавилоны ӕмӕ Египеты фыдзӕрдӕ цӕрджытӕ сӕхиуыл бавзӕрстой Йегъовӕйы бонтӕ – йӕ тӕрхӕттӕ сыл куы сӕххӕст сты, уӕд (Исай 2:1, 10–12; 13:1–6; Йереми 46:7–10). Фӕлӕ «Йегъовӕйы стыр бон» нырма разӕй ис. Уыцы «бон» Йегъовӕ йӕ тӕрхон сӕххӕст кӕндзӕн, йӕ номыл ын цъыфкалӕн чи кӕны, уыдоныл. Уыцы бон райдайдзӕн «Стыр Вавилоны», ӕппӕт мӕнг динты, сӕфтӕй. Ӕмӕ фӕуыдзӕн, ацы фыддунейӕ ма цы баззайа, уый Йегъовӕ Армагеддоны хӕсты куы фесафа, уӕд (Раргомад 16:14, 16; 17:5, 15–17; 19:11–21).

4. Адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы бонӕй цӕмӕн хъуамӕ тӕрсой?

4 Адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕмӕн хъуамӕ тӕрсой, тагъд чи уыдзӕн, уыцы бонӕй? Йегъовӕ пехуымпар Софонийы уылты дзуапп дӕтты: «Уыцы бон у масты бон, фыдох ӕмӕ хъизӕмары бон, ӕмтъеры ӕмӕ сӕфты бон, тар ӕмӕ хъуынтъыз бон, асӕст ӕмӕ саудалынг бон». Ацы ныхӕстӕ адӕймаджы тасы куыннӕ ’фтауынц! Уымӕй уӕлдай ма пехуымпар дзуры: «Мӕ азар баййафдзӕн ӕппӕт адӕмы дӕр... уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ тӕригъӕд ракодтой» (Софони 1:15, 17).

5. Милуантӕ Йегъовӕйы бонмӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?

5 Фӕлӕ милуантӕ Йегъовӕйы бонмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдон зонынц, уый кӕй у рӕстгӕнджыты ирвӕзындзинады бон. Уыцы бон Йегъовӕ сбӕрзонд уыдзӕн ӕмӕ йӕ кадджын ном срухс уыдзӕн (Иоил 3:16, 17; Софони 3:12–17). Адӕм уыцы бонӕй тӕрсгӕ кӕндзысты ӕви йӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты, уый, абон куыд цӕрынц, уымӕй кӕнгӕ у. Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Уыцы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? Цӕттӕ йӕм дӕ? Йегъовӕйы бон тынг ӕввахс кӕй у, уый, ныр куыд цӕрыс, уымӕй бӕрӕг у?

Фӕзындзӕн, чи худдзӕн, ахӕм адӕм

6. Бирӕтӕ «Йегъовӕйы бонмӕ» цы цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ ууыл цӕуылнӕ дис кӕнынц?

6 Кӕд бирӕ рӕстӕг нал баззад, уӕддӕр адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ нымады дӕр нӕу, Йегъовӕйы бон кӕй ӕрцӕуы, уый. Уыцы адӕм хынджылӕг кӕнынц ӕмӕ худынц, афтӕ сын чи дзуры, Йегъовӕйы бон тынг ӕввахс у, зӕгъгӕ, уыдоныл. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ ууыл нӕ дис кӕнынц. Сӕ зӕрдыл дарынц апостол Петры фӕдзӕхст: «Сымах сӕйраджыдӕр зонут уый, ӕмӕ фӕстаг бонты кӕй фӕзындзӕн, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕудзӕн, ахӕм адӕм ӕмӕ уыл кӕй худдзысты ӕмӕ кӕй дзурдзысты: „Кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд кӕм ис? Нӕ фыдӕлтӕ куы амардысты, уӕдӕй нырмӕ ницы фӕивта, алцыдӕр у, дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ куыддӕриддӕр уыд, афтӕ“» (2 Петры 3:3, 4).

7. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый нӕ зӕрдыл дарынӕн?

7 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи ахӕм ӕвзӕр зондахастӕй хизӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый? Апостол Петр дзуры: «Уӕ зӕрдыл уын цы лӕууын кӕнын, уымӕй архайын уӕ зонд райхъал кӕныныл, цӕмӕй уӕ ма рох кӕной, кӕддӕр сыгъдӕг пехуымпартӕ кӕй дзырдтой, уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ уын нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг уӕ апостолты фӕрцы цы фӕдзӕхст радта, уый» (2 Петры 3:1, 2). Библийы фӕдзӕхстытӕм нӕ хъус кӕй дарӕм, уый фӕрцы-иу нӕ «зонд райхъал кӕндзыстӕм». Чи зоны, ацы фӕдзӕхстытӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фехъуыстам, фӕлӕ абоны хуызӕн никуы хъуыд, цӕмӕй сӕм нӕ хъус дарӕм (Исай 34:1–4; Лукайы 21:34–36).

8. Бирӕтӕ Библийы фӕдзӕхстытӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕмӕн кӕсынц?

8 Бирӕтӕ ацы фӕдзӕхстытӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕмӕн кӕсынц? Петр фыста: «Уыдон ницӕмӕ дарынц уыцы хабар, рагзаманты дӕр кӕй уыди арв ӕмӕ зӕхх – Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ уыцы зӕхх ссыд донӕй ӕмӕ дӕтты астӕу лӕууыд, ӕмӕ уыдонӕй уӕдыккон дуне сӕфт ӕрцыди, доны бын куы фӕци, уӕд» (2 Петры 3:5, 6). О, уыцы адӕмы нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы бон ӕрцӕуа. Нӕ сӕ фӕнды сӕ царды исты ивын дӕр. Стӕй сӕ нӕ фӕнды сӕ хъуыддӕгты тыххӕй Йегъовӕйӕн дзуапп дӕттын! Апостол Петр куыд загъта, афтӕмӕй уыдон «сӕ зӕрдӕйы фӕдыл цӕуынц».

9. Ной ӕмӕ Лоты рӕстӕджы адӕм сӕхи куыд дардтой?

9 Уыцы адӕм сӕ зӕрдӕйы фӕндыл кӕй цӕуынц, уымӕ гӕсгӕ ницӕмӕ дарынц, рагзаманты-иу Йегъовӕ адӕмы хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркаст, уый. Йесо Чырысти ӕмӕ апостол Петр дӕр дыууӕ хабары тыххӕй дзырдтой: «Нойы рӕстӕджы» ӕмӕ «Лоты рӕстӕджы» тыххӕй (Лукайы 17:26–30; 2 Петры 2:5–9). Доны хъаймӕты размӕ дӕр адӕм нӕ хъуыстой Нойы фӕдзӕхстмӕ. Афтӕ уыди Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕфты размӕ дӕр – Лотӕн йӕ сиӕхстӕ «йӕ ныхӕстӕ хъазынмӕ бамбӕрстой» (Райдиан 19:14).

10. Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи ницӕмӕ дары, уыдонмӕ?

10 Афтӕ у абон дӕр. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи ницӕмӕ дары, уыдонмӕ: «Ӕркӕсдзынӕн, йӕ бынтыл чи сбадт ӕмӕ йӕхицӕн афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Йегъовӕ хорзӕй дӕр ницы аразы ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр, уыдоны хъуыддӕгтӕм. Сӕ хъӕздыгдзинад сын фӕхӕсдзысты ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕл баззайдзысты. Хӕдзӕрттӕ бӕргӕ сараздзысты, фӕлӕ сӕ цӕргӕ нӕ кӕндзысты; сӕнӕфсирдӕттӕ садздзысты, фӕлӕ сын сӕ сӕн нӕ нуаздзысты» (Софони 1:12, 13). Адӕмӕн сӕ бон у сӕ ӕрвылбоны хъуыддӕгтыл мӕт кӕнын, фӕлӕ сӕ уӕззау куысты фӕрцы цы самал кӕнынц, уый сын у рӕстӕгмӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы бон ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ, цы исбон ӕрӕмбырд кӕной, уый сӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕн (Софони 1:18).

«Ӕнхъӕлмӕ йӕм кӕс»

11. Цавӕр фӕдзӕхст хъуамӕ дарӕм нӕ зӕрдыл?

11 Ацы фыддунейы адӕмӕй уӕлдай, мах хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм пехуымпар Аввакумы фӕдзӕхст: «Ацы цӕстылуайӕн нырма хъуамӕ сӕххӕст уа йӕ рӕстӕджы, ӕмӕ йӕ кӕронмӕ тагъд кӕны ӕмӕ нӕ фӕсайдзӕн. Фӕлӕ кӕд бафӕстиат уа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Аввакум 2:3). Кӕд, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ уыцы бон ӕрӕгмӕ цӕуы, уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕ фӕстиат нӕ кӕны. Уыцы бон ӕрцӕудзӕн йӕ рӕстӕгыл, адӕм ӕнхъӕл кӕд нӕ уой, уыцы сахат (Марчы 13:33; 2 Петры 3:9, 10).

12. Йесо цӕмӕй фӕдзӕхста ӕмӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

12 Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын цас ахсджиаг у, уый бамбарын кӕнынӕн Йесо загъта, суанг йӕ фӕдылдзӕуджытӕй дӕр чидӕртӕ кӕй ферох кӕндзысты, цы рӕстӕджы цӕрынц, уый. «Уыцы фыдзӕрдӕ цагъар йӕхицӕн афтӕ куы зӕгъа, мӕ хицау нырма тагъд нӕ уыдзӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ йе ’мбал цагъарты нӕмын куы байдайа, ӕмӕ расыггӕнджытимӕ куы хӕра ӕмӕ куы нуаза, уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау ӕрцӕудзӕн, цы бон ӕм не ’нхъӕлмӕ кӕса, уыцы бон, ӕмӕ цы сахат ӕнхъӕл нӕ уа, уыцы сахат. Ӕмӕ йӕ карзӕй бафхӕрдзӕн» (Матфейы 24:48–51). Уыдонӕй уӕлдай, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар нӕ рох кӕны, цы рӕстӕджы цӕры, уый. Уый у къӕрцхъус ӕмӕ ӕвдисы, цӕттӕ кӕй у. Йесойӕн зӕххыл «цыдӕриддӕр ис, уый йын йӕ бар» бакодта (Матфейы 24:42–47).

Хъӕуы ӕвӕстиатӕй архайын

13. Йесо куыд равдыста, чырыстӕттӕн фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕ уыд, уый?

13 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн ахсджиаг уыд, цы рӕстӕджы цардысты, уый сӕ зӕрдыл дарын. Иерусалимыл «ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты», уый куы федтаиккой, уӕд хъуамӕ уырдыгӕй ӕвӕстиатӕй алыгъдаиккой (Лукайы 21:20, 21). Уый ӕрцыд н. э. 66 азы. Дӕ хъус-ма ӕрдар, чырыстӕттӕн фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕ уыд, уый Йесо куыд равдыста: «Уӕлхӕдзар чи уа, уый йӕ хӕдзарӕй исты рахӕссынмӕ мауал ӕрхизӕд. Быдыры чи уа, уый дӕр хӕдзармӕ мауал баздӕхӕд йӕ уӕлӕдарӕс рахӕссынмӕ» (Матфейы 24:17, 18). Истори куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ма Иерусалимӕн цыппар азӕй фылдӕр тӕссаг ницӕмӕй уыд. Уӕдӕ уӕд н. э. 66 азы чырыстӕтты цӕмӕн хъуыд Йесойы фӕдзӕхстмӕ байхъусын ӕмӕ ӕвӕстиатӕй архайын?

14, 15. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ куы федтой, Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уӕд сӕ ӕвӕстиатӕй архайын цӕмӕн хъуыд?

14 Кӕд н. э. 70 азмӕ Ромы ӕфсад Иерусалим нӕ ныппырх кодта, уӕддӕр дзы уыцы цыппар азы сабырдзинад нӕ уыд. Уыцы рӕстӕг бӕстӕ тыхми ӕмӕ тугкалдӕй байдзаг. Уӕд Иерусалимы цы уавӕр уыд, уый тыххӕй иу историк фыссы, зӕгъгӕ, «адӕм кӕрӕдзийы ӕгъатырӕй цагътой». Ӕрыгон нӕлгоймӕгты кодтой ӕфсадмӕ Иерусалим хъахъхъӕнынмӕ. Алы бон дӕр сӕ хӕцын ахуыр кодтой. Сахар хъахъхъӕнынӕн сын чи не ’ххуыс кодта, уый нымадтой уӕйгӕнӕгыл. Уымӕ гӕсгӕ, чырыстӕттӕй сахары чи бафӕстиат уыдаид, уый йӕхи тӕссаг уавӕры ӕппӕрста (Матфейы 26:52; Марчы 12:17).

15 Хъус ӕрдарын хъӕуы, Йесо ӕрмӕст Иерусалимы нӕ, фӕлӕ, «Иудейы чи уыд», уыдонӕн дӕр кӕй загъта, лидзгӕ кӕнут, зӕгъгӕ. Уый уыд тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ сӕ рацыдӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ Ромы ӕфсад ногӕй Иерусалимы ныхмӕ рацыд. Фыццаг уал, н. э. 67 азы, фӕуӕлахиз сты Галилейыл, уый фӕстӕ та Иудейыл. Уый аххосӕй хъӕуты ӕххормаг заман скодта. Стӕй ма дзуттӕгтӕн зынӕй-зындӕр кодта Иерусалимӕй алидзын. Сахарӕн йӕ рацӕуӕнтӕ хъахъхъӕдтой ӕмӕ, лидзынмӕ чидӕриддӕр хъавыд, уыдоны нымадтой Ромы фарсхӕцджытыл.

16. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн цавӕр зондахаст хъуамӕ уыдаид, цӕмӕй бӕллӕхы рӕстӕг фервӕзтаиккой?

16 Уыцы хабӕрттӕ нӕ хъуыдыйы куы дарӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Йесо цӕмӕн дзырдта, ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы. Чырыстӕттӕ хъуамӕ цӕттӕ уыдаиккой сӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнынмӕ, хъуамӕ сӕ сӕ мулк ма бакъуылымпы кодтаид. Уыдон хъуамӕ цӕттӕ уыдаиккой, цыдӕриддӕр сӕм уыд, уый ныууадзынмӕ, цӕмӕй Йесойы фӕдзӕхстмӕ байхъуыстаиккой (Лукайы 14:33). Ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ йӕм чи байхъуыста ӕмӕ Иорданы иннӕ фарсмӕ чи алыгъд, уыдон фервӕзтысты.

Дӕ зӕрдыл дар, цы рӕстӕджы цӕрыс, уый

17. Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый нӕ уӕлдай тынгдӕр нӕ зӕрдыл дарын цӕмӕн хъӕуы?

17 Библийы пехуымпарӕдтӕ бӕлвырд ӕвдисынц, мах ацы дунейӕн йӕ тӕккӕ кӕрон кӕй цӕрӕм. Ныры хуызӕн нӕ никуы хъуыд нӕ зӕрдыл дарын, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Зӕгъӕм, сабыр рӕстӕг ӕфсӕддон нӕ фӕхъуыды кӕны, хӕцын ӕй кӕй хъӕуы, ууыл, ницӕуыл фӕтыхсы. Фӕлӕ къӕрцхъус куы нӕ уа, афтӕмӕй йӕ ӕвиппайды хӕцын куы бахъӕуа, уӕд цӕттӕ нӕ уыдзӕн, ӕмӕ йӕ маргӕ дӕр акӕндзысты. Уый зӕгъӕн ис уырнындзинадӕй дӕр. Нӕ зӕрдыл куы нал дарӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый, уӕд нӕ бон не суыдзӕн алы цӕлхдурты сӕрты хизын, ӕмӕ нӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрӕййафдзӕн (Лукайы 21:36; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:4). Кӕд исчи Йегъовӕйы ныууагъта, уӕд ныр уыцы рӕстӕг у, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ раздӕха (Софони 1:3–6; 2 Фессалоникӕгтӕм 1:8, 9).

18, 19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «Йегъовӕйы боны ӕрцыд» нӕ хъуыдыйы дарӕм?

18 Уӕдӕ диссаг нӕу, апостол Петр нӕ кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ хъуыдыйы дарӕм «Йегъовӕйы боны ӕрцыд»! Уымӕн цы хъӕуы? Иу уый, ӕмӕ хъуамӕ сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уӕм (2 Петры 3:11, 12). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн «Йегъовӕйы боны» ӕрцыдмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Грекъаг дзырдбаст «зӕрдыл дарын» комкоммӕ нысан кӕны «фӕтагъддӕр кӕнын». Ӕцӕг, махӕн нӕ бон нӕу Йегъовӕйы боны ’рцыд фӕтагъддӕр кӕнын. Фӕлӕ ныл уыцы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ рӕстӕг тагъддӕр атӕхдзӕн, Хуыцауы хъуыддаджы куы архайӕм, уӕд (1 Коринфӕгтӕм 15:58).

19 Хуыцауы Ныхасыл ӕмӕ дзы цы фӕдзӕхстытӕ ис, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы боны ӕрцыдмӕ «ӕппӕт хъарутӕй бӕллӕм (ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ йӕ тагъддӕр кӕнӕм)», о «ӕппынӕдзух ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм» (2 Петры 3:12, The Amplified Bible; The New Testament, Уильям Баркли). Ацы фӕдзӕхстытӕм хауынц бирӕ пехуымпарӕдтӕ. Уыдон ӕрмӕст Йегъовӕйы боны ӕрцыды тыххӕй нӕ дзурынц, фӕлӕ, «Йегъовӕмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы», уыдон стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕй уыдзысты, уый тыххӕй дӕр (Софони 3:8).

20. Нӕ зӕрдӕмӕ цавӕр фӕдзӕхст хъуамӕ айсӕм?

20 Абон уый рӕстӕг у, цӕмӕй иууылдӕр нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм, пехуымпар Софонийы чиныджы цы фӕдзӕхст ис, уый. «Цалынмӕ бардзырд ӕххӕст кӕнын нӕ райдыдта, цалынмӕ бон хъӕмпы халау нӕ атахт, цалынмӕ уӕ Йегъовӕйы масты цӕхӕр нӕ басыгъта, цалынмӕ уӕ Йегъовӕйы масты бон не ’рӕййӕфта, уӕдмӕ, зӕххы къорийыл цы сӕрныллӕг адӕм ис, йӕ закъонмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уе ’ппӕт дӕр, агурут Йегъовӕйы. Тырнут рӕстдзинадмӕ, тырнут сӕрныллӕгдзинадмӕ. Чи зоны, Йегъовӕйы масты бон ӕмбӕхст ӕрцӕуат» (Софони 2:2, 3).

21. Хуыцауы адӕм 2007 азы дӕргъы се ’ргом уӕлдай тынгдӕр цӕмӕ здахдзысты?

21 Уымӕ гӕсгӕ куыд раст у, 2007 азӕн цы стих ӕвзӕрст ӕрцыд, уый: «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у». Хуыцауы адӕмы фидарӕй уырны, уыцы бон хӕстӕг кӕй у ӕмӕ тынг кӕй тагъд кӕны (Софони 1:14). «Нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Аввакум 2:3). Цӕй уӕдӕ, уыцы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, ӕдзух нӕ зӕрдыл дарӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ӕмӕ ’мбарӕм, ацы пехуымпарӕдтӕ тагъд кӕй сӕххӕст уыдзысты!

Дӕ бон у дзуапп раттын?

• Цы у «Йегъовӕйы стыр бон»?

• Бирӕтӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕмӕн кӕсынц, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уымӕ?

• Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ӕвӕстиатӕй архайын цӕмӕн хъуыд?

• Цы хъӕуы, цӕмӕй ма рох кӕнӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 11 фарсыл]

2007 азы стих уыдзӕн: «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у» (Софони 1:14).

[Нывтӕ 8, 9 фарсыл]

Нойы рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ абон дӕр, хорз хабарыл чи худы, уыдоны Йегъовӕйы тӕрхоны бон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрӕййафдзӕн

[Ныв 10 фарсыл]

Чырыстӕттӕ куы федтой, Иерусалимыл «ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты», уӕд сӕ хъуыди ӕвӕстиатӕй архайын