Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕдтӕ. Адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

Зӕдтӕ. Адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

Зӕдтӕ. Адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

«Уый фӕстӕ федтон ӕндӕр зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ, уыдис ӕм стыр бартӕ... Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: „Бабын! Бабын Стыр Вавилон!“» (РАРГОМАД 18:1, 2).

1, 2. Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн зӕдтӕй кӕй пайда кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

АЦӔРГӔ апостол Иоанн Патмосы сакъадахмӕ хаст куы ’рцыд, уӕд уым федта пехуымпарадон цӕстылуайӕнтӕ. Иоанн сыгъдӕг удӕй [куы] схайджын» ӕмӕ «Хицау Йесойы боны» куы февзӕрд, уӕд федта диссаджы хабӕрттӕ. «Хицау Йесойы бон» райдыдта 1914 азы Йесо Чырысти паддзах куы сси, уӕд, ӕмӕ фӕуыдзӕн йӕ Миназон хицаудзинады кӕрон (Раргомад 1:10).

2 Йегъовӕ Хуыцау хабӕрттӕ Иоаннӕн йӕхӕдӕг нӕ раргом кодта. Уый тыххӕй спайда кодта кӕмӕйдӕрты. Раргомады 1:1 кӕсӕм: «Ам цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон Хуыцау раргом кодта Йесо Чырыстийы уылты, цӕмӕй йӕ цагъартӕн равдиса, тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ. Уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ уыцы зӕды фӕрцы уыдӕттӕ фӕсномыг нысӕнттӕй равдыста йӕ цагъар Иоаннӕн». Йегъовӕ Йесойы уылты зӕдӕн бахӕс кодта, цӕмӕй Иоаннӕн фехъусын кодтаид, «Хицау Йесойы боны» цы хъуамӕ ӕрцӕуа, уый. Иоанн ма федта «ӕндӕр зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ, уыдис ӕм стыр бартӕ». Уыцы зӕдӕн йӕ хӕс цы уыд? Библийы фыст ис: «[Уый] ныхъхъӕр кодта: „Бабын! Бабын Стыр Вавилон!“» (Раргомад 18:1, 2). Уыцы хъомысджын зӕд хъуамӕ фехъусын кодтаид, кӕй бабын Стыр Вавилон – мӕнг динтӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ. Уӕдӕ дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы, Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн зӕдтӕй кӕй пайда кӕны. Хуыцауы фӕндты зӕдтӕн цы бынат ис ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цалынмӕ уый бӕстон нӕ равзарӕм, уӕдмӕ уал ӕркӕсӕм, куыд фӕзындысты, уымӕ.

Зӕдтӕ куыд фӕзындысты?

3. Цавӕр рӕдыд хъуыдытӕ ис бирӕ адӕммӕ зӕдты тыххӕй?

3 Абон милуангай адӕймӕгты уырны, зӕдтӕ кӕй ис. Фӕлӕ чи сты, цы сты ӕмӕ куыд фӕзындысты, уый фӕдыл бирӕтӕ цы хъуыды кӕнынц, уый раст нӕу. Зӕгъӕм, иуӕй-иу уырнӕг адӕм хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, исчи куы амӕлы, уӕд ӕй Хуыцау йӕхимӕ акӕны ӕмӕ уым зӕд свӕййы. Фӕлӕ цымӕ Хуыцауы Ныхас дӕр афтӕ дзуры? Зӕдтӕ куыд фӕзындысты ӕмӕ цӕй тыххӕй сты?

4. Зӕдтӕ куыд фӕзындысты, уый тыххӕй нын Библи цы дзуры?

4 Зӕдтӕй иу у ӕппӕты тыхджындӕр ӕмӕ йӕм ис ӕппӕты фылдӕр бартӕ. Уый у хистӕр зӕд, Михаил (Иудӕйы 9). Уыцы хистӕр зӕд та у Йесо Чырысти (1 Фессалоникӕгтӕм 4:16). Тынг бирӕ ӕнусты размӕ, Йегъовӕйы куы бафӕндыд, цӕмӕй Сфӕлдисӕг суыдаид, уӕд ӕппӕты фыццаг сфӕлдыста ацы уӕларвон Фырты (Раргомад 3:14). Уый фӕстӕ йӕ фыццаггуырд Фыртимӕ Йегъовӕ сфӕлдыста ӕппӕт иннӕ зӕдты (Колоссӕгтӕм 1:15–17). Уыцы зӕдты йӕ фырттӕ схонгӕйӕ, Йегъовӕ Иовы бафарста: «Зӕххӕн бындур куы ӕвӕрдтон, уӕд ды кӕм уыдтӕ? Кӕд ӕй зоныс, уӕд мын ӕй зӕгъ... фисыны дур [ын] чи сӕвӕрдта, сӕууон стъалытӕ иууылдӕр фырцинӕй куы хъӕр кодтой ӕмӕ ӕппӕт Хуыцауы фыртты кады ныхӕстӕ дардыл куы хъуыстысты?» (Иов 38:4, 6, 7). Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй зӕдты сфӕлдыста Хуыцау ӕмӕ уыдон адӕмӕй бирӕ раздӕр фӕзындысты.

5. Цӕвӕр ӕртӕ къордыл дих кӕнынц зӕдтӕ?

5 «Хуыцау ахӕм нӕу, ӕмӕ йӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау ма уа, уый у фарны Хуыцау»,– дзырдӕуы 1 Коринфӕгтӕм 14:33. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ йӕ уӕларвон фыртты адих кодта ӕртӕ сӕйраг къордыл: 1) серафимтӕ – лӕггад кӕнынц Хуыцауы паддзахбадӕны цур, хъусын кӕнынц, Йегъовӕ сыгъдӕг кӕй у, уый ӕмӕ йын йӕ адӕмы сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнынц, 2) херувимтӕ – хӕцынц Йегъовӕйы хицаудзинады фарс, ӕмӕ 3) иннӕ зӕдтӕ – ӕххӕст кӕнынц Йегъовӕйы фӕндон (Псалом 102:20; Исай 6:1–3; Иезекил 10:3–5; Данел 7:10). Уыцы зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц? (Раргомад 5:11).

Цавӕр хӕс ис зӕдтӕн?

6. Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны херувимтӕн цы бахӕс кодта?

6 Зӕдты кой фыццаг хатт ӕмбӕлы Райдианы 3:24. Уым кӕсӕм: «[Йегъовӕ] ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы цӕхӕрадоны скӕсӕнырдыгӕй царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, ӕдзухдӕр зилгӕ чи кодта, уыцы цирхъы цӕхӕркалгӕ ком». Уыцы херувимты Хуыцау сӕвӕрдта, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ, фыццаг кӕм цардысты, уыцы цӕхӕрадонмӕ мауал бацыдаиккой. Афтӕ уыд ӕппӕты райдианы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕдтӕн сӕ хӕс цы у?

7. Дзырд «зӕд»-ӕн цы нысаниуӕг ис, уымӕ гӕсгӕ куыд ис базонӕн, зӕдтӕн сӕ хӕстӕй иу цы у, уый?

7 Библийы зӕдты кой ис иу-400 хатты. Дзырд «зӕд» дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтӕй ратӕлмац кӕнӕн ис дзырд «минӕвар»-ӕй. Уӕдӕ зӕдтӕ сты минӕвӕрттӕ Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн. Ацы статьяйы фыццаг дыууӕ абзацӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕ спайда кодта иу зӕдӕй, цӕмӕй апостол Иоаннӕн хабӕрттӕ фехъусын кодтаид.

8, 9. а) Маной ӕмӕ-иу йӕ усмӕ зӕд кӕй ӕрцыд, уый сӕ цардыл куыд фӕзынд? ӕ) Манойы цӕвиттонӕй ныййарджытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

8 Хуыцау ма зӕдты ӕрвыста, цӕмӕй йын йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кодтаиккой ӕмӕ-иу сӕ ныфс бауагътаиккой. Зӕгъӕм, тӕрхонгӕнджыты заманы Израилы, Маной ӕмӕ йӕ ус тынг бӕллыдысты сывӕллонмӕ, фӕлӕ ус уыд ӕнӕзӕнӕг. Йегъовӕ арвыста йӕ зӕды Манойы усмӕ, цӕмӕй йын фӕхабар кодтаид, лӕппу йын кӕй райгуырдзӕн. Зӕд ын загъта: «Мӕнӕ, басывӕрджын уыдзынӕ, ӕмӕ дын райгуырдзӕн фырт. Сӕрдасӕн йӕ сӕрыл хъуамӕ ма андзӕва, уымӕн ӕмӕ сывӕллон йӕ мады гуыбынӕй куы рацӕуа, уӕдӕй фӕстӕмӕ суыдзӕн Хуыцауы назорей. Ӕмӕ уый разамындӕй Израил филистимӕгты къухӕй фервӕздзӕн» (Тӕрхонгӕнджыты 13:1–5).

9 Манойы усӕн ӕцӕгдӕр райгуырд фырт. Схуыдтой йӕ Самсон. Йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй бакӕсӕн ис Библийы (Тӕрхонгӕнджыты 13:24). Цалынмӕ сывӕллон нӕ райгуырд, уӕдмӕ Маной Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй сӕм уыцы зӕд ногӕй ӕрцӕуа ӕмӕ сын бацамона, куыд хъуамӕ хъомыл кӕной сӕ лӕппуйы. Маной зӕды бафарста: «Куыд цӕрдзӕн ӕмӕ цы араздзӕн сывӕллон?» Йегъовӕйы зӕд уымӕй размӕ Манойы усӕн цы загъта, уый та ногӕй радзырдта (Тӕрхонгӕнджыты 13:6–14). Куыд тынг баххуыс кодтаиккой уыцы ныхӕстӕ Манойӕн! Абон зӕдтӕ адӕммӕ нал цӕуынц, фӕлӕ Манойау ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын, Йегъовӕ куыд дзуры, афтӕ (Ефесӕгтӕм 6:4).

10, 11. а) Елисей ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг сириӕгты ӕфсад куы федтой, уӕд куыд кодтой? ӕ) Ацы хабарыл нӕ хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

10 Зӕдтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц, уымӕн ма иу хорз цӕвиттон ӕрхӕссӕн ис пехуымпар Елисейы цардӕй. Елисей уыд израилаг горӕт Дофаны. Иу бон Елисейы лӕггадгӕнӕг сӕумӕрайсомӕй куы сыстад ӕмӕ ӕддӕмӕ куы акаст, уӕд горӕты алыварс федта бӕхтӕ ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ. Сирийы паддзах арвыста стыр гӕрзифтонг ӕфсад, цӕмӕй Елисейы ӕрцахстаиккой. Елисейы лӕггадгӕнӕг йӕхи куыд дардта? Уый фыртӕсӕй ныхъхъӕр кодта: «Ӕллӕх, мӕ хицау! Цы ма кӕндзыстӕм?» Афтӕ йӕм фӕкаст, ӕмӕ фесӕфтысты. Фӕлӕ йын Елисей загъта: «Ма тӕрс, немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты, семӕ чи ис, уыдонӕй». Цы йӕ фӕндыд уымӕй зӕгъын? (4 Паддзахӕдты 6:11–16).

11 Елисей зыдта, Хуыцау сӕм зӕдты ӕфсад кӕй рарвыста, цӕмӕй сӕ бахъахъхъӕна. Фӕлӕ йӕ лӕггадгӕнӕг ницы уыдта. Уӕд «Елисей кувын райдыдта: „О Йегъовӕ, курын дӕ, байгом ын кӕн йӕ цӕстытӕ, цӕмӕй фена“. Уыцы тӕккӕ Йегъовӕ байгом кодта лӕггадгӕнӕджы цӕстытӕ ӕмӕ уый федта, Елисейы алыварс уӕлвӕзтӕ кӕй нал зындысты бӕхтӕ ӕмӕ зынгкалгӕ хӕстон уӕрдӕттӕй» (4 Паддзахӕдты 6:17). Ныр йӕ лӕггадгӕнӕг федта зӕдты ӕфсад. Уырнындзинады цӕстӕй кӕсгӕйӕ, махӕн дӕр нӕ бон у уынын, зӕдтӕ иууылдӕр Йегъовӕ ӕмӕ Чырыстийы разамындӕй Йегъовӕйы адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕнынц.

Зӕдты ӕххуыс Чырыстийы рӕстӕджыты

12. Зӕд Гавриил Марийӕйӕн куыд баххуыс кодта?

12 Ахъуыды-ма кӕнӕм, дзуттаг ӕнӕцыд чызг Марийӕйӕн зӕд куыд баххуыс кодта, ууыл. Иухатт фехъуыста ахӕм хабар: «Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Йесо». Ацы диссаджы хабар фехъусын кӕныны размӕ йын Хуыцауы ӕрвыст зӕд Гавриил загъта: «Ма тӕрс, Марийӕ, уымӕн ӕмӕ ды ссардтай Хуыцауы хорзӕх» (Лукайы 1:26, 27, 30, 31). Зӕд Марийӕйӕн загъта, Хуыцауы хорзӕх кӕй ссардта. Уӕдӕ йын цӕй стыр ныфс ӕмӕ тыхы хос фӕуыдаиккой ацы ныхӕстӕ!

13. Куыд ӕххуыс кодтой зӕдтӕ Йесойӕн?

13 Сайтан Йесойы ӕдзӕрӕг быдыры ӕртӕ хатты куы фӕлвӕрдта, уӕд ма уый фӕстӕ ӕрцыд ноджыдӕр иу хабар. Библи нын дзуры, зӕгъгӕ йӕ уыцы фӕлварӕнты фӕстӕ «Хӕйрӕг ныууагъта, ӕмӕ дын ӕм мӕнӕ фӕзындысты зӕдтӕ ӕмӕ йын лӕггад кодтой» (Матфейы 4:1–11). Афтӕ уыд Йесойы мӕлӕты размӕ ’хсӕв дӕр. Хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ, Йесо йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ куывта: «„Мӕ Фыд, кӕд дӕ фӕндон у, уӕд мын ацы къус ма бануазын кӕн. Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд“. Уӕд ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ йӕ бафидар кодта» (Лукайы 22:42, 43). Махӕн та абон зӕдтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц?

Зӕдты ӕххуыс нӕ рӕстӕджы

14. Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕдыл куыд зылдысты ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркодта?

14 Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый ирдӕй нӕ зыны? Зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕсты (1939–1945) размӕ дӕр ӕмӕ йӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕйы адӕм Германы ӕмӕ ныгуылӕн Европӕйы фидар фӕлӕууыдысты нацистты ӕгъатыр ӕфхӕрдӕн. Итали, Испани ӕмӕ Португалийы бартӕ католикон фашистон хицӕутты къухы куы уыдысты, уӕд та сӕ фӕдыл зылдысты ноджы фылдӕр рӕстӕг. Дӕсгай азты дӕргъы ма сӕ карзӕй ӕфхӕрдтой раздӕры Советон Цӕдисы ӕмӕ иннӕ социалистон бӕстӕты дӕр. Ӕвдисӕнты ма хъизӕмарӕй мардтой Африкӕйы иуӕй-иу бӕстӕты дӕр *. Хӕрз ӕрӕджы та Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой Гуырдзыстоны. Сайтан йӕ тых йӕ бонӕй архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддагӕн кӕрон скӕна. Фӕлӕ куыд организаци, афтӕ уыдон фервӕзтысты ахӕм ныхмӕлӕудӕй ӕмӕ сӕ куыст уӕрӕхдӕр кӕны. Фидар кӕй фӕлӕууыдысты, уым уыд зӕдты ӕххуысы хай дӕр (Псалом 33:8; Данел 3:28; 6:22).

15, 16. Зӕдтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕгас дунейы хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд ӕххуыс кӕнынц?

15 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕслӕвӕрд – ӕппӕт зӕххы къорийыл Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынц ӕмӕ кӕй фӕнды, уыдонӕн Библийы ӕцӕгдзинӕдтӕ амонынц (Матфейы 28:19, 20). Фӕлӕ уыдон тынг хорз ӕмбарынц, ӕнӕ зӕдты ӕххуысӕй сӕ бон кӕй нӕ бауыдаид уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын. Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн стыр ныфсы хос у Раргомады 14:6, 7 цы фыст ис, уый: «[Ӕз, апостол Иоанн] федтон ӕндӕр зӕды арвы бӕрзӕндты тӕхгӕ – уымӕ уыд ӕнусон хорз хабар, цӕмӕй зӕххыл цӕрджытӕн, ома алы адӕмыхаттӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмӕн, хъусын кӕна цины хабар, ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: „Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ йӕ скадджын кӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд йӕ тӕрхоны сахат! Ӕмӕ бакувут арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгӕн!“».

16 Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕгас дунейы хорз хабар хъусын кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ разамынд кӕй дӕттынц зӕдтӕ. Йегъовӕ йӕ зӕдтӕй пайда кӕны, цӕмӕй-иу сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм йӕ Ӕвдисӕнтыл фембӕлой. Зӕдтӕ ма Ӕвдисӕнты барвитынц, аккаг чи у, уыдонмӕ. Уӕдӕ ныр ӕмбӕрст у, адӕймаг уынгӕг уавӕры куы вӕййы ӕмӕ йӕ Хуыцауы ӕххуыс куы фӕхъӕуы, растдӕр ыл уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн сӕмбӕлынц. Ахӕм хабӕрттӕ та тынг арӕх ӕрцӕуы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕнӕуи афтӕ рауайы, зӕгъгӕ.

Тагъд зӕдтӕ ӕххӕст кӕндзысты диссаджы хӕс

17. Ассириӕгтыл цы ’рцыд, ӕрмӕстдӕр иунӕг зӕд сӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд?

17 Зӕдтӕ сты Йегъовӕйы минӕвӕрттӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц. Фӕлӕ ма сын уымӕй уӕлдай ис ӕндӕр хӕс дӕр. Рагзаманты уыдон ӕххӕст кодтой Хуыцауы тӕрхӕттӕ. Зӕгъӕм, н. э. агъоммӕ 8 ӕнусы Иерусалиммӕ хъуамӕ бабырстаид ассириӕгты стыр ӕфсад. Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд бахъахъхъӕдта? «Ӕз хъахъхъӕндзынӕн ацы горӕт, цӕмӕй йӕ фервӕзын кӕнон мӕхи тыххӕй ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды тыххӕй»,– загъта Йегъовӕ. Хабӕрттӕ дарддӕр куыд цыдысты, уый тыххӕй Библийы кӕсӕм: «Уыцы ’хсӕв Йегъовӕйы зӕд рацыд ӕмӕ ассириӕгты лагеры ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин адӕймаджы. Адӕм райсом раджы куы сыстадысты, уӕд федтой ӕрмӕстдӕр мӕрдтӕ» (4 Паддзахӕдты 19:34, 35). Куыд ницы сты адӕмы ӕфсӕдтӕ, ӕрмӕст иунӕг хъомысджын зӕдимӕ абаргӕйӕ дӕр!

18, 19. Цавӕр диссаджы хӕс ӕххӕст кӕндзысты зӕдтӕ тагъд рӕстӕджы ӕмӕ уый адӕмӕн цы нысан кӕндзӕн?

18 Рӕхджы зӕдтӕ ӕххӕст кӕндзысты Хуыцауы тӕрхӕттӕ. Ныр бынтон тагъд фӕзындзӕн Йесо «йӕ тыхджын зӕдтимӕ пиллон арты... маст райсынмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй» (2 Фессалоникӕгтӕм 1:7, 8). Цы нысан кӕны уый адӕмӕн? Ӕгас зӕххыл абон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы, уымӕ чи нӕ байхъуса, уыдон фесӕфдзысты. Йегъовӕйы чи агуры, рӕстдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинадмӕ чи тырны, ӕрмӕст уыдон ӕрцӕудзысты ӕмбӕхст «Йегъовӕйы масты бон» ӕмӕ фервӕздзысты (Софони 2:3).

19 Мах Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, йӕ хъомысджын зӕдты кӕй ӕрвиты, цӕмӕй йын зӕххыл йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕной ӕмӕ сӕ фидар кӕной. Хуыцауы фӕндты зӕдтӕн цы бынат ис, уый кӕй зонӕм, уый нын удӕнцой хӕссы. Фӕлӕ ма ис, Йегъовӕйы ныхмӕ чи рацыд ӕмӕ сӕ хицау Сайтан кӕмӕн сси, ахӕм зӕдтӕ дӕр. Иннӕ статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм, ӕцӕг чырыстӕтты цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй сӕхи хъахъхъӕной Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты тыхджын ӕндӕвдадӕй.

[Фиппаинаг]

^ 14 абз. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕдыл куыд зылдысты, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныджы» уырыссаг ӕвзагыл 1999 азӕн (Герман), 2006 азӕн (Замби), 1999 азӕн (Малави), 1996 азӕн (Мозамбик), 2004 азӕн (Молдави), 2002 азӕн (Украинӕ), 2000 азӕн (Чехийы Республикӕ), стӕй «Ӕрвылазон чиныджы» англисаг ӕвзагыл 1983 азӕн (Анголӕ), 1974 азӕн (Герман), 1978 азӕн (Испани), 1982 азӕн (Итали), 1994 азӕн (Польшӕ), 1983 азӕн (Португали), 1972 азӕн (Чехословаки), 1992 азӕн (Эфиопи).

Цы базыдтай?

• Куыд фӕзындысты зӕдтӕ?

• Хуыцау рагзаманты зӕдты адӕммӕ цӕй тыххӕй ӕрвыста?

Раргомады 14:6, 7 куыд фыст ис, афтӕмӕй зӕдтӕ абон цы аразынц?

• Цавӕр диссаджы хӕс ӕххӕст кӕндзысты зӕдтӕ тагъд рӕстӕджы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Зӕд баххуыс кодта Маной ӕмӕ йӕ усӕн

[Ныв 15 фарсыл]

«Немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты, семӕ чи ис, уыдонӕй»