Йегъовӕ алцыдӕр рӕстӕй равзардзӕн
Йегъовӕ алцыдӕр рӕстӕй равзардзӕн
«Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм чи дзыназы, йӕ уыцы ӕвзӕрстыты тыххӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, уый нӕ равзардзӕн?» (ЛУКАЙЫ 18:7).
1. Дӕ ныфсыл дын ныфс чи ’фтауы ӕмӕ цӕмӕн?
ӔГАС дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн стыр ныфсы хос сты, бирӕ азты Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Ды дзы искӕй зоныс? Ӕвӕццӕгӕн дӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, донаргъуыд раджы чи райста ӕмӕ ӕмбырдтӕ искуы иу хатт йеддӕмӕ чи нӕ фӕцух кӕны, ахӕм ацӕргӕ хо. Кӕнӕ ахъуыды кодтай, дӕсгай азты дӕргъы ӕдзух ӕмбырдимӕ чи фӕхъусын кӕны, ахӕм ацӕргӕ ’фсымӕрыл. Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ныр Армагеддонӕн ӕрцӕуыны рӕстӕг у. Фӕлӕ ацы фыддуне нырмӕ дӕр кӕй ис, уый сын се ’ууӕнк Йегъовӕйыл нӕ фесӕфта ӕмӕ сын сӕ фӕнд, кӕронмӕ фидарӕй фӕлӕууын, не ’рлӕмӕгъ кодта (Матфейы 24:13). Ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уырнындзинад афтӕ фидар кӕй у, уый стыр ныфс у ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн (Псалом 146:11).
2. Тынг хъыг нын цы вӕййы?
Псалом 118:176; Ромӕгтӕм 15:1). Иуӕй-иутӕ иузӕрдионӕй кӕй баззайынц, иннӕтӕ та сӕ уырнындзинад кӕй фесафынц, уымӕ гӕсгӕ ’взӕры фарстатӕ. Афтӕ цӕмӕн вӕййы, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй ӕууӕндынц, иннӕтӕ та нал? Алкӕй дӕр нӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна «Йегъовӕйы стыр бон» хӕстӕг кӕй у, уый? (Софони 1:14). Уый тыххӕй ӕркӕсӕм Лукайы чиныгӕй иу фӕсномыг ныхасмӕ.
2 Фӕлӕ вӕййы ӕндӕрхуызон дӕр. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ бирӕ азты фӕхъусын кӕнынц, фӕлӕ стӕй сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ вӕййы ӕмӕ ӕмбырдтӕм нал фӕцӕуынц. Тынг хъыг нын вӕййы, нӕ раздӕры ӕмбӕлттӕ Йегъовӕйы кӕй ныууадзынц ӕмӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕфӕнды уыцы «сӕфт фысты» фӕстӕмӕ дзугмӕ ӕрбакӕнын («Адӕймаджы Фырты» ’рцыды рӕстӕджы чи цӕры, уыдонӕн фӕдзӕхст
3. Идӕдз ус ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас уӕлдай тынгдӕр кӕмӕн феххуыс уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕн?
3 Лукайы чиныджы 18 сӕры ис, Йесо идӕдз ус ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый. Ацы фӕсномыг ныхас у, айразмӕ статьяйы фысымы тыххӕй кӕй равзӕрстам, уый ӕнгӕс (Лукайы 11:5–13). Фӕлӕ идӕдз усы ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасмӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсгӕйӕ, бӕрӕг у, уӕлдай тынгдӕр кӕй хауы, «Адӕймаджы Фырт» Хуыцауы Паддзахады бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уыцы рӕстӕджы цӕрӕг адӕммӕ. Уыцы рӕстӕг та райдыдта 1914 азы (Лукайы 18:8) *.
4. Йесо цӕуыл ныхас кодта, цалынмӕ Лукайы 18 сӕры чи ис, уыцы фӕсномыг ныхас нӕ радзырдта, уӕдмӕ?
4 Цалынмӕ Йесо идӕдз ус ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас нӕ радзырдта, уӕдмӕ загъта, зӕгъгӕ, фӕстаг бонты Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ алы ран дӕр кӕй фендзысты, «арв куы ферттивы, уӕд йӕ иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ куыд ныррухс вӕййы», афтӕ (Лукайы 17:24; 21:10, 29–33). Фӕлӕ уӕддӕр, кӕроны рӕстӕг чи цӕры, уыцы адӕмӕн сӕ фылдӕр уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ницӕмӕ ӕрдардзысты (Данел 12:4). Цӕуылнӕ? Ной ӕмӕ Лоты рӕстӕг адӕм Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ цӕуылнӕ байхъуыстой, уый тыххӕй. Уӕд дӕр адӕм хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, сагътой ӕмӕ арӕзтой, цалынмӕ нӕ фесӕфтысты, уӕдмӕ (Лукайы 17:26–29). Уыдон амардысты, уымӕн ӕмӕ сӕ царды мӕт кодтой ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ сӕ хъус ӕппындӕр нӕ дардтой (Матфейы 24:39). Абон дӕр адӕм ахӕм зондыл хӕст сты, сӕ царды мӕтыл фесты ӕмӕ нӕ уынынц, ацы ӕнӕхуыцау дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрӕввахс, уый (Лукайы 17:30).
5. а) Йесо кӕй фӕдзӕхста ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Иуӕй-иутӕн сӕ уырнындзинад цӕмӕн фесӕфт?
5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытыл дӕр тыхст, цӕмӕй сӕ Сайтаны дуне йӕхимӕ ма асайа ӕмӕ, цы ныууагътой, уымӕ мауал аздӕхой (Лукайы 17:22, 31). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, иуӕй-иу чырыстӕттыл ахӕм хабар ӕрцыд. Уыдон бирӕ азты дӕргъы ӕнхъӕлмӕ кастысты, Йегъовӕ ацы фыддунейӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕ. Фӕлӕ Армагеддонмӕ кӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уӕд не ’рцыд ӕмӕ сӕ ныфс асаст. Йегъовӕйы тӕрхоны бон хӕстӕг кӕй у, ууыл фидарӕй нал ӕууӕндыдысты. Хъусын кӕныны хъуыддагыл сӕ зӕрдӕ сивтой ӕмӕ сындӕггай аныгъуылдысты царды хъуыддӕгты, Хуыцауы хъуыддӕгтӕн та сын рӕстӕг нал уыд (Лукайы 8:11, 13, 14). Хъыгагӕн, уыдон фӕстагмӕ аздӕхтысты, цы ныууагътой, уымӕ!
Хъӕуы «ӕдзухдӕр кувын»
6–8. а) Радзур идӕдз ус ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас. ӕ) Уыцы фӕсномыг ныхас Йесо куыд бамбарын кодта?
6 Цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй нӕ дарддӕр Дзуттӕгтӕм 3:14). Уый Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджыты куы бафӕдзӕхста, Сайтаны дунемӕ ма аздӕхут, зӕгъгӕ, уый хӕдфӕстӕ.
дӕр фидарӕй уырна, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый? (7 Лука фыссы: «Ӕдзухдӕр сӕ кувын ӕмӕ хъӕддыхӕй архайын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй сын [Йесо] радзырдта ахӕм фӕсномыг ныхас: „Иу сахары уыд, Хуыцауӕй чи нӕ тарст ӕмӕ адӕмӕй чи не ’фсӕрмы кодта, иу ахӕм тӕрхонгӕнӕг. Уым ма цард иу идӕдз ус дӕр, ӕмӕ йӕм ӕдзух цыд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, чи мӕ аххосджын кӕны, уыимӕ нын нӕ хъуыддаг рӕстӕй равзар, зӕгъгӕ. Тӕрхонгӕнӕджы цасдӕр рӕстӕг ницы фӕндыд аразын, фӕлӕ ӕппынфӕстаг уӕддӕр йӕхицӕн загъта: „Ӕз нӕдӕр Хуыцауӕй тӕрсын, нӕдӕр адӕмӕй ӕфсӕрмы кӕнын, фӕлӕ мӕ иугӕр ацы идӕдз ус нал уадзы, уӕд ын йӕ хъуыддаг рӕстӕй равзарон, цӕмӕй мӕм мауал цӕуа ӕмӕ мӕ тухӕнӕй мауал мара“».
8 Уыцы фӕсномыг ныхас сын куы радзырдта, уӕд загъта: «Хъусут, уыцы ӕнӕхуыцау тӕрхонгӕнӕг цы загъта? Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм чи дзыназы, йӕ уыцы ӕвзӕрстыты тыххӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, уый нӕ равзардзӕн, кӕд тагъд нӕ кӕны, уӕддӕр? Зӕгъын уын: уыцы хъуыддаг ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн?» (Лукайы 18:1–8).
«Нӕ хъуыддаг нын рӕстӕй равзар»
9. Идӕдз ус ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы сӕйраг хъуыды цы у?
9 Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ фӕсномыг ныхасӕн йӕ сӕйраг хъуыды бӕлвырд у. Уый банысан кодта Йесо дӕр. Идӕдз ус тӕрхонгӕнӕгӕй куырдта: «Нӕ хъуыддаг нын рӕстӕй равзар». Ӕмӕ йын тӕрхонгӕнӕг дӕр зӕрдӕ бавӕрдта. Дарддӕр Йесо фӕрсы: «Уӕд Хуыцау... раст ӕмӕ зылын чи у, уый нӕ равзардзӕн?» Ӕмӕ стӕй Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Уыцы хъуыддаг ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй» (Лукайы 18:3, 5, 7, 8). Цымӕ бӕлвырддӕр та Хуыцау алцыдӕр рӕстӕй кӕд равзардзӕн?
10. а) Фыццаг ӕнусы мастисӕн бонтӕ кӕд ралӕууыдысты? ӕ) Хуыцау алцыдӕр рӕстӕй кӕд равзардзӕн ӕмӕ куыд?
10 Фыццаг ӕнусы «мастисӕн бонтӕ» ралӕууыдысты н. э. 70 азы, Иерусалим ӕмӕ Лукайы 21:22). Абон та Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты тыххӕй алцыдӕр рӕстӕй равзардзӕн йе «стыр бон» (Софони 1:14; Матфейы 24:21). Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ, йӕ адӕмӕн «зындзинӕдтӕ чи ӕвзарын кӕны, уыдонӕн ӕй зындзинӕдтӕй бафиддзӕн», ӕмӕ уый уыдзӕн, «Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй» Йесо Чырысти йӕ маст куы иса, уӕд (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–8; Ромӕгтӕм 12:19).
кувӕндон куы ныппырх кодтой, уӕд (11. Куыд ӕмбаргӕ у, хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕн «ӕвӕстиатӕй», зӕгъгӕ?
11 Фӕлӕ куыд ӕмбаргӕ сты Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕн «ӕвӕстиатӕй»? Хуыцауы Ныхас ӕвдисы, «кӕд [Йегъовӕ] тагъд нӕ кӕны, уӕддӕр», афон куы ’рцӕуа, уӕд архайдзӕн ӕвӕстиатӕй (Лукайы 18:7, 8; 2 Петры 3:9, 10). Нойы бонты Доны хъаймӕт куы ’рцыд, уӕд фыддуне фесӕфт ӕвӕстиатӕй. Афтӕ уыд Лоты бонты дӕр – зынгӕй къӕвда уарын куы райдыдта, уӕд фыддзинад фесӕфт. Йесо загъта: «Афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы фӕзына, уыцы бон дӕр» (Лукайы 17:27–30). Ныр дӕр та фыддзинад фесӕфдзӕн ӕваст (1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 3). Уӕдӕ фидарӕй ӕууӕндӕм: Йегъовӕ Сайтаны дунейӕн иу бон дӕр уӕлдай нӕ ратдзӕн.
Хуыцау алцыдӕр рӕстӕй равзардзӕн
12, 13. а) Идӕдз ус ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? ӕ) Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм кӕй хъусдзӕн ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн?
12 Идӕдз ус ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы ма Йесо хъус ӕрдардта ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕм дӕр. Йесо загъта: «Хъусут, уыцы ӕнӕхуыцау тӕрхонгӕнӕг цы загъта? Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау... [йе] ’взӕрстыты тыххӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, уый нӕ равзардзӕн?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ Йегъовӕ уыцы тӕрхонгӕнӕджы хуызӕн уыд. Ацы фӕсномыг ныхасы Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн равдыста, Йегъовӕ ӕмӕ уыцы тӕрхонгӕнӕджы ’хсӕн цы хицӕндзинад уыд, уый. Уӕдӕ цӕмӕй хицӕн кодтой кӕрӕдзийӕ Йегъовӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг?
13 Йесойы фӕсномыг ныхасы тӕрхонгӕнӕг рӕстгӕнӕг нӕу, Хуыцау та у «раст тӕрхонгӕнӕг» (Псалом 7:12; 32:5). Уыцы тӕрхонгӕнӕджы идӕдз усы мӕт ӕппындӕр нӕ уыд, Йегъовӕ та алкӕуыл дӕр тыхсы (2 Паралипоменон 6:29, 30). Кӕд тӕрхонгӕнӕг сылгоймагӕн баххуыс кодта, уӕддӕр ӕвӕндонӕй, Йегъовӕйы та зӕрдиагӕй фӕнды йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын (Исай 30:18, 19). Уӕдӕ нӕ цӕуыл ахуыр кӕны ацы фӕсномыг ныхас? Кӕд ӕвзӕр тӕрхонгӕнӕг идӕдз усмӕ байхъуыста ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг равзӕрста, уӕд Йегъовӕйы та цас тынгдӕр фӕнды йӕ адӕмы куывдтытӕм хъусын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын! (Ӕмбисӕндтӕ 15:29).
14. Йегъовӕйы тӕрхоны бон хӕстӕг кӕй у, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?
14 Уӕдӕ Хуыцауы тӕрхоны бон хӕстӕг кӕй у, ууыл чи нал ӕууӕнды, уыдон тынг рӕдийынц. Цӕмӕн? Уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ дызӕрдыг кӕнынц, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу зӕгъын, Хуыцау иузӕрдион кӕй нӕ разындзӕн, йӕ ныхас кӕй нӕ сӕххӕст кӕндзӕн (Иов 9:12). Фӕлтау нӕ алчидӕр йӕхи бафӕрсӕд: ӕз мӕхӕдӕг баззайдзынӕн иузӕрдионӕй? Растдӕр ацы фарст радта Йесо, идӕдз ус ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй куы радзырдта, уӕд.
«Ахӕм уырнындзинад ссардзӕн зӕххыл?»
15. а) Цавӕр фарст радта Йесо ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ бафӕрсӕм?
15 Йесо радта цымыдисаг фарст: «Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд ахӕм уырнындзинад ссардзӕн зӕххыл?» (Лукайы 18:8, «Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ», англ.). Йесо «ахӕм уырнындзинад», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд ӕнӕуи истӕуыл ӕууӕндыны тыхӕй нӕ дзырдта, фӕлӕ идӕдз усы уырнындзинадыл. Йесо йӕ фарстӕн дзуапп нӕ радта. Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ ахъуыды кодтаиккой сӕ уырнындзинадыл. Мыййаг сын афтӕ ӕрлӕмӕгъ, ӕмӕ сын тӕссаг уыд, цы ныууагътой, уымӕ аздӕхынӕй? Кӕнӕ сӕм уыд, идӕдз усмӕ цы уырнындзинад уыд, ахӕм? Уӕдӕ абон мах дӕр хъуамӕ нӕхи бафӕрсӕм: «Цавӕр уырнындзинад ссардзӕн „Адӕймаджы Фырт“ мӕ зӕрдӕйы?»
16. Цавӕр уырнындзинад уыд идӕдз усмӕ?
16 Цӕмӕй махӕн дӕр Йегъовӕ нӕ хъуыддаг рӕстӕй равзара, уый тыххӕй нӕ хъӕуы идӕдз усы бафӕзмын. Цавӕр уырнындзинад ӕм уыд? Ӕдзух тӕрхонгӕнӕгмӕ цыд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, нӕ хъуыддаг нын рӕстӕй равзар, зӕгъгӕ. Идӕдз ус уыцы фыдзӕрдӕ адӕймаджы нал уагъта, цӕмӕй йын йӕ хъуыддаг равзӕрстаид. Афтӕ Хуыцауы адӕмы бон дӕр у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн, кӕд сӕ, куыд хъуыды кӕнынц, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъӕуа, уӕддӕр. Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй кӕй ӕууӕндынц, уый ӕвдисынц, ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕкувынц, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм кӕй дзыназынц, уымӕй (Лукайы 18:7). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, чырыстон адӕймаг куы нал кува, цӕмӕй Хуыцау алцыдӕр рӕстӕй равзара, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ нал уырны, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, уый.
17. Цӕмӕн хъӕуы ӕппынӕдзух кувын ӕмӕ, Йегъовӕ алцыдӕр рӕстӕй равзардзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕндын?
17 Идӕдз ус цы уавӕрты уыд, уыдон нын ӕвдисынц, ӕппынӕдзух кувын ма нӕ цӕмӕн хъӕуы, уый. Ӕркӕсӕм, уый цы уавӕры уыд, уый нӕ уавӕрӕй цӕмӕй хицӕн кӕны. Уыцы идӕдз ус-иу ногӕй ӕмӕ ногӕй бацыд тӕрхонгӕнӕгмӕ, кӕд ын уый зӕрдӕ ницӕмӕй ӕвӕрдта, уӕддӕр. Фӕлӕ нӕ Хуыцауы Ныхас та разӕнгард кӕны «ӕппынӕдзух кувынмӕ» (Ромӕгтӕм 12:12). Уыцы идӕдз усы ныфс нӕ уыд, йӕ хъуыддаг ын кӕй равзардзысты, уымӕй, фӕлӕ махӕн та Йегъовӕ фидарӕй зӕгъы, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн. Йӕ пехуымпары уылты загъта: «Кӕд бафӕстиат уа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Аввакум 2:3; Псалом 96:10). Стӕй идӕдз сылгоймагӕн йӕ хъуыддаджы ничи ӕххуыс кодта. Махӕн та ис хъомысджын ӕххуысгӕнӕг – Йесо. «Уый бады Хуыцауы рахиз фарс ӕмӕ йын мах тыххӕй фӕлӕгъстӕ кӕны» (Ромӕгтӕм 8:34; Дзуттӕгтӕм 7:25). Уӕдӕ кӕд идӕдз ус ахӕм зын уавӕры уӕвгӕйӕ ӕдзух лӕгъстӕ кодта тӕрхонгӕнӕгӕн, мӕ хъуыддаг мын равзар, зӕгъгӕ, уӕд мах та цас тынгдӕр хъуамӕ уырна, Йегъовӕ алцыдӕр рӕстӕй кӕй равзардзӕн, уый!
18. Кӕй кувӕм, уый нын нӕ уырнындзинад куыд бафидар кӕндзӕн ӕмӕ нӕ ирвӕзындзинадыл куыд баст у?
18 Идӕдз усы тыххӕй фӕсномыг ныхас нын ӕвдисы, куывд ӕмӕ уырнындзинад ӕнгом баст кӕй сты, ӕмӕ нӕ зӕрдиаг куывдтыты фӕрцы нӕ уырнындзинад кӕй не ’рлӕмӕгъ уыдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕстмӕ куывдтытӕ нӕ уырнындзинадӕн ницы ’ххуыс сты (Матфейы 6:7, 8). Ӕнӕ Йегъовӕйӕ цӕрӕн кӕй нӕй, уый куы ’мбарӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй куы кувӕм, уӕд ӕм ӕнгомдӕр уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Уырнындзинад фервӕзынӕн ӕнӕмӕнг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй разӕнгард кодта, цӕмӕй ӕдзухдӕр кувой ӕмӕ хъӕддыхӕй архайой (Лукайы 18:1; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:13). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы стыр бон ралӕудзӕн, мах уый тыххӕй кувӕм ӕви нӕ, уӕддӕр. Фӕлӕ нын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн ӕви нӕ ӕмӕ йӕ хӕсты бон аирвӕздзыстӕм ӕви нӕ, уый аразгӕ у нӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ йӕм кӕй кувдзыстӕм ӕмӕ раст фӕндагыл кӕй цӕудзыстӕм, уымӕй.
19. Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, фидарӕй нӕ кӕй уырны, Хуыцау алцыдӕр рӕстӕй кӕй равзардзӕн?
19 Куыд ӕй хъуыды кӕнӕм, афтӕмӕй, Йесо бафарста: «Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд ахӕм уырнындзинад ссардзӕн зӕххыл?» Цавӕр дзуапп ис йӕ цымыдисаг фарстӕн? Куыд ӕхсызгон нын у, ӕгас дунейы дӕр милуантӕ, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕ куывдтытӕй, сӕ фӕразондзинадӕй ӕмӕ фидардзинадӕй кӕй ӕвдисынц, ахӕм уырнындзинад сӕм кӕй ис! Афтӕмӕй Йесойы фарстӕн разыйы дзуапп дӕттынц. О, кӕд нын абон Сайтаны дуне йӕ хӕрам хъуыддӕгтӕй нӕ ныфс сӕтты, уӕддӕр мах фидарӕй уырны, Хуыцау алцыдӕр рӕстӕй кӕй равзардзӕн.
[Фиппаинаг]
^ 3 абз. Ацы фӕсномыг ныхас хуыздӕр бамбарынӕн бакӕс Лукайы 17:22–33. Дӕ хъус ӕрдар, Лукайы 17:22, 24, 30 дзырдбаст «Адӕймаджы Фырт» куыд ӕххуыс кӕны, Лукайы 18:8 цы фарст ис, уымӕн дзуапп ссарынӕн.
Бахъуыды кодтай?
• Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сӕ уырнындзинад цӕмӕн фесӕфтой?
• Йегъовӕйы тӕрхоны бон хӕстӕг кӕй у, ууыл фидарӕй ӕууӕндын нӕ бон цӕмӕн у?
• Цӕмӕн нӕ хъӕуы ӕппынӕдзух кувын?
• Ӕдзух ӕмӕ зӕрдиаг куывдтытӕ нын нӕ уырнындзинад куыд хъахъхъӕнынц?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 19 фарсыл]
Абон милуанты фидарӕй уырны, Хуыцау алцыдӕр рӕстӕй кӕй равзардзӕн