Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Йеремийы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Йеремийы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

КУЫННӔ бауазал уыдаиккой Йеремийы ныхӕстӕй йе ’мбӕстӕгты зӕрдӕтӕ! Пехуымпар сын фехъусын кодта, стыр бӕллӕхтӕ сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕртӕ ӕнусӕй фылдӕр Хуыцауӕн кӕм куывтой, уыцы кадджын кувӕндон арты хай бауыдзӕн. Знӕгтӕ Иерусалим ӕмӕ Иудӕйы бӕстӕ ныппырх кӕндзысты, сӕ цӕрджыты та сын уацары акӕндзысты. Ацы тӕрхоны хабар ӕмӕ ма ӕндӕртӕ бакӕсӕн ис Библийы стырдӕр чингуытӕй дыккаджы – Йеремийы чиныджы. Фыст ма дзы ис, Йереми 67 азы дӕргъы иузӕрдионӕй Йегъовӕйӕн куы лӕггад кодта, уӕд цытӕ бавзӕрста, уый тыххӕй дӕр. Чиныджы цаутӕ фыст сты, фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ темӕтӕм гӕсгӕ.

Цӕмӕн нӕ цымыдис кӕны Йеремийы чиныг? Ацы чиныджы фыст пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст сты, уый нын фидар кӕны не ’ууӕнк Йегъовӕйыл – йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ Чи ӕххӕст кӕны, ууыл (Исай 55:10, 11). Пехуымпар Йеремийӕн йӕ лӕггадмӕ цы хауд, стӕй цы дзырдта, уымӕ адӕм цы цӕстӕй кастысты, уый абарӕн ис, абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цы хъуыддаг ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ сын сӕ ныхасмӕ адӕм цы цӕстӕй кӕсынц, уыимӕ (1 Коринфӕгтӕм 10:11). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд уыд, уый тыххӕй дзы цы фыст ис, уымӕй зыны, цавӕр миниуджыты хицау у. Ацы чиныг нӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕны (Дзуттӕгтӕм 4:12).

«ДЫУУӔ ӔВЗӔР ХЪУЫДДАДЖЫ САРӔЗТОЙ МӔ АДӔМ»

(Йереми 1:1–20:18)

Йереми пехуымпар сси, Иоси Иудӕйы ӕртындӕсӕм аз куы паддзахиуӕг кодта, уӕд. Уый уыд, вавилойнӕгтӕ Иерусалим н. э. агъоммӕ 607 азы куы ныппырх кодтой, уымӕй 40 азы раздӕр (Йереми 1:1, 2). Йереми сӕйраджыдӕр паддзах Иосийы хицаудзинады фӕстаг 18 азы ӕргом кодта Иудӕйы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сын хъусын кодта Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ. «Ӕз Иерусалим дурты цӕнд фестын кӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ Иудӕйы горӕттӕ сафтид кӕндзынӕн ӕмӕ дзы цӕрӕг нал уыдзӕн» (Йереми 9:11). Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ дыууӕ ӕвзӕр хъуыддаджы сарӕзтой мӕ адӕм»,– зӕгъы Йегъовӕ (Йереми 2:13).

Йереми ма хъусын кодта, чи ӕрфӕсмон кӕна, уыдон фӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты (Йереми 3:14–18; 12:14, 15; 16:14–21). Фӕлӕ йӕ адӕм ницӕмӕ ӕрдардтой. «Йегъовӕйы хӕдзары хистӕр хӕдзармӕгӕсӕг» ныццавта Йеремийы ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв хъадаманты фӕдардта (Йереми 20:1–3).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

2:10, 11 – Мӕнгард израилӕгты хъуыддӕгтӕ афтӕ ӕнахуыр цӕмӕн уыдысты? Хурныгуылӕны – Киттимы сакъадахты, стӕй хурыскӕсӕны – Кедары цы адӕмтӕ цард, уыдон-иу сӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдай ӕндӕр адӕмы хуыцӕуттӕн дӕр кувын райдыдтой, фӕлӕ сӕ хуыцӕутты бынтондӕр уыдоныл баивтаиккой, ахӕм хабар никуыма ӕрцыд. Израилӕгтӕ та ныууагътой Йегъовӕйы ӕмӕ удӕгас Хуыцауы бӕсты кад кодтой къухӕй конд мӕнгхуыцӕуттӕн.

3:11–22; 11:10–12, 17 – Йереми Хуыцауы тӕрхӕттӕ куы хъусын кодта, уӕд ма цӕгат дӕсмыггаг паддзахады кой цӕмӕн кодта, кӕд ӕмӕ Самари пырхгонд ӕрцыд н. э. агъоммӕ 740 азы? Уымӕн ӕмӕ н. э. агъоммӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ Иерусалим кӕй ныппырх кодтой, уымӕй сӕххӕст, Йегъовӕ ӕрмӕст Иудӕйӕн нӕ, фӕлӕ ӕгас Израилӕн дӕр кӕй рахаста, уыцы тӕрхон (Иезекил 9:9, 10). Ӕмӕ пехуымпартӕ Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ ӕгас Израилӕн дарддӕр дӕр кӕй хъусын кодтой, уымӕй бӕрӕг у, Иерусалим, дӕсмыггаг паддзахад пырхгонд куы ’рцыд, суанг ма уый фӕстӕ дӕр йӕ номӕй кӕй архайдта.

4:3, 4 – Ацы фӕдзӕхстӕн йӕ хъуыды цы у? Мӕнгард дзуттӕгты хъуыд сӕ зӕрдӕтӕ ӕрцӕттӕ кӕнын, сфӕлмӕн кӕнын ӕмӕ ссыгъдӕг кӕнын. Уыдон хъуамӕ алыг кодтаиккой сӕ зӕрдӕты «кӕройнаг буар», ома сӕхи ссыгъдӕг кодтаиккой ӕвзӕр хъуыдытӕ, ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ фӕндтӕй (Йереми 9:25, 26; Хъуыддӕгтӕ 7:51). Уый тыххӕй та сӕ хъуыд сӕ цард фӕивын – се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын ӕмӕ, Хуыцауы хорзӕхтӕ райсынӕн цы хъуыди, уый аразын.

4:10; 15:18 – Йегъовӕ куыд сайдта йӕ мӕнгард адӕмы? Йеремийы рӕстӕджы уыд, «мӕнг пехуымпар-ныхас чи кодта», ахӕм пехуымпартӕ (Йереми 5:31; 20:6; 23:16, 17, 25–28, 32). Йегъовӕ сӕ нӕ хъыгдардта мӕнг хабӕрттӕ дзурын.

16:16 – Йегъовӕ «бирӕ кӕсагахсджытӕм» ӕмӕ «бирӕ цуанӕттӕм» цӕмӕн ӕрвиты? Уый, гӕнӕн ис, нысан кӕна, Йегъовӕ знаджы ’фсӕдтӕ кӕй ӕрвиты цӕмӕй мӕнгард иудейтыл йӕ тӕрхон сӕххӕст кӕной. Фӕлӕ Йеремийы 16:15 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ ма ацы стих, гӕнӕн ис, ӕмӕ амона уымӕ дӕр, кӕй сӕ ӕрвиты, чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы израилӕгты ссарынмӕ.

20:7 – Йегъовӕ Йеремийы ныхмӕ йӕ тыхӕй куыд спайда кодта ӕмӕ йӕ куыд фӕсайдта? Йереми Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ куы хъусын кодта, уӕд ӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты, нӕ йӕм хъуыстой ӕмӕ йӕ фӕдыл зылдысты. Уый тыххӕй йӕм, ӕвӕццӕгӕн, хатт афтӕ касти, ӕмӕ йӕм йӕ хӕс ӕххӕст кӕнынӕн хъарутӕ нал ис. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ тыхӕй Йеремийы ныхмӕ афтӕ пайда кодта, ӕмӕ йын хъару лӕвӕрдта, цӕмӕй уыцы хъуыдыты коммӕ ма кастаид ӕмӕ йӕ хъуыддаг дарддӕр кодтаид. Уӕдӕ Йегъовӕ Йеремийы уыцы хуызы сайдта, ӕмӕ йын хъару лӕвӕрдта, пехуымпар йӕ ныфс хӕсгӕ дӕр кӕмӕ нӕ кодта, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразынӕн.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:8. Йегъовӕ хатт йӕ лӕггадгӕнджыты фӕдылзылдӕй фервӕзын кӕны, зӕгъӕм, ӕххуысӕн сын рӕстаг тӕрхонгӕнджытӕ ратты, фыдӕхзӕрдӕ хицӕутты ӕмбаргӕтӕй баивы кӕнӕ та йӕ лӕггадгӕнджыты хъаруйӕ схайджын кӕны, цӕмӕй алцыдӕр сфӕразой (1 Коринфӕгтӕм 10:13).

2:13, 18. Мӕнгард израилӕгтӕ сарӕзтой дыууӕ ӕвзӕр хъуыддаджы. Уыдон ныууагътой Йегъовӕйы – арфӕдзинӕдты, разамынды ӕмӕ ӕдасдзинады ӕнӕбайсысгӕ суадон. Ӕмӕ сӕхицӕн скодтой ӕндӕр, ахӕсгӕ нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм «цъайтӕ» – Египет ӕмӕ Ассириимӕ хӕстон бадзырдтӕ аразыныл архайдтой. Абон дӕр ӕцӕг Хуыцауы ныууадзын ӕмӕ адӕмы философитӕм ӕмӕ теоритӕм, стӕй ацы дунейы политикӕмӕ аздӕхын нысан кӕны «удӕгас доны суадон» «саст цъайтыл» баивын.

6:16. Йегъовӕ сиды, ӕдзух йӕ ныхмӕ чи цӕуы, йӕ уыцы адӕммӕ, цӕмӕй ӕрлӕууой, сӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсой ӕмӕ раздӕхой сӕ иузӕрдион фыдӕлты «фӕндӕгтӕм». Уӕдӕ-иу цымӕ мах дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕм ма ныккӕсӕм, цӕмӕй ма адзӕгъӕл уӕм, Йегъовӕ нӕ цы фӕндагыл кӕны, уымӕй?

7:1–15. Иудейтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, кувӕндонӕн ахӕм тых ис, ӕмӕ сӕ бӕллӕхтӕй бахъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йыл сӕ ныфс дардтой, фӕлӕ уый уыд дзӕгъӕлы. Мах дӕр хъуамӕ, цы уынӕм, уымӕй ма цӕрӕм, фӕлӕ уырнындзинадӕй (2 Коринфӕгтӕм 5:7).

15:16, 17. Йеремийау махӕн дӕр нӕ бон у ӕрхӕндӕг хъуыдытимӕ тох кӕнын, зӕрдиагӕй Библи куы ахуыр кӕнӕм, уацамынды Йегъовӕйы ном куы кадджын кӕнӕм ӕмӕ ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд.

17:1, 2. Иудӕйы адӕм тӕригъӕдтӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй сӕ нывӕндтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты. Хӕрзӕгъдау куы нӕ уӕм, уӕд нӕ кады нывӕндтӕ сты ӕнӕхъуаджы.

17:5–8. Хицӕн адӕймӕгтӕ ӕмӕ организацитӕ Хуыцауы фӕндон ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдты коммӕ цӕйбӕрц кӕсынц, ӕууӕндӕн дӕр сыл уыйбӕрц ис. Фӕлӕ дзырд ахӕм хъуыддӕгтыл куы цӕуа, зӕгъӕм, ирвӕзындзинад, ӕцӕг сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинадыл, уӕд нӕ нӕ ныфс дарын хъӕуы ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл (Псалом 145:3).

20:8–11. Хъуамӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ, ныхмӕцыд кӕнӕ фӕдылзылды аххосӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕрлӕмӕгъ уӕм (Иаковы 5:10, 11).

«УӔ БӔРЗӔЙТӔ ВАВИЛОНЫ ПАДДЗАХЫ ӔФСОНДЗЫ БЫН ӔРКЪУЛ КӔНУТ»

(Йереми 21:1–51:64)

Йереми хъусын кодта тӕрхӕттӕ Иудӕйы фӕстаг цыппар паддзахы ныхмӕ, стӕй мӕнг пехуымпарты, ӕвзӕр фыййӕутты ӕмӕ гӕртамхор сауджынты ныхмӕ. Йӕ зӕрдӕ йыл чи нӕ сивта, уыцы адӕмы Йегъовӕ бары хорз лӕгъуитимӕ ӕмӕ дзуры: «Ӕз сӕм кӕсдзынӕн ӕмӕ сын мӕ цӕст хорздзинад уарздзӕн» (Йереми 24:5, 6). 25 сӕры цы ӕртӕ пехуымпарады ис, уыдон лыстӕггай ӕвзӕрст цӕуынц дарддӕры сӕрты.

Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ сфӕнд кодтой Йеремийы амарын. Уый сын дзырдта, Вавилоны паддзахӕн кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной. «Уӕ бӕрзӕйтӕ Вавилоны паддзахы ӕфсондзы бын ӕркъул кӕнут»,– загъта Йереми паддзах Седекийӕн (Йереми 27:12). Фӕлӕ «Израилы адӕмы чи хӕлиу кӕны, уый сӕ йӕхӕдӕг иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн» (Йереми 31:10). Рехавиттӕ иузӕрдион кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын Йегъовӕ фидарӕй зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ хорзӕхӕй хайджын кӕй уыдзысты. Йеремийы «Хъахъхъӕнджыты кӕрты бакодтой» (Йереми 37:21). Иерусалим ныппырх кодтой ӕмӕ йын йӕ цӕрджытӕн сӕ фылдӕры уацары акодтой. Йереми ӕмӕ йӕ писыр Варух баззадысты, Иудӕйы кӕй ныууагътой, уыдонимӕ. Кӕд Йереми адӕмы фӕдзӕхста, уӕддӕр уыдон фыртӕсӕй Египетмӕ алыгъдысты. 46 сӕрӕй 51 сӕры онг та фыст сты, иннӕ адӕмтӕн Йереми цы тӕрхӕттӕ хъусын кодта, уыдон.

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

22:30 – Ацы бардзырдмӕ гӕсгӕ, Йесо Чырыстийӕн Давиды паддзахбадӕныл сбадыны бар нал уыд? (Матфейы 1:1, 11). Нӕ. Ацы бардзырдмӕ гӕсгӕ «Давиды паддзахбадӕныл... Иудӕйы» Иехонийы байзӕддӕгтӕй сбадыны бар никӕмӕнуал уыд. Йесо та хъуамӕ паддзахиуӕг кодтаид Иудӕйы паддзахбадӕныл бадгӕйӕ нӕ, фӕлӕ уӕлӕрвтӕй.

23:33 – Цы у «Йегъовӕйы уаргъ»? Иерусалим пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй Йереми йӕ рӕстӕджы цы тӕрхӕттӕ хъусын кодта, уыдон йе ’мбӕстӕгтӕн уыдысты уӕззау уаргъ. Фӕлӕ дурзӕрдӕ адӕм сӕхӕдӕг Йегъовӕйӕн ахӕм уаргъ уыдысты, ӕмӕ йӕ фӕндыд, куы сӕ фервӕзтаид. Раст афтӕ, Библийы хабар, чырыстон дуне тагъд пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый чырыстон аргъуантӕн у уаргъ. Йегъовӕйӕн та уӕззау уаргъ сты, уыцы хабар чи ницӕмӕ дары, уыцы адӕм.

31:33 – Хуыцауы закъон зӕрдӕты фыст куыд цӕуы? Адӕймаг Хуыцауы закъон афтӕ куы уарза, ӕмӕ йӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй тынгдӕр куы ницы фӕнда, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы закъон фыст у йӕ зӕрдӕйы.

32:10–15 – Иу хъуыддаджы фӕдыл дыууӕ бадзырды кӕнын цӕмӕн хъуыд? Мыхуыр-иу цы бадзырдыл нӕ сӕвӕрдтой, уый-иу ныууагътой, цӕмӕй-иу ӕм уый фӕстӕ дӕр ӕркӕсӕн уыдаид. Мыхуырӕвӕрд бадзырды фӕрцы та сбӕлвырд кӕнӕн уыд, гом бадзырд раст кӕй у, уый, ӕмӕ-иу куы хъуыд, уӕд-иу ӕй байгом кодтой. Йереми нын хорз дӕнцӕг ныууагъта, йӕ хӕстӕг ӕмӕ йе ’муырнӕг чи уыд, суанг уыимӕ дӕр бадзырд закъонмӕ гӕсгӕ кӕй скодта, уымӕй.

33:23, 24 – Цавӕр «дыууӕ мыггаджы» кой цӕуы ам? Сӕ иу дзы у паддзах Давиды хӕдзарвӕндаг, иннӕ та сауджын Аароны хӕдзарвӕндаг. Иерусалим ӕмӕ Йегъовӕйы кувӕндон пырх куы ’рцыдысты, уӕд адӕммӕ афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ Йегъовӕ ацы дыууӕ мыггагыл йӕ къух систа ӕмӕ зӕххыл никуыуал паддзахиуӕг кӕндзӕн, стӕй раст дин йӕ къахыл никуыуал слӕудзӕн.

46:22 – Египеты хъӕлӕс калмы хъӕлӕсимӕ цӕмӕн абарстӕуыд? Ӕвӕццӕгӕн, уый амоны, Египет кӕй у, фӕстӕмӕ сыф-сыфгӕнгӕ чи фӕбыры, ахӕм калмы хуызӕн, кӕнӕ та бӕллӕхты фыдӕй Египеты адӕмы хъӕлӕс тыхӕй-фыдӕй кӕй хъуысы, уымӕ. Ацы абарст ма ӕвдисы, Египеты фараонтӕ сӕ сӕртыл калм-ус-хуыцау Уаджеты ныв дзӕгъӕлы кӕй дардтой. Даргӕ та йӕ уымӕн кодтой, цӕмӕй сӕ хъахъхъӕдтаид.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

21:8, 9; 38:19. Иерусалим ныппырх кӕнынмӕ бирӕ куы нал баззад, уӕд дӕр ма Йегъовӕ, фӕсмон чи нӕ кодта ӕмӕ мӕлӕты аккаг чи уыд, Иерусалимы уыцы цӕрджытӕн лӕвӕрдта фадат, цӕмӕй фервӕзтаиккой. О, йӕ «хорзӕх... стыр у» (2 Паддзахӕдты 24:14; Псалом 118:156, МГТ).

31:34. Куыд хорз у, Йегъовӕ кӕй нал ӕрымысы, кӕмӕн ныххатыр кодта, уыдоны тӕригъӕдтӕ, ӕмӕ сӕ сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй кӕй нал бафхӕрдзӕн!

38:7–13; 39:15–18. Йегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн нӕ иузӕрдион лӕггад. Уымӕ хауы, сыгъдӕджытӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый дӕр (Дзуттӕгтӕм 6:10).

45:4, 5. Иудӕйы фӕстаг бонты куыд уыд, афтӕ ацы цардӕвӕрды «фӕстаг бонты» дӕр уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ агурӕм «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ», зӕгъӕм, хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ бонджын цард (2 Тимофеймӕ 3:1; 1 Иоанны 2:17).

ИЕРУСАЛИМ АРТЫ ХАЙ БАЦИС

(Йереми 52:1–34)

Н. э. агъоммӕ 607 аз. Седеки иуӕндӕсӕм аз уыд паддзах. Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕрхъула кодта Иерусалимыл ӕмӕ 18 мӕйы дӕргъы йе ’фсад лӕууыд уым. Навуходоносоры хицаудзинады нудӕсӕм азы фӕндзӕм мӕйы ӕвдӕм боны Навузардан, хъахъхъӕнджыты хистӕр, ӕрцыд Иерусалиммӕ (4 Паддзахӕдты 25:8). Навузардан, горӕты ӕдде кӕм ӕрбынат кодта, уырдыгӕй, ӕвӕццӕгӕн, уавӕрмӕ касти ӕмӕ хъуыды кодта, куыд архайдзӕн, ууыл. Ӕртӕ боны фӕстӕ, мӕйы дӕсӕм бон, уый бабырста Иерусалиммӕ. Ӕмӕ фӕстӕдӕр горӕт арты хай бакодта (Йереми 52:7, 12).

Йереми бӕстон ныффыста, Иерусалим куыд басӕтдзӕн, уыцы хабӕрттӕ. Уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрцыд фыст Библийы чингуытӕй иу – Йеремийы хъарӕг.

[Ныв 8 фарсыл]

Йереми хъусын кодта, Йегъовӕ иннӕтӕн, стӕй Иерусалимӕн дӕр цы тӕрхӕттӕ рахаста, уыдон

[Ныв 9 фарсыл]

Йегъовӕ Йеремийы ныхмӕ йӕ тыхӕй куыд спайда кодта?

[Ныв 10 фарсыл]

«Ацы хорз легъуитӕм куыд кӕсын, афтӕ кӕсдзынӕн Иудӕйы уацайрӕгтӕм» (Йереми 24:5)