Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Царды тыхдымгӕты дӕ бон фӕлӕууын у

Царды тыхдымгӕты дӕ бон фӕлӕууын у

Царды тыхдымгӕты дӕ бон фӕлӕууын у

АЦЫ УӔЗЗАУ рӕстӕджыты бирӕтӕ цы зындзинӕдтӕ ’взарынц, уыдон абарӕн ис тыхдымгӕимӕ. Фӕлӕ чырыстӕттӕн уыцы зындзинӕдты фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кӕны, Хуыцауы кӕй уарзынц ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдты сӕрты кӕй нӕ хизынц, уый. Куыд? Дзуапп нӕ бон у ссарын Йесо Чырыстийы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй иуы. Уый йӕ коммӕгӕс ахуыргӕнинӕгты абарста, «йӕ хӕдзар къӕдзӕхыл чи сарӕзта, уыцы зондджын адӕймагимӕ». Йесо загъта: «Иу бон къӕвда ныккалдта, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстад ӕмӕ сӕхи ныццавтой уыцы хӕдзарыл, фӕлӕ нӕ ныккалд, уымӕн ӕмӕ къӕдзӕхыл лӕууыд» (Матфейы 7:24, 25).

Бафиппайын хъӕуы уый, ӕмӕ Йесо цы адӕймаджы кой кӕны, уый кӕд зондджын у, уӕддӕр хызт нӕу къӕвда, дӕттӕ ӕмӕ дымгӕйӕ, ома зындзинӕдтӕй. Уӕдӕ Йесо афтӕ зӕгъынмӕ нӕ хъавыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ зындзинӕдтыл не ’мбӕлдзысты кӕнӕ сын сабыр ӕмӕ ӕдыхст цард уыдзӕн (Псалом 33:20; Иаковы 4:13–15). Уый фӕндыд зӕгъын, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон кӕй уыдзӕн сӕхи ахӕм зындзинӕдтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕм бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ сӕ сфӕразын.

Йесо йӕ цӕстуынгӕ цӕвиттон райдыдта афтӕ: «Мӕ ныхӕстӕ [мын] чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар къӕдзӕхыл чи сарӕзта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо хӕдзар амайыны тыххӕй нӕ дзырдта, фӕлӕ цӕрын куыд хъӕуы, уый тыххӕй. Йесойы ныхӕстӕм чи хъусы, уыдон сты ӕмбаргӕ ӕмӕ зонынц, кӕм цы кӕнын хъӕуы, уый. Уыдон сӕ цард аразынц, «къӕдзӕхау» фидар чи у, ахӕм бындурыл – Чырыстийы ахуырӕдтыл. Цымыдисаг у, ацы «къӕдзӕх» зӕххы уӕлцъар кӕй нӕй, уый. Ам дзырд цы адӕймагыл цӕуы, уый «арф... ныкъкъахта», цӕмӕй йыл йӕ хӕдзар сӕвӕрдтаид (Лукайы 6:48). Афтӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй сӕм уа, Хуыцаумӕ сӕ чи ӕввахс кӕны, ахӕм миниуджытӕ (Матфейы 5:5–7; 6:33).

Ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ тыхдымгӕйы хуызӕн зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ уырнындзинады бындур фӕлвӕрд куы фӕцӕуы, уӕд та? Чырыстийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрынц ӕмӕ сӕм чырыстон миниуджытӕ кӕй ис, уый сӕ фидар кӕны ахӕм зындзинӕдты рӕстӕджыты, ӕмӕ сын сӕйраджыдӕр та баххуыс уыдзӕн, тагъд Армагеддоны тыхдымгӕ куы радыма, уӕд (Матфейы 5:10–12; Раргомад 16:15, 16). Ӕцӕгдӕр, Чырыстийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ йӕ цард чи аразы, уыдонӕй бирӕтӕн бантысы тыхдымгӕйы хуызӕн фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын. Ӕмӕ уый дӕуӕн дӕр дӕ бон у (1 Петры 2:21–23).