Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Цин кӕн»

«Цин кӕн»

«Цин кӕн»

«Бӕрӕг кӕн Йегъовӕйы бӕрӕгбон... ӕмӕ цин кӕн» (ДЫККАГ ЗАКЪОН 16:15).

1. а) Цы сдзырддаг кодта Хӕйрӕг? ӕ) Цавӕр пехуымпарад загъта Йегъовӕ, Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд?

ХӔЙРӔГ Адам ӕмӕ Евӕйы се Сфӕлдисӕджы ныхмӕ куы скодта, уӕд сдзырддаг кодта дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Фыццаг, Хӕйрӕг загъта, Йегъовӕ сайгӕ кӕй кӕны ӕмӕ раст кӕй нӕ хицауиуӕг кӕны. Дыккаг, уый адӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, уыдон Хуыцауӕн ӕрмӕстдӕр хи пайдайӕн лӕггад кӕндзысты. Фӕстӕдӕр, Иовы рӕстӕджы, Хӕйрӕг ацы фарст цӕхгӕр ӕрӕвӕрдта (Райдиан 3:1–6; Иов 1:9, 10; 2:4, 5). Фӕлӕ Йегъовӕ хъуыддаг сраст кӕныныл батыхст, Адам ӕмӕ Евӕ нырма Едемы цӕхӕрадоны куы уыдысты, уӕд. Уый бамбарын кодта, куыд аскъуыддзаг кӕндзӕн, уыцы хъуыддӕгты фӕдыл цы фарстатӕ сӕвзӕрд, уыдон. Йегъовӕ загъта, кӕй фӕзындзӕн «мыггаг». Уыцы «мыггагӕн» Хӕйрӕг «йӕ зӕвӕтыл фӕхӕццӕн», «мыггаг» та йын фӕстагмӕ йӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн (Райдиан 3:15).

2. Йегъовӕ куыд ӕмбарын кодта, Райдианы 3:15 фыст пехуымпарад куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый?

2 Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ Йегъовӕ ацы пехуымпарад хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбарын кодта, ӕмӕ уымӕй ӕвдыста, ӕнӕмӕнгӕй кӕронмӕ кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Зӕгъӕм, Хуыцау Авраамӕн загъта, «мыггаг» йӕ байзӕддӕгтӕй кӕй уыдзӕн (Райдиан 22:15–18). Авраамы фыртыфырт Иаковӕй рацыдысты Израилы 12 мыггаджы. Н. э. агъоммӕ 1513 азы, уыцы мыггӕгтӕ адӕмыхатт куы систы, уӕд сын Йегъовӕ радта Закъон. Уыцы Закъонмӕ гӕсгӕ уыдон хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккой ӕрвылазон бӕрӕгбӕттӕ. Апостол Павел загъта, зӕгъгӕ, уыцы бӕрӕгбӕттӕ уыдысты «фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон» (Колоссӕгтӕм 2:16, 17; Дзуттӕгтӕм 10:1). Уыдон ӕвдыстой, Йегъовӕйы фӕндон Мыггаджы тыххӕй куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый. Уыцы бӕрӕгбӕттӕ-иу израилӕгтӕн уыдысты стыр цины рӕстӕг. Уӕдӕ сыл цыбыртӕй аныхас кӕнӕм. Уый нын фӕфидар кӕндзӕн не ’ууӕнк Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл.

Мыггаг фӕзынд

3. Чи уыд зӕрдӕвӕрд Мыггаг ӕмӕ йын калм йӕ зӕвӕтыл куыд фӕхӕцыд?

3 Мыггаг фӕзынд, Йегъовӕ фыццаг пехуымпарад куы загъта, уымӕй 4 000 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд. Уыцы мыггаг уыд Йесо Чырысти (Галатӕгтӕм 3:16). Йесо, ӕххӕст адӕймаг, мӕлӕты онг Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад ӕмӕ уымӕй равдыста, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты. Стӕй тӕригъӕдджын кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ, йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уымӕн стыр аргъ уыд. Уый фӕрцы Йесо тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кодта Адам ӕмӕ Евӕйы иузӕрдион байзӕддӕгты. Хъизӕмӕртты хъӕдыл кӕй амард, уый нысан кодта, зӕрдӕвӕрд Мыггаджы зӕвӕтыл калм кӕй фӕхӕцыд (Дзуттӕгтӕм 9:11–14).

4. Йесо Чырыстийы нывондмӕ цы амыдта?

4 Йесо амард н. э. 33 азы 14 нисаны *. 14 нисаны Израилы бӕрӕг кодтой Куадзӕн. Уыцы бон алы хӕдзары дӕр ӕргӕвстой ӕнӕсахъат уӕрыкк. Уый израилӕгты зӕрдыл лӕууын кодта, уӕрыччы туджы фӕрцы сӕ цоты хистӕртӕ мӕлӕтӕй кӕй фервӕзтысты, н. э. агъоммӕ 1513 азы 14 нисаны мӕлӕтхӕссӕг зӕд египетӕгтӕн сӕ цоты хистӕрты куы ныццагъта, уӕд (Рацыд 12:1–14). Куадзӕны уӕрыкк амыдта Йесо Чырыстимӕ. Йесойы тыххӕй апостол Павел загъта: «Нӕ куадзӕны уӕрыкк Чырысти нывондӕн хаст ӕрцыд» (1 Коринфӕгтӕм 5:7). Куадзӕны уӕрыччы тугау Йесо Чырыстийы туг дӕр ирвӕзын кӕны бирӕты (Иоанны 3:16, 36).

«Чи амард, уыдонӕй фыццаг уый райгас»

5, 6. а) Кӕд райгас Йесо ӕмӕ уыцы хабар Закъон куыд ӕвдыста? ӕ) Йесо кӕй райгас, уый фӕрцы Райдианы 3:15 куыд сӕххӕст уыдзӕн?

5 Йесо ӕртыккаг бон райгас, цӕмӕй йӕ нывонды аргъимӕ йӕ фыды раз ӕрлӕууыдаид (Дзуттӕгтӕм 9:24). Кӕй хъуамӕ райгас уыдаид, уымӕ амыдта ӕндӕр бӕрӕгбон. 14 нисаны фӕстӕ-иу райдыдта Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Уый фӕстӕ бон та-иу, 16 нисаны, израилӕгтӕ сауджынмӕ кувинагӕн бахастой фыццаг куырис хъӕбӕрхоры тыллӕгӕй (Израилы-иу хъӕбӕрхорӕй раздӕр ницы сцӕттӕ) (Левит 23:6–14). Уӕдӕ растдӕр уыцы бон н. э. 33 азы Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн фехӕлдта йӕ фыдвӕнд: Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы «иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн» ӕнустӕм басабыр уыдаид. Н. э. 33 азы 16 нисаны Йегъовӕ Йесойы райгас кодта ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон цардӕн (Раргомад 3:14; 1 Петры 3:18).

6 Йесо уыд, «чи амард, уыдонӕй фыццаг дыргъ» (1 Коринфӕгтӕм 15:20, фип.). Уый, йӕ размӕ чи райгас, уыдонӕй уӕлдай нал амард. Йесо ссыд уӕлӕрвтӕм, Йегъовӕйы рахиз фарс ӕрбадт, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ йӕ йӕ уӕларвон Паддзахады Паддзахӕй кӕд сӕвӕрдзӕн, уымӕ (Псалом 109:1; Хъуыддӕгтӕ 2:32, 33; Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Ныр Йесо у Паддзах ӕмӕ йӕ бон у Хуыцауы цыфыддӕр знаг Хӕйрӕджы сӕр ныцъцъӕл кӕнын ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ мыггаг дӕр ӕнустӕм фесафын (Раргомад 11:15, 18; 20:1–3, 10).

Авраамы мыггаг ӕрмӕст Йесо Чырысти нӕу

7. Цавӕр бӕрӕгбон уыд Къуыриты бӕрӕгбон?

7 Йесо у, Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны кӕй кой кодта ӕмӕ «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ [кӕй фӕрцы] фехалдзӕн», уыцы Мыггаг (1 Иоанны 3:8). Фӕлӕ Йегъовӕ Авраамимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын загъта, йӕ «мыггаг» ӕрмӕст иу адӕймаг кӕй нӕ уыдзӕн. Уыцы «мыггаг» хъуамӕ сбирӕ уыдаид, «уӕларвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты ӕмӕ денджызы был змис куыд бирӕ у, афтӕ» (Райдиан 22:17). Авраамы «мыггагмӕ» чи хаудзӕн, ахӕмтӕ ма кӕй фӕзындзӕн, уымӕ та амыдта ӕндӕр бӕрӕгбон. 16 нисанӕй фӕндзай боны фӕстӕдӕр израилӕгтӕ бӕрӕг кодтой Къуыриты бӕрӕгбон. Уый тыххӕй Закъон дзуры: «Ӕвдӕм сабаты фӕстӕ цы бон ис, уый онг фӕндзай боны банымайут ӕмӕ ӕрхӕссут ног хойраджы кувинаг Йегъовӕйӕн. Уӕ хӕдзӕрттӕй ӕрбахӕссут дыууӕ дзулы кувинагӕн. Конд хъуамӕ уой хуыздӕр ссадӕй ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайӕ. Уыдон сты тыллӕджы сӕр Йегъовӕйӕн ӕмӕ сӕ сфыцын хъӕуы ӕнхъызт хыссӕйӕ» * (Левит 23:16, 17, 20).

8. Цавӕр диссаджы хабар ӕрцыд н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны?

8 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд Къуыриты бӕрӕгбон хуыдтой Фӕндзайӕм бон. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны стырдӕр Хистӕр сауджын Йесо Чырысти сыгъдӕг уд ӕруагъта, Иерусалимы чи ӕрӕмбырд, уыцы 120 ахуыргӕнинагыл. Афтӕмӕй уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ систы Хуыцауы фырттӕ ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕфсымӕртӕ (Ромӕгтӕм 8:15–17). Уыдон систы ног адӕм, «Хуыцауы Израил» (Галатӕгтӕм 6:16). Райдианы чысыл къорд чи уыд, уыцы адӕмӕн фӕстагмӕ сӕ нымӕц хъуамӕ суыдаид 144 000 (Раргомад 7:1–4).

9, 10. Фӕндзайӕм бон сӕрст чырыстӕтты ӕмбырдмӕ куыд амыдта?

9 Фӕндзайӕм боны-иу кувинагӕн цы дыууӕ дзулы хастой, уыдон амыдтой сӕрст чырыстӕтты ӕмбырдмӕ. Ӕнхъызт хыссӕйӕ конд кӕй уыдысты, уый амыдта, сӕрст чырыстӕтты мидӕг нырма туджырахӕсгӕ тӕригъӕд кӕй уыд. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ бон уыд, ӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уыдаиккой Чырыстийы нывонды фӕрцы (Ромӕгтӕм 5:1, 2). Дзултӕ дыууӕ цӕмӕн уыдысты? Ӕвӕццӕгӕн, уый амыдта, Хуыцау йӕ сӕрст фыртты кӕй хъуамӕ ӕрӕмбырд кодтаид дыууӕ къорд адӕмӕй – фыццаг дзуттӕгтӕй, уый фӕстӕ та ӕндӕр адӕмтӕй (Галатӕгтӕм 3:26–29; Ефесӕгтӕм 2:13–18).

10 Фӕндзайӕм боны цы дыууӕ дзулы хастой, уыдон уыдысты мӕнӕуы тыллӕджы сӕр. Уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕг удӕй гуырд чырыстӕтты дӕр Библи хоны, Хуыцау «кӕй сфӕлдыста, уыдоны ’хсӕн ӕвзӕрстытӕй фыццӕгтӕ» (Иаковы 1:18). Уыдон сты, Чырыстийы тугныккалды фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ барст кӕмӕн цӕуынц, уыдонӕй фыццӕгтӕ. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон у, ӕмӕ райсой ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон цард ӕмӕ Йесоимӕ йӕ Паддзахады паддзӕхтӕ уой (1 Коринфӕгтӕм 15:53; Филиппӕгтӕм 3:20, 21; Раргомад 20:6). Уыдон, Хуыцауы уӕларвон фырттӕ, тагъд рӕстӕджы «[адӕмыхӕттыты] здахдзысты ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй» ӕмӕ фендзысты, Хуыцау сын Сайтаны сӕ къӕхты бын куыд ныссӕнддзӕн, уый (Раргомад 2:26, 27; Ромӕгтӕм 16:20). Апостол Иоанн загъта: «Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл. Хуыцау ӕмӕ Уӕрыккӕн фыццаг уыдон ӕрцыдысты ӕлхӕд адӕмӕй» (Раргомад 14:4).

Ирвӕзындзинадмӕ чи амоны, уыцы бон

11, 12. а) Цы-иу арӕзтой Сыгъдӕггӕнӕн боны? ӕ) Израилы адӕм уӕныг ӕмӕ нӕл сӕгътӕ нывондӕн кӕй хастой, уый сын цы пайда уыд?

11 Афанимы (фӕстӕдӕр ӕй хуыдтой тишри) * дӕсӕм боны Израилы бӕрӕг кодтой, Чырыстийы нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уымӕ чи амыдта, уыцы бӕрӕгбон. Уый уыд Сыгъдӕггӕнӕн бон ӕмӕ-иу адӕм иууылдӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй-иу сӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ ӕрхастаиккой (Левит 16:29, 30).

12 Сыгъдӕггӕнӕн боны-иу хистӕр сауджын уӕныг аргӕвста ӕмӕ-иу ын йӕ тугӕй Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты бадзырды чырыны сӕры раз авд хатты ӕрпырх кодта, ӕмӕ-иу уымӕй ӕвдыста, уыцы туг Йегъовӕйы раз хаст кӕй цӕуы. Уыцы нывонд уыд хистӕр сауджынӕн йӕхи ӕмӕ «йӕ хӕдзары», стӕй сауджынты ӕмӕ левитты тӕригъӕдты тыххӕй. Уый фӕстӕ-иу хистӕр сауджын ӕрбакодта дыууӕ нӕл сӕгъы. Иу дзы-иу аргӕвста «адӕмы [тӕригъӕдты] тыххӕй». Йӕ тугӕй-иу ын ӕрпырх кодта Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты бадзырды чырыны сӕры раз. Уый фӕстӕ-иу хистӕр сауджын йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта иннӕ нӕл сӕгъы сӕрыл ӕмӕ-иу Израилы фыртты тӕригъӕдтӕ ӕргом радзырдта. Стӕй-иу нӕл сӕгъы ӕдзӕрӕг быдырмӕ ауагъта, цӕмӕй-иу адӕмы тӕригъӕдтӕ ахӕсгӕ хуызы йемӕ ахастаид (Левит 16:3–16, 21, 22).

13. Сыгъдӕггӕнӕн боны хабӕрттӕ куыд амонынц, Чырысти цы хъуамӕ сарӕзтаид, уымӕ?

13 Ацы хабӕрттӕ амонынц, стырдӕр Хистӕр сауджын Йесо Чырысти йӕхи туджы аргъӕй кӕй пайда кӕны тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнынӕн. Йӕ туджы аргъ, фыццаджыдӕр, пайда у «Хуыцауы хӕдзарӕн», 144 000 сӕрст чырыстонӕн, цӕмӕй рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуой ӕмӕ Йегъовӕйы раз сыгъдӕгӕй ӕрлӕууой (1 Петры 2:5; 1 Коринфӕгтӕм 6:11). Уымӕ амыдта, нывондӕн уӕныг кӕй хастой, уый. Афтӕмӕй уыдонӕн байгом фӕндаг сӕ уӕларвон бынтӕ райсынӕн. Дыккаг, Чырыстийы туджы аргъ арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, чи йыл ӕууӕнды, уыцы милуангай адӕмӕн. Уымӕ амыдта, нывондӕн нӕл сӕгъ кӕй хастой, уый. Уыдон хайджын уыдзысты ӕнусон цардӕй зӕххыл – Адам ӕмӕ Евӕ кӕй фесӕфтой, уыцы бынӕй (Псалом 36:10, 11). Йесо Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы ӕппӕт адӕмы тӕригъӕдтӕ дӕр хӕссы, удӕгас нӕл сӕгъ-иу Израилы тӕригъӕдтӕ ахӕсгӕ хуызы ӕдзӕрӕг быдырмӕ куыд ахаста, афтӕ (Исай 53:4, 5).

Цин кӕн Йегъовӕйы раз

14, 15. Израилӕгтӕ Халагъудты бӕрӕгбон куыд бӕрӕг кодтой ӕмӕ сын уый сӕ зӕрдыл цы лӕууын кодта?

14 Сыгъдӕггӕнӕн боны фӕстӕ израилӕгтӕн уыд Халагъудты бӕрӕгбон – ӕппӕты хъӕлдзӕгдӕр бӕрӕгбон Израилы (Левит 23:34–43). Бӕрӕг ӕй кодтой 15 афанимӕй 21 афаниммӕ, фӕугӕ та-иу фӕкодта 22 афанимы бӕрӕгбоны ӕмбырдӕй. Уыцы бӕрӕгбон кодтой, тыллӕг-иу ӕфснайд кӕй фӕци ӕмӕ Хуыцауӕй йе ’гӕрон хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй уыдысты, уый номыл. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ адӕмӕн загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын арфӕ кӕндзӕн дӕ тыллӕгӕн ӕмӕ дӕ къухты фӕллойӕн, ӕмӕ цин кӕн» (Дыккаг закъон 16:15). Уӕдӕ цӕй амондджын рӕстӕг хъуамӕ уыдаид уый!

15 Бӕрӕгбоны рӕстӕджы, авд боны дӕргъы, израилӕгтӕ цардысты халагъудты. Уый сын сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, кӕддӕр ӕдзӕрӕг быдыры халагъудты кӕй цардысты. Бӕрӕгбоны рӕстӕг сӕ бон уыд хъуыды кӕнын, Йегъовӕ сыл фыдау кӕй тыхсы, ууыл (Дыккаг закъон 8:15, 16). Ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр – хъӕздыгӕй, мӕгуырӕй – иухуызон халагъудты кӕй цардысты, уый сын сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, бӕрӕгбоны рӕстӕг иууылдӕр ӕмсӕр кӕй уыдысты (Нееми 8:14–16).

16. Цӕмӕ амыдта Халагъудты бӕрӕгбон?

16 Халагъудты бӕрӕгбон уыд тыллӕджы бӕрӕгбон. Уый амыдта, Йесо Чырыстийыл чи ӕууӕнды, уыдон кӕй ӕрӕмбырд уыдзысты, уымӕ. Уыцы тыллӕг ӕмбырд кӕныны хъуыддаг райдыдта н. э. 33 азы. Уӕд Йесойы 120 ахуыргӕнинаджы сыгъдӕг удӕй сӕрст ӕрцыдысты, цӕмӕй «сыгъдӕг сауджынтӕ» суой. Израилӕгтӕ халагъудты цалдӕр боны куыд цардысты, афтӕ сӕрстытӕ дӕр зонынц, ацы ӕнӕхуыцау дунейы ӕрмӕст «рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ» кӕй сты. Уыдонӕн ис уӕларвон царды ныфс (1 Петры 2:5, 11). Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмбырдгонд фӕуыдзысты ацы «фӕстаг бонты», 144 000 ма чи баззад, уыдон куы ӕрӕмбырд уой, уӕд (2 Тимофеймӕ 3:1).

17, 18. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, сӕрст чырыстӕттӕй уӕлдай ма Чырыстийы нывонд ӕндӕртӕн дӕр пайда кӕй у, уый? ӕ) Ӕмбырд кӕныны хъуыддаг абон арфӕдзинӕдтӕ кӕмӕн хӕссы ӕмӕ кӕронмӕ кӕд сӕххӕст уыдзӕн?

17 Бафиппайын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ уыцы рагон бӕрӕгбоны нывондӕн хастой 70 галы (Нымӕцтӕ 29:12–34). Нымӕц 70 уайы, авд дӕсыл куы схатт кӕнай. Библийы нымӕц 7 ӕвдисы уӕларвон ӕххӕстдзинад, 10 та – зӕххон ӕххӕстдзинад. Уӕдӕ Чырыстийы нывонд пайда уыдзӕн, зӕххыл цӕрӕг адӕм цы 70 мыггагӕй равзӕрдысты, уыдоны ’хсӕн цы иузӕрдион адӕймӕгтӕ ис, уыдонӕн. Адӕмы 70 мыггаджы та рацыдысты Нойӕ (Райдиан 10:1–29). Уымӕ гӕсгӕ абон ӕмбырд кӕныны хъуыддаг тынг ауӕрӕх, цӕмӕй аххӕсса, Йесойыл чи ӕууӕнды ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕмыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр.

18 Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, абон адӕм ӕмбырдгонд куыд цӕуынц, уый. Фыццаг уый фехъуыста, 144 000 фӕстӕгтыл мыхуыр ӕвӕрд кӕй ӕрцыд. Уый фӕстӕ федта «тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди». Уыдон Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы раз лӕууынц, «сӕ къухты... пальмӕйы къалиутӕ», афтӕмӕй. Уыдон «стыр бӕллӕхы сӕрты» хизынц ног дунемӕ. Уыцы адӕм дӕр рӕстӕгмӕ цӕрынц ацы зӕронд цардӕвӕрды ӕмӕ фидар ныфсимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ сӕ «Уӕрыкк хиздзӕн... ӕмӕ сӕ кӕндзӕн царды суадӕттӕм». Уӕд сын «Хуыцау ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ» (Раргомад 7:1–10, 14–17). Халагъудты бӕрӕгбон цы диссаджы ӕмбырд кӕныны хъуыддагмӕ амыдта, уый кӕронмӕ сӕххӕст уыдзӕн тынг бирӕ адӕм ӕмӕ ма чи райгас уа, уыдон Чырыстийы Миназон хицаудзинады кӕрон ӕнусон цардӕй куы схайджын уой, уӕд (Раргомад 20:5).

19. Цы пайда нын у, Израилы цы бӕрӕгбӕттӕ кодтой, уыдон иртасын?

19 Махӕн дӕр нӕ бон у «цин кӕнын», рагон дзуттаг бӕрӕгбӕттӕ цы нысан кӕнынц, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Куыд ӕхсызгон у, кӕй зонӕм, Йегъовӕ хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕй ӕмбарын кодта, Едемы цы пехуымпарад загъта, уый куыд хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, уый, ӕмӕ кӕй уынӕм, сабыргай куыд ӕххӕст кӕны. Абон мах зонӕм, Мыггаг кӕй фӕзынд ӕмӕ йын калм йӕ зӕвӕтыл кӕй фӕхӕцыд. Ныр уыцы Мыггаг у уӕларвон Паддзах. Уымӕй уӕлдай ма, 144 000 сӕ фылдӕр мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззадысты. Цы ма дзы баззад ӕнӕ сӕххӕстӕй? Пехуымпарад кӕронмӕ кӕд сӕххӕст уыдзӕн? Уыдӕттыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Нисан нӕ къӕлиндармӕ гӕсгӕ у мартъи/апрель.

^ 7 абз. Ацы кувинагӕн ӕнхъызт хыссӕйӕ цы дыууӕ дзулы хастой, уыдон-иу сауджын арӕх ӕрӕвӕрдта йӕ армытъӕпӕнтыл, йӕ къухтӕ-иу хӕрдмӕ систа, ӕмӕ-иу дзултӕ дыууӕрдӕм тылдта. Уый амыдта, кувинӕгтӕ Йегъовӕйӕн кӕй цӕуынц хаст. 16 нисаны дӕр хъӕбӕрхоры тыллӕгӕй фыццаг куырис кувинагӕн хастой афтӕ, уыцы кувинагыл дзырд цыд 5 абзацы (Кӕс «Фыстады ӕмбарынад», 2 т., 528 ф., англ., рауагътой йӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.)

^ 11 абз. Афаним кӕнӕ тишри нӕ къӕлиндармӕ гӕсгӕ у сентябрь/октябрь.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Куадзӕны уӕрыкк цӕмӕ амыдта?

• Фӕндзайӕм боны бӕрӕгбон цавӕр тыллӕг ӕмбырд кӕнынмӕ амыдта?

• Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонд цы пайда у, уымӕ, Сыгъдӕггӕнӕн боны цы арӕзтой, уыдӕттӕй цы амыдта?

• Халагъудты бӕрӕгбон, чырыстӕттӕ ӕмбырдгонд кӕй цӕуынц, уымӕ куыд амыдта?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Схемӕ 24 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Куадзӕн

14 нисан

Хабар:

Ӕргӕвстой куадзӕны уӕрыкк

Амыдта:

Чырысти йӕ цард нывондӕн радта

Донгонд дзулты бӕрӕгбон (15–21 нисан)

15 нисан

Хабар:

Сабат

16 нисан

Хабар:

Хъӕбӕрхорӕй хастой кувинаг

Амыдта:

Чырысти райгас

50 боны

Къуыриты бӕрӕгбон (Фӕндзайӕм бон)

6 сиван

Хабар:

Хастой дыууӕ дзулы

Амыдта:

Йесо равдыста Йегъовӕйӕн йӕ сӕрст ӕфсымӕрты

Сыгъдӕггӕнӕн бон

10 тишри

Хабар:

Нывонд кодтой уӕныг ӕмӕ дыууӕ нӕл сӕгъы

Амыдта:

Чырысти нывондӕн ӕрхаста йӕ туг ӕппӕт адӕмы тыххӕй

Халагъудты (Тыллӕджы, Цатырты) бӕрӕгбон

15–21 тишри

Хабар:

Израилӕгтӕ халагъудты цардысты ӕмӕ сӕ тыллӕгыл цин кодтой, нывондӕн хастой 70 галы

Амыдта:

Сӕрстытӕ ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» ӕмбырдгонд цӕуынц

[Нывтӕ 23 фарсыл]

Куадзӕны уӕрыччы тугау Чырыстийы туг дӕр ирвӕзын кӕны бирӕты

[Нывтӕ 24 фарсыл]

16 нисаны хъӕбӕрхорӕй цы фыццаг куырис хастой, уый амыдта Йесойы райгасдзинадмӕ

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Фӕндзайӕм боны цы дыууӕ дзулы хастой, уыдон амыдтой сӕрст чырыстӕтты ӕмбырдмӕ

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Халагъудты бӕрӕгбон амыдта, сӕрстытӕ ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр ӕмбырдгонд кӕй цӕудзысты, уымӕ