Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иузӕрдион стӕм Чырысти ӕмӕ йӕ ӕууӕнкджын цагъарыл

Иузӕрдион стӕм Чырысти ӕмӕ йӕ ӕууӕнкджын цагъарыл

Иузӕрдион стӕм Чырысти ӕмӕ йӕ ӕууӕнкджын цагъарыл

«Йӕ хицау... цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йын йӕ бар бакӕндзӕн» (МАТФЕЙЫ 24:45–47).

1, 2. а) Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй нӕ Разамонӕг чи у? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, ӕмбырдӕн разамынд Чырысти кӕй дӕтты?

«РАЗАМОНДЖЫТӔ [уӕ]... мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу Разамонӕг ис – Чырысти» (Матфейы 23:10). Ацы ныхӕстӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бӕлвырд бамбарын кодта, зӕххыл сын иу адӕймаг дӕр разамонӕг кӕй ма хъуамӕ уа. Сӕ Разамонӕг хъуамӕ уа уӕлӕрвты – Йесо Чырысти йӕхӕдӕг. Йесойы уыцы бынаты сӕвӕрдта Йегъовӕ Хуыцау. Уый йӕ «мӕрдтӕй... райгас кодта ӕмӕ... йӕ ӕмбырдӕн ӕххуысӕн ӕппӕты сӕргъы сӕвӕрдта. Ӕмбырд та у йӕ буар» (Ефесӕгтӕм 1:20–23).

2 Йесо чырыстон ӕмбырды «ӕппӕты сӕргъы» ӕвӕрд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бар цӕуы, ӕмбырды хъуыддӕгтыл иууылдӕр. Ӕмбырды цыдӕриддӕр цӕуы, уый зоны. Йесо лӕмбынӕг кӕсы, алы чырыстон къорды кӕнӕ ӕмбырды чи ис, уыдонӕн сӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, уымӕ. Уый ирдӕй рабӕрӕг, н. э. 1 ӕнусы кӕрон апостол Иоаннӕн цы раргомад лӕвӕрд ’рцыд, уымӕй. Йесо авд ӕмбырдӕн фондз хатты загъта, кӕй сын зоны сӕ хъуыддӕгтӕ, хорзӕй дӕр сӕм цы ис ӕмӕ сӕм ӕвзӕрӕй цы ис, уый дӕр, ӕмӕ уынаффӕ раттын кӕмӕн хъуыд, уымӕн уынаффӕ радта, фидар кӕнын кӕй хъуыд, уый та фидар бакодта (Раргомад 2:2, 9, 13, 19; 3:1, 8, 15). Уымӕ гӕсгӕ дызӕрдыггаг нӕу, Йесо кӕй зыдта, Къаннӕг Азийы, Палестинӕйы, Сирийы, Вавилонийы, Грецийы, Италийы ӕмӕ иннӕ рӕтты дӕр ӕмбырдтӕ цы уавӕры уыдысты, уый (Хъуыддӕгтӕ 1:8). Цы зӕгъӕн ис абонӕй та?

Ӕууӕнкджын цагъар

3. Библийы Чырысти сӕримӕ барст кӕй цӕуы, йе ’мбырд та – буаримӕ, уый раст цӕмӕн у?

3 Чырысти куы райгас, уый фӕстӕ, цалынмӕ уӕларвмӕ йӕ Фыдмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр». Стӕй ма сын ныфс бавӕрдта: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матфейы 28:18–20). Уый сын загъта, дарддӕр дӕр кӕй уыдзӕн семӕ, уыдзӕн сӕ Сӕргълӕууӕг ӕмӕ сын разамынд кӕй дӕтдзӕн. Йӕ фыстӕджы Ефесы ӕмӕ Колоссы чырыстӕттӕм апостол Павел чырыстон ӕмбырд абарста «буаримӕ». Уыцы «буарӕн» та йӕ Сӕр у Чырысти (Ефесӕгтӕм 1:22, 23; Колоссӕгтӕм 1:18). Иу чиныджы куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ ацы абарстӕй «ӕрмӕст уый нӕу бӕрӕг, буары уӕнгтӕ ӕнӕмӕнгӕй Сӕримӕ кӕй хъуамӕ уой, фӕлӕ Сӕр йӕ фӕндон буары уӕнгты фӕрцы кӕй ӕххӕст кӕны. Уыдон сты Сӕрӕн йӕ кусӕнгӕрзтӕ» («The Cambridge Bible for Schools and Colleges»). Йесо 1914 азы Паддзахады бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕдӕй фӕстӕмӕ «йӕ кусӕнгарз» цавӕр къорд у? (Данел 7:13, 14).

4. Пехуымпар Малахи куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти ӕнӕуынгӕ кувӕндон бӕрӕг кӕнынмӕ куы ’рцыдысты, уӕд цы федтой?

4 Пехуымпар Малахи загъта, Йегъовӕ, «ӕцӕг Хицау», йӕ «бадзырды минӕваримӕ», паддзахбадӕныл чи ӕрбадт, уыцы фырт Йесо Чырыстиимӕ кӕй ӕрцӕудзӕн тӕрхон кӕнынмӕ, цӕмӕй ӕркӕса йӕ «кувӕндоны», ома йӕ кувӕн хӕдзары хъуыддӕгтӕм. Хуыцауы хӕдзары «тӕрхоны сахат» ралӕууыд 1918 азы * (Малахи 3:1; 1 Петры 4:17). Афтӕ чи дзырдта, зӕгъгӕ, Хуыцауы номӕй дзурӕм ӕмӕ йын раст лӕггад кӕнӕм, уыдон фӕлвӕрд ӕрцыдысты. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо разыйӕ нӕ баззадысты чырыстон дунейы аргъуантӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕдӕгай азты дӕргъы Хуыцауы ном ӕгадгӕнӕг ахуырӕдтӕ парахат кодтой ӕмӕ аххосджын уыдысты Фыццаг дунеон хӕсты тугкалды. Сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕй уӕд чи цард, уыдон фӕлвӕрд ӕрцыдысты, сыгъзӕрин арты куыд ссыгъдӕг уа, афтӕ ссыгъдӕг сты, аккагыл нымад ӕрцыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйӕн систы, йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ йын кувинӕгтӕ чи хӕссы, ахӕм адӕм (Малахи 3:3).

5. Йесо йӕ «ӕрцыды» тыххӕй цы загъта, уымӕ гӕсгӕ ӕууӕнкджын «цагъар» чи разынд?

5 Малахийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Йесо, «кӕй ӕрцыд ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ», уый цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ базыдтаиккой, уый тыххӕй сын ракодта бӕлвырд хабӕртты кой. Уыдонмӕ гӕсгӕ ма базонӕн уыд «цагъары» къорд дӕр. Йесо загъта: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакодта, цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта? Амондджын уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау ӕй афтӕ кӕнгӕ куы ӕрӕййафа, уӕд! Ӕцӕг уын зӕгъын: цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йын йӕ бар бакӕндзӕн» (Матфейы 24:3, 45–47). Чырысти 1918 азы «цагъары» бӕрӕггӕнӕг куы ’рцыд, уӕд сыгъдӕг удӕй сӕрст иузӕрдион ахуыргӕнинӕгты ӕрӕййӕфта «хӕринаг афоныл» дӕтгӕйӕ. Уый тыххӕй уыдон 1879 азӕй фӕстӕмӕ уагътой журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ ӕндӕр библиӕмбарынгӕнӕн литературӕ. Чырысти уыцы чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр банымадта йӕ кусӕнгарзыл, кӕнӕ «цагъарыл», ӕмӕ сын 1919 азы бабар кодта, цӕмӕй йын зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уымӕ кӕсой.

Кӕсынц, Чырыстийӕн зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уымӕ

6, 7. а) Ӕууӕнкджын «цагъары» тыххӕй ма Йесо куыд загъта? ӕ) Йесойы цы зӕгъын фӕндыд, «хӕдзармӕгӕсӕг», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд?

6 Йесо йе ’рцыды тыххӕй ӕмӕ зӕххыл йӕ номӕй «цагъар» кӕй архайдзӕн, цалынмӕ уый кой нӕ ракодта, уӕдмӕ цалдӕр мӕйы размӕ «цагъары» тыххӕй загъта гыццыл ӕндӕргомау. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, «цагъарӕн» цавӕр хӕстӕ ис, уый. Йесо загъта: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын хӕдзармӕгӕсӕг, йӕ хицау йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй бар бакӕндзӕн, цӕмӕй сын сӕ хӕринаджы хай афоныл дӕтта? Зӕгъын уын: цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йын йӕ бар бакӕндзӕн» (Лукайы 12:42, 44).

7 Ам Йесо цагъары хоны хӕдзармӕгӕсӕг. Ацы хӕдзармӕгӕсӕг иу адӕймаг нӕу, фӕлӕ у къорд. Уый, Библийӕ цымыдисаг хъуыдытӕ чи ӕмбарын кӕны, ахӕм зондджын адӕймӕгты къорд нӕу. «Ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕгыл» «афоныл» хӕрзгъӕд, уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг» дӕттынӕй уӕлдай ис ӕндӕр хӕстӕ дӕр: йӕ бар сты Чырыстийы зӕххон лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр ӕмӕ ма кӕсы Чырыстийы исбонмӕ, «цыдӕриддӕр ӕм ис», уымӕ. Цы хауы уыцы исбонмӕ?

8, 9. Цагъар йӕ хъус цӕмӕ дары?

8 Цагъары хӕстӕм хауы, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ сӕ чырыстон хъуыддӕгтӕ кӕнынӕн цы бӕстыхӕйттӕй пайда кӕнынц, уыдонмӕ хъус дарын. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад ӕмӕ филиалтӕ, афтӕ ма, кӕм фӕкувынц, уыцы бынӕттӕ – Паддзахады ӕмӕ Конгрессты залтӕ ӕгас дунейы дӕр. Цагъар ма фӕцӕттӕ кӕны Библи ахуыргӕнӕн программӕ дӕр. Уыцы программӕмӕ гӕсгӕ арӕзт цӕуынц ӕмбырды фембӕлдтӕ ӕмӕ конгресстӕ. Уым базонӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый ӕмӕ дзы фехъусӕм уынаффӕтӕ, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ абон нӕ цард куыд аразӕм, уый тыххӕй.

9 Хӕдзармӕгӕсӕг ма разамынд дӕтты тынг ахсджиаг хъуыддагӕн – «паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар» хъусын кӕнынӕн ӕмӕ «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр» ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн. Уымӕ хауы, Чырысти, ӕмбырды Сӕр, ацы кӕроны рӕстӕг цы кӕнын бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ адӕмӕн амонын, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕной (Матфейы 24:14; 28:19, 20; Раргомад 12:17). Хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы фӕрцы фӕзынд «тынг бирӕ адӕм» – сӕрст чырыстӕтты иузӕрдион ӕмбӕлттӕ. Ӕнӕмӕнгӕй, уыдон сты «ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ» ӕмӕ хауынц, ӕууӕнкджын цагъар кӕмӕ кӕсы, Чырыстийы уыцы зынаргъ исбонмӕ, «цыдӕриддӕр ӕм ис», уымӕ (Раргомад 7:9; Аггей 2:7).

Разамонӕг совет – цагъары минӕвар

10. Фыццаг ӕнусы уынаффӕтӕ чи хаста ӕмӕ уый ӕмбырдтыл куыд зынд?

10 Ӕууӕнкджын цагъарыл стыр хӕстӕ кӕй ис, уый ма нысан кӕны бирӕ уынаффӕтӕ хӕссын дӕр. Фыццаг ӕнусы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Иерусалимы архайдтой цагъары номӕй ӕмӕ ӕнӕхъӕн чырыстон ӕмбырдӕн дӕр уынаффӕтӕ хастой (Хъуыддӕгтӕ 15:1, 2). Уыцы разамонӕг советы уынаффӕтӕ ӕмбырдтӕм ӕрвыстой фыстӕджыты кӕнӕ та-иу сын сӕ фехъусын кодтой, ӕмбырдтыл чи зылдис, уыцы бӕрнон ӕфсымӕртӕ. Уӕды чырыстӕттӕ-иу тынг бацин кодтой, уыцы бӕлвырд амындтыл. Разамонӕг советимӕ ӕмвӕндӕй кӕй архайдтой, уый хуыздӕрырдӕм зындис ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинадыл (Хъуыддӕгтӕ 15:22–31; 16:4, 5; Филиппӕгтӕм 2:2).

11. Абон Чырысти йе ’мбырдӕн разамынд кӕй фӕрцы дӕтты ӕмӕ уыцы сӕрст чырыстӕтты къордмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

11 Фыццаг ӕнусы куыд уыди, афтӕ абон дӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты Разамонӕг советмӕ зӕххыл хауы сӕрст цӕстдарджытӕй иу гыццыл къорд. Чырыстийы «рахиз къух» нысан кӕны уый, ӕмӕ йӕ бартӕй кӕй спайда кодта. Йӕ «рахиз къухы» фӕрцы Чырысти, ӕмбырды Сӕр, разамынд дӕтты, Хуыцауы Паддзахады хъуыддагмӕ чи кӕсы, уыцы ӕууӕнкджын нӕлгоймӕгтӕн (Раргомад 1:16, 20). Альберт Шрёдер (бирӕ рӕстӕг уыд Разамонӕг советы уӕнг ӕмӕ ӕрӕджы йӕ зӕххон цард фӕцис) йӕ биографийы фыста: «Разамонӕг совет ӕрӕмбырд вӕййы алы ӕртыццӕджы дӕр. Фембӕлды райдианы ӕфсымӕртӕ скувынц ӕмӕ Йегъовӕйӕ сыгъдӕг уды разамынд ракурынц. Уыдон архайынц, цӕмӕй, цы фарстатыл фӕныхас кӕнынц ӕмӕ цы уынаффӕтӕ фӕхӕссынц, уыдон иууылдӕр Хуыцауы Ныхас Библимӕ гӕсгӕ раст уой» *. Махӕн нӕ бон у ахӕм ӕууӕнкджын сӕрст чырыстӕттыл нӕ ныфс дарын. Сӕйрагдӕр уыдоны коммӕ кӕсыныл цӕуы дзырд Павелы уынаффӕйы: «Разамынд уын чи дӕтты, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн. Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут» (Дзуттӕгтӕм 13:17).

Куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъ кӕнӕм ӕууӕнкджын цагъарӕн

12, 13. «Цагъарӕн» аргъ кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

12 Ӕууӕнкджын цагъарӕн сӕйраджыдӕр уымӕн аргъ кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, кӕй аргъ кӕнӕм Хицауӕн, Йесо Чырыстийӕн. Павел сӕрстыты тыххӕй ныффыста: «Сӕрибар адӕймаг уӕвгӕйӕ хуынд чи ӕрцыд, уый дӕр у Чырыстийы цагъар. Сымах зынаргъӕй ӕлхӕд ӕрцыдыстут» (1 Коринфӕгтӕм 7:22, 23; Ефесӕгтӕм 6:6). Уымӕ гӕсгӕ ӕууӕнкджын цагъар ӕмӕ йӕ Разамонӕг советы амындтӕ иузӕрдионӕй куы феххӕст кӕнӕм, уӕд фӕкӕсӕм Чырыстийы, цагъары Хицауы, коммӕ. Чырысти, зӕххыл ын цыдӕриддӕр ис, уымӕ кӕсынӕн цы кусӕнгарзӕй пайда кӕны, уымӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй аргъ кӕнӕм, уымӕй «ӕргом зӕгъӕм, Йесо Чырысти кӕй у Хицау нӕ Фыд Хуыцауы кадӕн» (Филиппӕгтӕм 2:11).

13 Ӕууӕнкджын цагъарӕн ма уымӕн аргъ кӕнӕм, ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ сӕрст чырыстӕттӕ зӕххыл сты, Йегъовӕ йӕ «сыгъдӕг удӕй» кӕм цӕры, уыцы«кувӕндон». Уымӕ гӕсгӕ уыдон сты «сыгъдӕг» (1 Коринфӕгтӕм 3:16, 17; Ефесӕгтӕм 2:19–22). Библи сыгъдӕг кувӕндон кӕй хоны, растдӕр уыцы къордӕн бакодта йӕ бар Йесо, зӕххыл ын цыддӕриддӕр ис, уый. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыцы цагъары къордӕн ис бар, цӕмӕй чырыстон ӕмбырдӕн уынаффӕтӕ хӕсса ӕмӕ йын разаманд дӕтта. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбырды алчидӕр йӕхицӕн табуйаг хӕсыл нымайы ӕууӕнкджын цагъар ӕмӕ йӕ Разамонӕг советӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ разамындмӕ хъусын. «Ӕндӕр фыстӕ» стыр кадыл нымайынц Хицауы хъуыддӕгты цагъары къордӕн ӕххуыс кӕнын (Иоанны 10:16).

Цагъарӕн иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнӕм

14. Исайы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ ӕндӕр фыстӕ сӕрст цагъары фӕдыл куыд цӕуынц ӕмӕ «ӕнӕмызд кусджытау» куыд лӕггад кӕнынц?

14 Ӕндӕр фыстӕ «Хуыцауы Израилы» коммӕ сӕрныллӕгӕй кӕй кӕсынц, уый тыххӕй пехуымпар Исай фыста: «Афтӕ дзуры Йегъовӕ: „Египеты ӕнӕмызд кусджытӕ, Эфиопийы базаргӕнджытӕ ӕмӕ савейӕгтӕ, бӕрзонд адӕм, дӕумӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕу бауыдзысты. Уыдон дӕ фӕдыл ацӕудзысты; уыдон хъадаманты ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дын бакувдзысты. Уыдон кувдзысты дӕумӕ ӕмӕ дзурдзысты: „Хуыцау ис иудзинады демӕ ӕмӕ ӕндӕр нӕй; ӕндӕр Хуыцау нӕй“» (Исай 45:14). Ӕндӕр фыстӕ абон сӕрст цагъары ӕмӕ йӕ Разамонӕг советы фӕдыл цӕуынц ӕмӕ сын сӕ амындтӕм хъусынц. «Ӕнӕмызд кусджытау» ӕндӕр фыстӕ дӕр ӕнӕзивӕгӕй дӕттынц сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕ исбон, цӕмӕй ахъаз кӕной, Чырысти йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн зӕххыл сӕ бар цы ӕппӕтдунеон хъусын кӕныны хъуыддаг бакодта, уымӕн (Хъуыддӕгтӕ 1:8; Раргомад 12:17).

15. Ӕндӕр фысты ӕмӕ Хуыцауы Израилы ’хсӕн цавӕр ахастытӕ ис, уый тыххӕй Исайы 61:5, 6 цы загъд уыд?

15 Ӕндӕр фыстӕ сты амондджын ӕмӕ бузныг сты, цагъар ӕмӕ йӕ Разамонӕг советы разамындӕй Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Уыдон сӕрстыты нымайынц «Хуыцауы Израилыл» (Галатӕгтӕм 6:16). «Ӕцӕгӕлӕттау» ӕмӕ «ӕндӕрбӕстӕгтау» уыдон ӕрбаиу вӕййынц Хуыцауы Израилмӕ ӕмӕ сӕрстыты – «Йегъовӕйы сауджынты» ӕмӕ «Хуыцауы лӕггадгӕнджыты» – разамындӕй цингӕнгӕ лӕггад кӕнынц «зӕхкусджытӕй» ӕмӕ «сӕндонгӕстӕй» (Исай 61:5, 6). Уыдон зӕрдӕбынӕй хъусын кӕнынц Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕмӕ ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынц. Уыдон цагъары къордӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц дзуг хизынӕн, ӕмӕ, ӕмбырдмӕ ногӕй чи ӕрбацӕуы, уыцы сабыр адӕммӕ сӕ хъус дарынц.

16. Ӕндӕр фыстӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн цӕмӕн ӕххуыс кӕнынц?

16 Ӕндӕр фыстӕ ӕмбарынц, куыд тынг пайда сын у, ӕууӕнкджын цагъар зӕрдиагӕй кӕй архайы ӕмӕ сын рӕстӕгыл уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг» кӕй дӕтты, уый. Уыдон ыл сӕттынц, ӕнӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй кӕй нӕ бамбӕрстаиккой Библийы зынаргъ ӕцӕгдзинӕдтӕ Йегъовӕйы хицаудзинады, йӕ ном срухс кӕныны, Паддзахады, ног арв ӕмӕ ног зӕххы, уды ӕмӕ мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй, стӕй ӕцӕгдзинад Йегъовӕ, йӕ Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды тыххӕй. Ӕндӕр фыстӕ бузныгзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц Чырыстийы сӕрст «ӕфсымӕртӕн» зӕххыл ацы кӕроны рӕстӕг (Матфейы 25:40).

17. Цы аразы Разамонӕг совет ӕмӕ цӕуыл цӕудзӕн дзырд иннӕ статьяйы?

17 Сӕрстытӕн сӕ нымӕц зӕххыл къаддӕрӕй-къаддӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕу, ӕмӕ алы ӕмбырды дӕр уой ӕмӕ Чырыстийы исбонмӕ кӕсой. Уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет снысан кӕны нӕлгоймӕгты ӕндӕр фысты нымӕцӕй, цӕмӕй лӕггад кӕной цӕстдарджытӕй филиалты, облӕстты, районты ӕмӕ ӕмбырдты. Цымӕ уыцы фыййӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый, Чырыстийыл ӕмӕ йын йе ’ууӕнкджын цагъарыл иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕ исты бар дары? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Ацы хабӕртты тыххӕй кӕс 2004 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 22–27 фф., ӕмӕ 1992 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 13 ф., (уыр).

^ 11 абз. Мыхуыр уыд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 1988 аз, 1 мартъи, 10–17 фф. (англ.).

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Чи у нӕ Разамонӕг ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг у, ӕмбырдты цы цӕуы, уый кӕй зоны?

• «Кувӕндон» бӕрӕггӕнгӕйӕ, ӕууӕнкджын цагъар чи разынд ӕмӕ йын йӕ бар цавӕр исбон бакодтой?

• Ӕууӕнкджын цагъарӕн иузӕрдионӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 25 фарсыл]

«Хӕдзармӕгӕсӕджы» бар цы исбон ис, уымӕ хауынц бӕстыхӕйттӕ, ахуыргӕнӕн программӕ ӕмӕ уацамынд

[Ныв 26 фарсыл]

Ӕндӕр фыстӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй ӕххуыс кӕнынц ӕууӕнкджын цагъарӕн