Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый амон

Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый амон

Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый амон

«Ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... ӕмӕ сын амонут» (МАТФЕЙЫ 28:19, 20).

1. Библи цас парахат у?

ЙЕГЪОВӔЙЫ НЫХАС Библи у дунейы ӕппӕты рагондӕр чиныг ӕмӕ уый куыд парахат у, афтӕ иу дӕр нӕу. Иуӕй-иу хӕйттӕ дзы тӕлмац сты 2 300 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Ӕгас зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн 90 процентӕй фылдӕрмӕ Библи ис сӕ мадӕлон ӕвзагыл.

2, 3. а) Библийы ахуырӕдты фӕдыл иу хъуыды цӕуылнӕ ис? ӕ) Цавӕр фарстатӕ равзардзыстӕм?

2 Бирӕтӕ алы бон дӕр Библийӕ иу гыццыл бакӕсынц. Иуӕй-иутӕ та йӕ райдианӕй кӕронмӕ бирӕ хатт бакастысты. Мингай динтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, цы амонӕм, уый Библимӕ гӕсгӕ у, фӕлӕ дзы цы фыст ис, уый фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст не сты. Уымӕй уӕлдай ма, иу дины мидӕг адӕмы ’хсӕн иудзинад кӕй нӕй, иу зондыл хӕст кӕй не сты, уый адӕмы ноджы тынгдӕр хӕццӕ кӕны. Иннӕтӕ та дызӕрдыг кӕнынц, Библи Хуыцауӕй кӕй у ӕмӕ пайда кӕй у, ууыл. Бирӕтӕ та йӕ нымайынц, тӕрхондоны сомы кӕмӕй кӕнынц, ахӕм чиныгыл.

3 Фӕлӕ ӕцӕгдӕр та, Библийы ис ахсджиаг хабар ӕппӕт адӕмӕн дӕр (Дзуттӕгтӕм 4:12). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм базоной, Библи цы дзуры, уый. Мах ӕхсызгонӕй ӕххӕст кӕнӕм Йесо Чырыстийы фӕдзӕхст: «Ацӕут ӕмӕ... ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... ӕмӕ сын амонут» (Матфейы 28:19, 20). Уацамынды мах ӕмбӕлӕм, динты ахуырӕдтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй сты, ууыл чи мӕт кӕны, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмыл. Фӕнды сӕ базонын се Сфӕлдисӕджы тыххӕй ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый фӕдыл Библи цы дзуры, уый. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, бирӕты чи тыхсын кӕны, ахӕм ӕртӕ фарстамӕ. Алкӕцыйыл дӕр ныхас кӕнгӕйӕ, нӕ хъус ӕрдардзыстӕм, дины разамонджытӕ раст цы нӕ дзурынц, стӕй Библи уый фӕдыл бӕлвырдӕй цӕуыл ахуыр кӕны, уымӕ. Уыцы фарстатӕ сты: 1) Хуыцау ныл тыхсы? 2) Адӕймаг цӕмӕн райгуыры? 3) Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

Хуыцау ныл тыхсы?

4, 5. Адӕм афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, Хуыцау ныл нӕ тыхсы, зӕгъгӕ?

4 Ӕркӕсӕм фыццаг фарстамӕ: «Хуыцау ныл тыхсы?» Хъыгагӕн, бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ – нӕ. Цымӕ цӕмӕн? Иу аххосаг у, цы дунейы цӕрӕм, уый ӕгъатыр кӕй у ӕмӕ хӕстытӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй дзаг кӕй у. Уыдон фӕхъуыды кӕнынц: «Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр куы тыхсид, уӕд ахӕм фыдбылызтӕй хызт уаиккам».

5 Адӕм афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, Хуыцау ныл нӕ тыхсы, зӕгъгӕ, уыцы хъуыдыйыл ма сӕ ’фтауынц дины разамонджытӕ дӕр. Исты фыдбылыз куы ’рцӕуы, уӕд сауджынтӕ цы фӕдзурынц? Иу сылгоймагӕн йӕ дыууӕ сывӕллоны куы амардысты, уӕд ын сауджын афтӕ бакодта: «Уый Хуыцауы фӕндон уыд, дыууӕ зӕды ма йӕ хъуыд». Сауджынтӕ афтӕ куы фӕдзурынц, уӕд уыцы бӕллӕхты комкоммӕ Хуыцауы фӕаххосджын кӕнынц. Фӕлӕ ӕркӕсӕм, ахуыргӕнинаг Иаков уый тыххӕй цы ныффыста: «Фӕлварӕны бахаугӕйӕ афтӕ мачи зӕгъӕд: „Хуыцау мӕ фӕлвары“. Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр никӕй фӕлвары» (Иаковы 1:13). Уӕдӕ Йегъовӕ фыддзинӕдты аххосджын никуы вӕййы. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, «уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна» (Иов 34:10).

6. Фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕртты аххосджын чи у?

6 Уӕдӕ уӕд уыйбӕрц фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис? Иу уый, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцаумӕ нӕ хъусынц, нӕ сӕ фӕнды йӕ рӕстаг закъӕттӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ бакодтой, афтӕ Хуыцауы знаджы, Сайтаны зондыл ацыдысты, уымӕн ӕмӕ «ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19). Уӕдӕ ныр хуыздӕр ӕмбарӕм, ахӕм бӕллӕхтӕ цӕмӕн цӕуы, уый. Сайтан у фыдзӕрдӕ, знӕт, хин ӕмӕ ӕгъатыр. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, ацы дуне дӕр йӕ хицауы миниуджытӕ кӕй ӕвдисы. Гъе уымӕн ис зӕххыл уыйбӕрц фыддзинад!

7. Хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарӕм?

7 Хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарӕм, уымӕн дыккаг аххосаг у, адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уый. Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ конд афтӕ у, ӕмӕ сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй иннӕтыл сӕ бар цӕуа. Уый ӕркӕны хӕстытӕм, ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕм. Екклесиаст 8:9 уый хорз ӕмбарын кӕны: «Адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кӕны ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы». Хъизӕмӕрттӕ ма ’взарӕм ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй дӕр. Библи зӕгъы: «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11). О, арӕх адӕймагыл бӕллӕх ӕрцӕуы ӕнӕнхъӕлӕджы.

8, 9. Йегъовӕ ныл ӕцӕгдӕр кӕй тыхсы, уый кӕцӕй зонӕм?

8 Йегъовӕ нӕ хъизӕмӕртты аххосджын кӕй нӕу, уый зонын нын стыр удӕнцой у. Фӕлӕ цымӕ афтӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ ныл Хуыцау тыхсы? Бӕгуыдӕр! Кӕцӕй йӕ зонӕм? Йегъовӕ йӕ Ныхасы ӕмбарын кӕны, адӕмы цӕмӕн бауагъта сӕхи зыгъуыммӕ зондыл ацӕуын. Ацы хъуыддагимӕ баст у дыууӕ дзырддаг фарстайы: йӕ хицаудзинады ӕмӕ адӕмы иузӕрдиондзинады фӕдыл. Йегъовӕ Дунескӕнӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд, цӕмӕй нын ма бамбарын кодтаид, хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн бауагъта, уый. Фӕлӕ ныл кӕй тыхсы, уый тыххӕй нын ӕй ӕргом кӕны.

9 Ныр та ӕркӕсӕм, Хуыцау ныл кӕй тыхсы, уымӕн иннӕ бӕлвырдгӕнӕнмӕ. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «йӕ зӕрдӕ фӕрыст», Нойы рӕстӕг зӕхх фыддзинадӕй кӕй байдзаг, ууыл (Райдиан 6:5, 6). Цымӕ абон Йегъовӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсы? Нӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ ивы (Малахи 3:6). Йегъовӕ нӕ уарзы хӕрам хъуыддӕгтӕ ӕмӕ адӕм кӕй хъизӕмар кӕнынц, уый йын тынг зын у. Библи дзуры, зӕгъгӕ, адӕмы хицаудзинадӕн ӕмӕ, Хӕйрӕджы аххосӕй цы бӕллӕхтӕ ’рцыд, уыдонӕн Хуыцау тагъд кӕрон кӕй скӕндзӕн. Ау, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ныл Хуыцау тыхсы?

10. Йегъовӕ цы хъуыды кӕны адӕмы хъизӕмӕртты тыххӕй?

10 Сауджынтӕ Хуыцауы тыххӕй мӕнг ныхас кӕнынц, зӕгъгӕ, бӕллӕхтӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ сты. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Йегъовӕйы тынг фӕнды, адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕнын. «Уый тыхсы сымахыл»,– фыст ис 1 Петры 5:7. Гъе ууыл дзуры бӕлвырдӕй Библи!

Адӕймаг цӕмӕн райгуыры?

11. Динтӕ цы дзурынц, адӕймаг зӕххыл цӕмӕн цӕры, уый тыххӕй?

11 Ныр та ӕркӕсӕм, бирӕты базонын кӕй фӕнды, ӕндӕр ахӕм фарстамӕ: адӕймаг цӕмӕн райгуыры? Динтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕм ацы зӕххыл рӕстӕгмӕ цӕрынц. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, зӕхх у, фидӕны кӕмдӕр ӕндӕр ран ӕрцӕрыны размӕ рӕстӕгмӕйы бынат. Сауджынтӕй та иуӕй-иутӕ амонынц, иу бон Хуыцау зӕхх кӕй фесафдзӕн. Уыйадыл бирӕтӕ ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты: нӕ удыдзӕбӕхӕн цӕрӕм, уымӕн ӕмӕ нӕм мӕлӕт йеддӕмӕ ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Фӕлӕ адӕймаг цӕмӕн райгуыры, уый тыххӕй Библи та бӕлвырдӕй цы дзуры?

12–14. Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд ис, уый фӕдыл Библи цы дзуры?

12 Хуыцаумӕ ис диссаджы фӕнд зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй. Уый зӕхх «дзӕгъӕлы не сфӕлдыста, фӕлӕ йӕ цӕрынӕн сарӕзта» (Исай 45:18). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ «сӕвӕрдта зӕхх фидар бындуртыл: нӕ фӕцуддзӕн уый ӕнустӕй ӕнустӕм» (Псалом 103:5). Хуыцаумӕ адӕм ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕндтӕ ис, уый куы базонӕм, уӕд бамбардзыстӕм, адӕймаг цӕмӕн райгуыры, уый.

13 Библийы фыццаг чиныджы 1 ӕмӕ 2 сӕртӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй Йегъовӕ хорз бацӕттӕ кодта зӕхх, цӕмӕй йыл цӕрӕн уыдаид. Уый фӕстӕ загъта, ӕппӕтдӕр у «иттӕг хорз», зӕгъгӕ (Райдиан 1:31). Хуыцау ӕрцӕрын кодта фыццаг лӕг ӕмӕ усы, Адам ӕмӕ Евӕйы, Едемы, бирӕ хӕрзад хӕринӕгтӕй йедзаг диссаджы рӕсугъд цӕхӕрадоны. Фыццаг къайӕн загъд уыд: «Зӕнӕг рауадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕнут». Хъуамӕ сын гуырдаид ӕххӕст сывӕллӕттӕ, ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт сарӕзтаиккой ӕмӕ цӕрӕгойтӕм кастаиккой (Райдиан 1:26–28).

14 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы фӕнд у, цӕмӕй ӕххӕст адӕм зӕххыл ӕнустӕм цӕрой. Хуыцауы Ныхас дзуры: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:29). О, Хуыцау адӕмы сфӕлдыста, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой зӕххыл дзӕнӕты. Уый у Хуыцауы фӕндон, ӕмӕ ууыл Библи бӕлвырдӕй дзуры.

Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

15. Адӕймаг мӕлӕты фӕстӕ цы фӕвӕййы, уый фӕдыл динтӕн сӕ фылдӕр цы дзурынц?

15 Уӕдӕ ныр та ӕркӕсӕм ӕртыккаг фарстамӕ: адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы? Динтӕн сӕ фылдӕр ахуыр кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма дзы цыдӕр цӕргӕйӕ баззайы. Иуӕй-иу динтӕ та ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты, ӕмӕ Хуыцау фыдгӕнджыты ӕнустӕм хъизӕмарӕй мары зындоны арты. Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Библи та бӕлвырдӕй цы дзуры мӕлӕты тыххӕй?

16, 17. Чи амард, уыдон Библимӕ гӕсгӕ цы уавӕры сты?

16 Хуыцауы Ныхас зӕгъы: «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц, ӕмӕ сын фидгӕ дӕр ничиуал ницы бакӕндзӕн». Мӕрдтӕ «ӕппындӕр [кӕй] ницы зонынц», уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕу хъусын, уынын, дзурын кӕнӕ хъуыды кӕнын. Сӕ куыстӕн сын ницыуал бафиддзысты. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, уымӕн ма гӕнӕн куыд ис, сӕ бон кусын куы нал у, уӕд! Уымӕй уӕлдай, «сӕ уарзт дӕр, сӕ фыдӕх дӕр ӕмӕ сӕ хӕлӕг дӕр фесӕфтысты», уымӕн ӕмӕ ницыуал ӕмбарынц (Екклесиаст 9:5, 6, 10).

17 Библи ацы фарстатӕ хуымӕтӕгӕй ӕмӕ бӕлвырдӕй ӕмбарын кӕны: чи амард, уый никуыуал цӕры. Мӕлӕты фӕстӕ адӕймаджы буарӕй чи фӕхицӕн уа ӕмӕ ӕндӕр буары чи ӕрцӕра, ахӕм цыдӕр нӕй, кӕд ууыл иуӕй-иутӕ ӕууӕндынц, уӕддӕр. Ацы хабар хуыздӕр бамбарынӕн ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, цард абарӕн ис сойын цырагъы судзгӕ ӕвзагимӕ. Сойын цырагъ ахуыссын кодтам, зӕгъгӕ, уӕд йӕ судзгӕ ӕвзаг дӕр нал уыдзӕн, кӕмдӕр ӕндӕр ран нал судздзӕн.

18. Библи чи ахуыр кӕны, уый куы базона, мӕрдтӕ кӕй ницы зонынц, уӕд цы бамбардзӕн?

18 Ахъуыды-ма кӕн, ацы хабар куыд хуымӕтӕг у, фӕлӕ дзы цы арф хъуыды ис, ууыл. Библи чи ахуыр кӕны, уый куы базона, мӕрдтӕ кӕй ницы зонынц, уӕд ын зын бамбарӕн нӕ уыдзӕн, йӕ хӕстӕджытӕй чи амард, уыдон ӕм цыфӕнды хӕрам ма уыдаиккой, уӕддӕр ын ныр сӕ бон ӕвзӕрӕй ницы ракӕнын у. Зын ын нӕ уыдзӕн бамбарын, чи йын амард, уыдон кӕй нал хъусынц, нал уынынц, нал дзурынц, нал ӕнкъарынц, нал хъуыды кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ, уыдон нӕдӕр мӕрдтыбӕсты сты, нӕдӕр зындоны арты хъизӕмар кӕнынц. Фӕлӕ Библи дзуры, мӕрдтӕ Хуыцауӕй рох кӕй не сты ӕмӕ сӕ кӕй райгас кӕндзӕн. Цӕй диссаджы ныфс у уый! (Иоанны 5:28, 29).

Ног чиныг нӕ уацамындӕн

19, 20. Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хӕс цы у ӕмӕ нын адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн цавӕр чиныг уагъд ӕрцыд?

19 Мах ӕркастыстӕм, бирӕ адӕмы чи тыхсын кӕны, ӕрмӕстдӕр ӕртӕ ахӕм фарстамӕ. Алы фарстайы тыххӕй дӕр Библи цы дзуры, уый у бӕлвырд ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. Куыд ӕхсызгон у ахӕм хорз хабӕрттӕ хъусын кӕнын, Библи цы дзуры, уый базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Фӕлӕ ма ис, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы чи тыхсын кӕны, бирӕ ахӕм ахсджиаг фарстатӕ. Мах чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хӕс у ахӕм адӕмӕн сӕ фарстатӕн дзуапп ссарынӕн баххуыс кӕнын.

20 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон хъуыддаг нӕу Хуыцауы тыххӕй ӕцӕгдзинад афтӕ амонын, адӕймагӕн ӕнцонӕмбарӕн куыд уа ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ куыд бахъара. Цӕмӕй уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджындӕр уӕм, уый тыххӕй «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» бацӕттӕ кодта, уацамынды нын тынг чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм чиныг (Матфейы 24:45–47). Ацы чиныджы ис 224 фарсы, хуыйны «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?».

21, 22. Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» хорз цӕмӕй у?

21 Ацы чиныг кӕй рацыд, уый тыххӕй загътой 2005 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты облӕстон конгресс «Хуыцаумӕ хъусут», зӕгъгӕ. Ӕмӕ хорз у бирӕ цӕмӕйдӕрты. Зӕгъӕм, чиныджы райдианы фондз фарсыл ис разныхас. Афтӕ арӕзт у, цӕмӕй уый руаджы адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм. Цы нывтӕ ӕмӕ дзы Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдоныл дӕ бон у ӕнцонтӕй ныхас кӕнын. Ацы хайы ма ис фӕлгӕт. Уый фӕрцы адӕймагӕн ис бамбарын кӕнӕн, Библийы чингуыты сӕртӕ ӕмӕ стихтӕ куыд агургӕ сты.

22 Чиныг фыст у хуымӕтӕг ӕвзагӕй ӕмӕ у ӕнцонӕмбарӕн. Афтӕ арӕзт у, цӕмӕй, Библи чи ахуыр кӕны, уый йӕхӕдӕг хъуыды кӕна ӕрмӕгыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ хъара. Алы сӕры дӕр райдианы ис фарстытӕ, кӕроны та фӕлгӕт «Цы зӕгъы Библи». Ацы фӕлгӕты ис Фыстадӕй дзуаппытӕ, райдианы цы фарстытӕ ис, уыдонӕн. Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн ног хъуыдытӕ бамбарынӕн баххуыс кӕндзысты диссаджы нывтӕ ӕмбарынгӕнӕн ныхӕстимӕ, стӕй цӕвиттонтӕ. Чиныджы ма ис уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг дӕр. Уый руаджы ис лӕмбынӕгдӕр равзарӕн 14 ахсджиаг фарстайы, кӕд ахуыргӕнинаджы фылдӕр базонын фӕнда, уӕд.

23. Цавӕр уынаффӕтӕ лӕвӕрд цӕуы, чиныг «Библи цы дзуры»-йӕ куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй?

23 Чиныг «Библи цы дзуры» рауагътой, цӕмӕй баххуыс кӕнӕм, алыхуызон ахуырад кӕмӕ ис ӕмӕ алыхуызон динтыл хӕст чи у, ахӕм адӕмӕн. Кӕд ахуыргӕнинаг Библийӕ ницы зоны, уӕд иу сӕр сахуыр кӕнынӕн иу хаттӕй фылдӕр бахъӕудзӕн фембӕлын. Дӕ нысан ма уӕд ӕрмӕг тагъддӕр рацӕуын, фӕлӕ архай, цӕмӕй адӕймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ бахъара. Кӕд-иу цавӕрдӕр цӕвиттон нӕ бамбара, уӕд ын ӕй бамбарын кӕн кӕнӕ ӕндӕр цӕвиттон ӕрхӕсс. Дӕхи рагацау бӕстон цӕттӕ кӕн, ӕмӕ архай чиныгӕй хорз пайда кӕныныл. Кув Хуыцаумӕ, цӕмӕй «ӕцӕгдзинады ныхас раст амонай» (2 Тимофеймӕ 2:15).

Аргъ кӕн, цы стыр кад дӕм ӕрхауд, уымӕн

24, 25. Йегъовӕ йӕ адӕмы цавӕр стыр кады аккаг скодта?

24 Йегъовӕ йӕ адӕмы стыр кады аккаг скодта. Баххуыс нын кодта, цӕмӕй йӕ базонӕм. Уый тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр уӕм бузныг. Ӕмӕ куыннӕ! Хуыцау йӕ фӕндтӕ сӕрбӕрзонд адӕмӕй басусӕг кодта ӕмӕ сӕ раргом кодта сӕрныллӕгтӕн. Йесо афтӕ загъта: «Дзыллӕты раз кадджын кӕнын дӕу, мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, ацы хъуыддӕгтӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй» (Матфейы 11:25). Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы сӕрныллӕг лӕггадгӕнджыты ’хсӕн кӕй стӕм, уый у ӕппӕты стырдӕр кад.

25 Уымӕй уӕлдай нын Хуыцау бахӕс кодта адӕмӕн йӕхи тыххӕй дзурын. Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй ис, Хуыцауы тыххӕй мӕнг чи дзуры, ахӕмтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, бирӕ адӕм Йегъовӕйы тыххӕй ӕвзӕр хъуыды кӕнын райдыдтой, зӕгъгӕ, у дурзӕрдӕ ӕмӕ адӕмыл нӕ мӕт кӕны. Уӕдӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйы ном скадджын кӕнын? Фӕнды дӕ, цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм Хуыцауы тыххӕй ӕцӕгдзинад базоной? Кӕд о, уӕд Хуыцауы коммӕ кӕс ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ, ӕппӕт хъарутӕй хъусын кӕн. Иннӕтӕн амон, Фыстад царды ахсджиаг фарстаты тыххӕй цы дзуры, уый. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм хъуамӕ базоной, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хуыцау ныл кӕй тыхсы, уый кӕцӕй зонӕм?

• Адӕймаг цӕмӕн райгуыры?

• Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

• Чиныг «Библи цы дзуры»-йӕ дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы цӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Библи дзуры, хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Рӕстгӕнджытӕ ӕнустӕм цӕрдзысты Дзӕнӕты

[Барлӕвӕрдӕй]

Top right, girl: © Bruno Morandi/​age fotostock; left, woman: AP Photo/​Gemunu Amarasinghe; bottom right, refugees: © Sven Torfinn/​Panos Pictures