Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Исайы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 2 хай

Исайы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 2 хай

ИСАЙ у иузӕрдион пехуымпар. Израилы дӕсмыггаг паддзахады ныхмӕ цы загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст сты. Ныр та дзуры, Иерусалиммӕ фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй.

Иерусалим ныппырх кӕндзысты ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты та уацары акӕндзысты. Фӕлӕ ӕнустӕм заууаты нӕ баззайдзӕн. Цасдӕр рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд раст дин ногӕй йӕ къахыл слӕудзӕн. Сӕйраджыдӕр ацы хабӕрттыл цӕуы дзырд Исайы 36:1–66:24 *. Ацы сӕртӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд нын уый стыр пайда уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ кӕронмӕ ӕххӕст кӕнынц нӕ рӕстӕджы кӕнӕ сӕххӕст уыдзысты ӕввахс фидӕны. Ис ма дзы диссаджы пехуымпарӕдтӕ Мессийӕйы тыххӕй дӕр.

«МӔНӔ, ӔРЦӔУЫ АХӔМ РӔСТӔГ»

(Исай 36:1–39:8)

Езеки паддзах куы сси, уымӕй 14 азы куы рацыд, уӕд (н. э. агъоммӕ 732 азы) ассириӕгтӕ бабырстой Иудӕмӕ. Йегъовӕ Иерусалим кӕй бахъахъхъӕндзӕн, уымӕй зӕрдӕ ӕвӕры. Сахармӕ ӕрбабырсынӕй тас нал у, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы зӕд иунӕгӕй ныццагъта 185 мин ассириаг ӕфсӕддоны.

Езеки фӕрынчын. Йегъовӕ йын йӕ куывд фехъуыста, сдзӕбӕх ӕй кодта ӕмӕ йын йӕ царды бонтӕм 15 азы бафтыдта. Вавилоны паддзах куы фехъуыста, Езеки рынчын уыд ӕмӕ сдзӕбӕх, уӕд ӕм арвыста йӕ адӕмы, цӕмӕй йын раарфӕ кӕной. Езеки сын йӕ хӕзнатӕ иууылдӕр равдыста, ӕмӕ уымӕй тынг фӕрӕдыд. Исай Езекийӕн фехъусын кодта Йегъовӕйы ныхас: «Мӕнӕ, ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дӕ хӕдзары цыдӕриддӕр ис ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ ныры онг цы ӕрӕмбырд кодтой, уыдон Вавилонмӕ хаст ӕрцӕудзысты» (Исай 39:5, 6). Сӕдӕ азӕй гыццыл фылдӕр рацыд, ӕмӕ ацы пехуымпарад сӕххӕст ис.

Фарстӕн дзуапп:

38:8 – Аууон фӕстӕмӕ цы «къӕпхӕнтыл» аздӕхт, уыдон цы уыдысты? Н. э. агъоммӕ 8 ӕнусы Египеты ӕмӕ Вавилоны пайда кодтой хуры сахатӕй. Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм хуры сахат самал кодта Езекийы фыд Ахаз дӕр. Ӕмӕ уыцы къӕпхӕнтӕ, чи зоны, уыдысты хуры сахаты хӕххытӕ. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, ӕмӕ галуаны уыд асин. Асины фарсмӕ та уыд цӕджындз. Ӕмӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, рӕстӕг нымадтой, цӕджындзӕн-иу йӕ аууон асины иу къӕпхӕнӕй иннӕмӕ куыд цыд, уымӕ гӕсгӕ.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

36:2, 3, 22. Кӕд Севнӕйы паддзахы хӕдзармӕгӕсӕджы бынатӕй систой, уӕддӕр ӕй бауагътой, цӕмӕй дарддӕр дӕр паддзахӕн лӕггад кодтаид, ӕмӕ йӕ сӕвӕрдтой писырӕй, йӕ бӕсты хӕдзармӕгӕсӕг чи сси, уымӕн (Исай 22:15, 19). Кӕд мах дӕр Йегъовӕйы организацийы цӕйдӕр тыххӕй нӕ хӕстӕй ссӕрибар кодтой, уӕд нӕ Хуыцау цы бынаты сӕвӕра, уым ын дарддӕр нал лӕггад кӕндзыстӕм?

37:1, 14, 15; 38:1, 2. Бӕллӕхы бахаугӕйӕ хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дарӕм.

37:15–20; 38:2, 3. Ассириӕгтӕ Иерусалиммӕ бабырсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд Езекийы сӕйраг мӕт ууыл уыд, ӕмӕ сахар куы бацахстаиккой, уӕд Йегъовӕйы ном фегад уыдаид. Езеки куы базыдта, мӕлӕтдзаг рынчын кӕй у, уӕд канд йӕхиуыл нӕ мӕт кодта. Ӕппӕты тынгдӕр сагъӕс кодта, ӕнӕ байзӕддагӕй куы амӕла, уӕд уый Давиды паддзахы мыггагыл куыд фӕзындзӕн, ууыл. Уый ма тыхстис, зӕгъгӕ, ӕфсады сӕргъы ассириӕгты ныхмӕ чи рацӕудзӕн. Езекийау мах дӕр фылдӕр хъуыды кӕнӕм, нӕхи ирвӕзындзинадыл нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы ном куыд срухс уа ӕмӕ йӕ фӕнд куыд сӕххӕст уа, ууыл.

38:9–20. Езекийы зарӕгӕй ахуыр кӕнӕм, Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис царды.

«НОГӔЙ АРӔЗТ ӔРЦӔУДЗӔН»

(Исай 40:1–59:21)

Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты та Вавилонмӕ уацары кӕй акӕндзысты, уый фехъусын кӕныны хӕдфӕстӕ Исай загъта, зӕгъгӕ, раст дин ногӕй йӕ къахыл слӕудзӕн (Исай 40:1, 2). «[Иерусалим] ногӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн»,– фыст ис Исайы 44:28. Вавилонӕн йӕ къухӕй конд хуыцӕуттӕ «уаргъау» хӕссинаг фӕуыдзысты (Исай 46:1). Вавилон пырхгонд ӕрцӕудзӕн. Ӕппӕт уыдӕттӕ сӕххӕст сты дыууӕ ӕнусы фӕстӕ.

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ратдзӕн «ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн... рухсӕн» (Исай 49:6). Вавилоны «уӕлӕрвтӕ», кӕнӕ хицӕуттӕ, «фӕздӕгау фӕйнӕрдӕм апырх уыдзысты» ӕмӕ йӕ адӕм «дзынгайау амӕлдзысты», Сионы уацайраг чызг та райхалдзӕн йӕ хъуырыл баст бӕндӕнтӕ (Исай 51:6; 52:2). Йегъовӕ, чи йӕм ӕрбацыд ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдонӕн зӕгъы: «Ӕз сымахимӕ скӕндзынӕн бадзырд ӕнустӕм, Давиды ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзын, уый тыххӕй» (Исай 55:3). Адӕймаг Хуыцауы раст домӕнтӕм гӕсгӕ куы цӕра, уӕд «Йегъовӕ уыдзӕн йе стыр цин» (Исай 58:14). Фӕлӕ ӕнӕраст митӕ куы кӕна, уӕд та йӕ Хуыцауӕй адард уыдзӕн (Исай 59:2).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

40:27, 28 – Израил цӕмӕн дзуры: «Мӕ фӕндаг ӕмбӕхст у Йегъовӕйӕ ӕмӕ мӕ адӕм кӕй ӕфхӕрынц, уый мӕ Хуыцау нӕ уыны»? Вавилоны иуӕй-иу иудейтӕм, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ каст, ӕмӕ сӕ кӕй ӕфхӕрдтой, уый Йегъовӕ нӕ уыдта кӕнӕ дзы ӕмбӕхст уыд. Исай уыцы иудейтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕххы Сфӕлдисӕгӕн, фӕллайгӕ чи нӕ кӕны ӕмӕ йӕ тых кӕмӕн нӕ сӕтты, уымӕн йӕ къух Вавилонмӕ дӕр кӕй ӕххӕссы.

43:18–21 – Уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыдонӕн цӕмӕн уыд загъд, цӕмӕй раздӕры хъуыддӕгтӕ мауал мысыдаиккой? Уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ Йегъовӕ сӕ фервӕзын кӕнынӕн цы сарӕзта, уыдӕттӕ хъуамӕ ферох кодтаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй йӕ скадджын кодтаиккой, «ногӕй» сын цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй. Зӕгъӕм, ӕнӕфыдбылызӕй Иерусалиммӕ кӕй ӕрхӕццӕ сты, ӕвӕццӕгӕн, цыбырдӕр чи уыд ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл чи цыд, уыцы фӕндагыл. «Стыр бӕллӕхы» сӕрты чи ахиза, уыцы «тынг бирӕ адӕм» дӕр фендзысты, ног сын чи уыдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уый тыххӕй кадджын кӕндзысты Йегъовӕйы (Раргомад 7:9, 14).

49:6 – Мессийӕ «ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн... рухс» куыд у, кӕд ӕрмӕст израилӕгтӕн хъусын кодта, уӕд? Уый баст у, Йесойы мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцыд, уыимӕ. Исайы 49:6 ныхӕстӕ Библийы хаст цӕуынц Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕм (Хъуыддӕгтӕ 13:46, 47). Абон, «тынг бирӕ адӕм» кӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ сты «ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн... рухс» ӕмӕ адӕмыл «ӕгас дунейы» дӕр рухс тауынц (Матфейы 24:14; 28:19, 20).

53:10 – Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕн йӕ Фырты амарын ӕхсызгон уыд? Йегъовӕйӕн, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ иннӕты рыст ӕмбараг Хуыцауӕн, тынг зын уыд йӕ уарзон Фырты хъизӕмӕрттӕм кӕсын. Фӕлӕ йын уӕддӕр ӕхсызгон уыд Йесойы коммӕгӕсдзинад, стӕй йӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ йӕ мӕлӕт цы хъуамӕ ’рхастаиккой, уый дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 27:11; Исай 63:9).

53:11 – Мессийӕ «бирӕ адӕмы рӕстаг уавӕрмӕ» цы зонындзинӕдты фӕрцы ӕркӕндзӕн, уыдон цы сты? Уыцы зонындзинӕдтӕ сты, Йесо зӕхмӕ кӕй ӕрцыд, рӕстӕй кӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ кӕй амард, уый фӕрцы цӕуыл сахуыр, уый (Дзуттӕгтӕм 4:15). Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй баххуыс кодта сӕрст чырыстӕттӕн ӕмӕ тынг бирӕ адӕмӕн, цӕмӕй сӕ Хуыцау рӕстгӕнджытыл банымайа (Ромӕгтӕм 5:19; Иаковы 2:23, 25).

56:6 – Чи сты «ӕндӕрбӕстӕгтӕ» ӕмӕ куыд «хӕцынц [Йегъовӕйы] бадзырдыл»? «Ӕндӕрбӕстӕгтӕ» сты Йесойы «ӕндӕр фыстӕ» (Иоанны 10:16). Уыдон ног бадзырдыл уыцы хуызы хӕцынц, ӕмӕ йемӕ цы закъӕттӕ баст ис, уыдон ӕххӕст кӕнынц; уыцы бадзырды уылты цы хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуы, уыдоны зӕрдӕбынӕй архайынц; хайджын сты, сӕрст чырыстӕттӕ цы монон хӕринагӕй хӕрынц, уыцы хӕринагӕй ӕмӕ сӕрстытӕн ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

40:10–14, 26, 28. Йегъовӕ у тыхджын ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕгӕрон тых ӕмӕ ӕгӕрон зонды хицау, ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕуылты ӕххӕссынц, уый нӕ бон бамбарын дӕр нӕу.

40:17, 23; 41:29; 44:9; 59:4. Политикон цӕдистӕ ӕмӕ къухӕй конд хуыцӕуттӕ «ницы сты». Уыдоныл ныфс дарын ӕппындӕр ницы пайда у.

42:18, 19; 43:8. Хуыцау нын цы Ныхас радта, ууыл нӕ цӕстытӕ куы ӕхгӕнӕм ӕмӕ нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты цы амоны, ууыл та – нӕ хъустӕ, уӕд «бакуырм» ӕмӕ «бакъуырма уыдзыстӕм», ома Хуыцауы хъуыддӕгты ӕппындӕр ницыуал ӕмбардзыстӕм (Матфейы 24:45).

43:25. Йегъовӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны йӕхи тыххӕй. Тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уӕм, уымӕй ахсджиагдӕр у, цӕмӕй Йегъовӕйы ном срухс уа.

44:8. Махӕн ӕххуыс кӕны Йегъовӕ – къӕдзӕхау фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ чи у, уый. Хъуамӕ макуы тӕрсӕм, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый тыххӕй дзурын! (2 Паддзахӕдты 22:31, 32).

44:18–20. Адӕймаг къухӕй конд хуыцӕуттӕн куы кува, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ хӕлд у. Нӕ зӕрдӕйы Йегъовӕйӕн цы бынат ис, уый хъуамӕ мацӕмӕн раттӕм.

46:10, 11. Йегъовӕйӕн йӕ бон йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын кӕй у, уый хорз бӕлвырдгӕнӕн у, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уымӕн.

48:17, 18; 57:19–21. Ирвӕзындзинадмӕ Йегъовӕмӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, куы йӕм ӕввахс кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ амындтӕм куы хъусӕм, уӕд нӕ фарн уыдзӕн цӕугӕдоны дӕттау ӕнӕфӕугӕ, нӕ раст хъуыддӕгтӕ та денджызы уылӕнтау ӕнӕнымӕц. Хуыцауы Ныхасмӕ йӕ хъус чи нӕ дары, уыдон та сты «абухгӕ денджызау». Уыдонмӕ фарн нӕй.

52:5, 6. Вавилойнӕгтӕ фӕрӕдыдысты, ӕцӕг Хуыцауӕн йӕ бон ницы у, зӕгъгӕ, куы ахъуыды кодтой, уӕд. Уыдон нӕ бамбӕрстой, израилӕгтӕ сӕм уацары уый тыххӕй кӕй бахаудысты, ӕмӕ Йегъовӕйы смӕсты кодтой. Иннӕтӕ бӕллӕхы куы бахауынц, уӕд-иу тагъд ма кӕнӕм афтӕ ахъуыды кӕныныл, зӕгъгӕ сӕм Хуыцау смӕсты, ӕмӕ сыл бӕллӕх дӕр уый тыххӕй ӕрцыд.

52:7–9; 55:12, 13. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг цингӕнгӕйӕ ӕххӕст кӕнӕм, уымӕн ис ӕртӕ ӕфсоны. Нӕ къӕхтӕ сты рӕсугъд, Хуыцауы чи агуры, уыцы сӕрныллӕг адӕмӕн. Мах Йегъовӕйы «нӕхи цӕстӕй» уынӕм, ома стӕм йе ’ввахс хӕлӕрттӕ. Стӕй ма нын алцыдӕр ис, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа.

52:11, 12. Цӕмӕй «Йегъовӕйы хӕдзары дзаумӕттӕ» – Хуыцау нын лӕггад кӕнынӕн цы дӕтты, уыдӕттӕ – хӕссыны аккаг уӕм, уый тыххӕй нӕ уырнындзинад ӕмӕ не ’гъдау хъуамӕ уой сыгъдӕг.

58:1–14. Адӕймаг йӕхи иннӕты цӕстмӕ иузӕрдион ӕмӕ рӕстгӕнӕгӕй куы ӕвдиса, уӕд уый ӕнӕхъуаджы хъуыддаг у. Ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ ӕнувыд уой Хуыцауыл ӕмӕ хъуыддагӕй ӕвдисой, се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, уый (Иоанны 13:35; 2 Петры 3:11).

59:15ӕ–19. Йегъовӕ адӕмы хъуыддӕгтӕм йӕ хъус дары, ӕмӕ архайын райдайы, йӕхӕдӕг цы рӕстӕг снысан кӕны, уӕд.

УЫЙ «СУЫДЗӔН ФИДЫЦЫ КАДЫХУД»

(Исай 60:1–66:24)

Раджы заманты дӕр ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр раст дин йӕ къахыл кӕй хъуамӕ слӕууыдаид, уый тыххӕй Исайы 60:1 фыст ис: «Уӕртӕ ус, сыст уӕлӕмӕ! Рухс кӕн! Ӕрцыд дӕ рухс ӕмӕ дӕ сӕрмӕ сӕрттывта Йегъовӕйы кад!». Сион «суыдзӕн фидыцы кадыхуд Йегъовӕйы къухы» (Исай 62:3).

Исай Йегъовӕмӕ кувы, Вавилоны уацары йе ’мбӕстӕгтӕй чи ӕрфӕсмон кӕна, уыдоны тыххӕй (Исай 63:15–64:12). Пехуымпар бары Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты мӕнг лӕггадгӕнджытимӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ дзуры, Йегъовӕ куыд раарфӕ кӕндзӕн, чи йын лӕггад кӕны, уыдонӕн (Исай 65:1–66:24).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

61:8, 9 – Цы у «бадзырд ӕнустӕм» ӕмӕ чи сты йӕ «байзӕддӕгтӕ»? Уый у, Йегъовӕ сӕрст чырыстӕттимӕ кӕй скодта, уыцы ног бадзырд. «Байзӕддӕгтӕ» та сты «ӕндӕр фыстӕ» – сӕрст чырыстӕттӕ цы хабар хъусын кӕнынц, уымӕ чи хъусы, уыцы милуангай адӕм (Иоанны 10:16).

63:5 – Хуыцауӕн йӕ маст куыд ӕххуыс кӕны? Хуыцауы маст у, йӕ бар кӕуыл цӕуы ахӕм ӕнкъарӕн – йӕ рӕстдзинад кӕй домы, ахӕм маст. Уыцы маст ын ӕххуыс кӕны йӕ раст тӕрхон сӕххӕст кӕнынӕн.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

64:6. Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон сӕхи фервӕзын кӕнын нӕу. Дзырд тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕныныл куы цӕуа, уӕд сӕ раст хъуыддӕгтӕ чъизи дарӕсӕй хъауджыдӕр не сты (Ромӕгтӕм 3:23, 24).

65:13, 14. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн арфӕ кӕны, сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн сӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕ сын рӕдауӕй кӕй дӕтты, уымӕй.

66:3–5. Йегъовӕйӕн ӕнӕуынон сты цӕстмӕмитӕ.

«Хъӕлдзӕг ут»

Вавилоны уацары чи цард, уыцы иузӕрдион иудейтӕ хорз зыдтой пехуымпарӕдтӕ, раст дин ногӕй йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уый тыххӕй. Уӕдӕ сын куыннӕ хъуамӕ фидар кодтаиккой уыдон сӕ зӕрдӕтӕ! «Хъӕлдзӕг ут,– загъта Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕнустӕм цин кӕнут, ӕз цы фӕлдисын, ууыл: уымӕн ӕмӕ, мӕнӕ, ӕз Иерусалим фӕлдисын циндзинадӕн ӕмӕ йӕ адӕмы та – хъӕлдзӕгдзинадӕн» (Исай 65:18).

Мах дӕр цӕрӕм, тар куы ӕрбамбӕрзта зӕхх ӕмӕ адӕмтӕ саудалынджы куы сты, ахӕм рӕстӕджы (Исай 60:2). Абон у «тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тимофеймӕ 3:1). Уӕдӕ Исайы чиныджы Йегъовӕ цы ирвӕзындзинады хабар хъусын кӕны, уый нын у стыр ныфсы хос (Дзуттӕгтӕм 4:12).

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Исайы 1:1–35:10 ӕвзӕрст цӕуынц 2006 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, статьяйы «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас – Исайы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай».

[Ныв 4 фарсыл]

Зоныс ӕй, Езеки Йегъовӕмӕ куы куывта, цӕмӕй йӕ ассириӕгтӕй фервӕзын кӕна, уӕд йӕ сӕйраг мӕт цӕуыл уыд?

[Ныв 7 фарсыл]

«Куыд рӕсугъд сты хӕхтыл хорз хабар хъусынгӕнӕджы, фарны фидиуӕджы къӕхтӕ»!