Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фыццӕгтӕ ӕгас кӕнынц!

Фыццӕгтӕ ӕгас кӕнынц!

Фыццӕгтӕ ӕгас кӕнынц!

«Фыццаг райгас уыдзысты, Чырыстиимӕ иудзинады чи уыд, афтӕмӕй чи амард, уыдон» (1 ФЕССАЛОНИКӔГТӔМ 4:16).

1, 2. а) Чи амард, уыдонӕн цавӕр ныфс ис? ӕ) Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый дӕ цӕмӕ гӕсгӕ уырны? (Кӕс фиппаинаг.)

«УДӔГӔСТӔ зонынц, кӕй амӕлдзысты». Адам тӕригъӕд куы ракодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Алы адӕймаг дӕр ӕй зоны, искуы кӕй амӕлдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц: «Мӕлӕты фӕстӕ та цы вӕййы? Мард ма исты фембары?» Уымӕн Библи дӕтты ахӕм дзуапп: «Мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5).

2 Уӕдӕ ма уӕд, чи амард, уыдонӕн исты ныфс ис? Ис. Хъуамӕ сын уа, цӕмӕй сӕххӕст уа, Хуыцаумӕ райдианы адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый. Ӕнусты дӕргъы Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фидарӕй ӕууӕндыдысты, Хуыцау Мыггаджы тыххӕй цы зӕрдӕвӕрд радта, ууыл. Зӕрдӕвӕрд Мыггаг хъуамӕ Сайтанӕн йӕ сӕр ныцъцъӕл кӕна, стӕй фӕд дӕр мауал ныууадза, Сайтан цы бӕллӕхтӕ скодта, уыдонӕй (Райдиан 3:15). Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр амардысты. Фӕлӕ цӕмӕй уыцы зӕрдӕвӕрд, стӕй ма Йегъовӕйы иннӕ зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр феной, уый тыххӕй хъуамӕ райгас уой (Дзуттӕгтӕм 11:13). Уый гӕнӕн ис? О, ис. Апостол Павел загъта: «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Иухатт Павел райгас кодта иу лӕппуйы, Евтих, зӕгъгӕ. Уый рахауд рудзынгӕй ӕртыккаг уӕладзыгӕй ӕмӕ йӕ куы «систой, уӕд разынди мард». Евтихы хабар у, мӕрдтӕ-иу куыд райгас сты, уый тыххӕй Библийы цы фараст хабары фыст ис, уыдонӕй фӕстаг (Хъуыддӕгтӕ 20:7–12) *.

3. Иоанны 5:28, 29 фыст чи ис, Йесойы уыцы ныхӕстӕ дын цавӕр ныфс дӕттынц ӕмӕ цӕмӕн?

3 Уыцы фараст марды кӕй райгас сты, уый тыххӕй нӕ уырнынц Павелы ныхӕстӕ. Уый фӕрцы тынгдӕр ӕууӕндӕм Йесойы зӕрдӕвӕрдыл: «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон... фехъусдзысты [Йесойы] хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29). Куыд ӕмбӕлынц зӕрдӕйыл ацы ныхӕстӕ! Ӕмӕ цӕй ӕхсызгон сты, йӕ хиуӕттӕй кӕмӕн фӕхъуыд, уыцы милуангай адӕмӕн!

4, 5. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй цавӕр цардӕн ӕгас кӕндзысты иутӕ ӕмӕ цавӕрӕн та иннӕтӕ, ӕмӕ дзы ацы статьяйы кӕцыйыл цӕудзӕн дзырд?

4 Чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн сӕ фылдӕр цӕрдзысты зӕххыл Хуыцауы Паддзахады къухдариуӕджы бын (Псалом 36:10, 11, 29; Исай 11:6–9; 35:5, 6; 65:21–23). Фӕлӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ хъуамӕ чидӕртӕ райгас уа. Фыццаджыдӕр, хъуамӕ райгас уыдаид Йесо Чырысти, цӕмӕй Йегъовӕйы размӕ схастаид йӕ нывонды аргъ. Йесо амард ӕмӕ райгас н. э. 33 азы.

5 Уый фӕстӕ, «Хуыцауы Израилмӕ» чи хауы, уыцы сӕрстытӕ хъуамӕ ӕрбаиу уой сӕ Хицау Йесо Чырыстимӕ йӕ уӕларвон кады, ӕмӕ уыдон «ӕдзухдӕр уыдзысты сӕ Хицауимӕ» (Галатӕгтӕм 6:16; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:17). Уыцы адӕмы Библи хоны «фыццаг чи райгас уа, уыдон» (Филиппӕгтӕм 3:10, 11; Раргомад 20:6). Уыдон се ’ппӕт дӕр куы райгас уой, уӕд уый фӕстӕ зӕххыл ӕгас кӕнын райдайдзысты, ӕнустӕм Дзӕнӕты цӕрыны фадат кӕмӕн уыдзӕн, уыцы милуангай адӕймӕгтӕ. Уӕдӕ нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис ӕви зӕххыл, уӕддӕр нӕ тынг цымыдис кӕнынц, «фыццаг чи райгас уа», уыдон. Куыд ӕгас кӕнынц? Ӕмӕ кӕд?

«Цавӕр буар [сын] уыдзӕни?»

6, 7. а) Цы хъуамӕ ’рцӕуа, цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуой, уый тыххӕй? ӕ) Куы райгас уой, уӕд сын цавӕр буар уыдзӕн?

6 Павел йӕ фыццаг фыстӕджы Коринфӕгтӕм фӕрсы, фыццаг чи райгас уыдзӕн, уыдоны тыххӕй: «Мӕрдтӕ куыд райгас уыдзысты? Ӕмӕ сын цавӕр буар уыдзӕни?» Стӕй дзуапп дӕтты: «Цы байтауай, уый куы нӕ бамбийа, уӕд нӕ сырӕздзӕн. [...] Хуыцау та йын дӕтты, цавӕр ӕй фӕнды, ахӕм буар... [...] Уӕларвон буӕрттӕн сӕ кад иу у, зӕххон буӕрттӕн та – ӕндӕр» (1 Коринфӕгтӕм 15:35–40).

7 Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ, цалынмӕ сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсой, уӕдмӕ кӕй хъуамӕ амӕлой. Куы амӕлынц, уӕд сӕ зӕххон буар сыджытмӕ аздӕхы (Райдиан 3:19). Хуыцауы нысангонд рӕстӕджы уыдон райгас вӕййынц ахӕм буары, цӕмӕй сӕ бон уӕлӕрвты цӕрын уа (1 Иоанны 3:2). Хуыцау ма сын лӕвар кӕны ӕнӕмӕлгӕ цард дӕр. Уый, куы райгуырынц, уӕд ӕй, цыма цавӕрдӕр ӕнӕмӕлгӕ уд у, уыйау семӕ нӕ рахӕссынц. «Мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы, уый хъуамӕ суа ӕнӕмӕлгӕ»,– дзуры Павел. Ӕнӕмӕлгӕ цард у Хуыцауы лӕвар ӕмӕ, фыццаг чи райгас вӕййы, уыдон ӕй «сӕ уӕлӕ скӕнынц» (1 Коринфӕгтӕм 15:50, 53; Райдиан 2:7; 2 Коринфӕгтӕм 5:1, 2 [фип.], 8).

8. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцау 144 000 алыхуызон динтӕй кӕй не ’взары?

8 Фыццаг чи ӕгас кӕны, уыдон сты ӕрмӕстдӕр 144 000. Йегъовӕ сӕ ӕвзарын райдыдта н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны, Йесойы куы райгас кодта, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр «[Йесойы] ном ӕмӕ йӕ Фыды ном сӕ ныхтыл фыст... у» (Раргомад 14:1, 3). Уӕдӕ уыдон алыхуызон динтӕй ӕвзӕрст не сты. Се ’ппӕт дӕр сты чырыстӕттӕ ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сӕрыстырӕй хӕссынц Фыды ном – Йегъовӕйы ном. Куы райгас вӕййынц, уӕд дзы алкӕмӕн дӕр бахӕс кӕнынц цавӕрдӕр хъуыддаг уӕлӕрвты. Хуыцауы раз кӕй уыдзысты, ӕмӕ йын афтӕмӕй кӕй лӕггад кӕндзысты, уый сын сӕ зӕрдӕ цинӕй дзаг кӕны.

Ӕгас кӕнынц?

9. Раргомады 12:7 ӕмӕ 17:14 нын куыд ӕххуыс кӕнынц фыццӕгты ӕгас кӕныны рӕстӕг базонынӕн?

9 Кӕд райдайдзысты ӕгас кӕнын фыццӕгтӕ? Ис фидар бӕлвырдгӕнӕн, ныридӕгӕн кӕй ӕгас кӕнынц, уымӕн. Абарӕм Раргомады чиныгӕй дыууӕ сӕры. Фыццаг уал ӕркӕсӕм Раргомады 12 сӕрмӕ. Ам кӕсӕм, Йесо Чырысти паддзах куы сси, уӕд йӕ сыгъдӕг зӕдтимӕ кӕй схӕцыд Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытимӕ (Раргомад 12:7–9). Ацы журналы арӕх вӕййы фыст, уыцы хӕст кӕй райдыдта 1914 азы *. Фӕлӕ уыцы уӕларвон хӕсты Йесоимӕ йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕй исчи ис, уый тыххӕй дзы ницы ис загъд. Ныр та ӕркӕсӕм Раргомады 17 сӕрмӕ. Уым кӕсӕм, Уӕрыкк, «Стыр Вавилон» куы ныппырх кӕна, уӕд уый фӕстӕ кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн адӕмтыл. Дарддӕр дзы фыст ис: «Йемӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, хуынд чи у, уыдон, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ иузӕрдионтӕ» (Раргомад 17:5, 14). Цӕмӕй «хуынд чи у, уыдон, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ иузӕрдионтӕ» Чырыстиимӕ Хӕйрӕджы дунеимӕ фӕстаг хӕсты схӕцой, уый тыххӕй хъуамӕ уӕдмӕ райгас уой. Уӕдӕ ахӕм хатдзӕг скӕнӕн ис, ӕмӕ сӕрстытӕй Армагеддоны размӕ чи амӕлы, уыдон ӕгас кӕнынц, 1914 азӕй Армагеддонмӕ чи ис, уыцы рӕстӕг.

10, 11. а) Чи сты 24 хистӕр нӕлгоймаджы ӕмӕ сӕ иу Иоаннӕн цы ӕргом кӕны? ӕ) Уымӕй нӕ бон цавӕр хатдзӕг у скӕнын?

10 Цымӕ бӕлвырддӕр базонӕн ис, фыццӕгтӕ ӕгас кӕнын кӕд райдыдтой, уый? Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн, Раргомады 7:9–15 цы цымыдисаг хъуыды ис, уый. Уым апостол Иоанн фыссы, цӕстылуайӕны кӕй федта «тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди». Уыцы тынг бирӕ адӕм чи сты, уый Иоаннӕн ӕмбарын кӕны 24 хистӕр нӕлгоймагӕй сӕ иу. 24 хистӕр нӕлгоймаджы ӕвдисынц, Чырыстиимӕ уӕларвон кады чи баиу ис ӕмӕ йемӕ иумӕ бындартӕ чи сси, уыцы 144 000 * (Лукайы 22:28–30; Раргомад 4:4). Иоаннӕн йӕхицӕн дӕр уыд уӕларвон царды ныфс. Фӕлӕ, уыцы хистӕр нӕлгоймаг йемӕ куы ныхас кодта, уӕд нырма уыд зӕххыл. Уымӕ гӕсгӕ цӕстылуайӕны Иоанн ӕвдисы, йӕ уӕларвон хӕрзиуӕг чи нӕма райста, уыцы сӕрст чырыстӕтты.

11 Уӕдӕ нӕ бон цавӕр хатдзӕг у скӕнын, Иоаннӕн 24 хистӕр нӕлгоймагӕй иу, тынг бирӕ адӕм чи сты, уый кӕй раргом кодта, уымӕй? Ӕвӕццӕгӕн, 24 хистӕр нӕлгоймаджы кӕй ӕвдисынц, уыцы къордӕй чи райгас, уыдон абон Хуыцауы ӕцӕгдзинӕдтӕ ӕргом кӕнынц. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ тынг бирӕ адӕм ӕцӕг чи сты, уый Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнджытӕн зӕххыл раргом 1935 азы. Кӕд уыцы ахсджиаг ӕцӕгдзинад 24 хистӕр нӕлгоймагӕй чидӕр раргом кодта, уӕд уый 1935 азӕй фӕстӕдӕр хъуамӕ ма райгас уыдаид. Ацы хабар ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фыццӕгтӕ ӕгас кӕнынц 1914 азӕй 1935 азы ’хсӕн. Уыцы рӕстӕг нӕ бон ноджы бӕлвырддӕр базонын у?

12. Бамбарын кӕн, цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ фыццӕгтӕ ӕгас кӕнын райдыдтой 1918 азы уалдзӕджы.

12 Уый тыххӕй ма ӕркӕсӕм Библийӕ иу хабармӕ. Йесо Чырысти Хуыцауы Паддзахады Паддзахӕй сӕрст ӕрцыд н. э. 29 азы фӕззӕджы. Ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ, н. э. 33 азы уалдзӕджы, уый райгас хъомысджын уӕларвон удгоймагӕй. Уӕдӕ кӕд Йесо 1914 азы фӕззӕджы райста паддзахы бартӕ, уӕд раст нӕ уаид зӕгъын, ӕмӕ йӕ иузӕрдион сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ ӕгас кӕнын райдыдтой уымӕй ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ, ома 1918 азы уалдзӕджы? Гӕнӕн ис, ӕмӕ уый раст уа. О, Библийы комкоммӕ афтӕ фыст нӕй. Фӕлӕ уӕддӕр ам ахӕмӕй ницы ис, ӕмӕ уа, фыццӕгтӕ, Чырысти паддзахбадӕныл куы ’рбадт, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр кӕй райдыдтой ӕгас кӕнын, уый цы стихтӕ бӕлвырд кӕнынц, уыдоны ныхмӕ.

13. 1 Фессалоникӕгтӕм 4:15–17 гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ фыццӕгтӕ ӕгас кӕнын райдыдтой Чырыстийы ’рцыды райдианы?

13 Зӕгъӕм, Павел фыста: «Махӕй нӕ Хицауы ’рцыд удӕгасӕй чи ӕрӕййафа, уыдон ницы хуызы фӕуыдзысты, мард чи у, уыдоны разӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ Хицау йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй ӕмӕ райхъуысдзӕн йӕ барджын хъӕлӕс, хистӕр зӕды хъӕлӕс, ӕмӕ Хуыцауы уадындзы уаст, ӕмӕ фыццаг райгас уыдзысты, Чырыстиимӕ иудзинады чи уыд, афтӕмӕй чи амард, уыдон. Уый фӕстӕ мах дӕр, удӕгасӕй чи баззайа, уыдон, семӕ иумӕ мигътыл хаст ӕрцӕудзыстӕм, цӕмӕй уӕлдӕфы нӕ Хицауыл сӕмбӕлӕм, ӕмӕ уымӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр уыдзыстӕм нӕ Хицауимӕ» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:15–17). Грекъаг ӕвзаджы «Хицауы ’рцыд» комкоммӕ амоны, «Йесо Чырысти паддзахбадӕныл куы ’рбадт, уӕдӕй фӕстӕмӕ цы рӕстӕг цӕуы, уымӕ». Фӕлӕ ам Павел уыцы рӕстӕгӕн йӕ кӕроны кой нӕ кӕны. Уымӕ гӕсгӕ, Чырыстийы ’рцыды размӕ сӕрстытӕй чи амард, уыдон уӕларвон цардӕн раздӕр райгас сты, йе ’рцыды рӕстӕджы дзы нырма зӕххыл чи цард, уыдонӕй. Уӕдӕ уӕд фыццӕгтӕ хъуамӕ ӕгас кӕнын райдыдтаиккой Чырыстийы ’рцыды райдианы, ӕмӕ ӕгас кӕнынц ныр дӕр, паддзахбадӕныл куы ’рбадт, уӕдӕй фӕстӕмӕ чи цӕуы, уыцы рӕстӕджы (1 Коринфӕгтӕм 15:23). Фыццӕгтӕ уыциу афон нӕ райгас сты, фӕлӕ ӕгас кӕнынц цасдӕр рӕстӕджы дӕргъы.

«Алкӕмӕн дӕр [сӕ] лӕвӕрд ӕрцыд урс уӕлӕдарӕс»

14. а) Раргомады 6 сӕры цы цӕстылуайӕнтӕ ис, уыдон кӕд сӕххӕст сты? ӕ) Раргомады 6:9 дзырд цӕуыл цӕуы?

14 Ӕркӕсӕм-ма, Раргомады 6 сӕры цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ дӕр. Уым Йесойы уынӕм уӕлахизгӕнӕг Паддзахӕй (Раргомад 6:2). Зӕххы къорийы адӕмты ’хсӕн цӕуы стыр хӕстытӕ (Раргомад 6:4). Бирӕ рӕтты скодта ӕххормаг рӕстӕджытӕ (Раргомад 6:5, 6). Сарӕх сты фыднизтӕ (Раргомад 6:8). Ӕппӕт ацы хабӕрттӕ ӕцӕгдӕр кӕй цӕуынц, уый бӕрӕг у, 1914 азӕй фӕстӕмӕ дуне цы уавӕры ис, уымӕй. Фӕлӕ ма цӕуы ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр. Цӕстылуайӕны ма ис нывондхӕссӕны кой. Уый бын сты, «Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй фыдмард кӕй акодтой, уыдоны удтӕ» (Раргомад 6:9). «Буары уд [ома цард] туг у». Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нывондхӕссӕны бын ис Йесойы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты туг. Уыдоны амардтой, ныфсджынӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй (Левит 17:11).

15, 16. Бамбарын кӕн, Раргомады 6:10, 11 ныхӕстӕ, фыццаг чи райгас, уыдонмӕ цӕмӕн хауынц.

15 Рӕстаг Авелы туг Хуыцаумӕ куыд дзынӕзта, афтӕ, хъизӕмайраг мард кӕй акодтой, уыцы чырыстӕтты туг дӕр дзыназы раст тӕрхонмӕ (Райдиан 4:10). «Уыдон хъӕрӕй сдзынӕзтой: „О Дунедарӕг, сыгъдӕг ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау, кӕдмӕ у дӕ каст, зӕххы цӕрджытӕн цӕуылнӕ рахӕссыс тӕрхон ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?“» Уый фӕстӕ та хабӕрттӕ куыд цӕуынц? «Алкӕмӕн дӕр [сӕ] лӕвӕрд ӕрцыд урс уӕлӕдарӕс ӕмӕ сын загъд уыди, цӕмӕй ма иу гыццыл банхъӕлмӕ кӕсой, цалынмӕ се ’мбал цагъарты ӕмӕ се ’фсымӕрты нымӕц нӕ баххӕст уа, уӕдмӕ – уыдоны дӕр амардзысты, адоны куыд амардтой, афтӕ» (Раргомад 6:10, 11).

16 Цымӕ ацы урс уӕлӕдарӕстӕ, нывондхӕссӕны бын цы туг ис, уымӕн радтой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уӕлӕдарӕстӕ радтой, нывондхӕссӕныл кӕй туг ныккалдтой, уыцы адӕмӕн. Уыдон сӕ цард нывондӕн ӕрхастой Йесойы номы тыххӕй ӕмӕ сӕ ныр Хуыцау райгас кодта уӕларвон цардӕн. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Раргомады чиныджы раздӕр фыст ис: «Уӕлахиздзау скӕндзӕн урс уӕлӕдарӕс, ӕмӕ йын царды чиныгӕй йӕ ном никуы сыхалдзынӕн». Рох нӕ ма уӕд уый дӕр, ӕмӕ 24 хистӕр нӕлгоймагӕн дӕр «сӕ уӕлӕ уыди урс дарӕстӕ, сӕ сӕртыл та – сызгъӕрин кадыхудтӕ» (Раргомад 3:5; 4:4). Уӕдӕ зӕххыл ӕбуалгъ хӕстытӕ, ӕххормаг рӕстӕджытӕ ӕмӕ фыднизтӕ куы райдыдтой, уый фӕстӕ, нывондхӕссӕны бын цы туг ис, уый 144 000 сӕрст чырыстонӕй кӕй ӕвдисы, уыдон райгас сты уӕларвон цардӕн ӕмӕ сӕ уӕлӕ урс дарӕстӕ скодтой.

17. Урс уӕлӕдарӕстӕ чи райста, уыдон куыд хъуамӕ «банхъӕлмӕ кӕсой»?

17 Чи райгас, уыдоны хъӕуы «банхъӕлмӕ кӕсын». Уыдон хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсой Хуыцауы мастисӕн бонмӕ. «Се ’мбал цагъарты» – зӕххыл ма чи ис, уыцы сӕрст чырыстӕтты – нырма хъӕуы фӕлварӕнты кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайын. Хуыцауы тӕрхоны рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд сӕ «ӕнхъӕлмӕ кӕсын» нал хъӕудзӕн (Раргомад 7:3). Уӕд, чи райгас уа, уыдон сӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ фесафдзысты фыдгӕнджыты – уыдонмӕ хауынц, ӕнаххос чырыстӕтты туг чи ныккалдта, уыдон дӕр (2 Фессалоникӕгтӕм 1:7–10).

Цы нысан кӕны махӕн

18, 19. а) Цӕмӕ гӕстӕ у дӕ бон зӕгъын, фыццӕгтӕ ныридӕгӕн кӕй ӕгас кӕнынц? ӕ) Фыццӕгтӕ ӕгас кӕнын кӕй райдыдтой, уый дын дӕ зӕрдӕйы цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кӕны?

18 Хуыцауы Ныхас бӕлвырд ницы дзуры, фыццӕгтӕ кӕд ӕгас кӕндзысты, уый тыххӕй. Фӕлӕ ӕргом кӕны, кӕй ӕгас кӕндзысты бӕлвырд рӕстӕджы дӕргъы. Уый уыдзӕн, Чырысти паддзахбадӕныл куы ’рбадт, уый фӕстӕ цы рӕстӕг цӕуы, уӕд. Фыццаг чи ӕгас кӕны, уыдон сты, Чырысти паддзахбадӕныл куы ’рбадт, уымӕй размӕ чи амард, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Абон, Чырысти паддзахбадӕныл куы бады, уӕд, иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй йӕ зӕххон цард кӕмӕн фӕвӕййы, уыдон «цӕстыфӕныкъуылдмӕ» фӕивынц ӕмӕ свӕййынц хъомысджын уӕларвон удгоймӕгтӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:52). Цымӕ сӕрст чырыстӕттӕ сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг иууылдӕр Армагеддоны хӕсты размӕ райсдзысты? Мах уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм, Хуыцау цы рӕстӕг снысан кодта, уыцы рӕстӕг 144 000 се ’ппӕт дӕр кӕй лӕудзысты уӕларвон хох Сионыл.

19 Мах ма зонӕм уый дӕр, ӕмӕ 144 000 сӕ фылдӕр ныр сты Чырыстиимӕ. Ӕрмӕст ма сӕ къаддӕр хай ис зӕххыл. Хуыцауы тӕрхоны рӕстӕг тынг хӕстӕг кӕй у, ууыл ма уымӕй тынгдӕр цы хъуамӕ дзура! Тагъд Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр фесӕфдзӕн. Хӕйрӕг йӕхӕдӕг дӕлдзӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн. Уӕд, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдон ӕгас кӕнын райдайдзысты ӕмӕ иузӕрдион адӕм Чырыстийы нывонды фӕрцы суыдзысты ӕххӕст, Адам тӕригъӕд ракӕныны размӕ, куыд ӕххӕст уыд, афтӕ. Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд, Райдианы 3:15 фыст чи ис, уый диссаджы хуызы ӕххӕст кӕны. Цӕй стыр кад у ацы рӕстӕджы цӕрын!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 9 абз. Чырысти паддзахбадӕныл куы ’рбадт, уыцы рӕстӕг 1914 азы кӕй райдыдта, уымӕн Фыстады цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уый тыххӕй кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 215–218 фӕрстӕ, рауагътой йӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 10 абз. 24 хистӕр нӕлгоймаджы, уӕлӕрвты чи ис, уыцы сӕрст чырыстӕтты кӕй ӕвдисынц, уый базонӕн ис чиныгӕй «Раргомад – йӕ диссаджы сӕххӕст хӕстӕг у!», 77 фарс, (уыр.), рауагътой йӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Куыд бамбарын кӕнис?

Фыццӕгтӕ кӕд ӕгас кӕнынц, уый бамбарынӕн нын ацы стихтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц?

Раргомад 12:7; 17:14

Раргомад 7:13, 14

1 Коринфӕгтӕм 15:23; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:15–17

Раргомад 6:2, 9–11

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]