Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ у бузныгзӕрдӕ Хуыцау

Йегъовӕ у бузныгзӕрдӕ Хуыцау

Йегъовӕ у бузныгзӕрдӕ Хуыцау

«Хуыцау мӕнгард Хуыцау нӕу, ӕмӕ нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ, йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (ДЗУТТӔГТӔМ 6:10).

1. Йегъовӕ Руфы хорздзинад кӕй нӕ ферох кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

ЙЕГЪОВӔ тынг аргъ кӕны, йӕ фӕндон ын зӕрдиагӕй чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн, ӕмӕ сӕ рӕдауӕй хорзӕхджын кӕны (Дзуттӕгтӕм 11:6). Иузӕрдион Вооз хорз зыдта Хуыцауы ацы диссаджы миниуӕг. Уымӕ гӕсгӕ Руфӕн, йӕ идӕз ӕфсины чи уарзта ӕмӕ йыл чи тыхсти, уыцы моавитаг сылгоймагӕн загъта: «Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы хорзӕх уӕд, ӕмӕ [дын]... Дунедарӕгӕй... ӕххӕст хӕрзиуӕг уӕд!» (Руф 2:12, «Мах дуг» №4, 2000). Цымӕ Хуыцау Руфӕн раарфӕ кодта? Куыннӕ ма! Йӕ хабар фыст ӕрцыд Библийы! Уымӕй уӕлдай, уый смой кодта Воозӕй ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕй рацыдысты паддзах Давид ӕмӕ Йесо Чырысти (Руф 4:13, 17; Матфейы 1:5, 6, 16). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты хорздзинад кӕй нӕ рох кӕны, уымӕн ма ацы хабарӕй уӕлдай Библийы ис бирӕ ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр.

2, 3. а) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй бузныг кӕй у, уый диссаг цӕмӕн у? ӕ) Йегъовӕ нӕ бузныг цӕмӕ гӕсгӕ у? Ӕрхӕсс цӕстуынгӕ цӕвиттон.

2 Хорздзинад ферох кӕнын Йегъовӕ йӕхицӕн банымаид ӕнӕраст хъуыддагыл. Дзуттӕгтӕм 6:10 фыст ис: «Хуыцау мӕнгард Хуыцау нӕу, ӕмӕ нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ, йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый: сымах лӕггад кодтат ӕмӕ ныр дӕр лӕггад кӕнут сыгъдӕджытӕн». Ацы ныхӕстӕ диссаг уымӕн сты, ӕмӕ Хуыцау иузӕрдион адӕмӕй бузныг у, кӕд тӕригъӕдджын сты ӕмӕ йӕ кадӕй ӕнӕхай фесты, уӕддӕр (Ромӕгтӕм 3:23).

3 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм хатт афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ аразӕм, уыдон ӕппындӕр ницы сты ӕмӕ йӕ хорзӕхы аккаг не сты. Фӕлӕ нын Йегъовӕ нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕ тынг хорз зоны, ӕмӕ йын ӕппӕт удӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕн стыр аргъ кӕны (Матфейы 22:37). Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн: мад уатмӕ бацыд ӕмӕ йе стъолыл уыны лӕвар – аслам фӕрдгуытӕ. Зынаргъ кӕй не сты, уый тыххӕй йӕ бон уыд, ӕмӕ сыл цин дӕр ма бакодтаид. Фӕлӕ фӕрдгуыты цур цы гӕххӕт ис, уымӕй базыдта, лӕвар йӕ гыццыл чызгӕй кӕй у. Сывӕллон сыл радта, цы ӕхца фембырд кодта, уыдон иууылдӕр. Мад фӕрдгуытӕм ныр бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсы. Чи зоны, йӕ цӕстытӕ доны разылдысты, йӕ хъӕбулы ӕрбахъӕбыс кодта ӕмӕ йын зӕрдӕбынӕй арфӕ кӕны.

4, 5. Йесо Йегъовӕйау бузныгзӕрдӕ куыд у?

4 Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕмӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ хорз кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ тынг фӕбузныг вӕййы, куы йын радтӕм, нӕ бон хуыздӕрӕй цы у, уый – стыр уа ӕви гыццыл. Ацы хъуыддаджы Йесо у растдӕр йӕ Фыды хуызӕн. Ӕрхъуыды ма кӕнӕм идӕдз усы гыццыл мысайнаджы хабар Библийӕ. «Йесо йӕ алыварс акаст ӕмӕ федта, хъӕздгуытӕ ӕхцавӕрӕнты мысайнӕгтӕ куыд ӕвӕрдтой, уый. Йӕ цӕст ма дзы ӕрхӕцыд, дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы чи нывӕрдта, иу ахӕм идӕдз усыл дӕр, ӕмӕ загъта: „Зӕгъын уын: уӕртӕ уыцы идӕдз ус, кӕд мӕгуыр у, уӕддӕр се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр нывӕрдта. Уымӕн ӕмӕ дзы уыдон иууылдӕр мысайнӕгтӕ сӕ хъӕздыгӕй ӕвӕрдтой, ацы сылгоймаг та дзы йӕ мӕгуырӕй нывӕрдта, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый, йӕ фӕстаг ӕхцатӕ“» (Лукайы 21:1–4).

5 О, Йесо зыдта сылгоймаджы уавӕр – уый уыд мӕгуыр идӕдз ус – ӕмӕ йын йӕ лӕварӕн стыр аргъ скодта. Уый зӕгъӕн ис Йегъовӕйӕ дӕр (Иоанны 14:9). Уӕдӕ нӕ уавӕр цавӕрфӕнды ма уа, уӕддӕр нӕ бузныгзӕрдӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырты хорзӕх нӕ бон ссарын кӕй у, уый нын стыр ныфсы хос нӕу?

Йегъовӕ раарфӕ кодта, Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, уыцы ефиопагӕн

6, 7. Йегъовӕ Авдемелехӕй цӕмӕн фӕбузныг ӕмӕ уый куыд равдыста?

6 Фыстады бирӕ рӕтты ис бакӕсӕн, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны, йӕ фӕндон ын чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн. Ӕркӕсӕм, Хуыцауӕй чи тарст, уыцы ефиопаг лӕг Авдемелехы хабармӕ. Уый царди Йеремийы рӕстӕджы ӕмӕ лӕггад кодта Иудӕйы ӕнӕхуыцау паддзах Седекийы хӕдзары. Авдемелех фехъуыста, Иудӕйы кънйӕзтӕ пехуымпар Йеремийыл кӕй ӕрымысыдысты, адӕмы змӕнты, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ цъайы кӕй ныппӕрстой, цӕмӕй уым ӕххормагӕй амардаид (Йереми 38:1–7). Уый зыдта, Йереми цы хабар хъусын кодта, уый тыххӕй дзы кънйӕзтӕ се сӕфт кӕй уыдтой. Ӕмӕ кӕд йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр Авдемелех паддзахмӕ курдиатимӕ бацыд. Уыцы ефиопаг лӕг ын ныфсджынӕй загъта: «О, мӕ паддзах, ацы лӕгтӕ пехуымпар Йеремийӕн цы бакодтой, уый хорз нӕу. Уыдон ӕй ныппӕрстой цъайы ӕмӕ уым ӕххормагӕй амӕлдзӕн». Паддзахы ныхасмӕ гӕсгӕ Авдемелех 30 лӕджы йемӕ акодта ӕмӕ Хуыцауы пехуымпары фервӕзын кодта (Йереми 38:8–13).

7 Йегъовӕ уыдта, Авдемелех фидар уырнындзинады хицау кӕй уыд. Ӕмӕ цыфӕнды тынг куы тарстаид, уӕддӕр ын уый баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ тасыл фӕуӕлахиз уыдаид. Йегъовӕ Авдемелехӕй фӕбузныг ӕмӕ йын Йеремийӕн арвыста ахӕм ныхас: «Мӕнӕ, ацы сахары тыххӕй цы ныхӕстӕ загътон, уыдон сӕххӕст кӕндзынӕн йӕ хӕрзӕбонӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн... Ӕмӕ дӕу та уыцы бон фервӕзын кӕндзынӕн... ӕмӕ, кӕмӕй тӕрсыс, уыцы адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзынӕ. Ӕз дӕ ӕнӕмӕнг фервӕзын кӕндзынӕн... ӕмӕ дын хӕрзиуӕгӕн ратдзынӕн дӕ уд, уымӕн ӕмӕ дӕ ныфс ӕвӕрыс мӕныл» (Йереми 39:16–18). О, Йегъовӕ Авдемелехы дӕр ӕмӕ Йеремийы дӕр фервӕзын кодта фыццаг Иудӕйы фыдзӕрдӕ кънйӕзтӕй, стӕй та, Иерусалим чи ныппырх кодта, уыцы вавилойнӕгтӕй. «[Йегъовӕ] хъахъхъӕны Йӕ сыгъдӕджыты [«иузӕрдионты», НД] удтӕ ӕмӕ сӕ ӕнӕгъдауты къухӕй ирвӕзын кӕны»,– фыст ис Псаломы 96:10.

«Алцыдӕр чи уыны», уыцы Фыдӕй дын хорзӕх уыдзӕни

8, 9. Йегъовӕ цавӕр куывдтытӕн аргъ кӕны, уый Йесо куыд равдыста?

8 Мах нӕ иузӕрдиондзинад Йегъовӕйыл хъуыддагӕй кӕй ӕвдисӕм, уый тыххӕй нӕ бузныг кӕй у ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕны, уый бӕрӕг у Библи кувыны тыххӕй цы зӕгъы, уымӕй. «Рӕстаг адӕмы куывд... [Хуыцауӕн] ӕхсызгон у»,– загъта иу зондджын лӕг (Ӕмбисӕндтӕ 15:8). Йесойы бонты дины разамонджытӕй бирӕтӕ адӕмы раз куывтой, Хуыцауыл ӕнувыд кӕй уыдысты, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ сӕхи равдисыны тыххӕй. «Уыдон райстой сӕ хӕрзиуӕг»,– загъта Йесо. «Ды та куы кувай,– дзырдта уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн,– уӕд бацу дӕ уатмӕ, дӕ дуар бахгӕн ӕмӕ скув дӕ уӕларвон Фыдмӕ – цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уымӕ. Ӕмӕ дын уӕд хорзӕх уыдзӕни дӕ уӕларвон Фыдӕй – алцыдӕр чи уыны, уымӕй» (Матфейы 6:5, 6).

9 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо адӕмы раз кувын ӕвзӕрыл нӕ нымадта. Уый йӕхӕдӕг дӕр цалдӕр хатты адӕмы раз скуывта (Лукайы 9:16). Йегъовӕ стыр аргъ кӕны, иннӕты цӕстмӕ нӕ, фӕлӕ йӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы фӕкувӕм, уымӕн. О, иунӕгӕй куы вӕййӕм, уӕд куыд фӕкувӕм, уымӕй бӕрӕг вӕййы, Хуыцауы куыд тынг уарзӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс куыд тынг дарӕм, уый. Уӕдӕ диссаг нӕу, Йесо-иу арӕх кувынӕн хибар бынат кӕй агуырдта. Иу хатт кувынмӕ ацыд «райсомӕй раджы, нырма талынг уыд, афтӕ». Ӕндӕр хатт та кувынмӕ «ссыд хохмӕ». Ӕмӕ йӕ 12 апостолы равзарыны размӕ дӕр Йесо ӕнӕхъӕн ӕхсӕв арвыста Хуыцаумӕ кувгӕйӕ (Марчы 1:35; Матфейы 14:23; Лукайы 6:12, 13).

10. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы кувӕм ӕмӕ нӕ тынг куы фӕнда Хуыцауы зӕрдӕ ссарын, уӕд цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм?

10 Уӕдӕ куыд лӕмбынӕг хъуамӕ хъуыстаид Йегъовӕ йӕ Фырты зӕрдӕбын куывдтытӕм! Уыдис-иу ахӕм рӕстӕджытӕ, ӕмӕ-иу Йесо «дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта... ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, Хуыцауы тас ӕм кӕй уыд, уый тыххӕй» (Дзуттӕгтӕм 5:7; Лукайы 22:41–44). Мах дӕр афтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы кувӕм ӕмӕ нӕ тынг куы фӕнда Хуыцауы зӕрдӕ ссарын, уӕд хъуамӕ дызӕрдыг ма кӕнӕм, нӕ уӕларвон Фыд нын нӕ куывдтытӕм лӕмбынӕг кӕй хъусы ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕны. Ӕцӕгдӕр, «хӕстӕг у Хицау... ӕцӕгады [Йӕм] чи кувы, уыдонмӕ» (Псалом 144:18, МГТ).

11. Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, иунӕгӕй куы вӕййӕм, уӕд цы фӕаразӕм, уый тыххӕй?

11 Йегъовӕ, ӕнӕмӕнг, аргъ кӕны, куы ничи нӕ фӕуыны, афтӕмӕй йӕм куы фӕкувӕм, уымӕн. Ӕмӕ уӕд куыд тынг хъуамӕ аргъ кӕна, куы ничи нӕ фӕуыны, уӕд, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый куы фӕкӕнӕм, коммӕгӕс ын куы вӕййӕм! Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ зоны иунӕгӕй куы вӕййӕм, уӕд цы фӕаразӕм, уый (1 Петры 3:12). Уӕдӕ иунӕгӕй куы вӕййӕм, уӕд иузӕрдион ӕмӕ коммӕгӕс куы уӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйы кӕй у. Ахӕм зӕрдӕйӕн йӕ фӕндтӕ вӕййынц сыгъдӕг, ӕмӕ раст цы у, уый йӕ мидӕг вӕййы арф ӕвӕрд (1 Паралипоменон 28:9). Куыд тынг рухс кӕны Йегъовӕйы зӕрдӕ ахӕм уагахастӕй! (Ӕмбисӕндтӕ 27:11; 1 Иоанны 3:22).

12, 13. Куыд нӕ хъӕуы нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын ӕмӕ куыд хъуамӕ уӕм иузӕрдион ахуыргӕнинаг Нафанаилы хуызӕн?

12 Уӕдӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ сӕхи хъахъхъӕнынц, зонд ӕмӕ зӕрдӕ чи халы, ахӕм сусӕг тӕригъӕдтӕй, зӕгъӕм, хӕлд нывтӕм ӕмӕ тыхмимӕ кӕсынӕй. Кӕд иуӕй-иу тӕригъӕдтӕ адӕмы цӕстӕй бамбӕхсӕн ис, уӕддӕр мах зонӕм, «дзуапп кӕй разы дӕттӕм, уымӕй ӕмбӕхст ницы у, алцыдӕр ын у ӕргом» (Дзуттӕгтӕм 4:13; Лукайы 8:17). Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд нын йӕ разы уыдзӕн сыгъдӕг цӕсгом, ӕмӕ нӕ йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕны, ууыл цин кӕндзыстӕм. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ кӕй аргъ кӕны, ӕнаиппӕй чи цӕуы, рӕстдзинад чи кӕны, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы ӕцӕгад чи дзуры, ахӕм адӕймагӕн (Псалом 14:1, 2).

13 Фӕлӕ фыддзинадӕй дзаг чи у, уыцы дунейы нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ куыд хъуамӕ хъахъхъӕнӕм? (Ӕмбисӕндтӕ 4:23; Ефесӕгтӕм 2:2). Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уыдӕттӕй пайда кӕнынӕй уӕлдай ма хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм ӕмӕ хорз цы у, уый аразӕм. Стӕй цырд лӕууӕм, цӕмӕй ӕвзӕр фӕндтӕ нӕ зӕрдӕйы уидаг ма ауадзой ӕмӕ нӕ тӕригъӕдмӕ ма ӕркӕной (Иаковы 1:14, 15). Ӕхсызгон дын куыннӕ уаид, Йесо дӕуӕй дӕр куы зӕгъид, Нафанаилӕй цы загъта, уый: «Ай у... хиндзинад кӕмӕ нӕй», ахӕм адӕймаг (Иоанны 1:47). Нафанаилмӕ (хуыдтой ма йӕ Варфоломей дӕр) фӕстӕдӕр ӕрхауд стыр кад – сси Йесойы 12 апостолӕй иу (Марчы 3:16–19).

«Тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ иузӕрдион хистӕр сауджын»

14. Марийӕ цы бакодта, уымӕ, иннӕтӕй уӕлдай, Йесо цы цӕстӕй ракаст?

14 Йесо у, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн». Ӕмӕ Йегъовӕ, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕй куыд бузныг у, Йесо дӕр сӕ раст афтӕ бузныг у (Колоссӕгтӕм 1:15). Зӕгъӕм, йӕ мӕлӕтӕй фондз боны раздӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цалдӕримӕ уыд уазӕгуаты Вифанийы Симоны хӕдзары. Изӕры Лазӕр ӕмӕ Марфӕйы хо Марийӕ «райста ӕрдӕг литры бӕрц сыгъдӕг нард – тынг зынаргъ хӕрздӕф сой» (уыд афӕдзы мызды аргъ), ӕмӕ йӕ Йесойӕн йӕ сӕр ӕмӕ йӕ къӕхтыл ӕркодта (Иоанны 12:3). «Цӕмӕн хъуыди уыйбӕрц сой дзӕгъӕлы хардз кӕнын?»– бахъуыр-хъуыр кодтой чидӕртӕ. Фӕлӕ Марийӕ цы бакодта, уымӕ Йесо бынтон ӕндӕр цӕстӕй ракаст. Афтӕ кӕй бакодта, уый Йесо банымадта стыр рӕдаудзинадыл ӕмӕ тынг ахсджиаг хъуыддагыл, уымӕн ӕмӕ хӕстӕг уыд йӕ мӕлӕты ӕмӕ йӕ ныгӕныны рӕстӕг. Уымӕ гӕсгӕ Йесо Марийӕйы ӕфхӕргӕ нӕ бакодта, фӕлӕ дзы раппӕлыд. Уый загъта: «Хорз хабар ӕгас дунейы кӕмфӕнды ма хъусын кӕной, уым-иу ӕрымысдзысты ацы сылгоймаджы ӕмӕ-иу зӕгъдзысты, цы бакодта, уый тыххӕй» (Матфейы 26:6–13).

15, 16. Цы пайда нын у, Йесо зӕххыл кӕй цард ӕмӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кодта, уый?

15 Куыд хорз у, Йесо Чырыстийы хуызӕн бузныгзӕрдӕ Разамонӕг нын кӕй ис! Ӕцӕгдӕр, Йесо зӕххыл кӕй цард, уый йӕ бацӕттӕ кодта, Йегъовӕ йын цы ’рцӕттӕ кодта, уымӕ – лӕггад кӕнын Хистӕр сауджынӕй ӕмӕ Паддзахӕй фыццаг сӕрстыты ӕмбырды, стӕй та ӕнӕхъӕн дунейы (Колоссӕгтӕм 1:13; Дзуттӕгтӕм 7:26; Раргомад 11:15).

16 Йесо цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр адӕмыл мӕт кодта ӕмӕ сӕ фӕлмӕн уарзтӕй уарзта (Ӕмбисӕндтӕ 8:31). Зӕххыл куы уыд, уӕд ноджы хуыздӕр бамбӕрста, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ хъизӕмӕрттӕ ’взарын ӕмӕ зындзинӕдтӕн фӕразын цы у, уый. «[Йесо] хъуамӕ алцӕмӕй дӕр суыдаид „йе ’фсымӕрты“ хуызӕн,– фыста апостол Павел,– цӕмӕй... суыдаид тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ иузӕрдион хистӕр сауджын... Уымӕн ӕмӕ фӕлварӕнты йӕхӕдӕг кӕй хъизӕмар кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон баххуыс кӕнын у, фӕлварӕнты чи ис, уыдонӕн». Йесо нын «нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ... ӕмбары», уымӕн ӕмӕ «махау фӕлвӕрд ӕрцыд алцӕмӕй дӕр, ӕрмӕст тӕригъӕд никуы сарӕзта» (Дзуттӕгтӕм 2:17, 18; 4:15, 16).

17, 18. а) Йесо, йӕ фӕдылдзӕуджыты хорз кӕй ӕмбары, уый куыд зыны йӕ фыстӕджытӕй Къаннӕг Азийы авд ӕмбырдмӕ? ӕ) Цавӕр хъуыддагмӕ цӕттӕ кодтой сӕхи сӕрст чырыстӕттӕ?

17 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты зындзинӕдтӕ хуыздӕр кӕй бамбӕрста, уый рабӕрӕг, куы райгас, уый фӕстӕ. Ӕркӕсӕм, Йесо апостол Иоаннӕн Къаннӕг Азийы авд ӕмбырдмӕ цы фыстӕджытӕ ныффыссын кодта, уыдонмӕ. Смирнӕйы ӕмбырдӕн Йесо загъта: «Зонын дын дӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ дӕ мӕгуырдзинад». Ацы ныхӕстӕ ӕмбарын хъӕуы афтӕ: «Хорз уын ӕмбарын уӕ зындзинӕдтӕ, зонын цытӕ ’взарут». Уый фӕстӕ сын, йӕхӕдӕг дӕр мӕлӕты онг кӕй фӕхъизӕмар кодта, уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕдгӕнгӕйӕ ӕмӕ ныфсджынӕй загъта: «Мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззай, ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – цард» (Раргомад 2:8–10).

18 Йесо авд ӕмбырдмӕ цы фыстӕджытӕ арвыста, уыдонӕй зыны, йӕ ахуыргӕнинӕгты зындзинӕдтӕ хорз кӕй ӕмбары ӕмӕ кӕй аргъ кӕны, Хуыцауы раз ӕнаиппӕй кӕй цӕрынц, уымӕн (Раргомад 2:1–3:22). Рох дӕ ма уӕд, Йесо кӕмӕ фыста, уыдон кӕй уыдысты, йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи хъуамӕ уыдаид, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Сӕ Хицауау уыдон дӕр сӕхи цӕттӕ кодтой сӕ диссаджы хӕсмӕ: Чырыстийӕн ӕххуыс кӕной, йӕ нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдон «рынчын» адӕмыл хӕларзӕрдӕйӕ тауынӕн (Раргомад 5:9, 10; 22:1–5).

19, 20. Цӕмӕй бӕрӕг у, «тынг бирӕ адӕм» Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ Фыртӕй бузныг кӕй сты, уый?

19 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты куыд уарзы, афтӕ уарзы йӕ иузӕрдион «ӕндӕр фысты» дӕр. Уыдонӕй милуантӕ абон хауынц, «стыр бӕллӕхӕй» чи фервӕздзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕммӕ... ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй» (Иоанны 10:16; Раргомад 7:9, 14). Уыдон Йесойы фарс балӕууыдысты, уымӕн ӕмӕ дзы бузныг сты, йӕ нывондӕй сӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ сын ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй радта, уый тыххӕй. Цӕмӕй бӕрӕг у, бузныг дзы кӕй сты, уый? Уыдон «ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц» Хуыцауӕн (Раргомад 7:15–17).

20 2006 лӕггады азӕн 27–30 фӕрстыл цы ӕппӕтдунеон хыгъд ис, уымӕй хорз зыны, Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ «ӕхсӕвӕй-бонӕй [кӕй] лӕггад кӕнынц». Иу афӕдзы дӕргъы уыдон, сӕрст чырыстӕттӕй ма чи баззад, уыцы чысыл къордимӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кодтой ӕдӕппӕтӕй 1 333 966 199 сахаты – уый у 150 000 азӕй фылдӕр!

Дарддӕр дӕр бузныг у!

21, 22. а) Абон чырыстӕтты уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы бузныгдзинад ӕвдисын? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

21 Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт ӕнӕххӕст адӕмӕй бузныг кӕй сты, уый ӕцӕгдӕр у диссаг. Хъыгагӕн, адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕрмӕст сӕхиуыл мӕт кӕнынц ӕмӕ сӕ Хуыцауыл хъуыды кӕнынмӕ не ’вдӕлы. «Фӕстаг бонты» адӕм цыхуызӕн уыдзысты, уый тыххӕй Павел ныффыста: «Адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг... хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты» (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Куыд тынг хицӕн кӕнынц уыдонӕй ӕцӕг чырыстӕттӕ! Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕ сыгъдӕгзӕрдӕ куывдтытӕй, сӕ коммӕгӕсдзинадӕй ӕмӕ сӕ зӕрдӕбын лӕггадӕй ӕвдисынц, Хуыцау сын цы аразы, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй дзы бузныг кӕй сты (Псалом 61:9; Марчы 12:30; 1 Иоанны 5:3).

22 Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы лӕвӕрттӕ ратта, уыдонӕй иуӕй-иутыл. Уыцы хорз лӕвӕрттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Хуыцауӕй ноджы тынгдӕр бузныг уыдзыстӕм (Иаковы 1:17).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йегъовӕ куыд ӕвдисы, бузныгзӕрдӕ Хуыцау кӕй у, уый?

• Куыд у нӕ бон Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, куы ничи нӕ уына, уӕд?

• Йесо куыд равдыста, бузныгзӕрдӕ кӕй у, уый?

• Йесо зӕххыл кӕй цард, уый йын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй суыдаид тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ бузныгзӕрдӕ хицау?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

Ныййарӕгӕн йӕ сывӕллоны хуымӕтӕг лӕвар куыд ӕхсызгон вӕййы, афтӕ Йегъовӕ дӕр тынг фӕбузныг вӕййы, куы йын радтӕм, нӕ бон хуыздӕрӕй цы у, уый