Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ диссаджы рӕсугъд зӕхх

Нӕ диссаджы рӕсугъд зӕхх

Нӕ диссаджы рӕсугъд зӕхх

АСТРОНОМТӔ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй адӕмы хӕдзар – Зӕхх – ӕгӕрон Дун-дунейы тыгъдады гыццыл тӕппы йас йеддӕмӕ нӕу. Дун-дунейы цард ӕндӕр никуы ис. Ӕрмӕстдӕр Зӕххыл ис ахӕм уавӕртӕ, цӕмӕй йыл цард уа.

Уымӕй уӕлдай ма, ацы диссаджы зӕххы къорийыл цӕрын адӕймагӕн хӕссы стыр циндзинад. Куыд ӕхсызгон вӕййы, уазал бон хур куы ӕрбатавы! Кӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, хур арвы кӕронӕй куы сцӕйкӕсы кӕнӕ изӕры куы фӕцӕйныгуылы, уымӕ кӕсын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хур ӕрмӕст уый тыххӕй нӕу, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйӕн ӕхсызгон уа. Хур куы нӕ уаид, уӕд цард дӕр нӕ уаид.

Ӕнӕнымӕц бирӕ милуангай азты дӕргъы Хуры химӕлвасыны тых Зӕхх ӕмӕ иннӕ планетӕты сӕ орбитӕтӕй ахизын нӕ уадзы. Скъолайӕ дӕр ӕй зонӕм, Хуры системӕ кӕй зилы нӕ Галактикӕйы, Ӕрфӕныфӕды, астӕуы алыварс. Фӕлӕ ма нӕ Галактикӕйы Хурӕй дарддӕр ис 100 миллиард стъалыйӕ фылдӕр.

Ӕрфӕныфӕд ӕмӕ ма иу-35 галактикӕйы химӕлвасыны тыхы руаджы кӕрӕдзийыл кӕй хӕцынц, уымӕ гӕсгӕ сты галактикӕты иу къорд. Зӕгъын ма хъӕуы уый, ӕмӕ иуӕй-иу ахӕм къордты ис мингай галактикӕтӕй дӕр фылдӕр. Нӕ Хуры системӕ, йӕ галактикӕтӕ кӕрӕдзимӕ ӕввахсдӕр кӕмӕн сты, ахӕм галактикӕты къорды куы уыдаид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ орбитӕйӕ ахызтаид. Фӕлӕ астрономтӕ Гильермо Гонсалес ӕмӕ Джей Ричардс сӕ чиныджы зӕгъынц, зӕгъгӕ, Дун-дунейы ӕндӕр ахӕм бынат нӕй, цӕмӕй дзы, «Зӕххыл цы цард ис, ахӕм цард уа» («The Privileged Planet»).

Зӕххыл цард куыд фӕзынд? Йӕхигъӕдӕй, цавӕрдӕр «стыр срӕмыгъды» фӕрцы? Ӕви ацы диссаджы рӕсугъд планетӕйыл цард кӕй ис, уый хуымӕтӕджы нӕу, стырдӕр нысаниуӕг ын ис?

Адӕмӕй бирӕтӕ ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ, зӕгъгӕ, зӕхх сӕрмагондӕй уый тыххӕй ӕрцыд арӕзт, цӕмӕй йыл цард уа *. Сӕдӕазты размӕ иу дзуттаг поэт зӕхх ӕмӕ уӕлӕрвтӕм кӕсгӕйӕ загъта: «Куы кӕсын ӕз Дӕ ӕрвтӕм,– Дӕ ӕнгуылдзты хъуыддагмӕ, мӕй ӕмӕ стъалытӕм, кӕцыты Ды сӕвӕрдтай, уӕд цы у адӕймаг?» (Псалом 8:4, 5). Уыцы поэты уырныдта, Сфӕлдисӕг кӕй ис. Цымӕ абон, зонад ахӕм бӕрзӕндтӕм куы схызт, уӕд дӕр раст у афтӕ хъуыды кӕнын?

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Кӕс Псаломты чиныг, зӕгъӕм, 8 псалом.

[Рамкӕ/Ныв 3 фарсыл]

«Космосӕй кӕсгӕйӕ, Зӕхх Дун-дунейы талынг тыгъдады ӕрттивы ӕрвгъуыз зынаргъ дурау» («The Illustrated Science Encyclopedia​—Amazing Planet Earth»).

[Барлӕвӕрдӕй]

Globe: U.S. Fish & Wildlife Service, Washington, D.C./​NASA