Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сывӕллӕттӕ, хъусут уӕ ныййарджытӕм

Сывӕллӕттӕ, хъусут уӕ ныййарджытӕм

Сывӕллӕттӕ, хъусут уӕ ныййарджытӕм

«Сывӕллӕттӕ, нӕ Хицауы хатырӕй уӕ ныййарджытӕм хъусут, уымӕн ӕмӕ уый раст у» (ЕФЕСӔГТӔМ 6:1).

1. Коммӕгӕсдзинад куыд хъахъхъӕны?

АБОН, чи зоны, ӕгас уымӕн стӕм, ӕмӕ кӕмӕдӕр кӕнӕ цӕмӕдӕр байхъуыстам. Чидӕртӕ та амардысты, уымӕн ӕмӕ коммӕгӕс нӕ уыдысты. Цӕмӕ фӕхъӕуы хъусын? Зӕгъӕм, нӕ «диссаджы арӕзт» буар нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы, уымӕ (Псалом 138:14). Нӕ цӕстытӕ уынынц сау мигътӕ ӕмӕ нӕ хъустӕ хъусынц арвы нӕрын. Стӕй арв ферттивы ӕмӕ сӕрыхъуынтӕ арц абадынц. Ӕппӕт уыдӕттӕ цардӕн тӕссаг кӕй сты, уый кӕмӕн дзырдтой, ахӕм адӕймаг зоны: тагъд уыдзӕн тыхджын дымгӕ арвӕрттывдимӕ, ӕруардзӕн их ӕмӕ хъӕуы ӕдас бынат бацагурын.

2. Сывӕллӕтты фӕдзӕхсын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ сӕ ныййарджытӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусой?

2 Кӕстӕртӕ, сымах ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй уӕ уӕ ныййарджытӕ фӕдзӕхсой тӕссаг хъуыддӕгтӕй, ӕмӕ уый сӕ хӕс дӕр у. Ӕвӕццӕгӕн, уӕ зӕрдыл лӕууынц сӕ ныхӕстӕ: «Пецмӕ ма ӕвнал, тӕвд у». «Донмӕ хӕстӕг ма цу, ныххаудзынӕ дзы». «Фӕндаджы сӕрты хизгӕйӕ-иу дыууӕрдӕм акӕс». Фӕлӕ сывӕллӕттыл алыхуызон фыдбылызтӕ ’рцӕуы, кӕй нӕ байхъусынц, уый тыххӕй. Уӕдӕ ныййарджытӕм хъусын «раст у», стӕй уый зондыл дзурӕг у (Ӕмбисӕндтӕ 8:33). Библийы ӕндӕр стихы та фыст ис, зӕгъгӕ, уый цӕуы Йесо Чырыстийы зӕрдӕмӕ. Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй уын Хуыцау дзуры, цӕмӕй уӕ ныййарджытӕм хъусат (Колоссӕгтӕм 3:20; 1 Коринфӕгтӕм 8:6).

Коммӕгӕсдзинад хӕссы стыр пайда

3. Нӕ фылдӕрӕн «ӕцӕг цард» цы нысан кӕны ӕмӕ сывӕллӕттӕн сӕ бон куыд у уыцы цард райсын?

3 Дӕ ныййарджыты коммӕ куы кӕсай, уӕд дӕ уый ӕрмӕст «абон» нӕ хъахъхъӕндзӕн, фӕлӕ ма уый фӕрцы, чи зоны, «фидӕны дӕр» хайджын уай, «ӕцӕг цард» кӕй хонынц, уымӕй (1 Тимофеймӕ 4:8; 6:19). Нӕ фылдӕрӕн ӕцӕг цард у, ног дунейы ӕнустӕм зӕххыл цӕрын. Уыцы цардӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн. Ацы ныхӕстӕм хъуамӕ ӕнӕмӕнг хъусӕм: «„Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“ – уый у, зӕрдӕвӕрдимӕ лӕвӕрд чи ’рцыд, фыццаг ахӕм фӕдзӕхст. Зӕрдӕвӕрд та у ахӕм: „Цӕмӕй дын уа хорз ӕмӕ зӕххыл бирӕ фӕцӕрай“». Уӕдӕ дӕ мад ӕмӕ дӕ фыдмӕ куы хъусай, уӕд амондджын уыдзынӕ ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзынӕ! (Ефесӕгтӕм 6:2, 3).

4. Сывӕллӕттӕ Хуыцауӕн куыд кад кӕнынц ӕмӕ уый цы пайда у?

4 Дӕ мад ӕмӕ дӕ фыдмӕ кӕй хъусыс, уымӕй сын кад кӕныс, ӕмӕ ма афтӕмӕй кад кӕныс Хуыцауӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ дын уыцы фӕдзӕхст уый дӕтты. Стӕй ма уый дӕхицӕн дӕр у пайда. «Ӕз дӕн Йегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын чи амоны»,– фыст ис Библийы (Исай 48:17; 1 Иоанны 5:3). Цы пайда дын хӕссы коммӕгӕсдзинад? Афтӕмӕй дӕ мад ӕмӕ дӕ фыд цин кӕндзысты, ӕмӕ уыдон дӕр архайдзысты, цӕмӕй амондджындӕр уай (Ӕмбисӕндтӕ 23:22–25). Фӕлӕ уымӕй сӕйрагдӕр та – коммӕгӕс кӕй дӕ, ууыл цин кӕндзӕн дӕ уӕларвон Фыд, ӕмӕ дын уый дӕр зӕрдиагӕй арфӕ кӕндзӕн! Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ куыд арфӕ кодта ӕмӕ куыд хъахъхъӕдта Йесойы, афтӕ чи загъта: «Ӕз алкӕддӕр, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый аразын» (Иоанны 8:29).

Йесо – хорз кусӕг

5. Йесо хорз кусӕг кӕй уыд, уый фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис?

5 Йесо Марийӕйӕн уыд йӕ фыццаг сывӕллон. Йӕ кӕнгӕ фыд Иосиф уыд хъӕддӕсны кӕнӕ пълотник. Йесойы дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Иосиф сахуыр кодта уыцы куыстыл (Матфейы 13:55; Марчы 6:3; Лукайы 1:26–31). Куыд дӕм кӕсы, хорз кусӕг уыди? Йесо ма уӕлӕрвты куы цард, уӕд загъта: «Ӕз уыдтӕн [Хуыцауӕн] йӕ фарсмӕ, уыдтӕн йӕ дӕсны кусӕг, йе стыр цин алы бон дӕр». Йегъовӕ райгонд уыд Йесойӕ, уӕлӕрвты хорз кусӕг кӕй уыд, уый тыххӕй. Куыд хъуыды кӕныс, зӕххыл куы цард, уӕд дӕр кусын уарзта? (Ӕмбисӕндтӕ 8:30; Колоссӕгтӕм 1:15, 16).

6. а) Куыд дӕм кӕсы, Йесо гыццылӕй хӕдзары куыстытӕ кодта? ӕ) Сывӕллӕтты цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йесойы хуызӕн уой?

6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, гыццылӕй-иу Йесо хъазгӕ дӕр кодта, уымӕн ӕмӕ Библи зӕгъы, уыцы рӕстӕг дӕр-иу сывӕллӕттӕ кӕй хъазыдысты (Захари 8:5; Матфейы 11:16, 17). Фӕлӕ йӕ мад ӕмӕ йӕ фыд хъӕздыг нӕ уыдысты. Йесо хистӕр сывӕллон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕдзары куыстытӕ дӕр кодта ӕмӕ ма йӕ Иосиф хъӕддӕсныйы куыстыл дӕр ахуыр кодта. Фӕстӕдӕр Йесо хъусын кодта хорз хабар ӕмӕ йӕ рӕстӕг иууылдӕр уыцы хъуыддагӕн хардз кодта, йӕхи мӕт ӕй ӕппындӕр нӕ уыд (Лукайы 9:58; Иоанны 5:17). Куыд дӕм кӕсы, дӕу цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йесойы хуызӕн уай? Дӕ ныййарджытӕ дын фӕзӕгъынц, дӕ уат бафснай, йе та хӕдзары ӕндӕр исты бакус, зӕгъгӕ? Ӕмбырдтӕм цӕуынмӕ ӕмӕ, цы базоныс, уый тыххӕй дӕ иннӕтӕн дзурынмӕ фӕразӕнгард кӕнынц? Куыд хъуыды кӕныс, Йесойӕн гыццылӕй йӕ мад ӕмӕ йӕ фыд ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй куы дзырдтаиккой, уӕд сӕм байхъуыстаид?

Зӕрдиагӕй ахуыр кодта Фыстад ӕмӕ уыд хорз ахуыргӕнӕг

7. а) Йесо Куадзӕнмӕ кӕимӕ ацыд? ӕ) Иннӕтӕ хӕдзармӕ куы здӕхтысты, уӕд Йесо кӕм уыд ӕмӕ цӕмӕн?

7 Израилы алы нӕлгоймаг дӕр, суанг гыццыл лӕппутӕ дӕр, хъуамӕ цыдаиккой Йегъовӕйы кувӕндонмӕ ӕртӕ бӕрӕгбоны рӕстӕг (Дыккаг закъон 16:16). Йесо дӕр 12-аздзыдӕй йӕ бинонтимӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртимӕ, ацыд Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ Иерусалиммӕ. Семӕ ма уыди Саломи дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Марийӕйы хо, йӕ лӕг Зеведеимӕ ӕмӕ сӕ лӕппутӕ Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ (фӕстӕдӕр систы йӕ апостолтӕ) * (Матфейы 4:20, 21; 13:54–56; 27:56; Марчы 15:40; Иоанны 19:25). Фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ Йесо семӕ кӕй нӕ уыд, уый Иосиф ӕмӕ Марийӕ уайтагъд нӕ базыдтой. Уыдон афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, сӕ хӕстӕджытимӕ ис. Фӕлӕ ӕртӕ боны фӕстӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йесойы ссардтой кувӕндоны, «уый бадт ахуыргӕнджыты ’хсӕн ӕмӕ сӕм хъуыста, стӕй сӕм лӕвӕрдта фарстытӕ дӕр» (Лукайы 2:44–46).

8. Йесо кувӕндоны цы куыста ӕмӕ адӕм цӕмӕн дис кодтой?

8 Йесо ахуыргӕнджытӕм цавӕр «фарстытӕ» лӕвӕрдта? Ӕнӕуи исты базоныны тыххӕй сӕ нӕ фарста. Ацы ран цы грекъаг дзырд ис, уый нысан кӕны тӕрхонгӕнӕджы фарстытӕ, уыимӕ хынцфарст кӕнын дӕр. О, хӕрз ӕрыгонӕй дӕр Йесо Библи афтӕ хорз зыдта, ӕмӕ дины ахуыргӕнджытӕ дис кодтой! «Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ дисӕн кӕрон нал уыд, цы дзуаппытӕ дӕтты ӕмӕ куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ»,– фыст ис Библийы (Лукайы 2:47).

9. Йесо Библи куыд ахуыр кодта, дӕуӕн дӕр ӕй дӕ бон у афтӕ ахуыр кӕнын?

9 Куыд хъуыды кӕныс, афтӕ ӕрыгонӕй Йесойӕн йӕ бон куыд уыд, Библи хорз чи зыдта, уыцы ахуыргӕнджыты дисы ’фтауын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды фӕрцы, уымӕн ӕмӕ йын уыдон йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ амыдтой Хуыцауы Ныхас (Рацыд 12:24–27; Дыккаг закъон 6:6–9; Матфейы 1:18–20). Нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, Иосиф-иу гыццыл Йесойы йемӕ ӕмбырдгӕнӕнмӕ кӕй акодта – уым кастысты Фыстад ӕмӕ йыл ныхас кодтой. Дӕуӕн дӕр ахӕм мад ӕмӕ фыд ис, демӕ Библи чи ахуыр кӕны ӕмӕ дӕ ӕмбырдтӕм чи кӕны? Йесойау ды дӕр аргъ кӕныс, дӕ ныййарджытӕ дын цы аразынц, уымӕн? Ӕмӕ цы базоныс, уый тыххӕй Йесойау иннӕтӕн фӕдзурыс?

Йесо уыд коммӕгӕс

10. а) Йесо кӕм ис, уый йӕ ныййарджытӕ цӕмӕн хъуамӕ зыдтаиккой? ӕ) Йесо сывӕллӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

10 Куыд дӕм кӕсы, Марийӕ ӕмӕ Иосиф ӕртӕ боны фӕстӕ Йесойы кувӕндоны куы ссардтой, уӕд цин кодтой ӕви маст? Тынг бацин кодтой. Фӕлӕ Йесо бадис кодта, кӕм ис, уый кӕй нӕ зыдтой, ууыл. Сӕ дыууӕ дӕр зыдтой Йесойы диссаджы райгуырды хабар. Стӕй кӕд алцы хорз не ’мбӕрстой, уӕддӕр зыдтой, фидӕны Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй уыдзӕн (Матфейы 1:21; Лукайы 1:32–35; 2:11). Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йесо бафарста: «Ӕмӕ мӕ цӕмӕн агуырдтат? Нӕ йӕ зыдтат, ӕз мӕ Фыды хӕдзары кӕй дӕн? Ӕндӕр кӕм хъуамӕ уыдаин?» Фӕлӕ уӕддӕр Йесо йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды коммӕ бакаст ӕмӕ семӕ Назаретмӕ раздӕхт. Библийы фыст ис: «Ӕмӕ сын уыд коммӕгӕс. Йӕ мад та уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр йӕ зӕрдыл бадардта» (Лукайы 2:48–51).

11. Йесо коммӕгӕс кӕй уыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

11 Ӕнцон дын у Йесойау алы хатт дӕр дӕ мад ӕмӕ дӕ фыдмӕ хъусын? Ӕви дӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уыдон абоны цард не ’мбарынц ӕмӕ ды уыдонӕй бирӕ фылдӕр зоныс? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕйдӕрты тыххӕй ды фылдӕр зондзынӕ, зӕгъӕм, дзыппыдаргӕ телефон, компьютер кӕнӕ ногӕй цы ӕрхъуыды кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй. Фӕлӕ-ма Йесойыл ахъуыды кӕн. «Цы дзуаппытӕ лӕвӕрдта ӕмӕ куыд ӕмбаргӕ уыд», ууыл дис кодтой дӕсны ахуыргӕнджытӕ. Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, йемӕ абаргӕйӕ, ды бирӕ кӕй нӕ зоныс. Фӕлӕ уӕддӕр Йесо йӕ ныййарджытӕм хъуыста. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ алы хатт дӕр семӕ разы уыд. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ коммӕ каст, суанг куы сыстыр, уӕд дӕр. Йесойы миниуджытӕй ды цӕуыл ахуыр кӕныс? (Дыккаг закъон 5:16, 29).

Коммӕ кӕсын ӕнцон нӕу

12. Цы дын дзурынц, уый куы кӕнай, уӕд дын уый дӕ цард куыд хъахъхъӕндзӕн?

12 Коммӕ кӕсын алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы. Уый бӕрӕг у, цалдӕр азы размӕ дыууӕ чызгыл фӕндаджы сӕрты хизгӕйӕ цы хабар ӕрцыд, уымӕй. Уыдон, кӕм ӕмбӕлы, уым ахизыны бӕсты, ӕхсӕз машинӕйӕн цӕуӕн кӕм ис, ахӕм фӕндагыл алыгъдысты. «Джон, ды дӕр рацу»,– хъӕр кодтой чызджытӕ се ’мбалмӕ, фӕндаджы сӕрты ахизынӕн цы хид уыд, уыцырдӕм куы фӕцӕйцыд, уӕд. «Немӕ цӕуыс ӕви нӕ?» Джон куы фӕкъуылымпы, уӕд ӕй чызджытӕй иу мӕстӕй марын райдыдта: «Тӕппуд! Тӕппуд!» Джон семӕ ацӕуын нӕ тарст, фӕлӕ уӕддӕр загъта: «Ӕз мӕ мадмӕ хъусын». Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр цӕлхыты хъыррыст фӕцыд ӕмӕ Джон ауыдта, уыцы дыууӕ чызджы машинӕ куыд скъуырдта, уый. Чызджытӕй иу фӕмард, иннӕ та афтӕ фӕцӕф, ӕмӕ йын йӕ къах алыг кӕнын бахъуыд. Чызджытӕн сӕ мад дзырдта, цӕмӕй, кӕм ӕмбӕлы, уым-иу хизой фӕндаджы сӕрты. Фӕстӕдӕр Джоны мадӕн загъта: «Бӕргӕ, уыдон дӕр дӕ лӕппуйау коммӕгӕс куы уыдаиккой» (Ефесӕгтӕм 6:1).

13. а) Дӕ ныййарджытӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусай? ӕ) Сывӕллӕттӕн сӕ бон кӕд у, ӕмӕ сӕ ныййарджытӕм ма байхъусой?

13 Хуыцау афтӕ цӕмӕн загъта, «сывӕллӕттӕ... уӕ ныййарджытӕм хъусут», зӕгъгӕ? Уымӕн ӕмӕ дӕ ныййарджытӕм куы хъусай, уӕд афтӕмӕй хъусыс Хуыцаумӕ. Уымӕй уӕлдай, дӕ мад ӕмӕ дӕ фыд дӕуӕй фылдӕр ацардысты ӕмӕ дӕуӕй фылдӕр зонынц. Зӕгъӕм, уӕлдӕр цы хабар радзырдтам, уымӕй фондз азы размӕ Джонӕн йӕ мады ’мбалы сывӕллон дӕр уыцы фӕндаджы сӕрты хизгӕйӕ фӕмард! Алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы ныййарджытӕм хъусын, фӕлӕ дын Хуыцау зӕгъы, цӕмӕй афтӕ кӕнай. Фӕлӕ дын кӕд дӕ ныййарджытӕ кӕнӕ исчи дзуры, цӕмӕй асайай, адавай йе та, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ӕндӕр ахӕм хъуыддаг бакӕнай, уӕд ды хъуамӕ Хуыцаумӕ «хъусай, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ». Уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕсты размӕ, «уӕ ныййарджытӕм хъусут», зӕгъгӕ, Библийы фыст ис: «Нӕ Хицауы хатырӕй». Ома хъуамӕ дӕ ныййарджытӕм хъусай, Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ чи нӕу, ахӕм хъуыддӕгтӕ дын куы аразын кӕной, уӕд (Хъуыддӕгтӕ 5:29).

14. Ӕххӕст адӕймагӕн коммӕ кӕсын ӕнцондӕр цӕмӕн у, фӕлӕ йӕ уӕддӕр уыцы миниуӕгыл ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

14 Куыд хъуыды кӕныс, Йесойау ӕххӕст адӕймаг куы уаис, «ӕнӕхин, ӕнӕфау, тӕригъӕдджынтимӕ иумӕйагӕй кӕмӕн ницы ис», уӕд дын алыхатт дӕр ӕнцон уаид дӕ ныййарджытӕм хъусын? (Дзуттӕгтӕм 7:26). Ӕххӕст куы уаис, уӕд дӕ нӕ фӕндид ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын, ныр куыд вӕййы, афтӕ (Райдиан 8:21; Псалом 50:7). Фӕлӕ ма суанг Йесойы дӕр хъуыди хуыздӕр базонын, коммӕ кӕсын куыд хъӕуы, уый. Библийы кӕсӕм: «Кӕд [Йесо] йӕ Фырт уыди, уӕддӕр, цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы сахуыр коммӕ кӕсыныл» (Дзуттӕгтӕм 5:8). Уӕлӕрвты Йесо хъизӕмӕрттӕ никуы бавзӕрста. Фӕлӕ йын зӕххыл та уый куыд баххуыс кодта, цӕмӕй сахуыр уыдаид коммӕ кӕсыныл?

15, 16. Йесо коммӕ кӕсыныл куыд сахуыр?

15 Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йегъовӕмӕ байхъуыстой ӕмӕ, Йесо гыццыл куы уыдис, уӕд ӕй фыдбылызӕй бахъахъхъӕдтой (Матфейы 2:7–23). Фӕстӕдӕр Хуыцау Йесойы диссаджы хуызы нал хъахъхъӕдта. Йесойӕн афтӕ зын уыд, ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта» (Дзуттӕгтӕм 5:7). Уый кӕд уыди?

16 Уый уыди, Йесойӕн зӕххыл цӕрынӕн бирӕ рӕстӕг куы нал баззад ӕмӕ Сайтан тынг куы архайдта, цӕмӕй Хуыцауы ныууадза, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн, Йесо тынг мӕт кодта, фыдгӕнӕджы мардӕй йӕ кӕй амардзысты, уый йӕ Фыды ном куы фӕхудинаг кӕна, ууыл. Ӕмӕ Гефсиманы дыргъдоны куы уыд, уӕд «хъуырдухӕн кӕнгӕйӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй кувын байдыдта; ӕмӕ йӕ хид туг фестад ӕмӕ калд зӕхмӕ». Цалдӕр сахаты фӕстӕ, Йесо хъӕдыл ауыгъдӕй йӕ фыррыстӕй «дзынӕзта ӕмӕ [йӕ] цӕссыг калдта» (Лукайы 22:42–44; Марчы 15:34). Афтӕмӕй, «цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы сахуыр коммӕ кӕсыныл», ӕмӕ ууыл йӕ Фыд тынг цин кодта. Ныр уӕлӕрвты Йесо хорз ӕмбары, коммӕ кӕсын нӕ куы фӕфӕнды, уӕд нын куыд зын вӕййы (Ӕмбисӕндтӕ 27:11; Дзуттӕгтӕм 2:18; 4:15).

Коммӕ кӕсыныл ахуыр кӕн

17. Зондамындмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

17 Дӕ мад ӕмӕ дын дӕ фыд зонд куы фӕамонынц, куы дын фӕуайдзӕф кӕнынц, уӕд уымӕй бӕрӕг вӕййы, кӕй дӕ уарзынц ӕмӕ сӕ дӕ хорз кӕй фӕнды. «Ахӕм фырт ис, ӕмӕ йын йӕ фыд зонд ма бацамона?»– фӕрсы Библи. Хъыг дын нӕ уаид, дӕ ныййарджытӕ дӕ ӕрмӕстдӕр иу гыццыл куы уарзиккой ӕмӕ-иу дын рӕстӕг куы не ссариккой, цӕмӕй дын дӕ рӕдыдтыты тыххӕй дзурой, раст дӕ кӕной? Уӕдӕ дӕ Йегъовӕ кӕй уарзы, зонд дӕр дын уымӕн амоны. «Раст у, адӕймагӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд ын ӕхсызгон нӕ вӕййы – хъыг ӕм фӕкӕсы. Фӕлӕ уый фӕстӕ, уыцы зондамындӕй цӕуылдӕр чи сахуыр вӕййы, уыдонӕн уый ӕрхӕссы фарны тыллӕг – рӕстдзинад» (Дзуттӕгтӕм 12:7–11).

18. а) Цӕуыл дзурӕг вӕййы, сывӕллонӕн зонд куы фӕамонынц, уый? ӕ) Зондамынд хорзырдӕм кӕуыл фӕзынд, ахӕм адӕмы зоныс?

18 Рагон Израилы паддзах Соломон, Йесо тынг зондджын кӕй схуыдта, уый дзырдта, куыд тынг хъӕуы, цӕмӕй ныййарджытӕ фӕлмӕнӕй зонд амоной. Соломон ныффыста: «Йӕ фыртмӕ уис чи нӕ исы, уый дзы йе сӕфт уыны, чи йӕ уарзы, уый та йын зонд амоны». Стӕй ма афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, зонд кӕмӕн фӕамонынц, уыцы адӕймаг йӕхи мӕлӕтӕй дӕр бахизы (Ӕмбисӕндтӕ 13:24; 23:13, 14; Матфейы 12:42). Иу чырыстон сылгоймаг радзырдта, гыццылӕй-иу ӕмбырды куы фыдуаг кодта, уӕд ын-иу йӕ фыд загъта, хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхӕм, уӕд аныхас кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Ныр ӕхсызгонӕй йӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, йӕ фыд ын зонд кӕй амыдта, уый йын кӕй баххуыс кодта царды раст фӕндагыл слӕууынӕн.

19. Дӕ ныййарджыты коммӕ уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъуамӕ кӕсай?

19 Кӕд дӕ дӕ мад ӕмӕ дӕ фыд афтӕ тынг уарзынц, ӕмӕ рӕстӕг ссарынц, цӕмӕй дын зонд амоной, уӕд сӕ бузныг у. Сӕ коммӕ кӕс, нӕ Хицау Йесо Чырысти йӕ ныййарджыты, Иосиф ӕмӕ Марийӕйы коммӕ куыд каст, афтӕ. Фӕлӕ сӕм ӕппӕты тынгдӕр та хъуамӕ уымӕн хъусай, ӕмӕ дын афтӕ зӕгъы дӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ. Афтӕ куы кӕнай, уӕд «дын уыдзӕн хорз ӕмӕ зӕххыл бирӕ фӕцӕрдзынӕ» (Ефесӕгтӕм 6:2, 3).

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Кӕс «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 841 ф., (англ.) рауагътой йӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусой?

• Йесо гыццылӕй йӕ ныййарджыты коммӕ куыд каст, уымӕй фӕзминаг куыд у?

• Йесо коммӕ кӕсыныл куыд сахуыр?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

12-аздзыд Йесо тынг хорз зыдта Фыстад

[Ныв 22 фарсыл]

Йесо хъизӕмӕртты фӕрцы коммӕ кӕсыныл куыд сахуыр?