Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕддӕриддӕр бузныг уӕм

Кӕддӕриддӕр бузныг уӕм

Кӕддӕриддӕр бузныг уӕм

«Куыд зынаргъ сты... дӕ хъуыдытӕ! О, Хуыцау, куыд бирӕ у сӕ нымӕц» (ПСАЛОМ 139:17, НД [138:17]).

1, 2. Хуыцауы Ныхасӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм ӕмӕ дзы псаломзарӕггӕнӕг бузныг кӕй у, уый куыд равдыста?

УЫЙ СТЫР диссаг куыннӕ уыд! Иерусалимы Йегъовӕйы кувӕндон куы цалцӕг кодтой, уӕд хистӕр сауджын Хелки ссардта, «Йегъовӕ Моисейы уылты кӕй радта, уыцы закъоны чиныг». Уыцы къухфыстыл цыд иу-800 азы! Ахъуыды ма кӕн, Хуыцауӕй чи тарст, уыцы паддзах Иосимӕ чиныг куы бахастой, уӕд куыд фӕуыдаид! Ӕцӕгдӕр, Иосийӕн уый уыд тынг зынаргъ ӕмӕ йӕ писыр Шафан уайтагъд хъӕрӕй кӕсын райдыдта (2 Паралипоменон 34:14–18).

2 Абон Хуыцауы Ныхас ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ хицӕн чингуытӕ сӕ бон кӕсын у миллиардгай адӕмӕн. Фӕлӕ цымӕ уымӕй Фыстадӕн къаддӕр аргъ ис, къаддӕр ахады? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Уымӕн ӕмӕ дзы ис Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы хъуыдытӕ ӕмӕ фыст сты мах пайдайӕн (2 Тимофеймӕ 3:16). Псаломзарӕггӕнӕг Давид Хуыцауы Ныхасмӕ цы цӕстӕй каст, уый тыххӕй ныффыста: «Куыд зынаргъ сты мӕнӕн дӕ хъуыдытӕ! О, Хуыцау, куыд бирӕ у сӕ нымӕц» (Псалом 139:17, НД [138:17]).

3. Цӕмӕй бӕрӕг у, Давид кӕй ӕмбӕрста, Хуыцауы хӕлар уай, уый цы нысан кӕны?

3 Давид алкӕддӕр стыр аргъ кодта Йегъовӕйӕн, йӕ Ныхасӕн ӕмӕ, раст дины тыххӕй цы арӕзта, уыдӕттӕн. Давид цы бирӕ рӕсугъд псаломтӕ ныффыста, уыдонӕй зыны, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый. Зӕгъӕм, Псалом 26:4 ис ахӕм ныхӕстӕ: «Иу куырдтон ӕз Хуыцауӕй, ӕрмӕст уый агурын, цӕмӕй уон ӕз Хицауы хӕдзары мӕ царды ӕппӕт бонты, кӕсын Хицауы рӕсугъддзинадмӕ ӕмӕ бӕрӕг кӕнын Йӕ кувӕндон [«ӕхсызгонӕй кӕсын йӕ кувӕндонмӕ», НД]». Рагон дзуттаг ӕвзаджы «ӕхсызгонӕй кӕсын» амоны истӕмӕ кӕсгӕйӕ хъуыдыты аныгъуылын, кӕсын лӕмбынӕг, цингӕнгӕйӕ, дисгӕнгӕйӕ. Бӕрӕг у, Давид хорз кӕй ӕмбӕрста, Йегъовӕйы хӕлар уай, уый цы нысан кӕны, ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы лӕвӕрдта, уыдӕттӕн аргъ кодта. Уый тынг бузныг уыд, Хуыцау ын-иу йӕ ӕцӕгдзинӕдтӕй гыццыл исты дӕр куы раргом кодта, уӕд. Давид Йегъовӕйӕ бузныг кӕй уыд, уымӕй у фӕзминаг (Псалом 18:8–12).

Бузныг уӕм, Библийы ӕцӕгдзинӕдтӕ зоныны фадат нын кӕй ис

4. Йесойыл сыгъдӕг уд цӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цинӕй цӕмӕн байдзаг?

4 Хуыцауы Ныхас ӕмбарын, сӕрбӕрзонддзинадмӕ чи кӕны, уыцы бирӕ зонындзинӕдтыл ӕмӕ дунейы ахуырадыл баст нӕу. Уый баст у Йегъовӕйы стыр хорзӕхыл. Хуыцау йе стыр хорзӕхӕй хайджын кӕны, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыцы сӕрныллӕг ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы (Матфейы 5:3; 1 Иоанны 5:20). Ӕнӕххӕст адӕмӕй кӕмӕндӕрты сӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй ӕрцыдысты, Йесо ууыл куы хъуыды кодта, уӕд ыл «ӕрцыд сыгъдӕг уд ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг ӕмӕ загъта: „Дзыллӕты раз кадджын кӕнын дӕу, мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, ацы хъуыддӕгтӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй“» (Лукайы 10:17–21).

5. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цӕмӕн аргъ кӕнынц, Хуыцау сын йӕ Паддзахады тыххӕй кӕй ӕргом кӕны, уыцы ӕцӕгдзинӕдтӕн?

5 Уыцы зӕрдӕбын куывды фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Амондджын сты, сымах цытӕ уынут, уыдӕттӕ чи уыны. Зӕгъын уын: пехуымпартӕ ӕмӕ паддзӕхтӕй бирӕтӕ бӕллыдысты, сымах цытӕ уынут, уыдӕттӕ фенынмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ федтой, ӕмӕ сымах цытӕ хъусут, уыдӕттӕ фехъусынмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ фехъуыстой». О, Йесо йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй аргъ кӕной, Хуыцау сын йӕ Паддзахады тыххӕй кӕй ӕргом кӕны, уыцы ахсджиаг ӕцӕгдзинӕдтӕн. Уыцы ӕцӕгдзинӕдтӕ Хуыцау, раздӕры заманты йын чи лӕггад кодта, уыдонӕн нӕ раргом кодта, стӕй сӕ, Йесойы рӕстӕджы цы «зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕ» цард, уыдонӕн дӕр нӕ бамбарын кодта! (Лукайы 10:23, 24).

6, 7. а) Хуыцауы ӕцӕгдзинӕдтӕй бузныг цӕмӕн стӕм? ӕ) Цы зӕгъӕн ис, абон раст дин мӕнг динӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый тыххӕй?

6 Абон мах хъуамӕ ноджы тынгдӕр бузныг уӕм Йегъовӕйӕ йӕ ӕцӕгдзинӕдты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты ноджы хуыздӕр ӕмбарын кӕны йӕ Ныхас (Матфейы 24:45; Данел 12:10). Пехуымпар Данел фыста, зӕгъгӕ, кӕроны рӕстӕджы «бирӕтӕ агурдзысты ӕмӕ раст зонындзинӕдтӕ суыдзысты парахат» (Данел 12:4, НД). Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ абон парахат кӕй сты ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ монон хӕринагӕй хъуаг кӕй не ’ййафынц, ууыл разы нӕ дӕ?

7 Хуыцауы адӕммӕ, Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй цы бӕлвырд зонындзинӕдтӕ ис, уыдон куыд тынг хицӕн кӕнынц Стыр Вавилоны динты ӕмтъеры ахуырӕдтӕй! Уымӕ гӕсгӕ, мӕнг дины ӕцӕг цӕсгом чи федта ӕмӕ дзы фыдӕнхъӕл чи фӕци, уыдонӕй бирӕтӕ раст динмӕ здӕхынц. Уыдон сты фысау сабыр адӕм ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй Стыр Вавилоны тӕригъӕдтӕ уыдоныл дӕр уой ӕмӕ сыл йӕ бӕллӕхтӕ ’рцӕуой. Ӕппӕт ахӕм адӕмы Йегъовӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ хонынц ӕцӕг чырыстон ӕмбырдмӕ (Раргомад 18:2–4; 22:17).

Бузныгзӕрдӕ адӕм цӕуынц Хуыцаумӕ

8, 9. Аггейы 2:7 ныхӕстӕ абон куыд ӕххӕст кӕнынц?

8 Йегъовӕ йӕ монон кувӕндоны тыххӕй загъта: «Ӕз базмӕлын кӕндзынӕн ӕппӕт адӕмыхӕттыты, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ ӕз ацы хӕдзар байдзаг кӕндзынӕн кадӕй» (Аггей 2:7). Ацы диссаджы пехуымпарад сӕххӕст Аггейы бонты, Хуыцауы адӕмӕй Вавилоны уацарӕй фӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхт, уыдон Иерусалимы кувӕндон ногӕй куы сарӕзтой, уӕд. Абон та Аггейы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнынц Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоныл.

9 Милуантӕ ныридӕгӕн ӕрбацыдысты Хуыцауы монон кувӕндонмӕ, цӕмӕй йын лӕггад кӕной «сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ». Ӕмӕ ӕрвыл аз дӕр «ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕй» сӕдӕгай минтӕ бацӕуынц уыцы кувӕндонмӕ (Иоанны 4:23, 24). Зӕгъӕм, ӕппӕтдунеон хыгъд 2006 азӕн куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн сӕхи снывонд кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой 248 327 адӕймаджы. Рӕстӕмбис нымадӕй уый у 680 адӕймаджы алы бон дӕр! Уыдон ӕцӕгдзинад кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын кӕй фӕнды, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ ӕцӕгдӕр Йегъовӕ кӕй ӕрбакодта (Иоанны 6:44, 65).

10, 11. Радзур, адӕм Библийы ӕцӕгдзинӕдтӕн аргъ кӕнын куыд райдайынц, ахӕм хабар.

10 Уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕй бирӕтӕ ӕцӕгдзинадмӕ раздӕхтысты, уымӕн ӕмӕ федтой, «рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджыты ’хсӕн, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны ’хсӕн цы стыр хицӕндзинад ис, уый» (Малахи 3:18). Ӕркӕсӕм Уэйн ӕмӕ Вирджинийы хабармӕ. Уыдон сты лӕг ӕмӕ ус. Уыдысты протестанттӕ, фӕлӕ сӕм цы фарстытӕ уыд, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ аргъуаны дзуапп не ссардтой. Хӕстӕй ӕнад дӕр сын ницы уыд, ӕмӕ-иу куы федтой, сауджынтӕ салдӕттӕн ӕмӕ хӕцӕнгарзӕн куыд арфӕ кӕнынц, уӕд-иу цы ахъуыды кодтаиккой, уый дӕр нал зыдтой. Куы фӕзӕронддӕр сты, уӕд сӕ сӕ аргъуаны ницӕмӕуал дардтой, кӕд Вирджини бирӕ азты дӕргъы аргъуаны Хуыцаубоны скъолайы фӕкуыста, уӕддӕр. «Никуы нӕ ничи бабӕрӕг кодта, ӕмӕ нӕ никуы ничи бафарста, зӕгъгӕ ма уӕ уырнындзинад раздӕрау фидар у,– загътой уыдон.– Нӕ аргъуаны не ’хца йеддӕмӕ ницы хъуыд. Нӕ зӕрдӕ бынтондӕр асаст». Ӕмӕ сӕ аргъуан, нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ, сылгоймаг та сылгоймагимӕ цӕра, уый фарс куы рахӕцыд, уӕд та дзы ноджы тынгдӕр фӕфыдӕнхъӕл сты.

11 Уыцы рӕстӕг Уэйн ӕмӕ Вирджинийы чызджычызг, стӕй та сӕ чызг дӕр систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Фыццаг сын уый уыд хъыг, фӕлӕ фӕстӕдӕр сӕ хъуыды фӕивтой ӕмӕ сразы сты Библи ахуыр кӕныныл. «Библийӕ 70 азмӕ цы нӕ базыдтам, уый ӕрмӕст ӕртӕ мӕймӕ базыдтам! Никуы фехъуыстам Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй хуыйны, ницы зыдтам Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ, зӕххыл Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй»,– зӕгъы Уэйн. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ лӕг ӕмӕ ус райдыдтой чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын ӕмӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын. «Алкӕмӕн дӕр нӕ фӕнды ӕцӕгдзинады тыххӕй дзурын»,– загъта Вирджини. 2005 азы, сӕ дыууӕйыл дӕр 80 азтӕ куы цыд, уӕд донаргъуыд райстой. «Мах ӕцӕг чырыстӕтты ссардтам»,– загътой уыдон.

Аргъ кӕнӕм, «алы хорз хъуыддагмӕ» дӕр цӕттӕ кӕй стӕм, уымӕн

12. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр цы лӕвӕрдта ӕмӕ абон дӕр цы дӕтты, ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕнтыстджын уӕм?

12 Йегъовӕ алкӕддӕр ӕххуыс кӕны йӕ лӕггадгӕнджытӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Нойӕн бӕлвырд ӕмӕ бӕстон бамбарын кодта, нау куыд саразын хъӕуы. Уый уыд ахӕм хъуыддаг, фӕрӕдийай, уый гӕнӕн кӕм нӕ уыд. Ӕмӕ Ной уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодта. Цӕй фӕрцы? Ной «ӕппӕт дӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. О, растдӕр афтӕ бакодта» (Райдиан 6:14–22). Нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн алцыдӕр дӕтты йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Абон нӕ сӕйрагдӕр куыст у, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ аккаг адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы махӕн дӕр бирӕ ӕнтысдзӕн, Нойау коммӕгӕс куы уӕм, уӕд. Мах хъуамӕ хъусӕм, Йегъовӕ нын йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы дзуры, уымӕ (Матфейы 24:14; 28:19, 20).

13. Йегъовӕ нӕ куыд ахуыр кӕны?

13 Цӕмӕй уыцы куыст ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй мах хъуамӕ ахуыр кӕнӕм раст пайда кӕнын нӕ сӕйраг кусӕнгарзӕй – Хуыцауы Ныхасӕй. Библи «пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн, цӕмӕй Хуыцауы адӕймаг алцыдӕр ӕмбара ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа» (2 Тимофеймӕ 2:15; 3:16, 17). Йегъовӕ фыццаг ӕнусы йӕ адӕмы ӕмбырдты куыд ахуыр кодта, афтӕ ахуыр кӕны мах дӕр. Абон ӕппӕт дунейы ис 99 770 ӕмбырды. Цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй ӕмбырдты ӕрвылкъуыри дӕр вӕййы Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола ӕмӕ Хъусын кӕныны фембӕлд. Кӕд уыцы ахсджиаг фембӕлдты тыххӕй бузныг стӕм, уӕд сӕм хъуамӕ иудадзыг ма цӕуӕм ӕмӕ дзы цы базонӕм, уымӕй царды ма пайда кӕнӕм? (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

14. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны стыр кадӕй йӕ адӕм бузныг кӕй сты, уый цӕмӕй бӕрӕг у? (Дӕ дзуаппы спайда кӕн хыгъдӕй дӕр, 27–30 фӕрстӕ.)

14 Ӕппӕт дунейы Хуыцауы адӕмӕй милуантӕ ахӕм ахуыры тыххӕй бузныг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уацамынды сӕ тыхтыл нӕ ауӕрдынц. Зӕгъӕм, 2006 лӕггады азы дӕргъы 6 741 444 хъусынгӕнӕджы хъусын кодтой ӕмӕ 6 286 618 адӕймагимӕ Библи ахуыр кодтой ӕдӕппӕтӕй 1 333 966 199 сахаты. Адон сты, ӕппӕтдунеон хыгъды чи ис, уыцы хабӕрттӕй иуӕй-иутӕ. Дӕ хорзӕхӕй, лӕмбынӕг ӕркӕс ацы хыгъдмӕ. Фыццаг ӕнусы-иу ӕфсымӕртӕ куы фехъуыстой, хъусын кӕныны хъуыддаг куыд парахат кӕны, уӕд-иу сӕ ныфсыл ныфс куыд бафтыд, афтӕ дӕуӕн дӕр дӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн (Хъуыддӕгтӕ 1:15; 2:5–11, 41, 47; 4:4; 6:7).

15. Йегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй чи лӕггад кӕны, уыдон сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?

15 Алы аз дӕр Хуыцауы кады кой дардыл кӕй нӕры, уымӕй зыны, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ тынг бузныг кӕй сты, Йегъовӕйы кӕй зонынц ӕмӕ йӕ номы тыххӕй кӕй хъусын кӕнынц (Исай 43:10). Ӕцӕгдӕр, нӕ ацӕргӕ, рынчын ӕмӕ ӕнӕбон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты кады нывӕндтӕ абарӕн ис идӕз усы мысайнагимӕ. Фӕлӕ кӕддӕриддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт тынг кӕй аргъ кӕнынц, ӕппӕт удӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ бон цы у, уый чи аразы, уыдонӕн (Лукайы 21:1–4; Галатӕгтӕм 6:4).

16. Цавӕр кусӕнгӕрзтӕ нын радта Хуыцау фӕстаг дӕсазты?

16 Уацамындмӕ цӕттӕ кӕнынӕй уӕлдай ма нын Йегъовӕ йӕ организацийы уылты дӕтты диссаджы кусӕнгӕрзтӕ. Фӕстаг дӕсазты рацыдысты ахӕм чингуытӕ: «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгдзинад» (уыр.), «Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын» (уыр.), «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад» ӕмӕ ӕрӕджы та – «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Ацы чингуытӕн ӕцӕг чи аргъ кӕны, уыдон сӕ уацамынды пайда кӕнынц ӕмӕ сын стыр ӕххуыс сты.

Пайда кӕнӕм чиныг «Библи цы дзуры»-йӕ

17, 18. а) Чиныг «Библи цы дзуры»-йӕ арӕхдӕр кӕцы сӕртыл фӕдзурыс адӕмимӕ? ӕ) Иу районон цӕстдарӕг чиныг «Библи цы дзуры»-йы тыххӕй цы загъта?

17 Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?»-йы ис 19 сӕры ӕмӕ, иуӕй-иу фарстытӕ лыстӕггай ӕвзӕрст кӕм цӕуынц, ахӕм уӕлӕмхасӕн. Фыст у хуымӕтӕг, ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагӕй. Ӕмӕ уацамынды у стыр ӕххуыс. Зӕгъӕм, 12 сӕр хуыйны «Дӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕд». Ацы сӕрӕй адӕймаг базоны, йӕ бон куыд у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар суа – уый у, бирӕтӕ хъуыды дӕр кӕуыл никуы акодтой, ахӕм фарст (Иаковы 2:23). Цы зӕгъынц ацы чиныджы тыххӕй?

18 Австралийӕ иу районон цӕстдарӕг ныффыста, зӕгъгӕ, чиныг «Библи цы дзуры»-йы фӕрцы «тынг ӕнцон у адӕмимӕ ныхас райдайын». Уый ма загъта, зӕгъгӕ, чиныг афтӕ хуымӕтӕг арӕзт кӕй у, уымӕ гӕсгӕ «хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ ногӕй райдыдтой ныфсджынӕй хъусын кӕнын ӕмӕ сӕ циныл цин бафтыд. Уӕдӕ диссаг нӕу иуӕй-иутӕ ацы бурцъар чиныг „сыгъзӕрины къӕртт“ кӕй хонынц!».

19–21. Чиныг «Библи цы дзуры» куыд ӕххуыс кӕны, уый фӕдыл цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

19 «Ӕвӕццӕгӕн дӕ Хуыцау ӕрбарвыста»,– загъта иу сылгоймаг Гайанӕйӕ, йемӕ чи сныхас кодта, уыцы пионерӕн. Цы лӕгимӕ цард, уый йӕ ӕрӕджы дыууӕ гыццыл сывӕллонимӕ ныууагъта. Ӕфсымӕр байгом кодта чиныг «Библи цы дзуры»-йы 1 сӕр ӕмӕ йын бакаст 11 абзац дӕлсӕргондӕй «Царды хӕрам кӕй ис, уый Хуыцаумӕ куыд кӕсы?». «Куы йын ӕй бакастӕн, уӕд сылгоймаджы зӕрдӕ суынгӕг. Йӕхи нал баурӕдта, йӕ дуканийы рӕбинаг къуыммӕ бацыд ӕмӕ йӕ цӕссыгтӕ фемӕхстысты»,– загъта ӕфсымӕр. Уыцы сылгоймаг ӕмбырдӕй иу хоимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ уый йӕ цардыл хуыздӕрырдӕм зыны.

20 Хосе цӕры Испанийы. Йӕ ус аварийы куы фӕмард, уӕд йӕ маст ферох кӕныны тыххӕй наркотиктыл бафтыд. Цыдис психологтӕм дӕр. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ бон нӕ уыд, Хосейӕн удӕнцой чи нӕ лӕвӕрдта, уыцы фарстӕн дзуапп раттын: «Хуыцау мын мӕ усы мӕлын цӕмӕн бауагъта?» Иу бон Хосе фембӕлд йе ’мкусӕг Франческыл. Уый йын загъта, цӕмӕй аныхас кӕной чиныг «Библи цы дзуры»-йӕ 11 сӕрыл «Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?». Фыстад ацы фарст куыд ӕмбарын кӕны ӕмӕ, чиныджы ахуыргӕнӕг ӕмӕ ахуыргӕнинаджы тыххӕй цы цӕвиттон ис, уый Хосейыл тынг бандӕвта. Хосе зӕрдиагӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдта, районон конгресмӕ ацыд ӕмӕ ныр Паддзахады залмӕ фембӕлдтӕм цӕуы.

21 Роман, 40-аздзыд бизнесмен, цӕры Польшӕйы. Уый Хуыцауы Ныхасӕн алкӕддӕр аргъ кодта. Фӕлӕ йӕ рӕстӕг иууылдӕр йӕ куыстыл кӕй цыд, уымӕ гӕсгӕ-иу ӕй Библи ахуыр кӕнынмӕ арӕх нӕ равдӕлд. Фӕлӕ уӕддӕр облӕстон конгресмӕ ацыд ӕмӕ райста чиныг «Библи цы дзуры». Уый фӕстӕ Библи зӕрдиагдӕрӕй райдыдта ахуыр кӕнын. «Ацы чиныджы фӕрцы мын Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ иу ӕнӕхъӕн нывы хуызӕн систы». Ныр Роман иудадзыг Библи ахуыр кӕны ӕмӕ йӕ уырнындзинад бӕрӕг фӕфидардӕр.

Кӕддӕриддӕр бузныг уӕм

22, 23. Хуыцау нын цы ныфс дӕтты, уый тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон ӕвдисын куыд у?

22 Облӕстон конгрессты «Ирвӕзындзинад ӕввахс у!», зӕгъгӕ, куыд загътой, афтӕмӕй ӕцӕг чырыстӕттӕ тынг бӕллынц, Хуыцау сын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ Йесо Чырыстийы тугныккалды фӕрцы гӕнӕн кӕмӕн ис, уыцы «ӕнусон ирвӕзындзинадмӕ». Уыцы диссаджы ныфсы тыххӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый равдисынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у, нӕхи дарддӕр дӕр куы сыгъдӕг кӕнӕм «мард хъуыддӕгтӕй, цӕмӕй лӕггад кӕнӕм удӕгас Хуыцауӕн» (Дзуттӕгтӕм 9:12, 14).

23 Ӕхсӕз милуанӕй фылдӕр хъусынгӕнӕджы Хуыцауӕн ӕнӕфӕцудгӕйӕ ӕмӕ иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый ӕцӕг диссаг у, уӕлдайдӕр та абоны хиуарзон дунейы. Уый ма ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ тынг аргъ кӕнынц, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уыцы кадӕн, ӕмӕ зонынц, «Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу». Уӕдӕ кӕддӕриддӕр бузныг уӕм! (1 Коринфӕгтӕм 15:58; Псалом 109:3).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хуыцау нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уый тыххӕй бузныг кӕй хъуамӕ уӕм, уый фӕдыл Давидӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Аггейы 2:7 ныхӕстӕ абон куыд ӕххӕст кӕнынц?

• Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цы дӕтты, цӕмӕй йын ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕной?

• Йегъовӕйы хорздзинадӕй бузныг кӕй дӕ, уый дӕ бон ӕвдисын куыд у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Таблицӕ 27–30 фарсыл]

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ ӔППӔТДУНЕОН ХЫГЪД 2006 ЛӔГГАДЫ АЗӔН

(Кӕс публикацимӕ)

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Йегъовӕ нын алцыдӕр дӕтты йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн