Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Скадджын кӕнӕм иумӕ Йегъовӕйы ном

Скадджын кӕнӕм иумӕ Йегъовӕйы ном

Скадджын кӕнӕм иумӕ Йегъовӕйы ном

«Бӕрзонд кӕнут Хицауы мемӕ, ӕмӕ скадджын кӕнӕм иумӕ Йӕ ном» (ПСАЛОМ 33:4).

1. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд цавӕр диссаджы цӕвиттон равдыста?

УЫЙ УЫД н. э. 33 азы 14 нисаны, ӕхсӕвы. Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Йегъовӕйы кадӕн зарыдысты (Матфейы 26:30). Йесойӕн зӕххыл ахӕм фадат никуыуал уыдаид – уый уыд фӕстаг хатт. Фӕлӕ сӕ фембӕлд зарӕгӕй кӕй фесты, уым диссагӕй ницы уыд, уымӕн ӕмӕ Йесо йӕ лӕггадӕн йӕ райдианӕй йӕ кӕронмӕ йӕ Фыды кадджын кодта ӕмӕ йын зӕрдиагӕй Йӕ номы тыххӕй адӕмӕн дзырдта (Матфейы 4:10; 6:9; 22:37, 38; Иоанны 12:28; 17:6). Псаломзарӕггӕнӕгау уый дӕр дзырдта: «Бӕрзонд кӕнут Хицауы мемӕ, ӕмӕ скадджын кӕнӕм иумӕ Йӕ ном» (Псалом 33:4). Цӕй диссаджы цӕвиттон у уый махӕн!

2, 3. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, 33 псаломы фидӕны тыххӕй фыст кӕй ис? ӕ) Цӕуыл ӕрдзурдзыстӕм ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы?

2 Апостол Иоанн, Йесоимӕ кады зарджытӕ куы зарыдысты, уымӕй цалдӕр сахаты фӕстӕдӕр федта бынтон ӕндӕр хабӕрттӕ. Уый федта, йӕ Хицауы ӕмӕ дыууӕ фыдгӕнӕджы хъӕдтыл кӕй байтыгътой. Цӕмӕй фыдгӕнджытӕ тагъддӕр амардаиккой, уый тыххӕй сын ромаг ӕфсӕддонтӕ сӕ зӕнгтӕ асастой. Фӕлӕ Иоанн куыд зӕгъы, афтӕмӕй Йесойы зӕнгтӕ саст не ’рцыдысты. Ӕфсӕддонтӕ Йесомӕ куы бацыдысты, уӕд уыд мард. Иоанн йӕ Евангелийы бамбарын кодта, уыцы хабарӕй кӕй сӕххӕст сты 33 псаломӕй мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Йе стджытӕй йын иу дӕр нӕ асӕтдзысты» (Иоанны 19:32–36; Псалом 34:20, Септуагинтӕ, [33:21]).

3 33 псаломы ма ис, чырыстӕттӕм цымыдисаг чи фӕкӕса, бирӕ ӕндӕр ахӕм хъуыдытӕ дӕр. Уӕдӕ ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Давид 33 псалом цы уавӕрты ныффыста, уыдонмӕ. Стӕй та равзардзыстӕм, ацы псаломы цы зӕрдӕфидаргӕнӕн хъуыдытӕ ис, уыдон.

Давид алыгъд Саулӕй

4. а) Давид цӕмӕн ’рцыд ӕвзӕрст Израилы паддзахӕй? ӕ) Саул Давиды бирӕ цӕмӕн бауарзта?

4 Давид ӕрыгон куы уыд, уӕд Израилы паддзах уыд Саул. Фӕлӕ Саул Йегъовӕйы коммӕ нал каст, ӕмӕ йын йӕ хорзӕх фесӕфта. Уымӕ гӕсгӕ йын пехуымпар Самуил загъта: «Абон Йегъовӕ Израилы паддзахы бартӕ байста дӕуӕй. Уый сӕ ратдзӕн ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕр чи у, уымӕн» (1 Паддзахӕдты 15:28). Фӕстӕдӕр Йегъовӕ арвыста Самуилы, цӕмӕй Давиды, Йессейы кӕстӕр фырты, байсӕрстаид, ӕмӕ суыдаид Израилы паддзах. Уыцы рӕстӕджы Хуыцау паддзах Саулы йӕ сыгъдӕг удӕй фӕцух кодта, ӕмӕ Саулы тар хъуыдытӕ сӕ быны фӕкодтой. Давид хъисфӕндырыл хорз кӕй цагъта, уымӕ гӕсгӕ йӕ ’рбакодтой паддзахмӕ Гивӕмӕ. Давиды цагъдмӕ хъусгӕйӕ-иу Саулӕн фенцондӕр, ӕмӕ йӕ «бирӕ бауарзта» (1 Паддзахӕдты 16:11, 13, 21, 23).

5. Саул Давидӕй йе сӕфт цӕмӕн федта ӕмӕ Давиды цы бахъуыд бакӕнын?

5 Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ бӕрӕгӕй-бӕрӕгдӕр кодта, Йегъовӕ Давидимӕ кӕй уыд. Йегъовӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй филистимаг уӕйыг Голиафыл фӕуӕлахиз уыдаид, стӕй йын ахъаз кодта, ӕмӕ йӕ уый фӕрцы Израилы базыдтой хъӕбатыр хӕстонӕй. Фӕлӕ Йегъовӕ Давидӕн кӕй арфӕ кодта, уый тыххӕй йӕм Саул хӕлӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ дзы йе сӕфт федта. Дыууӕ хатты уыд афтӕ, ӕмӕ-иу Давид Саулӕн хъисфӕндырыл куы цагъта, уӕд ыл-иу уый йӕ арц фехста. Фӕлӕ дыууӕ хатты дӕр Давид йӕхи фӕиуварс кодта, ӕмӕ-иу ыл арц нӕ сӕмбӕлд. Саул ӕй ӕртыккаг хатт марынмӕ куы хъавыд, уӕд Давид бамбӕрста, йӕ цардӕн тӕссаг кӕй у, ӕмӕ йӕ лидзын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ ма уый фӕстӕ дӕр Саул йӕ фӕдыл зылд, цӕмӕй йӕ амардтаид. Уымӕ гӕсгӕ Давид сфӕнд кодта Израилӕй ӕндӕр бӕстӕм фӕцӕуын (1 Паддзахӕдты 18:11; 19:9, 10).

6. Саул Номвӕйы цӕрджыты цӕмӕн ныццӕгъдын кодта?

6 Давид Израилӕй куы лыгъд, уӕд ӕрлӕууыд, Йегъовӕйы хӕсгӕ кувӕндоны цатыр кӕм уыд, уыцы сахар Номвӕйы. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы балцы Давидимӕ уыдысты йе ’мбӕлттӕ, лӕппу-фӕсивӕд, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй хӕринаг самал кодтаиккой. Саул базыдта, хистӕр сауджын Давидӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн кӕй радта хӕринаг ӕмӕ Голиафы хъама – Давид Голиафы куы амардта, уӕд ӕм чи ӕрхауд, уыцы хъама. Фырмӕстӕй Саул ныццӕгъдын кодта сахары цӕрджыты иууылдӕр, уыдонимӕ 85 сауджыны дӕр (1 Паддзахӕдты 21:1, 2; 22:12, 13, 18, 19; Матфейы 12:3, 4).

Ногӕй та фервӕзт мӕлӕтӕй

7. Давидӕн Геф хорз ӕмбӕхсӕн бынат цӕуылнӕ разынд?

7 Номвӕйӕ Давид алыгъд хурныгуылӕны ’рдӕм Филистимӕ ӕмӕ бацыд Голиафы райгуырӕн сахар Гефмӕ – Номвӕйӕ иу-40 километры дарддӕр. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй паддзах Анхусмӕ бамбӕхстаид. Ӕвӕццӕгӕн, Давид хъуыды кодта, зӕгъгӕ, Саулӕн уый йӕ сӕрмӕ цӕугӕ дӕр не ’ркӕндзӕн, ӕмӕ йӕ Гефы агура. Фӕлӕ Гефы паддзахы лӕггадгӕнджытӕ Давиды уайтагъд базыдтой. Давид уый куы фехъуыста, уӕд «тынг фӕтарст Гефы паддзах Анхусӕй» (1 Паддзахӕдты 21:10–12).

8. а) Давид Гефы цы бавзӕрста, уый тыххӕй 55 псаломы цы фыст ис? ӕ) Давид мӕлӕтӕй тыххӕй-фыдӕй куыд фервӕзт?

8 Филистимӕгтӕ Давиды ӕрцахстой. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕг ныффыста Давид, Йегъовӕйӕн кӕм лӕгъстӕ кодта, уыцы зӕрдӕмӕхъаргӕ псалом: «Сӕвӕр мӕ цӕссыгтӕ мигӕнӕны Дӕхимӕ» (Псалом 55:9 ӕмӕ разныхас). Афтӕмӕй уый равдыста, ныфс ӕй кӕй ис, Йегъовӕ йӕ йӕ зындзинады кӕй нӕ ферох кӕндзӕн, фӕлӕ йыл кӕй тыхсдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн. Давид ма ӕрхъуыды кодта, филистимаг паддзахы куыд асайа, ӕмӕ йӕхи ӕдылыйы ’фсон скодта. Паддзах Анхус ӕй куы федта, уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕм фӕхыл кодта, ацы «зондцухы» мӕм цӕмӕ ӕрбакодтат, зӕгъгӕ. Бӕрӕг у, Йегъовӕ Давидӕн кӕй баххуыс кодта. Давиды расырдтой сахарӕй, ӕмӕ та ацы хатт дӕр тыххӕй-фыдӕй фервӕзт мӕлӕтӕй (1 Паддзахӕдты 21:13–15).

9, 10. Давид 33 псалом цӕмӕн ныффыста ӕмӕ йӕ куы фыста, уӕд кӕуыл хъуыды кодта?

9 Библийы фыст нӕй, Давидӕн йе ’мбӕлттӕ Гефы дӕр йемӕ уыдысты, ӕви йӕм уырдӕм хӕстӕг Израилы хъӕуты ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, фембӕлдысты, ӕмӕ сын Давид радзырдта, Йегъовӕ та йӕ куыд фервӕзын кодта, уый тыххӕй. 33 псаломы разныхасӕй бӕрӕг у, ацы псалом уыцы хабӕрттӕм гӕсгӕ кӕй ’рцыд фыст. Фыццаг авд стихы Давид кадджын кӕны Йегъовӕйы, кӕй йӕ фервӕзын кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ, йе ’вварс чи у, уыдоны дӕр хоны, цӕмӕй йемӕ скадджын кӕной Йегъовӕйы – йӕ адӕмы Стыр Ирвӕзынгӕнӕджы (Псалом 33:4, 5, 8).

10 Давид ӕмӕ йӕ адӕм бамбӕхстысты Одолламы лӕгӕты, Израилы хӕхты, Гефӕй хурыскӕсӕны ’рдӕм иу-15 километры дарддӕр. Уырдӕм сӕм ӕмбырд кӕнын райдыдтой, паддзах Саулы хъуыддӕгтӕй разы чи нӕ уыд, уыцы адӕм (1 Паддзахӕдты 22:1, 2). Чи зоны, Давид ахӕм адӕмыл хъуыды кодта, Псаломы 33:9–23 цы ныхӕстӕ ис, уыдон куы фыста, уӕд. Ацы стихты цы фӕдзӕхстытӕ ис, уыдон ахсджиаг сты абон махӕн дӕр. Ӕмӕ ацы рӕсугъд псалом бӕстон куы равзарӕм, уӕд нын уый стыр пайда уыдзӕн.

Дӕуӕн дӕр де стырдӕр фӕндон уый у?

11, 12. Йегъовӕйы ӕнӕрынцойӕ цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм?

11 «Арфӕ кӕндзынӕн Хицауӕн алы афон; ӕппӕлындзинад Уымӕн ӕнӕрынцойӕ мӕ дзыхы» (Псалом 33:2). Давид лыгъд куы уыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ цӕуылдӕрты тыхстаид, фӕлӕ ацы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй йӕ ӕрвылбоны сагъӕстӕн уый бар нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй Йегъовӕйы мауал кадджын кодтаид. Зындзинӕдты бахаугӕйӕ махӕн дӕр нӕ бон у Давиды диссаджы цӕвиттон фӕзмын. Кӕмфӕнды ма уӕм – скъолайы, куысты, ӕмбырды йе та уацамынды – не стырдӕр фӕндон хъуамӕ уа Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн, цас цӕйдӕрты тыххӕй йӕ у нӕ бон кадджын кӕнын! Зӕгъӕм, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдон уыйбӕрц сты, ӕмӕ дзы нӕ бон у алы хатт дӕр ногӕй цыдӕр базонын ӕмӕ йыл цин кӕнын. Ӕмӕ йӕ организацийы зӕххон хайы фӕрцы цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон та! Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй – кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр – пайда кӕны диссаджы хъуыддӕгтӕ аразынӕн. Куыд ис абарӕн, дуне кӕмӕн табу кӕны, уыцы адӕмы хъуыддӕгтӕ Хуыцауы хъуыддӕгтимӕ? Куыннӕ сразы уыдзынӕ, Давид цы загъта, уыимӕ: «Хуыцӕутты ӕхсӕн Дӕ хуызӕн ничи у, Хицау, ӕмӕ Дӕ хъуыддӕгты хуызӕн хъуыддӕгтӕ нӕй»? (Псалом 85:8, МГТ).

12 Давидау мах дӕр фӕнды ӕнӕрынцойӕ кадджын кӕнын Йегъовӕйы йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ зонӕм, Хуыцауы Паддзахад ныр кӕй ис Давиды ӕнусон Бындар Йесо Чырыстийы къухы (Раргомад 11:15). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн тагъд йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. Ӕхсӕз миллиард адӕймаджы ӕнусон цард ис тӕссаг уавӕры. Афтӕ ахсджиаг никуыма уыд, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ сын уый тагъд цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй дзурӕм, ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы немӕ кадджын кӕной. Уӕдӕ нын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуамӕ уый уа, ӕмӕ алы уавӕрӕй дӕр пайда кӕнӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй иннӕтӕ «хорз хабар» сӕ зӕрдӕмӕ айсой, цалынмӕ ӕгӕр нӕ байрӕджы, уӕдмӕ (Матфейы 24:14).

13. а) Кӕмӕй ӕппӕлыд Давид ӕмӕ уый цавӕр адӕмыл ӕндӕвта? ӕ) Сабыр адӕмы абон чырыстон ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуын цӕмӕн бафӕнды?

13 «Хицауӕй ӕппӕлдзӕн мӕ уд; фехъусдзысты фӕлмастӕ ӕмӕ схъӕлдзӕг уыдзысты» (Псалом 33:3). Ам Давид йӕхи ӕнтыстытӕй не ’ппӕлыд. Зӕгъӕм, Гефы паддзахы куыд асайдта, уымӕй йӕхицӕй нӕ ныббуц. Уый ӕмбӕрста, Гефы йӕ Йегъовӕ кӕй бахъахъхъӕдта ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы кӕй фервӕзт (Ӕмбисӕндтӕ 21:1). Уымӕ гӕсгӕ Давид йӕхицӕй не ’ппӕлыд, фӕлӕ Йегъовӕйӕ. Афтӕ кӕй кодта, уый фӕрцы-иу сабыр адӕмы бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уыдаиккой. Йесо дӕр афтӕ кадджын кодта Йегъовӕйы ном, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕрныллӕг, ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, ахӕм адӕм ӕввахс кодтой Йегъовӕмӕ. Абон сабыр адӕм ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕуынц, Йесо йӕ Сӕр кӕмӕн у, сӕрст чырыстӕтты уыцы ӕппӕтдунеон ӕмбырдмӕ (Колоссӕгтӕм 1:18). Ахӕм сабыр адӕм куы фехъусынц Хуыцауы ном – йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕ кӕй кадджын кӕнынц, уыцы ном – уӕд сын уый сӕ зӕрдӕтӕ тынг бацагайы. Уымӕй уӕлдай ма сыл тынг бандавы, Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы кӕй бамбарынц, уыцы хорз хабар Библийӕ (Иоанны 6:44; Хъуыддӕгтӕ 16:14).

Фембӕлдтӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынц

14. а) Давид фагыл цӕуылнӕ нымадта Йегъовӕйы иунӕгӕй кадджын кӕнын? ӕ) Хуыцауӕн иумӕ кувыны тыххӕй Йесо цавӕр цӕвиттон ныууагъта?

14 «Бӕрзонд кӕнут Хицауы мемӕ, ӕмӕ скадджын кӕнӕм иумӕ Йӕ ном» (Псалом 33:4). Давид уый фагыл нӕ нымадта, ӕмӕ Йегъовӕйы иунӕгӕй кадджын кодтаид. Уымӕ гӕсгӕ йе ’мбӕлтты дӕр зӕрдиагӕй хуыдта, цӕмӕй йемӕ кадджын кӕной Хуыцауы ном. Афтӕ Стырдӕр Давидӕн, Йесо Чырыстийӕн дӕр ӕхсызгон уыд адӕмы ’хсӕн Йегъовӕйы ном кадджын кӕнын – бынӕттон ӕмбырдгӕнӕны, Иерусалимы Хуыцауы кувӕндоны бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн (Лукайы 2:49; 4:16–19; 10:21; Иоанны 18:20). Куыд хорз у Йесойау Йегъовӕйы алы уавӕры дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ кадджын кӕнын, уӕлдайдӕр та ныр, «уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм», уӕд! (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

15. а) Давиды хабӕрттӕ йе ’мбӕлттыл куыд бандӕвтой? ӕ) Фембӕлдтӕм цӕуын нын цы пайда у?

15 «Ӕз ӕрцагуырдтон Хицауы, ӕмӕ мӕм Уый байхъуыста, ӕмӕ мӕ алы тасдзинӕдтӕй фервӕзын кодта» (Псалом 33:5, МГТ). Давид нӕ рох кодта, Йегъовӕ йын куыд баххуыс кодта, уый. Уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ацы мӕгуыргур [ӕфхӕрд] сдзырдта,– ӕмӕ Хицау фехъуыста ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта йӕ ӕппӕт бӕллӕхтӕй» (Псалом 33:7). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ куы вӕййӕм, уӕд нын бирӕ фадӕттӕ вӕййы, цӕмӕй-иу сын радзурӕм, Йегъовӕ нын нӕ зындзинӕдты куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй. Уый фидар кӕны не ’мчырыстӕтты уырнындзинад, раст Давиды хабӕрттӕ йе ’мбӕлты уырнындзинад куыд фидар кодтой, афтӕ. Давиды ’мбӕлттӕ дӕр сӕ ныфс дардтой Йегъовӕйыл, ӕмӕ «срухс сты, ӕмӕ сӕ цӕсгом нӕ фефсӕрмы» (Псалом 33:6, МГТ). Кӕд паддзах Саулӕй ӕмбӕхстысты, уӕддӕр сӕм уый худинаг нӕ каст. Уыдоны фидарӕй уырныдта, Давидӕн Хуыцау кӕй ӕххуыс кӕны, ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттӕ уыдысты рухс. Уӕдӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр ӕмӕ Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр сӕ ныфс дарынц Йегъовӕйыл. Йегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕ гӕсгӕ сӕ рухс цӕсгӕмттӕй бӕрӕг у, дарддӕр дӕр сӕ кӕй фӕнды Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын.

Бузныг у зӕдты ӕххуысы тыххӕй

16. Йегъовӕ нӕ йӕ зӕдты фӕрцы куыд ирвӕзын кӕны?

16 «Хицауы Зӕд ӕртыхсы Уымӕй тӕрсджыты алыварс ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны» (Псалом 33:8). Давид афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕ ӕндӕр никӕй фервӕзын кодтаид. О, Йегъовӕ Давиды равзӕрста Израилы паддзахӕй. Фӕлӕ ма Давид зыдта, Йегъовӕ йӕ зӕдты кӕй ӕрвиты, цӕмӕй йын йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хъахъхъӕной – зындгонд уой ӕви хуымӕтӕг. Нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕхицӕй зонынц, Йегъовӕ сын куыд ӕххуыс кӕны, уый. Нацистон Германы – афтӕ ма Анголӕ, Малави, Мозамбик ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр бӕстӕты дӕр – хицӕуттӕ хъавыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фесафын. Фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Йегъовӕйы адӕм уыцы бӕстӕты фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц ӕмӕ Хуыцауы ном иумӕ кадджын кӕнынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг зӕдты ӕрвиты, цӕмӕй йын йӕ адӕмы хъахъхъӕной ӕмӕ сын разамынд дӕттой (Дзуттӕгтӕм 1:14).

17. Хуыцауы зӕдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц?

17 Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы зӕдтӕ кӕсынц, ӕмӕ, йе ’мчырыстӕтты чи рӕдийын кӕны, уый Хуыцауы адӕмы ’хсӕнӕй иуварсгонд ӕрцӕуы (Матфейы 13:41; 18:6, 10). Ӕмӕ йӕ кӕд йӕ рӕстӕгыл нӕ фембарӕм, уӕддӕр нын зӕдтӕ нӕ разӕй иуварс кӕнынц, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ чи бахъыгдардзӕн, уыцы цӕлхдуртӕ ӕмӕ нӕ хъахъхъӕнынц, нӕ Хуыцауӕй нӕ чи адард кӕндзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕй. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, кӕй нын дӕттынц разамынд, цӕмӕй ӕппӕт адӕмӕн дӕр «ӕнусон хорз хабар» хъусын кӕнӕм, суанг ма хъусын кӕнын тӕссаг кӕм у, уыцы рӕтты дӕр (Раргомад 14:6). Зӕдтӕ ӕцӕгдӕр кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый тыххӕй арӕх бакӕсӕн вӕййы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд литературӕйы *. Ахӕм цаутӕ тынг бирӕ куы нӕ уаиккой, уӕд зӕгъӕн уаид, ӕмӕ ӕнӕуи афтӕ рауайы.

18. а) Цӕмӕй нын зӕдтӕ ӕххуыс кӕной, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

18 Цӕмӕй нын зӕдтӕ дарддӕр дӕр разамынд дӕттой ӕмӕ нӕ хъахъхъӕной, уый тыххӕй хъуамӕ кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы ном, суанг нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд дӕр. Рох нӕ ма уӕд, Хуыцауы зӕд кӕй ӕртыхсы ӕрмӕст «[Йегъовӕйӕ] тӕрсджыты алыварс». Цы нысан кӕны уый? Цы у Хуыцауы тас ӕмӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕм уыцы тас уа? Уарзӕгой Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, ӕмӕ дзы тӕрсӕм? Ацы фарстытыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Кӕс чиныг «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ» 550 ф. (уыр.), «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг 2005 азӕн» 53, 54 фф. (уыр.), 2000 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 5, 6 фф. (уыр.), 1991 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 27 ф. (уыр.) ӕмӕ 1991 азы 15 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 26 ф. (уыр.).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Давид ӕрыгонӕй цавӕр зындзинӕдтӕ бавзӕрста?

• Давидау дӕуӕн дӕр де стырдӕр фӕндон цы у?

• Цы цӕстӕй кӕсӕм чырыстон фембӕлдтӕм?

• Йегъовӕйы зӕдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Картӕ 25 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Рамӕ

Геф

Секелаг

Гивӕ

Номвӕ

Иерусалим

Вифлеем

Одоллам

Кеил

Хеврон

Зиф

Хореш

Кармил

Маон

Эн-Геди

Цӕхджын денджыз

[Барлӕвӕрдӕй]

Map: Based on maps copyrighted by Pictorial Archive (Near Eastern History) Est. and Survey of Israel

[Ныв 25 фарсыл]

Давид кӕд лыгъд уыд, уӕддӕр кадджын кодта Йегъовӕйы ном