Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнцон кӕсӕн бӕргӕ у, фӕлӕ раст у?

Ӕнцон кӕсӕн бӕргӕ у, фӕлӕ раст у?

Ӕнцон кӕсӕн бӕргӕ у, фӕлӕ раст у?

АНГЛИСЫ аргъуан 2005 азы сентябры раппӕлыд, мыхуыры цы ног Библи рацыд, «Библи 100 минутмӕ», зӕгъгӕ, уымӕй («The 100-Minute Bible»). Ацы Библи афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ бакӕсӕн ис 100 минутмӕ. Дзуттаг Фыстыты цыбыргонд вариант у 17 хайӕ конд ӕмӕ алы хай дӕр ахсы иу фарс. Грекъаг Фыстыты та ис 33 ахӕм хайы. Иу ахуыргонд куыд загъта, афтӕмӕй, ацы Библийы нӕй, адӕймаг кӕсгӕ-кӕсын кӕмӕй «ратыхсы», уыцы хӕйттӕ. О, ахӕм Библи ӕцон кӕсӕн у, фӕлӕ цымӕ раст у?

Библи лӕмбынӕг чи кӕсы, уыдон бафиппайдзысты, уыцы Библийы кӕй нӕй Хуыцауы ном, Йегъовӕ, уымӕй уӕлдай ма дзы ис бирӕ ӕндӕр рӕдыдтытӕ (Псалом 82:19, МГТ). Зӕгъӕм, фыццаг хайы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау «сфӕлдыста ӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх ӕхсӕз бонмӕ». Фӕлӕ Райдианы 1:1 фыст ис: «Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх». Уый фӕстӕ дзы дзырд цӕуы, Хуыцау ма ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр кӕй сфӕлдыста ӕхсӕз «бонмӕ» кӕнӕ ӕмгъуыдмӕ. Стӕй сфӕлдыстадон рӕстӕгӕн Райдиан 2:4 хатдзӕг кӕны: «Йегъовӕ Хуыцау арв ӕмӕ зӕхх куы сфӕлдыста, уыцы бон».

Уыцы ног Библийы ма бакӕсӕн ис, зӕгъгӕ, иузӕрдион Иовы ныхмӕ рацыд «[Хуыцауы] лӕггадгӕнджытӕй иу, Сайтан... йӕ хӕс уыди, адӕмыл фаутӕ ӕвӕрын». Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у, рӕдыд дзы нӕ уыныс? Дзырд «Сайтан» нысан кӕны «ныхмӕлӕууӕг». Сайтан Хуыцауы лӕггадгӕнӕг нӕу, фӕлӕ у йӕ фыдӕзнаг ӕмӕ йӕхӕдӕг райдыдта адӕмыл фаутӕ ӕвӕрын (Раргомад 12:7–10).

Цы ис зӕгъӕн Чырыстон Грекъаг Фыстыты тыххӕй та? Ацы Библийы, фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасы, загъд у, зӕгъгӕ, Йесо райгонд у, «кӕмӕнфӕнды дӕр иугыццыл дӕр» чи баххуыс кӕны, уыдонӕй. Афтӕмӕй та Йесо дзырдта, кӕй арфӕ кӕны, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн, йе «’фсымӕртӕн» чи ӕххуыс кӕны, уыдонӕн (Матфейы 25:40). Чиныг Раргомады цыбыр афӕлгӕсты та фыст ис, «Ром, Стыр Вавилон, бынтондӕр фесӕфдзӕн», зӕгъгӕ. Фӕлӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыдон зонынц, Раргомады чиныг фыццаг куыд фыст ӕрцыд, уым, «Стыр Вавилон» Ром кӕй у, уый кой нӕй (Раргомад 17:15–18:24).

Сфӕлдисӕджы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн ӕнӕхъӕн Библи ницы баивдзӕн. Цӕмӕй Библи бакӕсай, уый тыххӕй 100 минутӕй фылдӕр бахъӕудзӕн, фӕлӕ йӕ куы бакӕсай, уӕд стыр хорзӕх ссардзынӕ (Иоанны 17:3). Цӕй уӕдӕ дӕхицӕн уыцы зын скӕн ӕмӕ арфӕгонд уай (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).