Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг. Хуыцау сӕ сфӕлдыста кӕрӕдзийӕн
Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг. Хуыцау сӕ сфӕлдыста кӕрӕдзийӕн
АФТӔ никуы уыд, ӕмӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг иумӕ уой, уый сӕ ма фӕнда. Уыцы фӕндон сын сӕ удыхъӕды бавӕрдта Хуыцау. Йегъовӕ федта, хорз кӕй нӕу, цӕмӕй нӕлгоймаг, Адам, иунӕгӕй цӕра. Уымӕ гӕсгӕ йын сфӕлдыста «ӕххуысгӕнӕджы, йемӕ чи сфидауа, ахӕмы».
Йегъовӕ Адамыл тарф фынӕй бафтыдта, уый фӕстӕ йын йӕ фӕрсчытӕй иу систа ӕмӕ, «цы фӕрск систа, уымӕй... скодта сылгоймаг, ӕмӕ йӕ адӕймагмӕ ӕрбакодта». Адам куы федта, Йегъовӕ цы рӕсугъд адӕймаг сфӕлдыста, уӕд фырцинӕй афтӕ бакодта: «Мӕнӕ кӕдӕй-уӕдӕй стӕг ме стӕгӕй ӕмӕ буар мӕ буарӕй». Ӕххӕст сылгоймагмӕ, Евӕмӕ, сылгоймагӕн чи фидауы, ахӕм миниуджытӕ кӕй уыд, уый йӕ кодта ноджы рӕсугъддӕр. Ӕххӕст нӕлгоймаг Адам, ӕцӕг нӕлгоймаджы миниуджыты хицау, уый аккаг уыд, цӕмӕй йын аргъ кодтаиккой. Хуыцау сӕ сфӕлдыста кӕрӕдзийӕн. Библи дзуры: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баныхӕсдзӕн йӕ усыл, ӕмӕ уыдзысты дыууӕйӕ иу буар» (Райдиан 2:18–24).
Фӕлӕ абон бинонты цард хӕлы, арӕх нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзи фефхӕрынц кӕнӕ дзы алчи ӕрмӕст йӕхи мӕт фӕкӕны. Нӕлгоймӕгтӕ сӕхи сылгоймӕгтӕй хуыздӕр кӕй хонынц, сылгоймӕгтӕ та нӕлгоймӕгтӕй, уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуыддаг хылтӕм ӕмӕ быцӕутӕм асайы. Фӕлӕ Хуыцау нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы уый тыххӕй не сфӕлдыста. Нӕлгоймагӕн зӕххыл йӕ бӕрны уыд диссаджы хӕс. Диссаджы кадджын хӕс уыд сылгоймагӕн дӕр – уый хъуамӕ уыдаид йӕ лӕджы фарсмӕ ӕмӕ йын ӕххуыс кодтаид. Уыдон хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр кӕрӕдзи ӕмбӕрстаиккой. Адам ӕмӕ Евӕйы замантӕй райдайгӕйӕ, алкӕддӕр уыд, Хуыцауӕй чи тарст, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Уыдон зӕрдӕбынӕй архайдтой, цӕмӕй сӕ алчидӕр, Хуыцау ын йӕ бӕрны цы хӕс бакодта, уый ӕххӕст кӕна. Уый фӕрцы уыдысты амондджын ӕмӕ сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ рухс кодта. Цавӕр хӕс ис нӕлгоймагӕн? Сылгоймаджы хӕс та цы у? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ алчи дӕр йӕ хӕс ӕххӕст кӕна?
[Ныв 3 фарсыл]
Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн ис аккаг бынат Хуыцауы фӕндты