Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕ тӕрс, ӕмӕ дӕ цардӕй дӕ зӕрдӕ райдзӕн

Йегъовӕйӕ тӕрс, ӕмӕ дӕ цардӕй дӕ зӕрдӕ райдзӕн

Йегъовӕйӕ тӕрс, ӕмӕ дӕ цардӕй дӕ зӕрдӕ райдзӕн

«Тӕрсут Хицауӕй, Йӕ сыгъдӕджытӕ, уымӕн ӕмӕ нӕй хъуагдзинад Уымӕй тӕрсджытӕм» (ПСАЛОМ 33:10).

1, 2. а) Хуыцауы тасмӕ чырыстон аргъуантӕ цы цӕстӕй кӕсынц? ӕ) Цавӕр фарстытыл уыдзӕн нӕ ныхас?

ЧЫРЫСТОН аргъуанты сауджынтӕй фехъусӕн вӕййы, Хуыцауӕй тӕрсын кӕй хъӕуы. Цӕмӕн, уый та арӕх фембарын кӕнынц, Библиимӕ иумӕйагӕй кӕмӕн ницы ис, ахӕм ахуырадӕй, зӕгъгӕ, Хуыцау тӕригъӕдджынты ӕнустӕм хъизӕмарӕй мары зындоны арты. Библи зӕгъы, Йегъовӕ кӕй у уарзондзинады ӕмӕ рӕстдзинады Хуыцау (Райдиан 3:19; Дыккаг закъон 32:4; Ромӕгтӕм 6:23; 1 Иоанны 4:8). Иннӕ сауджынтӕ та дзурынц бынтон ӕндӕрхуызон. Хуыцауӕй тӕрсыны кой сӕм уӕвгӕ дӕр никуы вӕййы. Уыдонмӕ гӕсгӕ Хуыцау бирӕ цыдӕртӕ уадзы кӕнын ӕмӕ чифӕнды цыфӕнды цард куы кӕна, уӕддӕр ӕм мӕсты нӕ кӕны. Библийы ахӕмӕй дӕр ницы ис фыст (Галатӕгтӕм 5:19–21).

2 Библи нын дзуры, цӕмӕй Хуыцауӕй тӕрсӕм (Раргомад 14:7). Фӕлӕ уый фӕдыл ӕвзӕры фарстытӕ. Уарзӕгой Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, ӕмӕ дзы тӕрсӕм? Куыд хъуамӕ тӕрсӕм Хуыцауӕй? Цы пайда нын у Хуыцауӕй тӕрсын? Ацы фарстытӕм ӕркӕсдзыстӕм, дарддӕр 33 псаломыл ныхасгӕнгӕйӕ.

Цӕмӕн хъӕуы Хуыцауӕй тӕрсын?

3. а) Хуыцауӕй тӕрсут, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарыс? ӕ) Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон амондджын цӕмӕн сты?

3 Йегъовӕ у Сфӕлдисӕг ӕмӕ Дунедарӕг, ӕмӕ дзы хъӕуы тӕрсын (1 Петры 2:17). Фӕлӕ уый, ӕгъатыр хуыцауӕй ӕмризӕджы куыд ризай, ахӕм тас нӕу. Йегъовӕйӕ мах хъуамӕ ӕфсӕрмы кӕнӕм ӕмӕ йын кад кӕнӕм. Хъуамӕ тӕрсӕм йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй. Хуыцауы тас адӕймагӕн йе уонг нӕ мары ӕмӕ йӕ ӕмризӕджы нӕ ризын кӕны, фӕлӕ йыл хуыздӕрырдӕм зыны. Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау», ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йе сконд адӕмӕн дӕр сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ райа (1 Тимофеймӕ 1:11). Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ алцыдӕр кӕнӕм, Хуыцау куыд дзуры, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ бирӕты хъӕуы сӕ царды цыдӕртӕ аивын. Ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ивындзинӕдтӕ чи скӕны, уыдон иууылдӕр сӕхиуыл бавзарынц, псаломзарӕггӕнӕг Давиды ныхӕсты рӕстдзинад: «Саходут ӕмӕ фендзыстут, куыд хорз у Хицау! тӕхудиаг адӕймаг, кӕцы Уымӕй ныфсджын у! Тӕрсут Хицауӕй, Йӕ сыгъдӕджытӕ, уымӕн ӕмӕ нӕй хъуагдзинад Уымӕй тӕрсджытӕм» (Псалом 33:9, 10). Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон сты йӕ хӕлӕрттӕ, ӕмӕ сӕ царды ӕхсызгонӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕй хъуаг никуы уыдзысты.

4. Давид ӕмӕ Йесо сӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтой?

4 Йӕ рӕстӕджы Давид йе ’мбӕлттӕн стыр кад скодта, «сыгъдӕджытӕ» сӕ кӕй схуыдта, уымӕй. Уыдон уыдысты Хуыцауы сыгъдӕг адӕмӕй. Цӕмӕй Давидимӕ уыдаиккой, уый тыххӕй ма уыдон сӕ цард тасы дӕр ӕппӕрстой. Кӕд сӕ паддзах Саулӕй ӕмбӕхсын хъуыд, уӕддӕр Давид йӕ зӕрдӕ дардта, Йегъовӕ сын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыд, уый. Давид фыста: «Лӕппын домбӕйттӕ фыдӕвзарӕны сты ӕмӕ ӕххормаг ӕййафынц, Хицауы агурджытӕ та нӕ ӕййафынц хъуагдзинад никӕцы хорздзинадӕй» (Псалом 33:11). Уымӕй зӕрдӕ бавӕрдта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн Йесо дӕр (Матфейы 6:33).

5. а) Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй бирӕтӕ цавӕр адӕм уыдысты? ӕ) Тасы тыххӕй Йесо цы загъта?

5 Йесо Чырыстимӕ чи хъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты, мӕгуыр дзуттӕгтӕ. Йесо сын «фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» (Матфейы 9:36). Цымӕ ахӕм хуымӕтӕг адӕммӕ уыйас ныфс разындаид, цӕмӕй Йесойы фӕдыл цыдаиккой? Уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уыдаиккой адӕмӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕ тӕрсын. Йесо загъта: «Ма тӕрсут, уӕ амарын кӕй бон у ӕмӕ уын уымӕй дарддӕр йӕ бон кӕмӕн ницы у бакӕнын, уыдонӕй. Кӕмӕй тӕрсат, уый уын зӕгъдзынӕн: тӕрсут, адӕймаджы амарын ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ гееннӕйы ныппарын йӕ бон кӕмӕн у, уымӕй. О, зӕгъын уын: уымӕй тӕрсут. Фондз сырддонцъиуы дыууӕ лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ дзы Хуыцауӕй иу дӕр рох нӕу. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Лукайы 12:4–7).

6. а) Цавӕр ныхӕстӕй фидар кӕны Йесо чырыстӕтты? ӕ) «Хуыцауы тас» хъуыддагӕй ӕвдисын куыд хъӕуы, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон Йесо цӕмӕн у?

6 Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдоны се знӕгтӕ сӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куы нӕ фӕуадзынц ӕмӕ сӕ куы фӕхъыгдарынц, уӕд сӕ бон у, ӕмӕ-иу ӕрымысой Йесойы ныхӕстӕ: «Мемӕ кӕй ис, уый адӕмӕн ӕргом чи дзура, уый тыххӕй ӕз дӕр ӕргом зӕгъдзынӕн Хуыцауы зӕдты раз, ӕз йемӕ дӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ адӕмы раз мӕнӕй афтӕ чи зӕгъа, ӕз ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ, уымӕй ӕз дӕр Хуыцауы зӕдты раз зӕгъдзынӕн, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ» (Лукайы 12:8, 9). Ацы ныхӕстӕ тынг фидар кӕнынц чырыстӕтты, уӕлдайдӕр та, хъусын кӕныны бар кӕм нӕй, уыцы бӕстӕты. Ахӕм рӕтты чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕ хъавгӕ архайынц, ӕмӕ Йегъовӕйы дарддӕр дӕр кадджын кӕнынц ӕмбырдты ӕмӕ уацамынды (Хъуыддӕгтӕ 5:29). «Хуыцауы тас» хъуыддагӕй ӕвдисын куыд хъӕуы, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон у Йесо Чырысти (Дзуттӕгтӕм 5:7). Хуыцауы Ныхасы Йесойы тыххӕй фыст уыд: «Ӕрцӕудзӕн ыл Йегъовӕйы сыгъдӕг уд... Йегъовӕйы тасы тых. Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсдзӕн, уый йын хӕсдзӕн циндзинад» (Исай 11:2, 3). Уӕдӕ Хуыцауы тас цы пайда у, уый нын Йесойӕ хуыздӕр ничи бацамондзӕн.

7. а) Чырыстӕттӕ куыд хъуамӕ хъусой, йӕ рӕстӕджы Давид дӕр цӕмӕ сидтис, уымӕ? ӕ) Ныййарджытӕн сӕ бон Давиды фӕзмын куыд у?

7 Йесо Чырыстийы чи фӕзмы ӕмӕ йын йӕ ахуырӕдтӕм чи хъусы, уыдон архайынц, йӕ рӕстӕджы Давид дӕр цӕмӕ сидтис, уыцы сидтмӕ гӕсгӕ: «Ӕрцӕут, сывӕллӕттӕ, байхъусут мӕнмӕ: Хицауы тасыл уӕ сахуыр кӕндзынӕн» (Псалом 33:12). Давид йӕ адӕммӕ «сывӕллӕттӕ», зӕгъгӕ, кӕй дзырдта, уым диссагӕй ницы уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ уыдон нымадтой сӕ разамонӕгыл. Ӕмӕ Давид дӕр йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта Хуыцауы тасыл, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уыдаид ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдаиккой. Цӕй диссаджы цӕвиттон у уый чырыстон ныййарджытӕн! Йегъовӕ сын бар радта, ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕной, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразой» (Ефесӕгтӕм 6:4). Ныййарджытӕ алы бон дӕр сӕ сывӕллӕттимӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл кӕй ныхас кӕнынц ӕмӕ иудадзыг семӕ Библи кӕй ахуыр кӕнынц, уый фӕрцы сын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕ тӕрсой ӕмӕ сӕ зӕрдӕ сӕ цардӕй райа (Дыккаг закъон 6:6, 7).

Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый куыд ӕвдисӕм

8, 9. а) Хуыцауӕй тӕрсын афтӕ хорз цӕмӕн у? ӕ) Ӕвзаг уромын цы нысан кӕны?

8 Уӕлдӕр куыд банысан кодтам, афтӕмӕй уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйӕ куы тӕрсӕм, уӕд цин нӕ кӕндзыстӕм. Давид бафарста: «Чи у цардагурӕг лӕг, ӕмӕ бирӕазтӕуарзӕг, цӕмӕй фена хорздзинад?» (Псалом 33:13, МГТ). Бӕрӕг у, Йегъовӕйӕ тӕрсын тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй адӕймаг ӕфсӕст уа бирӕ цӕрӕнбонтӕй ӕмӕ амондджын цардӕй. Фӕлӕ, «ӕз Хуыцауӕй тӕрсын», зӕгъгӕ, зӕгъын ӕнцон у. Бирӕ зындӕр у уый хъуыддагӕй равдисын. Уымӕ гӕсгӕ Давид дарддӕр ӕмбарын кӕны, Хуыцауы тас нӕ бон ӕвдисын куыд у, уый.

9 «Уром де ’взаг фыддзинадӕй ӕмӕ дӕ дзых мӕнгард ныхӕстӕй» (Псалом 33:14). Ацы ныхӕстӕ 33 псаломӕй ӕрхаста апостол Петр, чырыстӕттӕн ахӕм уынаффӕ куы радта, уӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд ут, зӕгъгӕ, уый фӕстӕ (1 Петры 3:8–12). Ӕвзаг фыддзинадӕй уромын нысан кӕны макӕй фыдкой кӕнын. Мах алкӕддӕр фӕфӕнды иннӕты нӕ ныхасӕй фидар кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма архайӕм, цӕмӕй уӕм ныфсхаст ӕмӕ дзурӕм, раст цы у, уый (Ефесӕгтӕм 4:25, 29, 31; Иаковы 5:16).

10. а) Бамбарын кӕн, цы нысан кӕны фыддзинадӕй иуварс здӕхын. ӕ) Хорздзинад кӕнынмӕ цы хауы?

10 «Иуварс здӕх фыддзинадӕй ӕмӕ кӕн хорздзинад; агур фидыддзинад [фарн] ӕмӕ йӕ фӕдыл цу» (Псалом 33:15). Мах нӕхи хизӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕй: ӕнӕгъдаудзинадӕй, хӕлд нывтӕм кӕсынӕй, давынӕй, хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгтӕй, тыхмийӕ, фыднозт ӕмӕ наркотиктӕ кӕнынӕй. Афтӕ ма нӕхи хъахъхъӕнӕм, ахӕм ӕлгъаг митӕ цы хиирхӕфсӕнты ис, уыдонӕй дӕр (Ефесӕгтӕм 5:10–12). Мах нӕ рӕстӕг уыдӕттыл нӕ хардз кӕнӕм, фӕлӕ хорздзинад кӕныныл. Нӕ бон аразын цы у, уыдонӕй ӕппӕты стырдӕр хорздзинад у адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын, ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй фервӕзой (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Хорздзинад кӕнынмӕ ма хауы чырыстон фембӕлдтӕм цӕттӕ кӕнын ӕмӕ сӕм цӕуын, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕттын, Паддзахады залмӕ зилын ӕмӕ, хъуаг чи ӕййафы, уыцы чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын.

11. а) Давид фидыддзинады тыххӕй цы дзырдта, уый хъуыддагӕй куыд равдыста? ӕ) Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырды фидыддзинад агурай?

11 Фидыддзинадмӕ, ома фарнмӕ, тырнын куыд хъӕуы, уымӕн Давид ныууагъта хорз цӕвиттон. Дыууӕ хатты йӕ бон уыд Саулы амарын. Фӕлӕ дыууӕ хатты дӕр йӕхи фыдмийӕ баурӕдта ӕмӕ фӕстӕдӕр уӕзданӕй ныхас кодта паддзахимӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй бафидыдтаиккой (1 Паддзахӕдты 24:8–11; 26:17–20). Махӕн та нӕ бон цы у аразын, цӕйдӕр тыххӕй ӕмбырды фарнӕн фӕцудынӕй тӕссаг куы уа, уӕд? Хъуамӕ «агурӕм фидыддзинад ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуӕм». Уӕдӕ куы фӕхатӕм, ӕмӕ не ’мчырыстонимӕ кӕрӕдзи нал ӕмбарӕм, уӕд бакӕнӕм Йесойы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Бафидау уал де ’фсымӕримӕ». Уый фӕстӕ нӕ бон у дарддӕр лӕггад кӕнын Йегъовӕйӕн ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр (Матфейы 5:23, 24; Ефесӕгтӕм 4:26).

Хуыцауы тас хӕссы стыр арфӕдзинӕдтӕ

12, 13. а) Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон ныридӕгӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕй сты хайджын? ӕ) Цавӕр стыр арфӕдзинадыл цин кӕндзысты тагъд Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ?

12 «Хицауы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ Йӕ хъустӕ – сӕ дзыназынмӕ» (Псалом 33:16). Хуыцау Давидӕн куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты. Абон мах тынг цин кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы ис фарн, уымӕн ӕмӕ зонӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй хъахъхъӕны. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр, цы хъуаг стӕм, уый нын кӕй дӕтдзӕн, ӕмӕ нын суанг стыр зындзинады дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Мах ӕй зонӕм, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй ӕцӕг чырыстӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы дыууӕ хабары: тагъд рӕстӕджы сыл Гог Магогы зӕххӕй йӕхи ныццӕвдзӕн ӕмӕ фендзысты «Йегъовӕйы... ӕвирхъау бон» (Иоил 2:11, 31; Иезекил 38:14–18, 21–23). Уыцы рӕстӕджы цыфӕнды уавӕры ма бахауӕм, Давиды ныхӕстӕ ӕххӕст кӕндзысты махыл дӕр: «Дзурынц рӕстгӕнджытӕ, ӕмӕ Хицау хъусы, ӕмӕ се ’ппӕт хъыгдзинӕдтӕй ирвӕзын кӕны уыдоны» (Псалом 33:18).

13 Куыд тынг цин кӕндзыстӕм, Йегъовӕ йе стыр ном куыд скадджын кӕндзӕн, уый фенгӕйӕ! Нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты, ныронг кӕй никуы бавзӕрстам, ахӕм ӕнкъарӕнтӕй Хуыцаумӕ, знӕгтӕ та иууылдӕр ӕгады сӕфт фӕкӕндзысты. «Хицауы цӕсгом фыдгӕнджыты ныхмӕ, цӕмӕй фесафа сӕ мысӕн [кой] зӕххӕй» (Псалом 33:17). Куыд хорз уыдзӕн уыцы стыр бӕллӕхы фервӕзын ӕмӕ Хуыцауы рӕстаг ног дунемӕ бацӕуын!

Фидар фӕлӕууынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ

14. Бӕллӕхты нын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

14 Ацы хӕлд ӕмӕ фыдӕх дунейы дарддӕр дӕр Хуыцауы коммӕ кӕсынӕн хъӕуы фидардзинад. Хуыцауы тас нын стыр ӕххуыс у, цӕмӕй нӕхи ахуыр кӕнӕм коммӕ кӕсыныл. Тынг уӕззау рӕстӕг кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ӕмӕ, зӕгъӕн ис, сӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сӕ ныфс асӕттынц. Фӕлӕ уыдоны хъуамӕ фидарӕй уырна: Йегъовӕйыл сӕ ныфс куы дарой, уӕд сын баххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн. Ӕцӕг удӕнцой ссарӕн ис Давиды ныхӕсты: «Хӕстӕг у Хицау саст зӕрдӕтӕм ӕмӕ удӕй сабырты [«ныфссаст чи у, уыдоны», НД] ирвӕзын кӕндзӕн» (Псалом 33:19). Нӕ ныфсыл нын ныфс ӕфтауы, Давид дарддӕр цы дзуры, уый: «Бирӕ хъыгдзинӕдтӕ ис рӕстгӕнӕгӕн ӕмӕ йӕ уыдон се ’ппӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн Хицау» (Псалом 33:20). Цасфӕнды бӕллӕхтӕ ныл ма ’рцӕуа, уӕддӕр Йегъовӕмӕ уыйас хъару ис, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна.

15, 16. а) Давид 33 псалом куы ныффыста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр цавӕр бӕллӕхы тыххӕй фехъуыста? ӕ) Зындзинӕдты нын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

15 Давид 33 псалом куы ныффыста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр фехъуыста, Саул кӕй ныццагъта Номвӕйы цӕрджыты ӕмӕ сауджынтӕн сӕ фылдӕры. Куыд тынг фӕмаст кодтаид Давид, Номвӕмӕ кӕй бацыд, Саул уый тыххӕй кӕй сызнӕт, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ! (1 Паддзахӕдты 22:13, 18–21). Ацы хатт дӕр та Давид, ӕнӕмӕнгӕй, ӕххуыс агуырдта Йегъовӕйӕ, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ зӕрдӕ сабыр кодта, фидӕны «рӕстгӕнджытӕ» кӕй райгас уыдзысты, уыцы ныфсӕй (Хъуыддӕгтӕ 24:15).

16 Абон мах дӕр фидар кӕны, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уыцы ныфс. Зонӕм ӕй, не знӕгты бон нын кӕй нӕ бауыдзӕн ахӕм исты ракӕнын, сраст кӕнӕн кӕмӕн нӕ уа (Матфейы 10:28). Давид дӕр ууыл нӕ дызӕрдыг кодта. Уый бӕрӕг у, цы загъта, уымӕй: «Уый хъахъхъӕны йӕ [рӕстгӕнӕджы] ӕппӕт стджытӕ; иу дӕр уыдонӕй нӕ асӕтдзӕн» (Псалом 33:21). Ацы ныхӕстӕ комкоммӕ сӕххӕст сты Йесо Чырыстийыл. Кӕд Йесо хъизӕмайраг мӕлӕтӕй амард, уӕддӕр ын йе стджытӕй иу дӕр «нӕ асастой» (Иоанны 19:36). Псалом 33:21 ахӕссӕн ис Хуыцауы иннӕ лӕггадгӕнджытӕм дӕр. Уый нын ныфс дӕтты, сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» цыфӕнды зындзинӕдты ма бахауой, уӕд дӕр сын ахӕм зиан кӕй никуы ӕрхӕсдзысты, Хуыцау хос цӕмӕн ма ссара. Ахӕсгӕ хуызы дзургӕйӕ, се стджытӕ саст никуы ӕрцӕудзысты (Иоанны 10:16).

17. Цавӕр бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Йегъовӕйы адӕмӕй йе сӕфт чи уыны, ӕмӕ ууыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдонмӕ?

17 Фыдгӕнджытӕн та сӕ хабар у бынтон ӕндӕрхуызон. Уыдон тагъд ӕркӕрддзысты, цы фыддзинад байтыдтой, уый. «Тӕригъӕдджыны амардзӕн фыддзинад, ӕмӕ рӕстгӕнӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, фесӕфдзысты» (Псалом 33:22). Хуыцауы адӕмы ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны сӕр баййафдзӕн цыфыддӕр бӕллӕх. Йесо Чырысти уӕлӕрвтӕй куы фӕзына, уӕд сын «хаст ӕрцӕудзӕн ӕнустӕм фесафыны тӕрхон» (2 Фессалоникӕгтӕм 1:9).

18. Куыд ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» ныридӕгӕн фервӕзтысты ӕмӕ сӕм фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

18 Давиды псалом фӕуд кӕны ахӕм зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕй: «Фервӕзын кӕндзӕн Хицау Йӕ цагъарты уды, ӕмӕ Ууыл ӕнхъӕлцаутӕй [йӕ ныфс чи дары, уыдонӕй] ничи фесӕфдзӕн» (Псалом 33:23). Давид паддзах уыд 40 азы, ӕмӕ фӕстагмӕ загъта: «[Хуыцау] мын мӕ уд ӕппӕт хъизӕмӕрттӕй дӕр фервӕзын кодта» (3 Паддзахӕдты 1:29). Тагъд, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон Давидау фӕстӕмӕ куы акӕсой, уӕд цин кӕндзысты, тӕригъӕды аххосӕй кӕй ӕвзӕрстой, ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕй кӕй ссӕрибар сты ӕмӕ се ’ппӕт хъизӕмӕрттӕй кӕй фервӕзтысты. Сӕрст чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр ныридӕгӕн сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райстой. «Тынг бирӕ адӕм» ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй, Йесойы ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонимӕ лӕггад кӕнынц Йегъовӕйӕн, ӕмӕ сын йӕ разы ис сыгъдӕг ном. Уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ ӕууӕндынц, Чырыстийы тугӕн сӕ йӕ бон балхӕнын кӕй у, ууыл. Тагъд райдайдзӕн Чырыстийы Миназон хицауиуӕгад. Уыцы рӕстӕг, Чырыстийы нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдон иууылдӕр «тынг бирӕ адӕм» сӕхиуыл бавзардзысты ӕмӕ ӕххӕст адӕм суыдзысты (Раргомад 7:9, 14, 17; 21:3–5).

19. «Тынг бирӕ адӕмы» цы фӕнды аразын?

19 Хуыцауӕн цы «тынг бирӕ адӕм» лӕггад кӕны, уыдон ацы арфӕдзинӕдтӕй хайджын цӕмӕн уыдзысты? Уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды амӕй фӕстӕмӕ дӕр Йегъовӕйӕ тӕрсын ӕмӕ йын кад ӕмӕ ӕфсармимӕ коммӕгӕсӕй лӕггад кӕнын. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ цардӕй ныридӕгӕн нӕ зӕрдӕ райы. Уый ма нын ӕххуыс кӕны, «цӕмӕй фидар ныххӕцӕм ӕцӕг цардыл» – ӕнусон цардыл Хуыцауы ног дунейы (1 Тимофеймӕ 6:12, 18, 19; Раргомад 15:3, 4).

Бахъуыды кодтай?

• Цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм Хуыцауӕй ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын цы нысан кӕны?

• Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый нӕ уагахастыл куыд хъуамӕ зына?

• Хуыцауы тас цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

• Цавӕр зӕрдӕвӕрдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц фидар фӕлӕууынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]