Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн»

Йегъовӕ «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн»

Йегъовӕ «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн»

«Кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн!» (ЛУКАЙЫ 11:13).

1. Хуыцауы сыгъдӕг уды ’ххуыс нӕ уӕлдай тынгдӕр кӕд фӕхъӕуы?

«МӔХИ бон ницы у. Ацы фӕлварӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы сыгъдӕг уды ’ххуысӕй у мӕ бон сфӕразын!» Искуы афтӕ хъуыды кодтай? Чырыстӕттӕй бирӕтӕ уыдысты ахӕм уавӕры. Чи зоны, ӕмӕ дӕм ахӕм хъуыдытӕ фӕзынд, уӕззау низӕй куы фӕрынчын дӕ, уый фӕстӕ, йе та дӕ цӕрӕнбонтӕ кӕимӕ арвыстай, уыцы цардӕмбал куы амард, уӕд. Кӕнӕ кӕддӕр хъӕлдзӕг адӕймаг уыдтӕ, ныр та дӕ ныфссаст, ӕрхӕндӕг. Ахӕм уӕззау уавӕрты, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрстай, ӕрмӕстдӕр сын Йегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы кӕй бабыхсдзынӕ – «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйы» фӕрцы (2 Коринфӕгтӕм 4:7–9; Псалом 39:1, 2).

2. а) Чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц? ӕ) Ацы статьяйы цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?

2 Абон ацы ӕнӕхуыцау дунейы ӕцӕг чырыстӕтты тынгӕй-тынгдӕр ӕфхӕрынц ӕмӕ сӕ ныхмӕ цӕуынц (1 Иоанны 5:19). Уымӕй уӕлдай ма Сайтан Хӕйрӕг йӕхӕдӕг цӕуы сӕ ныхмӕ. Уый тох кӕны, «Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ Йесойы тыххӕй хъусын кӕныны хӕс кӕуыл ис, уыдонимӕ» (Раргомад 12:12, 17). Уӕдӕ диссаг нӕу, уӕлдай тынгдӕр нӕ абон кӕй хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг уды ’ххуыс. Цӕмӕй нын Хуыцау дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг уд парахатӕй дӕтта, уый тыххӕй цы хъӕуы? Цӕмӕн нӕ хъуамӕ уырна, Йегъовӕйы тынг кӕй фӕнды махӕн фӕлварӕнты рӕстӕг хъарутӕ дӕттын? Ацы фарстытӕн мах ссардзыстӕм дзуапп Йесойы дыууӕ фӕсномыг ныхасы.

Ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй кув

3, 4. Йесо цавӕр фӕсномыг ныхас ракодта ӕмӕ кувынмӕ куыд хауы?

3 Иухатт Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Хицау, сахуыр-ма нӕ кӕн кувын» (Лукайы 11:1). Ӕмӕ сын Йесо радзырдта дыууӕ фӕсномыг ныхасы. Фыццаг у фысым ӕмӕ уазӕджы тыххӕй, дыккаг та – фыд ӕмӕ фырты тыххӕй. Цӕй уӕдӕ сӕм ӕркӕсӕм.

4 Йесо загъта: «Зӕгъӕм, кӕмӕндӕр уӕ ис ӕрдхорд. Ӕмбисӕхсӕв ӕм бацыдтӕ ӕмӕ йын загътай: „Ме ’рдхорд, ӕртӕ дзулы-ма мын ӕфстау авӕр. Гыццыл раздӕр мӕм ме ’мбал ӕрбацыд, фӕндагыл уыд, ӕмӕ йын йӕ разы цы ’рӕвӕрон, уый мӕм нӕй“. Уый та дӕм ӕддӕмӕ радзырдта: „Ныууадз мӕ! Дуар дӕр сӕхгӕдтон, мӕ сывӕллӕттӕ дӕр мӕ фарсмӕ хуыссынц. Сыстон ӕмӕ дын исты раттон, уый мӕ бон нӕу“. Зӕгъын уын: ӕрдхӕрдтӕ кӕй сты, уый тыххӕй куы нӕ сыста ӕмӕ йын куы ницы ратта, уӕддӕр ӕй куы нал уадза, уӕд сыстдзӕн ӕмӕ йӕ цы хъӕуа, уый йын ратдзӕн». Уый фӕстӕ Йесо бамбарын кодта, йӕ ныхӕстӕ кувынмӕ куыд хауынц, уый: «Уӕдӕ уын зӕгъын: курут, ӕмӕ уын ратдзысты; агурут, ӕмӕ ссардзыстут; хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты. Уымӕн ӕмӕ, чи куры, уымӕн раттынц, чи агуры, уый ссары, ӕмӕ, чи хойы, уымӕн бакӕнынц» (Лукайы 11:5–10).

5. Кувгӕйӕ нын цы зӕрдӕйы уаг хъуамӕ уа, уый ацы фӕсномыг ныхас куыд ӕвдисы?

5 Ацы фӕсномыг ныхас ӕвдисы, цы йӕ хъуыд, уый зӕрдиагӕй чи куырдта, уыцы адӕймаджы зӕрдӕйы уаг нын кӕй хъуамӕ уа кувгӕйӕ. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаджы цы хъуыд, уый йӕ къухы бафтыд, уымӕн ӕмӕ кӕмӕ бацыд, уый «нал уагъта» (Лукайы 11:8). Библийы дзырдбаст «нал уадзы» иунӕг хатт йеддӕмӕ не ’мбӕлы. Грекъаг ӕвзаджы комкоммӕ нысан кӕны «къӕйныхдзинад». Арӕхдӕр ацы дзырд ӕвзӕр миниуӕгмӕ фӕамоны. Фӕлӕ адӕймаг хорз хъуыддаджы къӕйных куы уа, уӕд уымӕй раппӕлӕн дӕр ис. Ацы фӕсномыг ныхасы дӕр фысым раст ахӕм разынд. Цы йӕ хъуыд, уый кургӕйӕ ӕппындӕр ницӕмӕй ӕфсӕрмы кодта. Йесо ацы цӕвиттон ӕрхаста, цӕмӕй мах дӕр Хуыцаумӕ ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй кувӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ма ӕрлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр курӕм, агурӕм ӕмӕ хойӕм. Ӕмӕ уӕд «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн».

6. Йесойы рӕстӕджы искӕй суазӕг кӕнынмӕ цы цӕстӕй кастысты?

6 Йесо ацы фӕсномыг ныхасӕй ӕрмӕст уый нӕ равдыста, ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй хъуамӕ кувӕм, фӕлӕ ма афтӕ кувын цӕмӕн хъӕуы, уый дӕр. Уый хуыздӕр бамбарынӕн хъӕуы ӕркӕсын, Йесойы рӕстӕджы адӕм искӕй суазӕг кӕнынмӕ цы цӕстӕй кастысты, уымӕ. Библийы бирӕ хабӕрттӕ фыст ис, уӕды рӕстӕг уазӕгӕн ӕгъдау раттын тынг ахсджиаг хъуыддагыл нымад кӕй уыд, уый тыххӕй, уӕлдайдӕр та Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм (Райдиан 18:2–5; Дзуттӕгтӕм 13:2). Уазӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ балӕггад кодтай, уӕд фӕхудинаг дӕ (Лукайы 7:36–38, 44–46). Ацы хъуыддаг нӕ хъуыдыйы дарӕм, ӕмӕ та ногӕй ӕркӕсӕм Йесойы фӕсномыг ныхасмӕ.

7. Йесойы фӕсномыг ныхасы фысым йе ’рдхорды райхъал кӕнынмӕ цӕуылнӕ фефсӕрмы?

7 Ацы фӕсномыг ныхасы уазӕг ӕрбацыд ӕмбисӕхсӕв. Хъуамӕ йӕ фысым истӕмӕйты хорз федтаид, фӕлӕ «йын йӕ разы цы ’рӕвӕрдтаид», уый йӕм нӕ уыд. Ӕвӕдза, куыд фӕтыхстаид! Хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр дзул самал кодтаид. Уыцы афон нӕ фефсӕрмы йе ’рдхордӕй ӕмӕ йӕ райхъал кодта. Загъта йын: «Ме ’рдхорд, ӕртӕ дзулы-ма мын ӕфстау авӕр». Ӕмӕ дзы зӕрдиагӕй куырдта, цалынмӕ йын дзул нӕ радта, уӕдмӕ. Ӕрмӕст ӕй ныр уыд хорз фысым схонӕн.

Цас тынгдӕр тыхсыс, уыйас зӕрдиагдӕрӕй кув

8. Хуыцаумӕ йӕ сыгъдӕг уды тыххӕй зӕрдиагӕй кӕд кувдзыстӕм?

8 Ацы фӕсномыг ныхас куыд ӕвдисы, ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй кувын цӕмӕн хъӕуы, уый? Фысым йе ’рдхорды нал ӕмӕ нал уагъта, куырдта дзы дзул, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй сӕххӕст кодтаид, фысымыл цы хӕс уыд, уый (Исай 58:5–7). Кӕннод хорз фысым нӕ уыдаид. Мах дӕр ӕмбарӕм, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн ӕнӕ йӕ сыгъдӕг удӕй, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй зӕрдиагӕй фӕкувӕм (Захари 4:6). Ӕнӕ уымӕй нын ницы рауайдзӕн (Матфейы 26:41). Цавӕр ахсджиаг хъуыддагыл нӕ ахуыр кӕны ацы фӕсномыг ныхас? Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕ куыд ӕхсызгон хъӕуы, уый куы ’мбарӕм, уӕд ӕй ноджы зӕрдиагдӕрӕй курдзыстӕм.

9, 10. а) Цӕмӕн хъӕуы Хуыцаумӕ йӕ сыгъдӕг уды тыххӕй ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй кувын? ӕ) Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ бафӕрсӕм ӕмӕ цӕмӕн?

9 Ацы фӕсномыг ныхас ма нӕ цардмӕ ахӕссӕм. Зӕгъӕм, дӕ бинонтӕй исчи ӕмбисӕхсӕв ӕрбарынчын. Дохтыры райхъал кӕндзынӕ, баххуыс мын кӕн, зӕгъгӕ? Кӕд уӕззау рынчын нӕу, уӕд нӕ. Фӕлӕ кӕд йӕ зӕрдӕйӕ бавзӕр, уӕд дохтырмӕ фӕдзурын нӕ фефсӕрмы кӕндзынӕ. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ ахӕм тыхст уавӕры ӕндӕр гӕнӕн нӕй. Ӕмбарыс ӕй, дохтыры ’ххуыс ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Ӕххуыс куы нӕ ракурай, уӕд рынчыны цардӕн тӕссаг у. Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр, зӕгъӕн ис, ӕппынӕдзух сты тӕссаг уавӕрты. Мах зонӕм, Сайтан «богътӕгӕнаг домбайау» кӕй разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый (1 Петры 5:8). Цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма фесафӕм, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг уды ’ххуыс. Хуыцауӕй ӕххуыс куы нӕ курӕм, уӕд нӕ уый ӕркӕндзӕн мӕлӕтмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй курӕм Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг уд (Ефесӕгтӕм 3:14–16). Афтӕ куы кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд баззайдзыстӕм кӕронмӕ фидар (Матфейы 10:22; 24:13).

10 Уӕдӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕхи бафӕрсӕм: «Хуыцаумӕ ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй фӕкувын»? Дӕ зӕрдыл дар: Хуыцауы ӕххуыс нӕ куыд тынг хъӕуы, уый кӕронмӕ куы ’мбарӕм, уӕд ноджы зӕрдиагдӕрӕй кувдзыстӕм йӕ сыгъдӕг уды тыххӕй.

Ныфсджынӕй цӕй фӕрцы фӕкувӕм

11. Йесо фыд ӕмӕ фырты тыххӕй фӕсномыг ныхас кувынимӕ куыд сбаста?

11 Йесойы фӕсномыг ныхас фысымы тыххӕй ӕвдисы, Хуыцаумӕ чи фӕкувы, уыцы адӕймаджы зӕрдӕйы уаг. Иннӕ фӕсномыг ныхас та нын ӕргом кӕны, куывдмӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдӕйы уаг. Йесо бафарста: «Уе ’хсӕн ахӕм фыд ис, ӕмӕ дзы йӕ фырт кӕсаг куы ракура, уӕд ын кӕсаджы бӕсты калм ратдзӕн? Кӕнӕ дзы айк куы ракура, уӕд ын маргджын къӕдздым ратдзӕн? Ӕмӕ кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лукайы 11:11–13).

12. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм зӕрдиагӕй кӕй хъусы, уый Фыд ӕмӕ фырты тыххӕй фӕсномыг ныхас куыд ӕвдисы?

12 Йесо фыд ӕмӕ фырты тыххӕй фӕсномыг ныхасы равдыста, Йегъовӕ, чи йӕм кувы, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дары, уый (Лукайы 10:22). Дӕ хъус уал ӕрдар, ацы дыууӕ ӕмбисонды кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уымӕ. Кӕд фыццаджы адӕймаг ӕвӕндонӕй сразы ис баххуыс кӕныныл, уӕд дыккаджы та Йегъовӕ ӕвдыст цӕуы, йӕ сывӕллӕттӕн зӕрдиагӕй баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм уарзӕгой ныййарӕгӕй (Псалом 49:15). Уымӕй уӕлдай ма Йесо ӕвдисы, куыд тынг хицӕн кӕны Йегъовӕ зӕххон фыдӕй. Йесо ӕмбарын кӕны: кӕд зӕххон фыд, «тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ», хорз лӕвар дӕтты йӕ фыртӕн, уӕд нӕ цас стырдӕр ныфс хъуамӕ уа, нӕ хӕларзӕрдӕ уӕларвон Фыд кӕй дӕтдзӕн сыгъдӕг уд йӕ лӕггадгӕнджытӕн (Иаковы 1:17).

13. Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ фидарӕй цы зонӕм?

13 Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Мах фидарӕй зонӕм, нӕ уӕларвон Фыдӕй сыгъдӕг уд куы фӕкурӕм, уӕд ӕй зӕрдиагӕй кӕй фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын (1 Иоанны 5:14). Цасфӕнды йӕм ма кувӕм, Йегъовӕ афтӕ никуы зӕгъдзӕн: «Ныууадз мӕ! Дуар дӕр сӕхгӕдтон» (Лукайы 11:7). Уый нӕ, фӕлӕ ма Йесо афтӕ дӕр загъта: «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты; агурут, ӕмӕ ссардзыстут; хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты» (Лукайы 11:9, 10). О, Йегъовӕ ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн, чи йӕм скува, уыдоны (Псалом 19:10; 144:18).

14. а) Фӕлварӕнтыл чи сӕмбӕлы, уыдонӕй иуӕй-иутӕм цавӕр хъуыды фӕзыны? ӕ) Зындзинӕдты рӕстӕг нӕ бон кӕд уыдзӕн Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй кувын?

14 Уарзӕгой фыды тыххӕй фӕсномыг ныхасы ма Йесо равдыста, Йегъовӕ цыфӕнды зӕххон ныййарӕгӕй дӕр бирӕ фӕлмӕнзӕрдӕдӕр кӕй у. Уӕдӕ нӕ афтӕ мачи ӕмӕ макуы хъуыды кӕнӕд, зӕгъгӕ, фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ Хуыцау разы нӕу, нал нын арфӕ кӕны. Цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, уый нӕ цыфыддӕр знаг Сайтаны фӕнды (Иов 4:1, 7, 8; Иоанны 8:44). Афтӕ хъуыды кӕнын Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу, уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ «фыддзинадӕй» нӕ фӕлвары (Иаковы 1:13). Уый ныл «калм» кӕнӕ «къӕдздымы» нӕ баппары – фӕлварӕнтӕ нын нӕ саразы. Нӕ уӕларвон Фыд дӕтты «хорздзинӕдтӕ, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Матфейы 7:11; Лукайы 11:13). Ӕцӕгдӕр, цас хуыздӕр ӕмбарӕм, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у ӕмӕ йӕ куыд зӕрдиагӕй фӕнды махӕн ӕххуыс кӕнын, уыйас ӕм ныфсджындӕрӕй кувдзыстӕм. Уӕд нын уыдзӕн псаломзарӕггӕнӕджы зӕрдӕйы уаг: «Хуыцау фехъуыста, байхъуыста мӕ кувыны хъӕлӕсмӕ» (Псалом 9:38; 65:19).

Хуыцауы сыгъдӕг уд нын куыд ӕххуыс кӕны

15. а) Сыгъдӕг уды тыххӕй Йесо зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, Хуыцауы сыгъдӕг уд нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый?

15 Йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ та Йесо ногӕй зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ фӕсномыг ныхӕсты цӕй тыххӕй дзырдта, уымӕй. Йӕ апостолтӕн сыгъдӕг уды тыххӕй загъта: «Ӕз мӕ Фыдӕн зӕгъдзынӕн, ӕмӕ уын ратдзӕн ӕндӕр ӕххуысгӕнӕг, цӕмӕй уемӕ уа ӕнустӕм» (Иоанны 14:16). Афтӕмӕй Йесо зӕрдӕ бавӕрдта, ӕххуысгӕнӕг, ома сыгъдӕг уд, йӕ фӕдылдзӕуджытимӕ кӕй уыдзӕн, суанг мах бонты дӕр. Цӕмӕй бӕрӕг у, сыгъдӕг уд нын абон кӕй ӕххуыс кӕны, уый? Уымӕй, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны алыхуызон фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн. Куыд? Апостол Павел, йӕхӕдӕг фӕлварӕнтыл чи сӕмбӕлд, уый, коринфӕгтӕм фыста, Хуыцауы сыгъдӕг уд ын куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй. Уӕдӕ цыбыртӕй ӕркӕсӕм йӕ ныхӕстӕм.

16. Павелы уавӕры кӕд вӕййӕм?

16 Фыццаджыдӕр Павел йе ’фсымӕртӕн ӕргомӕй радзырдта, кӕй тох кӕны буары «сындзимӕ», цавӕрдӕр фӕлварӕнимӕ. Уый фӕстӕ загъта: «Хуыцауӕн ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕ уыцы сындзӕй фервӕзын кӕна» (2 Коринфӕгтӕм 12:7, 8). Фӕлӕ кӕд Павел Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодта, мӕ зындзинадӕй мӕ фервӕзын кӕн, зӕгъгӕ, уӕддӕр ницы фӕивта. Чи зоны, ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ. Павелау зӕрдиагӕй ӕмӕ ныфсджынӕй кувыс Йегъовӕмӕ, цӕмӕй дӕ фӕлварӕнӕй фервӕзын кӕна. Фӕлӕ кӕд уый тыххӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ лӕгъстӕ кодтай, уӕддӕр ницы ивы. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕ куывдтытӕм нӕ хъусы ӕмӕ дын йӕ сыгъдӕг удӕй не ’ххуыс кӕны? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! (Псалом 9:22, 38). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел дарддӕр цы загъта, уымӕ.

17. Павелы куывдтытӕн Йегъовӕ дзуапп куыд радта?

17 Хуыцау Павелы куывдтытӕн ахӕм дзуапп радта: «Фаг дын у, ме стыр хорзӕхӕй дын цы бахай кодтон, уый. Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады». Павел та загъта: «Уымӕ гӕсгӕ ӕз ӕхсызгондӕрӕй ӕппӕлдзынӕн мӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕй, цӕмӕй мын Чырыстийы тых цатырау ӕмбӕхсӕн уа» (2 Коринфӕгтӕм 12:9; Псалом 146:5). Уӕдӕ Павел йӕхиуыл бавзӕрста, Хуыцау ӕй Чырыстийы уылты цатырау кӕй хъахъхъӕны. Абон дӕр Йегъовӕ афтӕ дӕтты дзуапп нӕ куывдтытӕн. Уый хъахъхъӕны йӕ лӕггадгӕнджыты, цатыр адӕймаджы куыд бахъахъхъӕны, афтӕ.

18. Фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын нӕ бон цӕй фӕрцы уыдзӕн?

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цатыр не ’рлӕууын кӕны къӕвда ӕмӕ дымгӕ, фӕлӕ нӕ уӕддӕр уыдӕттӕй бахъахъхъӕны. Афтӕ Павел дӕр цы цатыры кой кодта, ома «Чырыстийы тых», уый нӕ фӕлварӕнтӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕй нӕ хизы. Фӕлӕ нын уый хъахъхъӕны нӕ уырнындзинад, ацы дунейы ӕвзӕрӕй цы ис, уымӕй, ӕмӕ йӕ хицау Сайтаны лӕбурдтытӕй (Раргомад 7:9, 15, 16). Уӕдӕ нӕ кӕд Йегъовӕ фӕлварӕнтӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн, уӕддӕр дӕ ныфс уӕд: дӕ мӕт дын зоны ӕмӕ дӕ дӕ «хъуырдухӕны» нӕ ныууадздзӕн (Исай 30:19; 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4). Павел фыста: «Хуыцау йӕ ныхасӕн хицау у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕмӕн нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат» (1 Коринфӕгтӕм 10:13; Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

19. Фидарӕй цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цӕмӕн?

19 Ацы ӕнӕхуыцау дунейы «фӕстаг бонты» ӕцӕгдӕр скодта «тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тимофеймӕ 3:1). Фӕлӕ суанг ахӕм уавӕрты дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон у фидар фӕлӕууын. Куыдӕй? Хуыцау сын ӕххуыс кӕны ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы. Ӕдзух, зӕрдиагӕй ӕмӕ дзы ныфсджынӕй чи куры сыгъдӕг уд, уыдонӕн ӕй Йегъовӕ не ’вгъау кӕны. Уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ фидарӕй алы бон дӕр Хуыцауӕй курӕм йӕ сыгъдӕг уд (Псалом 33:7; 1 Иоанны 5:14, 15).

Цавӕр дзуапп раттис?

• Цӕмӕй нын Хуыцау йӕ сыгъдӕг уд дӕтта, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

• Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нӕм кӕй хъусдзӕн, йӕ сыгъдӕг уд дзы куы курӕм, уӕд?

• Хуыцауы сыгъдӕг уд нын фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Уарзӕгой фыды тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтам?