Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг – алкӕмӕн дӕр сӕ ис кадджын хӕс
Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг – алкӕмӕн дӕр сӕ ис кадджын хӕс
ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ фыццаг сфӕлдыста Адамы, уый фӕстӕ та Евӕйы. Евӕйы сфӕлдисыны размӕ Адам цардыл ахуыр кодта. Уыцы рӕстӕг ын Йегъовӕ йӕ бӕрны цавӕрдӕр хӕстӕ бакодта (Райдиан 2:15–20). Адам, Хуыцау ын цы дзырдта, уыдӕттӕ хъуамӕ амыдтаид йӕ усӕн. Уӕдӕ Хуыцауӕн кувыны хъуыддӕгты дӕр хъуамӕ разамынд истаид йӕхимӕ.
Афтӕ у хабар чырыстон ӕмбырды дӕр, ӕмӕ ацы хъуыддагмӕ лӕмбынӕг куы ’ркӕсӕм, уӕд нын уый стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Апостол Павел ныффыста: «Сылгоймагӕн уый бар нӕ дӕттын, ӕмӕ... йӕхи нӕлгоймагӕн хицау кӕна, фӕлӕ-иу ӕнцад хъусӕд. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау фыццаг Адамы скодта, стӕй та Евӕйы» (1 Тимофеймӕ 2:12, 13). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сылгоймагӕн чырыстон ӕмбырды ӕппындӕр дзурыны бар нӕй. Ӕнцад хъусӕд, зӕгъгӕ, афтӕ ’мбарын хъӕуы, ӕмӕ нӕлгоймагимӕ быцӕу нӕ кӕны. Уый, Хуыцау нӕлгоймаджы цы бынаты сӕвӕрдта, уымӕн аргъ кӕны ӕмӕ ӕмбырдӕн зонд нӕ амоны. Нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды ӕвӕрд сты, цӕмӕй хистӕртӕ уой ӕмӕ ӕмбырд ахуыр кӕной. Сылгоймӕгтӕ дӕр чырыстон фембӕлдты зӕрдиагӕй архайынц ӕмӕ ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс сты.
Хуыцауы фӕндты нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн цы бынат ис, уый апостол Павел куы ӕмбарын кодта, уӕд ныффыста: «Нӕлгоймаг сылгоймагӕй нӕу... Уымӕй уӕлдай, нӕ Хицауы фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн нӕдӕр сылгоймаг ис ӕнӕ нӕлгоймагӕй, нӕдӕр нӕлгоймаг – ӕнӕ сылгоймагӕй [уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ дзы иу ӕнӕ иннӕмӕй уа]. Уымӕн ӕмӕ, сылгоймаг нӕлгоймагӕй куыд у, афтӕ нӕлгоймаг дӕр сылгоймаджы фӕрцы у, фӕлӕ ӕппӕт дӕр у Хуыцауӕй» (1 Коринфӕгтӕм 11:8–12).
Сылгоймӕгтӕн ис диссаджы хӕс
Хуыцау Израилӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ сылгоймӕгтӕн лӕвӕрд уыд кадджын хӕс ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгты куыд бакӕнын хъуыд, уый скъуыддзаг кодтой сӕхӕдӕг. Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндты 31:10–31 дзырд цӕуы, хӕрзхъӕд хъуымӕцтӕ чи ӕлхӕны ӕмӕ йӕ бинонты рӕсугъд, аив уӕлӕдарӕсӕй цух чи нӕ уадзы, ахӕм «хорз усыл». Ӕмӕ хорз ус куыннӕ у, «уый ма хуыйы мидӕггӕгтӕ дӕр ӕмӕ сӕ уӕй кӕны»! (13, 21–24 стихтӕ). «Сӕудӕджергӕнджыты наутау» уыцы диссаджы сылгоймаг йӕ бинонтӕн амал кӕны амӕй-ай хуыздӕр хӕринаг, уый тыххӕй йӕ суанг дард ранмӕ цӕуын куы фӕхъӕуы, уӕд дӕр (14 стих). «Уый йӕ цӕст быдырыл ахӕссы ӕмӕ йӕ балхӕны», ӕмӕ «сӕнӕфсирдон скӕны» (16 стих). Йӕ «базары хъуыддӕгтӕ хорз [кӕй] цӕуынц», уымӕ гӕсгӕ ӕфтиаг исы (18 стих). «Йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ хъус дарынӕй» уӕлдай, ацы куыстуарзаг сылгоймаг Йегъовӕйӕ тӕрсы ӕмӕ рӕдауӕй ӕххуыс кӕны иннӕтӕн (20, 27 стихтӕ). Уӕдӕ диссаг нӕу, кӕй дзы ӕппӕлынц, уый! (31 стих).
Йегъовӕ Моисейы уылты цы закъӕттӕ радта, уыдон сылгоймӕгтӕн лӕвӕрдтой фадат сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Зӕгъӕм, Йесо Навины 8:35 кӕсӕм: «Моисей цы ныхӕстӕ бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр бакаст Йесо Израилы ӕмбырды раз, уым уыдысты сылгоймӕгтӕ, гыццыл сывӕллӕттӕ ӕмӕ, се ’хсӕн цы ӕрцӕуӕггӕгтӕ цард, уыдон дӕр». Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, сауджын Ездрӕ «ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон рахаста закъон нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты ӕмӕ, ӕмбарынхъом чи уыд, уыдоны размӕ. Ӕмӕ Доны кулдуары раз фӕзы райсомӕй ӕмбисбонмӕ хъӕрӕй кастис нӕлгоймӕгтӕн, сылгоймӕгтӕн ӕмӕ, ӕмбарынхъом чи уыд, уыдонӕн; ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр лӕмбынӕг хъуыстой закъоны чиныгмӕ» (Нееми 8:2, 3). Сылгоймӕгтӕ ахуыр кодтой, закъон кӕй кастысты, уымӕй. Уыдон бӕрӕг кодтой дины бӕрӕгбӕттӕ дӕр (Дыккаг закъон 12:12, 18; 16:11, 14). Ӕппӕты сӕйрагдӕр та, рагон Израилы сылгоймӕгтӕн сӕ бон уыд, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уыдаиккой ӕмӕ йӕм сӕхӕдӕг куывдтаиккой (1 Паддзахӕдты 1:10).
Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы, Хуыцауӕй чи тарст, уыцы сылгоймӕгтӕм ӕрхаудта стыр кад – лӕггад кодтой Йесо Чырыстийӕн (Лукайы 8:1–3). Иухатт Йесо Вифанийы кӕмӕдӕр ӕхсӕвӕр куы хордта, уӕд ын иу сылгоймаг йӕ сӕр ӕмӕ йӕ къӕхтӕ сойӕ байсӕрста (Матфейы 26:6–13; Иоанны 12:1–7). Йесо Чырысти куы райгас, уӕд йӕхи кӕмӕ равдыста, уыдоны ’хсӕн уыд сылгоймӕгтӕ дӕр (Матфейы 28:1–10; Иоанны 20:1–18). Йесо уӕларвмӕ куы ссыд, уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрӕмбырд сты иу-120 адӕймагӕй, «семӕ ма цалдӕр сылгоймаджы, стӕй Йесойы... мад Марийӕ» (Хъуыддӕгтӕ 1:3–15). Ӕмӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты Йесойы ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын куы райдыдтой, уӕд уыцы сылгоймӕгтӕн сӕ фылдӕр кӕнӕ та иууылдӕр уыдысты уым (Хъуыддӕгтӕ 2:1–12).
Иоилы 2:28, 29 ныхӕстӕ кӕуыл сӕххӕст сты, уыдоны ’хсӕн уыд нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр. Уыцы ныхӕстӕ Фӕндзайӕм боны апостол Петр адӕмы зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «[Ӕз, Йегъовӕ,] мӕ сыгъдӕг удӕй схайджын кӕндзынӕн алыхуызон адӕймӕгты, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпар-ныхас кӕндзысты... Ӕмӕ суанг мӕ цагъар лӕппуты ӕмӕ мӕ цагъар чызджыты уыцы бонты схайджын кӕндзынӕн мӕ сыгъдӕг удӕй» (Хъуыддӕгтӕ 2:13–18). Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй цасдӕры фӕстӕ чырыстон сылгоймӕгтӕ хайджын ӕрцыдысты сыгъдӕг уды лӕвӕрттӕй. Уыдон пехуымпар-ныхас кодтой, ома Фыстады ӕцӕгдзинӕдтӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзырдтой.
Йӕ фыстӕджы Ромы чырыстӕттӕм апостол Павел ӕппӕлыд «нӕ хо Фивӕйӕ», куы сын ӕй фӕдзӕхста, уӕд. Уый ма скодта Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕйы кой дӕр, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «уыцы сылгоймӕгтӕ Ромӕгтӕм 16:1, 2, 12). Кӕд уыцы сылгоймӕгтӕ фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды цӕстдарджытӕй нысангонд нӕ уыдысты, уӕддӕр уыдоны дӕр ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгты дӕр Хуыцау сӕвзӕрста ӕмӕ сӕ ахӕм кадӕй схайджын кодта, цӕмӕй йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ уӕларвон Паддзахады уой (Ромӕгтӕм 8:16, 17; Галатӕгтӕм 3:28, 29).
тынг зӕрдиагӕй архайынц нӕ Хицауы хъуыддаджы» (Абон та цӕй стыр ӕмӕ кадджын хъуыддаджы архайынц, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыцы сылгоймӕгтӕ! «Йегъовӕ дзырд дӕтты; хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты стыр ӕфсад»,– фыст ис Псаломы 68:11, НД [67:12]. Ахӕм сылгоймӕгтӕ сты ӕппӕллыны аккаг. Зӕгъӕм, уыдон адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын хорз кӕй арӕхсынц, уый фӕрцы бирӕтӕ ӕцӕгдзинад базонынц, ӕмӕ уый та Хуыцауӕн у ӕхсызгон. Раппӕлинаг ма сты уыцы чырыстон сылгоймӕгтӕ, сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндагыл чи ӕвӕры ӕмӕ сӕ лӕгтӕн, ӕмбырды бирӕ хӕстӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн чи ӕххуыс кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 31:10–12, 28). Ӕнӕцыд хотӕн дӕр ис аккаг бынат Хуыцауы фӕндты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чырыстон нӕлгоймӕгты Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй «хистӕр сылгоймӕгтимӕ афтӕ ныхас кӕной, цыма сӕ мадимӕ ныхас кӕнынц; ӕрыгон сылгоймӕгтимӕ та, цыма сӕ хотӕ сты, афтӕ – сыгъдӕг ӕфсармы уагыл» (1 Тимофеймӕ 5:1, 2).
Нӕлгоймӕгты хӕстӕ
Чырыстон нӕлгоймӕгтӕн Хуыцау сӕ бӕрны бакодта сӕрмагонд хӕстӕ ӕмӕ сӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной. Павел загъта: «Фӕнды [мӕ], цӕмӕй йӕ зонат, ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Нӕлгоймагӕн дӕр ис хицау – Чырысти. Ӕцӕгдӕр, нӕлгоймаг дзуапп дӕтты фыццаг Чырыстийы раз, стӕй та Хуыцауы раз. Ӕмӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нӕлгоймаг разамынд дӕтта уарзгӕйӕ (Ефесӕгтӕм 5:25). Афтӕ уыд, зӕххыл адӕм куы фӕзынд, уӕд дӕр.
Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцау хицауӕй нӕлгоймаджы кӕй сӕвӕрдта. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕлгоймӕгтӕн лӕвӕрдта, сӕ бынатмӕ гӕсгӕ сын чи ӕмбӕлы, ахӕм хӕслӕвӕрдтӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Нойӕн саразын кодта нау Доны хъаймӕты фервӕзынӕн (Райдиан 6:9–7:24). Авраамӕн Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ мыггаджы руаджы арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты зӕххыл алы бинонтӕ дӕр ӕмӕ алы адӕмтӕ дӕр. Уыцы мыггаг у Йесо Чырысти (Райдиан 12:3; 22:18; Галатӕгтӕм 3:8–16). Хуыцау арвыста Моисейы, цӕмӕй израилӕгты Египетӕй ракодтаид (Рацыд 3:9, 10, 12, 18). Моисейы уылты радта Йегъовӕ закъӕттӕ, хонынц ма сӕ Закъоны бадзырд кӕнӕ Моисейы Закъон (Рацыд 24:1–18). Библийы фысджытӕ дӕр иууылдӕр уыдысты нӕлгоймӕгтӕ.
Чырыстон ӕмбырды хистӕр Йесо «радта лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты» (Ефесӕгтӕм 1:22; 4:7–13). Цӕстдарджытӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, Павел уыдон куы нымадта, уӕд кодта нӕлгоймӕгты кой (1 Тимофеймӕ 3:1–7; Титмӕ 1:5–9). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты дӕр цӕстдарджытӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнджытӕй лӕггад кӕнынц нӕлгоймӕгтӕ (Филиппӕгтӕм 1:1, 2; 1 Тимофеймӕ 3:8–10, 12). Ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕ вӕййынц фыййӕуттӕ чырыстон ӕмбырды (1 Петры 5:1–4). Фӕлӕ уӕлдӕр куыд загъд уыд, афтӕмӕй сылгоймӕгтӕн Хуыцау радта бирӕ кадджын хӕстӕ.
Алчи дӕр сӕ амондджын у
Нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр амондджын вӕййынц, Хуыцау дзы алкӕмӕн дӕр цы хӕстӕ радта, уыдон куы феххӕст кӕнынц, уӕд. Лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ Чырыстийы ӕмӕ йе ’мбырд куы фӕфӕзмынц, уӕд амондджынӕй фӕцӕрынц. «Лӕгтӕ,– фыста Павел,– уарзут уӕ устыты, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта... Сымахӕй... алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр» (Ефесӕгтӕм 5:25–33). Уӕдӕ лӕгтӕ сты бинонты хистӕртӕ, ӕмӕ хъуамӕ хиуарзон ма уой, фӕлӕ уарзгӕйӕ ӕххӕст кӕной сӕ хӕстӕ. Чырыстон ӕмбырды чи ис, уыдон дӕр ӕххӕст не сты. Фӕлӕ сӕ Чырысти уарзы ӕмӕ сыл тыхсы. Афтӕ хъуамӕ уарзой ӕмӕ тыхсой сӕ устытыл чырыстон лӕгтӕ дӕр.
Ефесӕгтӕм 5:33). Уыцы хъуыддаджы йын фӕзминаг у чырыстон ӕмбырд. Ефесӕгтӕм 5:21–24 фыст ис: «Чырыстийы тас уӕм уӕд ӕмӕ кӕрӕдзийы коммӕ кӕсут. Сылгоймӕгтӕ сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт, цыма Хицауы коммӕ кӕсынц, афтӕ, уымӕн ӕмӕ усӕн лӕг йӕ сӕрыхицау у, Чырысти ӕмбырды сӕр куыд у, афтӕ – уыцы буар уый фервӕзын кодта. Гъемӕ ӕмбырд Чырыстийы коммӕ куыд кӕсы, афтӕ устытӕ дӕр алы хъуыддаджы дӕр сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт». Кӕд сылгоймагӕн хатт йӕ лӕджы коммӕ кӕсын зын вӕййы, уӕддӕр ӕй йӕ коммӕ кӕсын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ афтӕ ’мбӕлы, «Хицауимӕ иудзинады чи ис, уыдонӕн» (Колоссӕгтӕм 3:18). Йӕ лӕджы коммӕ кӕсын ын ӕнцондӕр уӕд уыдзӕн, ӕмӕ куы нӕ рох кӕна, афтӕмӕй Хицау Йесо Чырыстийы зӕрдӕ кӕй рухс кӕны.
Чырыстон ус «хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (Чырыстон усӕн кӕд йӕ лӕг уырнӕг нӕу, уӕддӕр хъуамӕ йӕ коммӕ кӕса. Апостол Петр дзуры: «Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй сӕ Хуыцауы ныхасмӕ чи нӕ хъусы, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй дӕр сӕ устыты уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕрцы басӕттой, уымӕн ӕмӕ уындзысты, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут» (1 Петры 3:1, 2). Саррӕ аргъ кодта йӕ лӕг Авраамӕн ӕмӕ хайджын ӕрцыд стыр кадӕй: райгуырд ын фырт Исахъ, ӕмӕ уый байзӕддӕгтӕй та рацыд Йесо Чырысти (Дзуттӕгтӕм 11:11, 12; 1 Петры 3:5, 6). Саррӕйы чи фӕзмы, уыцы устыты дӕр Хуыцау ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзӕн.
Нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй алчи дӕр йӕ хӕстӕ куы ӕххӕст кӕна, уӕд се ’хсӕн уыдзӕн фарн ӕмӕ кӕрӕдзи ӕмбардзысты. Афтӕмӕй та сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ райдзӕн ӕмӕ уыдзысты амондджын. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та у, ӕмӕ сӕ алчидӕр, Фыстадмӕ гӕсгӕ йыл цы хӕс ис, уый куы ӕххӕст кӕна, уӕд ӕй Хуыцау аккаг адӕймагыл нымайдзӕн.
[Рамкӕ 7 фарсыл]
Цы хъуыды кӕнынц Хуыцауӕй лӕвӕрд хӕсы тыххӕй
«Мӕ сӕрыхицау у уарзӕгой ӕмӕ фӕлмӕн,– дзуры Сюзен.– Нӕ хъуыддӕгтыл арӕх иумӕ фӕныхас кӕнӕм. Ӕмӕ мӕ лӕг куы фӕзӕгъы, афтӕ бакӕнӕм кӕнӕ афтӕ ма бакӕнӕм, зӕгъгӕ, уӕд ӕй фӕзонын: куыд зӕгъы, афтӕ нӕ дыууӕйӕн дӕр уыдзӕн хуыздӕр. Йегъовӕ усӕн йӕ бӕрны цы хӕс бакодта, уый кӕй ӕххӕст кӕнын, уымӕ гӕсгӕ дӕн амондджын. Мӕ лӕгимӕ кӕрӕдзи хорз ӕмбарӕм ӕмӕ, Хуыцауы хъуыддаджы цы нысӕнттӕ ӕвӕрӕм, уыдонмӕ дӕр цӕуӕм иумӕ».
Минди, чырыстон сылгоймаг, зӕгъы: «Йегъовӕ сылгоймагӕн йӕ бӕрны цы хӕс бакодта, уый дзурӕг у йӕ уарзондзинадыл. Мӕ лӕгӕн кӕй кад кӕнын ӕмӕ йӕ кӕй нымайын, стӕй йын ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн ын кӕй ӕххуыс кӕнын, уымӕй ӕвдисын, Йегъовӕйӕ – бинонты царды Бындурӕвӕрӕгӕй – бузныг кӕй дӕн».
[Нывтӕ 5 фарсыл]
Нӕлгоймаг хистӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Ной, Авраам ӕмӕ Моисейӕн Хуыцау радта алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ
[Ныв 7 фарсыл]
«Хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты стыр ӕфсад»