Адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, Библи цы дзуры, уый ӕххӕст кӕнынӕн
Адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, Библи цы дзуры, уый ӕххӕст кӕнынӕн
«Хорз зӕххыл чи ӕрхауд, уыдон та сты, хорз ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ кӕмӕн ис, ахӕм адӕймӕгтӕ: уыдон дзырд куы фехъусынц, уӕд ӕй сӕ зӕрдӕты арф нывӕрынц ӕмӕ, фӕразон кӕй вӕййынц, уый фӕрцы раттынц тыллӕг» (ЛУКАЙЫ 8:15).
1, 2. а) Цӕмӕн рауагътой чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры»? ӕ) Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы фӕстаг азты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд арфӕ кӕны?
«ДИССАДЖЫ чиныг! Кӕимӕ ахуыр кӕнын, уыдоны ӕмӕ мӕхи зӕрдӕмӕ дӕр тынг цӕуы. Ацы чиныгӕй ӕнцон у адӕмимӕ суанг къӕсӕргӕрон дӕр Библи ахуыр кӕнын райдайын». Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?»-йы * тыххӕй ацы ныхӕстӕ загъта иу пионер, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Иу ацӕргӕ хъусынгӕнӕг та загъта: «Ӕз 50 азы дӕргъы бирӕтӕн ӕххуыс кодтон Йегъовӕйы базонынӕн. Фӕлӕ мӕ фӕнды зӕгъын, Библи ахуыр кӕнынӕн дзы ацы чиныгӕн ӕмбал нӕй. Ис дзы диссаджы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕмӕ нывтӕ». Ды та цы хъуыды кӕныс ацы чиныджы тыххӕй? Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» рауагътой, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайынӕн ӕмӕ афтӕмӕй Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынӕн: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... Ӕмӕ сын амонут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ куыд ӕххӕст кӕной» (Матфейы 28:19, 20).
2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ цин кӕны, йӕ Ӕвдисӕнтӕ, 6 600 000-йы бӕрц, зӕрдиагӕй кӕй хъусынц Йесойы ныхӕстӕм, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут, зӕгъгӕ (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Йегъовӕ сын кӕй арфӕ кӕны, ууыл дзырд дӕр нӕй. Зӕгъӕм, 2005 азы дӕргъы хорз хабар хъусын кодтой 235 бӕстӕйы ӕмӕ Библи ахуыр кодтой, рӕстӕмбис нымадӕй, 6 061 500 адӕймагимӕ. Уый руаджы бирӕтӕ Хуыцауы Ныхасмӕ байхъуыстой ӕмӕ йӕ «адӕймаджы ныхасыл нӕ банымадтой, фӕлӕ, ӕцӕгӕй цы у, ууыл – Хуыцауы ныхасыл» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Фӕстаг дыууӕ азы Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын райдыдта ӕмӕ йын нывонддзырд радта милуаны ’рдӕгӕй фылдӕр ног ахуыргӕнинаджы.
3. Чиныг «Библи цы дзуры»-йӕ куыд пайда кӕнӕн ис, уый фӕдыл ацы статьяйы цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?
3 Куыд ӕхсызгон вӕййы искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын! Ӕгас дунейы дӕр нырма ӕмбӕлӕм, «хорз ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ» кӕмӕн ис, ахӕм адӕймӕгтыл. Уыдон Хуыцауы Лукайы 8:11–15). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, нӕ бон куыд у чиныг «Библи цы дзуыры»-йы ’ххуысӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Мах равзардзыстӕм ӕртӕ фарсты: 1) Искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын куыд райдайӕм? 2) Куыд хуыздӕр у адӕймаджы ахуыр кӕнын? 3) Адӕймагӕн куыд баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй ӕрмӕст ахуыр кӕнын ма райдайа, фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр суа Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнӕг?
дзырд куы фехъусынц, «уӕд ӕй сӕ зӕрдӕты арф нывӕрынц ӕмӕ, фӕразон кӕй вӕййынц, уый фӕрцы раттынц тыллӕг» (Искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын куыд райдайӕм
4. Иуӕй-иуты Библи ахуыр кӕнын цӕуылнӕ фӕфӕнды ӕмӕ сын нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?
4 Зӕгъӕм дын загътой, цӕмӕй стыр цӕугӕдоны сӕрты агӕпп кӕнай, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, не сразы уаис. Фӕлӕ дзы дуртӕ ’вӕрд куы уа, уӕд, чи зоны, бафӕлварай. Ӕнӕвдӕлон адӕймаг дӕр зынтӕй сразы вӕййы Библи ахуыр кӕныныл, зӕгъгӕ, уымӕн бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ бахъӕудзӕн. Куыд ын баххуыс кӕнӕм? Чиныг «Библи цы дзуры»-йы ’ххуысӕй цалдӕр хатты йемӕ иу гыццыл, фӕлӕ бӕстон куы аныхас кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕппынӕдзух ахуыр кӕнын дӕр райдайа. Хорз куы цӕттӕ кӕнай, уӕд дӕ алы дыккаг бацыд дӕр уыдзӕн, Йегъовӕмӕ йӕ чи ’ввахс кӕна, ахӕм къахдзӕфы хуызӕн.
5. Чиныг «Библи цы дзуры» бакӕсын цӕмӕн хъӕуы?
5 Фӕлӕ цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнай, уый тыххӕй уал хъуамӕ дӕхӕдӕг хорз базонай чиныг «Библи цы дзуры». Ӕнӕхъӕнӕй йӕ бакастӕ? Иу ус ӕмӕ лӕг улӕфынмӕ куы ацыдысты, уӕд семӕ ахастой ацы чиныг, ӕмӕ-иу ӕй денджызы былгӕрон кастысты. Уым цыдӕртӕ чи уӕй кодта, уыцы сылгоймаг чиныджы номмӕ фӕкомкоммӕ. Ӕмӕ сын загъта, цалдӕр сахаты размӕ Хуыцаумӕ кӕй куывта, цӕмӕй ацы фарстӕн, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», зӕгъгӕ, дзуапп базыдтаид. Уыдон дӕр ын ӕхсызгонӕй радтой чиныг. Дӕ бон у ацы чиныг кӕсынӕн рӕстӕг ссарын, (чи зоны, дыккаг хатт бакӕсынӕн дӕр) искӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, йе та куысты кӕнӕ скъолайы улӕфты рӕстӕг? (Ефесӕгтӕм 5:15, 16). Афтӕмӕй ацы чиныг хуыздӕр базондзынӕ ӕмӕ дын фадат дӕр фӕзындзӕн, цӕмӕй йыл иннӕтимӕ аныхас кӕнай.
6, 7. Куыд ис чиныг «Библи цы дзуры»-йӕ искӕимӕ ахуыр кӕнын райдайын?
6 Уацамынды ацы чиныг дӕтгӕйӕ, хорз у, 4, 5 ӕмӕ 6 фӕрстыл цы нывтӕ, стихтӕ ӕмӕ фарстытӕ ис, уыдонӕй пайда кӕнын. Зӕгъӕм, ныхас райдайынӕн дӕ бон у бафӕрсын: «Адӕм ныры хуызӕн бирӕ зындзинӕдтӕ никуы-ма ӕвзӕрстой. Куыд дӕм кӕсы, ӕххуыс кӕм хъуамӕ агурӕм?» Адӕймаджы дзуапмӕ лӕмбынӕг куы байхъусай, уӕд бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16, 17, ӕмӕ йын бамбарын кӕн, Библи кӕй дзуры, адӕмы бӕллӕхтӕн кӕрон цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕн, уый. Стӕй йын равдис, чиныг «Библи цы дзуры»-йы 4 ӕмӕ 5 фӕрстӕ ӕмӕ йӕ бафӕрс: «Ам цы уыныс, уыдонӕй дӕ зӕрдӕ тынгдӕр цӕуыл риссы?» Хӕдзары хицау йӕ хъуыды куы зӕгъа, уӕд ӕм чиныг ратт, ды та йын дӕ Библийӕ уыцы нывмӕ стих бакӕс. Уый фӕстӕ бакӕс 6 фарс ӕмӕ йӕ бафӕрс: «Ацы фарсыл бынӕй цы ӕхсӕз фарсты ис, уыдонӕй дӕ кӕцыйӕн фӕнды дзуапп базонын?» Адӕймаг цы фарст равзара, уымӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы сӕр равдис, чиныг ын ратт, стӕй баныхас кӕн, ногӕй кӕд фембӕлдзыстут ӕмӕ уыцы фарстыл кӕд аныхас кӕндзыстут, ууыл.
7 Дӕ ныхас афтӕ куы райдайай, уӕд дӕ 5 минутӕй фылдӕр нӕ бахъӕудзӕн. Фӕлӕ уыцы рӕстӕгмӕ базондзынӕ, адӕймаг цӕуыл тыхсы, Библийӕ йын дыууӕ стихы бакӕсдзынӕ ӕмӕ йын сӕ бамбарын кӕндзынӕ, стӕй ма дыккаг хатт фембӕлыныл дӕр баныхас кӕндзынӕ. Кӕд цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ аныхас кӕнат, уӕддӕр ын уый чи зоны уа, фӕстаг рӕстӕг ыл чи ’рцыд, уыдонӕй ӕппӕты хуыздӕр хабар. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕнӕвдӕлон адӕймаг дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, ӕндӕр хатт та демӕ фылдӕр куы аныхас кӕна, уымӕ, цӕмӕй йын баххуыс кӕнай, «цардмӕ цы фӕндаг кӕны», ууыл ног къахдзӕф скӕнынӕн (Матфейы 7:14). Адӕймагимӕ цасдӕр рӕстӕг куы ахуыр кӕнай ӕмӕ йӕ ноджы фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд ахуыры рӕстӕг фӕфылдӕр кӕнын хъӕуы. Уый тыххӕй йын зӕгъ, ӕрбадӕм ӕмӕ бӕстон аныхас кӕнӕм, зӕгъгӕ.
Куыд хуыздӕр у адӕймаджы ахуыр кӕнын
8, 9. а) Нӕ бон куыд у, Библи чи ахуыр кӕны, уый зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕм бацӕттӕ кӕнын? ӕ) Уырнындзинадӕн зынгфидар ӕрмӕг ссарӕн кӕм ис?
8 Адӕймаг, Библи цы дзуры, уый ӕххӕст кӕнын куы райдайы, уӕд сӕмбӕлы, цӕлхдур ын чи свӕййы, ахӕм фӕлварӕнтимӕ. Апостол Павел загъта: «Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕййафдзысты ӕфхӕрд» (2 Тимофеймӕ 3:12). Павел уыцы фӕлварӕнтӕ абарста артимӕ. Арт басудзы, фидар чи нӕу, ахӕм ӕрмӕг. Фӕлӕ сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ зынаргъ дуртӕн та ницы зиан ӕрхӕссы (1 Коринфӕгтӕм 3:10–13; 1 Петры 1:6, 7). Цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕ фӕлварӕнты рӕстӕг хъӕугӕ миниуджытӕ уа, уый тыххӕй йын йӕ уырнындзинад хъӕуы зынгфидар ӕрмӕгӕй аразын.
9 Псаломзарӕггӕнӕг «Хицауы дзырдтӕ» абарста ӕвзистимӕ, «аджы мидӕг сыджытӕй сыгъдӕггонд ӕмӕ авд хатты тадгонд» чи у, ахӕмимӕ (Псалом 11:7, МГТ). Ӕцӕгдӕр, фидар уырнындзинадӕн чи хъӕуы, ӕппӕт уыцы зынаргъ ӕрмӕг ис Библийы (Псалом 18:8–12; Ӕмбисӕндтӕ 2:1–6). Ӕмӕ нын чиныг «Библи цы дзуры» ӕвдисы, Фыстадӕй хуыздӕр пайда кӕнӕн куыд ис, уый.
10. Кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн йе ’ргом Библимӕ здахӕн куыд ис?
10 Ахуыры рӕстӕг-иу адӕймаджы ’ргом раздах, алы сӕры дӕр ныхас цы стихтыл цӕудзӕн, уыдонмӕ. Фарстыты руаджы-иу ын ӕххуыс кӕн Библийы сӕйраг стихтӕ ӕмбарынӕн ӕмӕ сӕ царды пайда кӕнынӕн. Къӕрцхъус у, ма йын дзур, цы йӕ хъӕуы фӕивын, уый. Уый бӕсты, Йесо куыд кодта, афтӕ кӕн. Хуыцауы Закъон хорз чи зыдта, ахӕм лӕг Йесойы куы бафарста, уӕд ын загъта: «Закъоны цы фыст ис? Цы дзы бакастӕ?» Лӕг ын Фыстадӕй дзуапп радта ӕмӕ йын Йесо баххуыс кодта, хъуыддаг цӕй мидӕг ис ӕмӕ йӕхимӕ дӕр куыд хауы, уый бамбарынӕн. Фӕсномыг ныхасы фӕрцы ма йын Йесо равдыста, уыцы хабар Лукайы 10:25–37). Чиныг «Библи цы дзуры»-йы цы бирӕ хуымӕтӕг цӕвиттонтӕ ис, уыдоны руаджы дӕ бон у адӕймагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хъуыды кӕна, Фыстад цы дзуры, уый йӕм куыд хауы, ууыл.
ыл куыд хъуамӕ фӕзына, уый (11. Алы фӕмбӕлды рӕстӕг дӕр цас ӕрмӕг ахуыр кӕнӕн ис?
11 Ацы чиныг хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагӕй амоны Хуыцауы Ныхас, раст Чырысти зын хъуыдытӕ хуымӕтӕг ӕвзагӕй куыд ӕмбарын кодта, афтӕ (Матфейы 7:28, 29). Ды дӕр афтӕ кӕн. Цы дзурыс, уый хуымӕтӕг, ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ бӕлвырд куыд уа, ууыл архай. Иухаттӕн ӕгӕр бирӕ ӕрмӕг ма ’взар. Хорз уаид куы сбӕрӕг кӕнис, алы фембӕлды рӕстӕг дӕр адӕймагимӕ, йӕ уавӕртӕ ӕмӕ йӕ курдиӕттӕм гӕсгӕ, цал абзацы ахуыр кӕндзынӕ, уый. Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон цас уыд бамбарын, ӕмӕ сӕ цы зонын хъуыд, уымӕй фылдӕр сын нӕ амыдта (Иоанны 16:12).
12. Уӕлӕмхасӕнӕй куыд хъӕуы пайда кӕнын?
12 Чиныг «Библи цы дзуры»-йы ис уӕлӕмхасӕн, ӕвзӕрст дзы цӕуы 14 темӕйы. Кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый уавӕртыл ахъуыды кӕн ӕмӕ аскъуыддзаг кӕн, уыцы ӕрмӕгӕй куыд хуыздӕр пайда кӕнӕн ис, ууыл. Зӕгъӕм, адӕймагӕн зын у цыдӕр хъуыды бамбарын кӕнӕ йӕм ис фарстытӕ, раздӕр цыдӕр диныл хӕст кӕй уыд, уый тыххӕй. Чи зоны, фаг уа, уӕлӕмхасӕны уыцы фарсты фӕдыл цы темӕ ис, уымӕ бацамонын, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинаг йӕхӕдӕг равзара. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт хуыздӕр вӕййы, уыцы ӕрмӕг иумӕ равзарын. Уӕлӕмхасӕны ныхас цӕуы Библийы ахсджиаг ахуырӕдтыл, зӕгъӕм, «Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд ис?» ӕмӕ «Цы у „Стыр Вавилон“?» Чи зоны дӕ бафӕнда ацы фарстытыл дӕ ахуыргӕнинагимӕ аныхас кӕнын. Темӕтӕм фарстытӕ кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕрмӕг дӕхӕдӕг равзарӕй, цӕмӕй йӕм дӕ бон уа хорз фарстытӕ бацӕттӕ кӕнын.
13. Кувын уырнындзинад куыд фидар кӕны?
13 «Хицау куы нӕ сараза хӕдзар, дзӕгъӕлы фыдӕбон кӕнынц уый аразджытӕ»,– фыст ис Псалом 126:1. Уымӕ гӕсгӕ, Библийы ахуырмӕ куы фӕцӕттӕ кӕныс, уӕд-иу Йегъовӕйӕ ’ххуыс кур. Ахуыры райдианы ӕмӕ кӕроны кувгӕйӕ-иу дӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уӕд, Йегъовӕмӕ ӕнгом кӕй дӕ. Адӕймаджы разӕнгард кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕ кура зонд йӕ Ныхас ӕмбарынӕн ӕмӕ хъарутӕ, йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн (Иаковы 1:5). Афтӕ куы кӕна, уӕд йӕ бон уыдзӕн фӕлварӕнты рӕстӕг хъӕддых фӕлӕууын ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕндзӕн.
Адӕймагӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй суа Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнӕг
14. Библи чи ахуыр кӕны, уый цӕмӕ хъуамӕ тырна?
14 Кӕд, Библи чи ахуыр кӕны, уый Йесойы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕны, уӕд хъуамӕ тырна, цӕмӕй суа Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнӕг дӕр (Матфейы 28:19, 20; Хъуыддӕгтӕ 1:6–8). Куыд ын ис баххуыс кӕнӕн?
15. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый ӕмбырдтӕм цӕуынмӕ цӕмӕн хъӕуы разӕнгард кӕнын?
15 Суанг фыццаг ахуырӕй дӕр адӕймаджы фӕхон ӕмбырдтӕм. Бамбарын ын кӕн, дӕхӕдӕг дӕр ӕмбырдты фӕрцы кӕй сдӕ Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнӕг. Цалдӕр къуырийы дӕргъы алы ахуыры фӕстӕ дӕр иу гыццыл Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Адӕймаг ӕдзух ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдайа, уӕд суыдзӕн Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнӕг.
растӕг хицӕн кӕн, цӕмӕй йын дзурай, ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты цы базоныс, уый. Уыцы фембӕлдты дӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый тыххӕй зӕрдиагӕй дзур (16, 17. Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн йӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у ӕвӕрын?
16 Адӕймагӕн ӕххуыс кӕн, йӕ къухы чи бафта, ахӕм нысӕнттӕ ’вӕрын. Зӕгъӕм, цы базоны, уый йе ’мбӕлттӕн ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕн дзурӕд. Стӕй ма йын бауынаффӕ кӕн, цӕмӕй Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕса. Библи алы бон дӕр кӕсын куы сахуыр уа, уӕд донаргъуыды фӕстӕ дӕр афтӕ кӕндзӕн. Уымӕй уӕлдай, хорз уаид, цӕмӕй адӕймаг йӕхицӕн нысан сӕвӕра: чиныг «Библи цы дзуры»-йы алы сӕры дӕр сӕйраг фарстӕн дзуапп чи дӕтты, Фыстадӕй ахӕм стих бахъуыды кӕнын. Афтӕ куы кӕна, уӕд суыдзӕн, «йӕ куысты тыххӕй йӕ цӕсгом кӕмӕн нӕ судзы, ӕцӕгдзинады ныхас раст чи амоны, ахӕм кусӕг» (2 Тимофеймӕ 2:15).
17 Ахуыргӕнинаг Библийы стихтӕ ӕнӕуи бахъуыды кӕна кӕнӕ сын сӕ хъуыды зӕгъа, уый фаг нӕу. Хъуамӕ Библийӕ дзуапп дӕтта, йӕ уырнындзинадӕй йӕ чи фӕрса, уыдонӕн. Стыр ӕххуыс ын уыдзӕн, рагацау-иу демӕ куы аныхас кӕна ӕмӕ-иу дын куы равдиса, хӕстӕджыты кӕнӕ ӕмкусджыты фарстӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, зӕгъгӕ, цавӕр дзуапп ратдзӕн, уый. Равдис ын, йӕ бон куыд у «сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» ныхас кӕнын (1 Петры 3:15).
18. Библи чи ахуыр кӕны, уый ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг куы суа, уӕд ма йын цӕмӕй ис баххуыс кӕнӕн?
18 Йӕ рӕстӕджы адӕймагӕн йӕ бон суыдзӕн хъусын кӕнынмӕ цӕуын. Бамбарын ын кӕн, хорз хабар хъусын кӕнын стыр кад кӕй у (2 Коринфӕгтӕм 4:1, 7). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы сбӕрӕг кӕной, йӕ бон ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕгӕй лӕггад кӕнын кӕй у, уӕд йемӕ бацӕттӕ кӕн, йӕ ныхас цӕмӕй райдайдзӕн, уый, стӕй иумӕ ацӕут уацамынды. Дарддӕр дӕр иумӕ хъусын кӕнут, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ уа, уынджы уа ӕви ӕндӕр искуыд. Ахуыр ӕй кӕн цӕттӕ кӕнын, дыккаг хатт кӕмӕ цӕуа, уыимӕ куыд ныхас кӕндзӕн, уый. Дӕхӕдӕг ын уыцы хуыддаджы фӕзминаг куы уай, уӕд ын уымӕй хуыздӕр ницы баххуыс кӕндзӕн (Лукайы 6:40).
«Дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр»
19, 20. Цавӕр нысан хъуамӕ сӕвӕрӕм нӕ разы ӕмӕ цӕмӕн?
19 Ныхас дӕр ыл нӕй, ӕнцон нӕу адӕймагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй «ӕцӕгдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базона» (1 Тимофеймӕ 2:4). Фӕлӕ цы ис уымӕй ӕхсызгондӕр, исчи не ’ххуысӕй Библийы ахуырӕдтӕ ӕххӕст кӕнын куы райдайа (1 Фессалоникӕгтӕм 2:19, 20). Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр, махӕн стыр кад у, ӕгас дунейы дӕр цы ахуырадон куыст цӕуы, уым «Хуыцауимӕ иу хъуыддаг аразын»! (1 Коринфӕгтӕм 3:9, НТ).
20 Тагъд Йегъовӕ дзуапп ӕрдомдзӕн, «чи [йӕ] нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй». Ӕмӕ уый бакӕндзӕн Йесо Чырысти ӕмӕ хъомысджын зӕдты уылты (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–8). Адӕмы цардӕн у тынг тӕссаг. Уӕдӕ дӕ бон у дӕ разы нысан сӕвӕрын, цӕмӕй ацы чиныгӕй ӕппынкъаддӕр иу адӕймагимӕ ахуыр кӕнай Библи? Ацы куысты куы архайай, уӕд «дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 Тимофеймӕ 4:16). Абоны хуызӕн ахсджиаг никуы уыд адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, Библи цы дзуры, уый ӕххӕст кӕнынӕн.
[Фиппаинаг]
^ 1 абз. Рауагътой йӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
Цы базыдтай?
• Цӕмӕн рауагътой чиныг «Библи цы дзуры»?
• Чиныг «Библи цы дзуры»-йы ’ххуысӕй искӕимӕ куыд ис райдайӕн ахуыр кӕнӕн?
• Куыд хуыздӕр у адӕймаджы ахуыр кӕнын?
• Куыд ис адӕймагӕн баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнӕг суа?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 13 фарсыл]
Ацы чиныгӕй, куыд хуыздӕр у, афтӕ пайда кӕныс?
[Ныв 14 фарсыл]
Нӕ ныхас цыбыр куы уа, уӕд адӕймаджы, чи зоны, бафӕнда Библийӕ фылдӕр базонын
[Ныв 15 фарсыл]
Кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн йе ’ргом Библимӕ здахӕн куыд ис?
[Ныв 16 фарсыл]
Адӕймагӕн сфӕлтӕрынӕн ӕххуыс кӕн