Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сылгоймӕгтӕ, уӕ лӕгты нымайут

Сылгоймӕгтӕ, уӕ лӕгты нымайут

Сылгоймӕгтӕ, уӕ лӕгты нымайут

«Сылгоймӕгтӕ сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт» (ЕФЕСӔГТӔМ 5:22).

1. Сылгоймагӕн зын цӕмӕн вӕййы йӕ лӕджы нымайын?

БИРӔ бӕстӕты, дыууӕ уды сӕ цард куы баиу кӕнынц, уӕд сылгоймаг дзырд радты, йӕ лӕджы кӕй нымайдзӕн. Фӕлӕ усӕн йӕ лӕджы нымайын ӕнцон уыдзӕн ӕви нӕ, уый баст у, лӕг йӕ усӕн куыд уыдзӕн, уыимӕ. Фӕлӕ райдианы бинонты цардӕн хорз бындур ӕвӕрд ӕрцыд. Хуыцау Адамӕн, фыццаг нӕлгоймагӕн, йӕ фӕрск систа ӕмӕ дзы скодта сылгоймаджы. Адам сцин кодта: «Кӕдӕй-уӕдӕй, ай у мӕ туг ме стӕг» (Райдиан 2:19–23).

2. Фӕстаг рӕстӕг цы цӕстӕй кӕсын райдыдтой сылгоймӕгты бартӕм ӕмӕ ӕмкъайадмӕ?

2 Кӕд бинонты цардӕн хорз бындур ӕвӕрд уыд, уӕддӕр уавӕр фӕивта. 1960 азты райдиан Америкӕйы сылгоймӕгтӕ сӕ бартыл тох кӕнын райдыдтой. Кӕд уӕдмӕ фылдӕр лӕгтӕ уагътой сӕ бинонты, уӕд 1960 азты кӕронмӕ та, йӕ бинонты чи ныууагъта, ахӕм сылгоймӕгты нымӕц дӕр дзӕвгар фӕфылдӕр. Ныр сылгоймӕгтӕ нӕлгоймӕгтау ӕвзӕр дзыхӕй дзурынц, нуазынц, тамако дымынц ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ дӕр кӕнынц. Фӕлӕ цымӕ уымӕй амондджындӕр фесты? Нӕ. Иуӕй-иу бӕстӕты бинонджынтӕн се ’мбисы бӕрц ахицӕн вӕййынц. Цымӕ сылгоймӕгтӕ сӕ бартыл кӕй тох кӕнынц, уымӕй сӕ бинонты цард фӕхуыздӕр ӕви фӕфыддӕр? (2 Тимофеймӕ 3:1–5).

3. Бинонты цард цӕй тыххӕй хӕлы?

3 Бинонты царды зындзинӕдтӕ цӕмӕй райдыдтой? Евӕ, Хуыцауы ныхмӕ цы зӕд рацыд, «Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны», уымӕ кӕй байхъуыста, уӕмӕй (Раргомад 12:9; 1 Тимофеймӕ 2:13, 14). Хуыцау цы дзырдта, уый Сайтан сзыгъуыммӕ кодта. Зӕгъӕм, бинонты цард Хӕйрӕг ахӕм хуызы равдыста, цыма уый стыр уаргъ у, хорзӕй дзы ницы ис. Уыцы зондахаст Сайтан, ацы дунейы хицау, парахат кӕны телеуынынады, газетты уылты ӕмӕ ма ӕндӕр мадзӕлттӕй. Архайы, цӕмӕй адӕммӕ афтӕ кӕса, ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ раст не сты ӕмӕ сын абон тых нал ис (2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4). Фӕлӕ сылгоймагӕн бинонты царды цы бынат ис, уый тыххӕй Хуыцау цы загъта, ууыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд фендзыстӕм, Библи стыр зонды чиныг кӕй у ӕмӕ пайда кӕй у.

Бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн фӕдзӕхст

4, 5. а) Бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыдон къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уой? ӕ) Смой кӕныны размӕ сылгоймаг цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна?

4 Библи нӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, Хӕйрӕджы къухы цы дуне ис, уым амондджын бинонтӕн дӕр «бирӕ мӕт» уыдзӕн. Кӕд бинонты цардӕн бындур Хуыцау ӕрӕвӕрдта, уӕддӕр Библи фӕдзӕхсы, бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыдон къӕрцхъус кӕй хъуамӕ уой. Йӕ лӕг кӕмӕн амард ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон ногӕй смой кӕнын кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймӕгты тыххӕй Библийы фысджытӕй иу загъта: «Амондджындӕр уыдзӕни, куы нал смой кӕна, уӕд». Йесо дӕр дзырдта, зӕгъгӕ, «кӕмӕн у йӕ бон», уыдон бинонтӕ ма скӕнӕнт. Фӕлӕ бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уымӕн йӕ цардӕмбал хъуамӕ уа, «Хицауыл чи ӕууӕнды», йӕхи йын чи снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд чи райста, ахӕм (1 Коринфӕгтӕм 7:28, 36–40; Матфейы 19:10–12).

5 Уӕлдайдӕр сылгоймаг хъуамӕ ахъуыды кӕна, мой кӕнынмӕ кӕмӕ хъавы, ууыл, уымӕн ӕмӕ Библи фӕдзӕхсы: «Моймӕдзыд сылгоймаг йӕ сӕрыхицауимӕ закъонӕй баст у». Ӕрмӕст йӕ лӕг куы амӕла, кӕнӕ ӕнӕгъдау ми куы сараза ӕмӕ куы ахицӕн уой, уӕд ӕм «закъон ницыуал бар дардзӕн» (Ромӕгтӕм 7:2, 3). Адӕймаджы зӕрдӕйы фыццаг бакастӕй уарзты зынг куы ссудзы, уӕд уый ӕхсызгон вӕййы, фӕлӕ амондджын бинонтӕ скӕнынӕн, уый фаг нӕу. Уымӕ гӕсгӕ, моймӕдзыд чи нӕу, ахӕм сылгоймаг хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Цӕттӕ дӕн смой кӕнынмӕ, кӕд ӕмӕ уыцы нӕлгоймагимӕ закъонӕй баст уыдзынӕн?» Ацы фарстайыл ахъуыды кӕнын хъӕуы мой кӕныны размӕ, уый фӕстӕ нӕ, фӕлӕ.

6. Сылгоймӕгтӕн сӕ фылдӕры бон цы у ӕвзарын, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ уой?

6 Абон бирӕ бӕстӕты сылгоймагӕн йӕхи бон у ӕвзарын, смой кӕна ӕви нӕ. Фӕлӕ уӕддӕр сылгоймагӕн зын вӕййы раст уынаффӕ рахӕсын, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цымӕй йӕ уарзой ӕмӕ йӕ фарсмӕ исчи уа. Иу фыссӕг загъта: «Цас тынгдӕр нӕ фӕнды цыдӕр саразын,– бинонтӕ скӕнын уа, йе та хохмӕ схизын,– уыйас ӕнцондӕр вӕййы фӕрӕдийӕн. Адӕймаг фехъусы, фехъусын ӕй цы фӕфӕнды, ӕрмӕст уый». Альпинист раст уынаффӕ куы нӕ рахӕсса, уӕд йӕ цард дӕр фесафдзӕн. Уӕдӕ адӕймаг цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ куы фӕрӕдийа, уӕд уый дӕр, чи зоны, бӕллӕхмӕ ӕркӕна.

7. Цавӕр хорз уынаффӕ лӕвӕрд уыд, бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн?

7 Сылгоймаг хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕна, йӕ лӕгимӕ закъонӕй баст кӕй уыдзӕн, уымӕ цы хауы. Иу хатт иу ӕрыгон индиаг чызг загъта: «Нӕ ныййарджытӕ махӕй хистӕр ӕмӕ ӕмбаргӕдӕр сты, ӕмӕ сӕ мах хуызӕн нӕ асайдзынӕ... Мӕнӕн та ӕнцонтӕй у ма бон фӕрӕдийын». Ацы хъуыддаджы ныййарджытӕ ӕмӕ иннӕтӕ стыр ӕххуыс вӕййынц. Иу зондджын лӕг-иу ӕрыгӕттӕн уынаффӕ кодта, зӕгъгӕ, цардӕмбалӕн кӕй ӕвзарут, уымӕн йӕ ныййарджытимӕ базонгӕ ут, ӕмӕ уӕ хъус ӕрдарут, йӕ бинонтимӕ йӕхи куыд дары, уымӕ.

Йесо коммӕгӕс куыд уыд

8, 9. а) Йесо цы цӕстӕй каст, Хуыцауы коммӕ кӕсын кӕй хъуыд, уымӕ? ӕ) Коммӕ кӕсын цӕмӕн хъӕуы?

8 Кӕд коммӕ кӕсын ӕнцон нӕу, уӕддӕр сылгоймагӕн йӕ бон у, уый йӕ кадджын хӕсыл нымайын. Йесой дӕр ацы хъуыддагмӕ ахӕм цӕстӕй каст. Кӕд ын Хуыцауы коммӕ кӕсын зындзинӕдтимӕ баст уыд, ӕмӕ хъуамӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл амардаид, уӕддӕр Йесойӕн ӕхсызгон уыд йӕ Фыдмӕ хъусын (Лукайы 22:41–44; Дзуттӕгтӕм 5:7, 8; 12:3). Сылгоймӕгтӕн сӕ бон у Йесойы фӕзмын, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис: «Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Фӕлӕ зыгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы ныхӕстӕ ӕрмӕст моймӕдзыд сылгоймӕгтӕм нӕ хауынц.

9 Библи ӕмбарын кӕны, сылгоймаг, фӕнды моймӕдзыд уа, фӕнды нӕ, уӕддӕр хъуамӕ чырыстон ӕмбырды цӕстдарджыты коммӕ кӕса (1 Тимофеймӕ 2:12, 13; Дзуттӕгтӕм 13:17). Сылгоймӕгтӕ уыцы хъуыддаджы Хуыцаумӕ куы хъусой, уӕд зӕдтӕн дӕр сты фӕзминаг (1 Коринфӕгтӕм 11:8–10). Уымӕй уӕлдай ма, моймӕдзыд ацӕргӕ сылгоймӕгтӕ сӕхи хорз уагахастӕй ӕмӕ сӕ уынаффӕтӕй ӕххуыс кӕндзысты ӕрыгӕттӕн, цӕмӕй сӕ лӕгты коммӕ кӕсой (Титмӕ 2:3–5).

10. Коммӕ кӕсын куыд хъӕуы, уый Йесо куыд равдыста?

10 Йесо ӕмбӕрста, коммӕ кӕсын кӕй хъӕуы, уый. Иу хатт, апостол Петрӕн загъта, цӕмӕй сӕ дыууӕйы тыххӕй дӕр хъалон бафыстаид, ӕмӕ ӕхца кӕм самал кодтаид, уый дӕр ын бацамыдта. Фӕстӕдӕр Петр ныффыста: «Нӕ Хицауы хатырӕй коммӕгӕс ут адӕймаджы ӕвӕрд хицӕуттӕй алкӕмӕн дӕр» (1 Петры 2:13; Матфейы 17:24–27). Йесо цы диссаджы коммӕгӕсдзинад равдыста, уый тыххӕй кӕсӕм: «Йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта, райста цагъары хуыз ӕмӕ сси адӕймаг. Уымӕй уӕлдай, адӕймаг куы уыди, уӕд йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ коммӕгӕс уыд мӕлӕты онг дӕр» (Филиппӕгтӕм 2:5–8).

11. Йӕ сӕрыхицау уырнӕг кӕмӕн нӕу, уыцы сылгоймӕгты Петр коммӕ кӕсынмӕ цӕмӕн разӕнгард кодта?

11 Петр чырыстӕтты куы разӕнгард кодта, цӕмӕй ацы дунейы ӕгъатыр, ӕнӕраст хицӕуттӕн коммӕгӕс уой, уӕд бамбарын кодта: «Хуынд дӕр ахӕм цардмӕ ӕрцыдыстут, уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат» (1 Петры 2:21). Петр Йесойы хъизӕмӕртты, йӕ коммӕгӕсдзинад ӕмӕ йӕ фӕразондзинады тыххӕй куы радзырдта, уӕд сразӕнгард кодта, йӕ сӕрыхицау уырнӕг кӕмӕн нӕу, уыцы сылгоймӕгты: «Афтӕ сымах дӕр, устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй сӕ Хуыцауы ныхасмӕ чи нӕ хъусы, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй дӕр сӕ устыты уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕрцы басӕттой, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ» (1 Петры 3:1, 2).

12. Йесо коммӕгӕс кӕй уыд, уый цы пайда ӕрхаста?

12 Адӕймагӕй куы фӕхынджылӕг кӕнынц ӕмӕ йӕ куы фефхӕрынц, уый та сабыр куы вӕййы, уӕд уый чидӕртӕ лӕмӕгъдзинадыл нымайынц. Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта. «Ӕлгъыстой йӕ,– ныффыста Петр,– фӕлӕ уый никӕй ӕлгъыста. Хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрста, фӕлӕ ӕртхъирӕн никӕмӕ кодта» (1 Петры 2:23). Йесойы хъизӕмӕрттӕм чи каст, уыдонӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауыл баууӕндыдысты. Зӕгъӕм, йӕ фарсмӕ хъӕдыл цы абырӕджы ӕрцауыгътой, уый, ӕмӕ ма уым цы ӕфсады хицау уыд, уый дӕр (Матфейы 27:38–44, 54; Марчы 15:39; Лукайы 23:39–43). Петр ма загъта, ӕнӕуырнӕг лӕгтӕй чидӕртӕ, суанг йӕ бинойнаджы чи фефхӕры, уыдон дӕр, гӕнӕн ис, суой чырыстӕттӕ, сӕ устытӕ коммӕгӕс кӕй сты, уый фӕрцы. Афтӕ кӕй у, уый абон дӕр фенӕн ис.

Сылгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у сӕ лӕгтӕн чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн баххуыс кӕнын

13, 14. Цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы, устытӕ сӕ ӕнӕуырнӕг лӕгты коммӕ кӕй фӕкӕсынц, уый?

13 Уырнӕг цы сылгоймӕгтӕ систы, уыдон сӕ лӕгты зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн кодтой сӕ чырыстон уагахастӕй. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрӕджы цы облӕстон конгресс уыд, уым иу лӕг йӕ чырыстон бинойнаджы тыххӕй загъта: «Ӕгӕр тызмӕг ӕм уыдтӕн. Фӕлӕ мын уый уӕддӕр аргъ кодта, ӕгады бынаты мӕ никуы сӕвӕрдта. Ӕдзух мын йӕ дины кой нӕ кодта. Зӕрдиагӕй мыл тыхст. Ӕмбырдмӕ цӕуыны размӕ-иу хӕринаг скодта ӕмӕ-иу хӕдзары куыстытӕ дӕр бакодта. Йӕхи куыд дардта, уый руаджы мӕ бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын. Ӕмӕ абон ам дӕн!» О, уыцы лӕг йӕ усы уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕрцы «ӕнӕ ныхӕстӕй... басаст».

14 Петр хъус ӕрдардта, ацы хъуыддаджы сӕйрагдӕр кӕй у, сылгоймаг цы дзуры, уый нӕ, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ. Афтӕ кӕй у, уый хорз зыны иу сылгоймаджы хабарӕй. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд бамбӕрста, ӕмбырдтӕм цӕуын кӕй хъӕуы. «Агнес, ацы дуарӕй куы ахизай, уӕд дзы фӕстӕмӕ мауал ӕрбахиз!»– хъӕр кодта йӕ лӕг. Ӕмӕ уый дӕр уыцы дуарыл нӕ ахызт, фӕлӕ ӕндӕрыл. Иннӕ хатт ӕмбырдмӕ куы цыд, уӕд та йӕм ӕртхъирӕн кодта: «Куы ’рбаздӕхай, уӕд ӕз ам нал уыдзынӕн». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕртӕ боны нал фӕзынд. Куы фӕзынд, уӕд ӕй йӕ бинойнаг фӕлмӕнӕй бафарста: «Исты ахӕрдзынӕ?» Агнес, суанг гыццыл хъуыддаджы дӕр, Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта. Ӕппынфӕстаг йӕ лӕг Библи ахуыр кӕнын райдыдта, йӕ цард Хуыцауӕн снывонд кодта ӕмӕ стӕй цӕстдарӕгӕй лӕггад кодта ӕмӕ ма йыл уыд бирӕ ӕндӕр хӕстӕ дӕр.

15. Чырыстон сылгоймӕгтӕн сӕ «фидауц» цы хъуамӕ уа?

15 Апостол Петр сылгоймӕгтӕн дзырдта, зӕгъгӕ, уӕ «фидауц», «дзыккуты быд» кӕнӕ «уӕлӕдарӕс» ма уӕд. Фӕлӕ сын радта уынаффӕ: «Уӕ фидауц [уӕд]... уӕ зӕрдӕйы уаг – Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ чи у, уыцы сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды ӕнӕмӕлгӕ рӕсугъддзинад». Уыцы зондахаст бӕрӕг вӕййы хъӕлӕсы уагӕй ӕмӕ уӕздан уагахастӕй, быцӕу кӕнын ӕмӕ домынӕй нӕ, фӕлӕ. Афтӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, чырыстон сылгоймӕгтӕ сӕ лӕгты кӕй нымайынц (1 Петры 3:3, 4).

Фӕзминаг сылгоймӕгтӕ

16. Чырыстон сылгоймӕгтӕн Саррӕ фӕзминаг цавӕр хъуыддӕгты у?

16 Петр фыста: «Раздӕры заманты... Хуыцауыл йӕ ныфс чи дардта, уыцы ӕфсармджын сылгоймӕгтӕн сӕ фидауц уыд, сӕ лӕгты коммӕ кӕй кастысты, уый» (1 Петры 3:5). Уыдон ӕмбӕрстой, Йегъовӕйы уынаффӕтӕм куы хъусой, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ куы рухс кӕной, уӕд, ӕппынфӕстаг, сӕ бинонтӕ уыдзысты амондджын ӕмӕ ӕнусон цардӕй хорзӕхджын ӕрцӕудзысты. Петр ныффыста Саррӕйы, Авраамы рӕсугъд бинойнаджы тыххӕй, зӕгъгӕ, уый уыд «Авраамӕн коммӕгӕс ӕмӕ йӕ хуыдта йӕ сӕрыхицау». Стыр ныфс уыд йӕ лӕгӕн, Хуыцау ӕй дард бӕстӕмӕ лӕггад кӕнынмӕ куы арвыста, уӕд. Саррӕ йӕ хорз цард ныууагъта ӕмӕ ма суанг тассаг уавӕры дӕр бахауд (Райдиан 12:1, 10–13). Петр дзы раппӕлыд, ныфсджын кӕй уыд, уый тыххӕй: «Кӕд сымах хорз хъуыддӕгтӕ кӕнут ӕмӕ цыфӕнды ӕфхӕрд баййафынӕй дӕр нӕ тӕрсут, уӕд стут Саррӕйы сывӕллӕттӕ» (1 Петры 3:6).

17. Петр, чырыстон сылгоймӕгтӕн фӕзминаг чи у, уыдоны тыххӕй дзургӕйӕ Авигейӕйыл цӕмӕн ахъуыды кодтаид?

17 Петрӕн ма йӕ хъуыдыйы уыд, йӕ ныфс Хуыцауыл чи дардта, ӕндӕр ахӕм хъӕбатыр сылгоймаг Авигейӕ дӕр. Уый ӕмбаргӕ сылгоймаг уыд, йӕ лӕг Навал та уыд «дӕрзӕг ӕмӕ фыдлӕг». Давид ӕмӕ йӕ йӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын куы нӕ бафӕндыд, уӕд уыдон цӕттӕ уыдысты Навалы ӕд бинонтӕ фесафын. Фӕлӕ Авигейӕ батыхст, цӕмӕй йӕ хӕдзаронты фыдбылызӕй бахызтаид. Хӕрджытыл хӕринаг сӕвӕрдта, ӕмӕ фӕндагыл куыд фӕцӕйцыд, афтӕ амбӕлд Давид ӕмӕ йӕ гӕрзифтонг адӕмыл. Давиды куы ауыдта, уӕд йӕ разы йӕ уӕрджытыл ӕрхауд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ масты фӕдыл ма ацӕуа. Йӕ ныхастӕ Давиды зӕрдӕмӕ бахъардтой. «Табу Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн, абон дӕ мӕ размӕ чи рарвыста! Арфӕгонд уӕд де ’рхъуыдыдзинад» (1 Паддзахӕдты 25:2–33).

18. Сылгоймагӕн ӕндӕр нӕлгоймаг зӕрдӕлхӕнӕнтӕ куы кӕна, уӕд йӕ бон кӕуыл у ахъуыды кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

18 Сылгоймӕгтӕн ма хорз цӕвиттон у ӕрыгон Суламитӕ дӕр. Уый иузӕрдион уыд, дзырд кӕмӕн радта, уыцы хуымӕтӕг фыййауыл. Кӕд ын паддзах йӕ зӕрдӕ балхӕныныл архайдта, уӕддӕр йӕ уарзондзинад тыхджын разынд. Ӕрыгон фыййауы куыд уарзта, уый тыххӕй загъта: «Нывӕр мӕ дӕ зӕрдӕйы ӕмӕ дӕ къухыл мыхуырау; уымӕн ӕмӕ уарзондзинад мӕлӕтау тыхджын у... Стыр дӕттӕ дӕр нӕ ахуыссын кӕндзысты уарзондзинад, ӕмӕ йӕ цӕугӕдӕттӕ дӕр нӕ аласдзысты» (Соломоны зарӕг 8:6, 7). Цӕй уӕдӕ, йӕ фидӕны цардӕмбалӕн дзырд чи радта, уый йыл иузӕрдион уӕд ӕмӕ йын кад кӕнӕд.

Ноджы ма иу уынаффӕ Библийӕ

19, 20. а) Сылгоймӕгтӕ лӕгты коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсой? ӕ) Сылгоймӕгтӕн фӕзминаг чи у?

19 Уӕдӕ ныр ӕркӕсӕм, ацы статьяйы сӕйраг стих кӕцӕй ист у, уыцы скъуыддзагмӕ: «Сылгоймӕгтӕ сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт» (Ефесӕгтӕм 5:22). Коммӕ кӕсын ӕнӕмӕнг хъуыддаг цӕмӕн у? Иннӕ стих зӕгъы: «Уымӕн ӕмӕ усӕн лӕг йӕ сӕрыхицау у, Чырысти ӕмбырды сӕр куыд у, афтӕ». Уымӕ гӕсгӕ сылгоймӕгтӕн лӕвӕрд цӕуы уынаффӕ: «Ӕмбырд Чырыстийы коммӕ куыд кӕсы, афтӕ устытӕ дӕр алы хъуыддаджы дӕр сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт» (Ефесӕгтӕм 5:23, 24, 33).

20 Цӕмӕй сылгоймӕгтӕ ацы уынаффӕ ӕххӕст кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ хъуыды кӕной ӕмӕ фӕзмой Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджыты. Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 11:23–28 ӕмӕ уӕд базондзынӕ, апостол Павел цы бавзӕрста, цӕмӕй Йесо Чырыстийыл, ӕмбырды сӕргъы чи ис, ууыл иузӕрдионӕй баззадаид. Сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕмбырды иннӕтӕ дӕр Павелау хъуамӕ Йесойыл иузӕрдион уой ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсой. Сылгоймӕгтӕ уый ӕвдисынц, сӕ лӕгты коммӕ кӕй кӕсынц, уымӕй.

21. Цы разӕнгард кӕны сылгоймӕгты сӕ лӕгты коммӕ кӕсынмӕ?

21 Кӕд абон сылгоймӕгтӕй бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, коммӕ кӕсын сӕ кӕй хъӕуы, уый, уӕддӕр ӕмбаргӕ сылгоймӕгтӕ та зонынц, уый сын пайда кӕй у. Зӕгъӕм, ус йӕ ӕнӕуырнӕг лӕджы коммӕ куы кӕса (кӕд Хуыцауы закъӕттӕ хӕлд нӕ цӕуынц), уӕд, чи зоны, арфӕгонд ӕрцӕуа – фервӕзын ӕй кӕна (1 Коринфӕгтӕм 7:13, 16). Уымӕй уӕлдай, сылгоймаг зӕрдӕрухс уыдзӕн, кӕй зоны, Йегъовӕ дзы райгонд кӕй у ӕмӕ йын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, йӕ зынаргъ Фырт Йесойау кӕй архайы, уый тыххӕй.

Бахъуыды кодтай?

• Сылгоймӕгтӕн сӕ лӕгты нымайын зын цӕмӕн вӕййы?

• Сылгоймаг смой кӕныны размӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕна?

• Йесо сылгоймӕгтӕн фӕзминаг цӕмӕй у, ӕмӕ Йесойау куы архайой, уӕд куыд арфӕгонд уыдзысты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Сылгоймаг смой кӕна ӕви нӕ, ууыл ӕй лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

[Ныв 17 фарсыл]

Авигейӕйы хуызӕн сылгоймӕгтӕ фӕзминаг цӕмӕй сты?