Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Стӕм сӕрныллӕг ӕмӕ уарзӕгой фыййӕутты коммӕ кӕсӕм

Стӕм сӕрныллӕг ӕмӕ уарзӕгой фыййӕутты коммӕ кӕсӕм

Стӕм сӕрныллӕг ӕмӕ уарзӕгой фыййӕутты коммӕ кӕсӕм

«Разамынд уын чи дӕтты, уыдонмӕ... хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут» (ДЗУТТӔГТӔМ 13:17).

1, 2. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо уарзӕгой Фыййӕуттӕ кӕй сты, уый цавӕр стихтӕй у бӕрӕг?

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ ӕмӕ йӕ Фырт, Йесо Чырысти сты уарзӕгой Фыййӕуттӕ. Пехуымпар Исай загъта: «Мӕнӕ, Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ ӕрцӕудзӕн тыхджыны хуызӕн, ӕмӕ йӕ къух разамынд кӕндзӕн... Фыййау дзуг куыд хиза, афтӕ хиздзӕн йӕ дзуг. Уӕрыччыты исдзӕн йӕ къухмӕ ӕмӕ сӕ йӕ тары хӕсдзӕн. Ногзӕддаг фысты сындӕг скъӕрдзӕн» (Исай 40:10, 11).

2 Ацы пехуымпарад у, раст дин йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ фыццаг хатт сӕххӕст н. э. агъоммӕ 537 азы, иудейтӕ фӕстӕмӕ Иудӕмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд (2 Паралипоменон 36:22, 23). Уый ма ноджыдӕр сӕххӕст 1919 азы, Стырдӕр Кир, Йесо Чырысти, сӕрст чырыстӕтты «Стыр Вавилонӕй» куы ссӕрибар кодта, уӕд (Раргомад 18:2; Исай 44:28). Чырысти у Йегъовӕйы разамонӕг «къух». Уый фысты иумӕ ӕмбырд кӕны, хизы сӕ ӕмӕ сыл зӕрдӕйӕ тыхсы. Йесо йӕхи тыххӕй загъта: «Ӕз та дӕн хорз фыййау, ӕз зонын мӕ фысты, стӕй мӕ мӕ фыстӕ дӕр зонынц» (Иоанны 10:14).

3. Йегъовӕ йӕ фыстыл зӕрдӕйӕ кӕй тыхсы, уый куыд ӕвдисы?

3 Исайы 40:10, 11 фыст пехуымпарад ирдӕй ӕвдисы Йегъовӕ йӕ адӕмыл зӕрдӕйӕ кӕй тыхсы (Псалом 22:1–6). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд уый дӕр равдыста, зӕрдӕйӕ кӕй тыхст йӕ ахуыргӕнинӕгтыл дӕр ӕмӕ ӕппӕт адӕмыл дӕр (Матфейы 11:28–30; Марчы 6:34). Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн тынг зын уыд, Израилы дурзӕрдӕ фыййӕуттӕ, ома разамонджытӕ, адӕмыл кӕй нӕ тыхстысты, кӕй сӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ уымӕй ӕфсӕрмы дӕр кӕй нӕ кодтой (Иезекил 34:2–10; Матфейы 23:3, 4, 15). Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн мӕ фысты, ӕмӕ искӕй амӕттаг нал фӕуыдзысты ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй ныллӕудзынӕн дыууӕ фысы ’хсӕн. Сӕвӕрдзынӕн сын иу фыййау, мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды, ӕмӕ сӕ уый хиздзӕн. Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ суыдзӕн сӕ фыййау» (Иезекил 34:22, 23). Ацы кӕроны рӕстӕджы Йесо Чырысти, Стырдӕр Давид, у, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕххыл – сӕрст чырыстӕттӕн ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» – кӕй снысан кодта, уыцы «иу фыййау» (Иоанны 10:16).

Йегъовӕйы лӕвӕрттӕ ӕмбырдӕн

4, 5. а) Цавӕр зынаргъ лӕвар радта Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕххыл? ӕ) Йесо цавӕр лӕвар радта йе ’мбырдӕн?

4 Йегъовӕ йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕн «иу фыййау» – Йесо Чырыстийы – кӕй сӕвӕрдта, уый у зынаргъ лӕвар чырыстон ӕмбырдӕн. Уыцы лӕвары, уӕларвон Разамонӕджы тыххӕй Исайы 55:4 фыст ис: «Мӕнӕ! Ӕз ӕй радтон ӕвдисӕнӕй адӕмтӕн, разамонӕг ӕмӕ хицауӕй адӕмтӕн». Сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» дӕр ӕмбырдгонд цӕуынц алы адӕмыхӕттытӕй, мыггӕгтӕй, адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй (Раргомад 5:9, 10; 7:9). Уыдон сты ӕппӕтдунеон ӕмбырд, «иу дзуг» ӕмӕ сын ис «иу фыййау» Йесо Чырысти.

5 Йесо дӕр йе ’мбырдӕн зӕххыл радта зынаргъ лӕвар – ӕууӕнкджын фыййӕуттӕ. Уыдон фӕзмынц Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы, ӕмӕ дзугыл зӕрдӕйӕ тыхсынц. Уыцы зӕрдиаг лӕвары тыххӕй фыста апостол Павел йӕ фыстӕджы Ефесы чырыстӕттӕм: «„Уӕлӕмӕ куы ссыд, уӕд акодта уацайрӕгты, ӕмӕ радта лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты“. Кӕй радта, уыдонӕй иутӕ сты апостолтӕ, иннӕтӕ – пехуымпартӕ, чидӕртӕ – хорз хабар хъусынгӕнджытӕ, чидӕртӕ та – фыййӕуттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, цӕмӕй сыгъдӕджыты раст зондыл аразой, иннӕтӕн лӕггад кӕной ӕмӕ Чырыстийы буар фидар кӕной» (Ефесӕгтӕм 4:8, 11, 12).

6. Ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгты советты чи лӕггад кодта, уыцы сӕрст цӕстдарджытӕ Раргомады 1:16, 20 куыд цӕуынц ӕвдыст ӕмӕ цы ис зӕгъӕн, ӕндӕр фыстӕй чи у, уыцы нысангонд хистӕр нӕлгоймӕгтӕй?

6 Уыцы «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгтӕ» сты цӕстдарджытӕ, кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Йегъовӕ ӕмӕ сӕ йӕ Фырт сыгъдӕг удӕй снысан кодтой, цӕмӕй фысты хизой ӕмӕ сыл зӕрдӕйӕ тыхсой (Хъуыддӕгтӕ 20:28, 29). Райдианы ацы цӕстдарджытӕ иууылдӕр уыдысты сӕрст чырыстон нӕлгоймӕгтӕ. Сӕрст чырыстӕтты ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгты советты чи лӕггад кодта, уыдон Раргомады 1:16, 20 ӕвдыст сты «стъалытӕй» кӕнӕ «зӕдтӕй» Чырыстийы рахиз къухы, ома сты йӕ дӕлбар. Фӕлӕ ацы кӕроны рӕстӕджы сӕрст цӕстдарджыты нымӕц зӕххыл къаддӕр кӕны, ӕмӕ ныр ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ фылдӕр сты ӕндӕр фыстӕй. Разамонӕг совет сӕ сыгъдӕг уды разамындӕй кӕй снысан кӕны, уый тыххӕй уыдонӕй дӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ сты Хорз Фыййау Йесо Чырыстийы рахиз къухы (ома йӕ къухдариуӕджы бын) (Исай 61:5, 6). Ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Чырыстийы, ӕмбырды Сӕры, коммӕ кӕй кӕсынц, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ семӕ ӕмвӕндӕй архайӕм (Колоссӕгтӕм 1:18).

Хъусӕм сӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм

7. Чырыстон цӕстдарджытӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй апостол Павел цавӕр уынаффӕ радта?

7 Нӕ уӕларвон Фыййӕутты, Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы, фӕнды, цӕмӕй, ӕмбырды хъуыддӕгтӕ кӕй бӕрны бакодтой, уыцы фыййӕуттӕм хъусӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм (1 Петры 5:5). Хуыцауы комытӕфӕй апостол Павел ныффыста: «Ма рох кӕнут, разамынд уын чи дӕтты, Хуыцауы ныхас уын чи дзырдта, уыдоны, ӕмӕ, сӕ цард цы хорз тыллӕг хӕссы, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ сын сӕ уырнындзинад фӕзмут. Разамынд уын чи дӕтты, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн. Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕвӕндонӕй ма кӕной, фӕлӕ зӕрдӕрухсӕй. Ӕвӕндонӕй йӕ куы кӕной, уӕд уый сымахӕн хорз нӕу» (Дзуттӕгтӕм 13:7, 17).

8. Павел нын, «хъуыды кӕнут», зӕгъгӕ, цӕмӕй дзуры ӕмӕ куыд хъуамӕ «хъусӕм»?

8 Нӕ хъус ма ӕрдарӕм, Павел кӕй дзуры, цӕмӕй «хъуыды кӕнӕм», ома лӕмбынӕг кӕсӕм иузӕрдион хистӕр нӕлгоймӕгты цардмӕ ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фӕзмӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй уыцы нысангонд нӕлгоймӕгты разамындмӕ хъусӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм. Дзырд «хъусут»-ы тыххӕй библииртасӕг Р. Т. Франс фыссы, зӕгъгӕ, «грекъаг тексты ам цы дзырд ис, уый, „хъусын“-ӕн ӕнӕуи кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, уыцы дзырд нӕу, фӕлӕ комкоммӕ нысан кӕны „фидарӕй зонын“, ӕмӕ йӕ хъуыды у, ӕнӕзивӕгӕй [хистӕр нӕлгоймӕгты] разамындмӕ хъусын». Хистӕр нӕлгоймӕгты коммӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ кӕсӕм, ӕмӕ нын афтӕ Хуыцауы Ныхас дзуры, фӕлӕ ма уыдон Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтыл ӕмӕ махыл дӕр зӕрдӕйӕ кӕй тыхсынц, уый фидарӕй кӕй зонӕм, уый тыххӕй дӕр. Сӕ разамындыл сын ӕнӕзивӕгӕй куы разы кӕнӕм, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдзыстӕм амондджын.

9. «Хъусынӕй» дарддӕр ма коммӕ дӕр цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

9 Зӕгъӕм, цавӕрдӕр хъуыддаг, хистӕр нӕлгоймаг куыд дзуры, афтӕ бакӕнын нӕм раст нӕ кӕсы. Цымӕ куыд бакӕндзыстӕм? Растдӕр уӕд хъӕудзӕн коммӕ бакӕсын. Алцыдӕр куы ’мбарӕм ӕмӕ алцӕимӕдӕр разы куы уӕм, уӕд коммӕ кӕсын ӕнцон у. Фӕлӕ ӕцӕг коммӕгӕсдзинад уый уыдзӕн, исты куы нӕ ’мбарӕм, афтӕмӕй коммӕ куы кӕсӕм. Петр, фӕстӕдӕр апостол чи сси, уый, равдыста ахӕм коммӕгӕсдзинад (Лукайы 5:4, 5).

Цӕстдарджытимӕ ӕмвӕндӕй цӕмӕн архайӕм

10, 11. Цӕстдарджытӕ фыццаг ӕнусы се ’мчырыстӕттӕн Хуыцауы Ныхас куыд дзырдтой ӕмӕ йӕ абон куыд дзурынц?

10 Дзуттӕгтӕм 13:7, 17 апостол Павел бамбарын кодта, чырыстон цӕстдарджытӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм ӕмӕ сӕ коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм, уый. Фыццаг, уыдон нын «Хуыцауы Ныхас... дзурынц». Рох нӕ ма уӕд: Йесо Чырысти ӕмбырдӕн кӕй дӕтты, уыцы «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгтӕ» уый тыххӕй сты, цӕмӕй «сыгъдӕджыты раст зондыл аразой» (Ефесӕгтӕм 4:11, 12). Уый йӕ иузӕрдион фыййӕутты уылты фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн раст кодта сӕ зондахаст ӕмӕ се ’гъдау. Уыцы фыййӕуттӕй иуӕй-иутӕ сыгъдӕг уды руаджы ныффыстой фыстӕджытӕ ӕмбырдтӕм. Сыгъдӕг удӕй нысангонд чи уыд, ахӕм цӕстдарджыты уылты Йесо фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн разамынд лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ фидар кодта (1 Коринфӕгтӕм 16:15–18; 2 Тимофеймӕ 2:2; Титмӕ 1:5).

11 Абон Йесо Чырысти махӕн разамынд дӕтты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты. «Цагъары» номӕй архайынц Разамонӕг совет ӕмӕ нысангонд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Матфейы 24:45). «Хистӕр фыййау» Йесо Чырыстийӕн кӕй кад кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ мах хъусӕм Павелы уынаффӕмӕ: «Чи уӕм фыдӕбон кӕны, Хицауы хъуыддаджы уын разамынд чи дӕтты ӕмӕ уын зонд чи амоны, уыдоны нымайут» (1 Петры 5:4; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:12; 1 Тимофеймӕ 5:17).

12. Цӕстдарджытӕ «ӕдзухдӕр махыл [куыд] тыхсынц»?

12 Дыккаг, чырыстон цӕстдарджытимӕ ма ӕмвӕндӕй уымӕн хъуамӕ архайӕм, ӕмӕ уыдон «ӕдзухдӕр махыл тыхсынц». Уыдон нын нӕ зондахаст кӕнӕ нӕ уагахасты ахӕмӕй исты куы бафиппайынц, ӕмӕ нын нӕ уырнындзинадӕн зиан ӕрхӕсдзӕн, уӕд ӕвӕстиатӕй немӕ аныхас кӕнынц ӕмӕ нын раттынц, раст зондыл нӕ чи сараздзӕн, ахӕм уынаффӕ (Галатӕгтӕм 6:1). Дзырдтӕ, «ӕдзухдӕр тыхсынц», зӕгъгӕ, цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «фынӕй нӕ кӕнын». Иу библииртасӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый «амоны, ӕдзух цырддзаст чи вӕййы, ахӕм фыййаумӕ». Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕрмӕст сӕхи уырнындзинадыл хъуыды кӕнгӕйӕ не сты цырддзаст. Уыдон ӕгъуыссӕг фӕвӕййынц мах уырнындзинадыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕр. Уарзӕгой фыййӕуттӕ, сӕ бон цы у, уый кӕнынц, цӕмӕй ныл зӕрдӕйӕ тыхсой «фыстӕн се стыр фыййау» Йесо Чырыстийау. Уӕдӕ семӕ ӕмвӕндӕй куыннӕ хъуамӕ архайӕм! (Дзуттӕгтӕм 13:20).

13. Цӕстдарджытӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ иууылдӕр дзуапп кӕмӕн дӕттынц ӕмӕ цӕй тыххӕй?

13 Ӕртыккаг, цӕстдарджытимӕ ӕмвӕндӕй архайӕм, уымӕн ӕмӕ уыдоны «мах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн». Цӕстдарджытӕ нӕ рох кӕнынц, уыдон уӕларвон Фыййӕутты, Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы коммӕ кӕй кӕсынц (Иезекил 34:22–24). Йегъовӕ у, «йӕ Фырты тугӕй... [кӕй] балхӕдта», уыцы фысты Хицау. Ӕмӕ нысангонд цӕстдарджытӕй дзуапп домы, зӕрдӕйӕ кӕуыл хъуамӕ тыхсой, уыцы дзугӕн куыд сты, уый тыххӕй (Хъуыддӕгтӕ 20:28, 29). Уӕдӕ мах иууылдӕр Йегъовӕйӕн дзуапп дӕттӕм, йӕ разамындмӕ йын куыд хъусӕм, уый тыххӕй (Ромӕгтӕм 14:10–12). Нысангонд цӕстдарджытӕм кӕй хъусӕм, уымӕй ма ӕвдисӕм, ӕмбырды Сӕр Чырыстийы коммӕ кӕй кӕсӕм, уый дӕр (Колоссӕгтӕм 2:19).

14. Чырыстон цӕстдарджытӕ «ӕвӕндонӕй» лӕггад кӕнын цӕй аххосӕй райдаиккой ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркӕнид?

14 Чырыстон цӕстдарджыты коммӕ сӕрныллӕгӕй цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй ма Павел загъта: «Цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕвӕндонӕй ма кӕной, фӕлӕ зӕрдӕрухсӕй. Ӕвӕндонӕй йӕ куы кӕной, уӕд уый сымахӕн хорз нӕу» (Дзуттӕгтӕм 13:17). Хистӕр нӕлгоймӕгтыл ис бирӕ хӕстӕ – дзуджы ахуыр кӕнын, кӕсын ӕм, уацамындӕн разамынд дӕттын, хи бинонты дарын ӕмӕ, ӕмбырды цы зын фарстатӕ фӕзыны, уыдон скъуыддзаг кӕнын. Уый у уӕззау уаргъ (2 Коринфӕгтӕм 11:28, 29). Ӕмӕ семӕ ӕмвӕндӕй куы нӕ архайӕм, уӕд сын сӕ уаргъ кӕндзыстӕм ноджы уӕззаудӕр. Уӕд сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕндзысты «ӕвӕндонӕй». Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, ӕмвӕндӕй архайын нӕ куы нӕ фӕнда, уый. Стӕй уый нӕхицӕн дӕр хорз нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы аргъ кӕнӕм ӕмӕ семӕ ӕмвӕндӕй куы архайӕм, уӕд сӕ хӕстӕ зӕрдӕрайгӕйӕ ӕххӕст кӕндзысты. Афтӕмӕй та нӕ иудзинад кӕндзӕн ӕнгомдӕр ӕмӕ ноджы тынгдӕр цин кӕндзыстӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнгӕйӕ (Ромӕгтӕм 15:5, 6).

Коммӕггӕс стӕм

15. Нысангонд цӕстдарджытӕм кӕй хъусӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уый нӕ бон ӕвдисын куыд у?

15 Нысангонд цӕстдарджытимӕ нӕ бон бирӕ хъуыддӕгты у ӕмвӕндӕй архайын. Зӕгъӕм, кӕм хъусын кӕнӕм, уым уавӕртӕ фӕивтой, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уацамындон фембӕлдтӕ ахӕм бонтӕм, стӕй ахӕм рӕстӕгмӕ ахастой, ӕмӕ нӕ хъӕуы нӕ график фӕивын. Куыд кӕнӕм уӕд? Нӕ график аивӕм, цӕмӕй уыцы фембӕлдтӕ ма цух кӕнӕм. Уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ схайджын уӕм, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕй не стӕм, ахӕм арфӕдзинӕдтӕй. Кӕнӕ куыд кӕндзыстӕм, уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг нӕ чиныгахуыр куы бӕрӕг кӕна, уӕд? Цӕй ӕмӕ уыцы къуыри, нӕ бон цас уа, уыйас хъусын кӕнӕм. Ӕмӕ нын Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы хӕслӕвӕрд куы радтой, уӕд та? Уӕд хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй уыцы бон фембӕлд ма фӕцух кӕнӕм ӕмӕ нӕ хӕслӕвӕрд радзурӕм. Йе та нын, зӕгъӕм, нӕ чиныгахуыры цӕстдарӕг загъта, нӕ рад кӕй у Паддзахады зал ӕфснайын. Уӕдӕ нын уыцы хъуыддаджы дӕр не ’нӕниздзинад ӕмӕ нӕ хъарутӕ цас амонынц, уыйас кӕнӕм. Ацы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр ӕвдисӕм, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт дзугмӕ кӕсынӕн кӕй снысан кодтой, уыцы нӕлгоймӕгты коммӕ кӕй кӕсӕм.

16. Хистӕр нӕлгоймаг куы рӕдийа, уӕддӕр коммӕ ма кӕсӕм, уый раст цӕуылнӕ уыдзӕн?

16 Хатт, хистӕр нӕлгоймаг, гӕнӕн ис, хъуыддӕгтӕ ӕууӕнкджын цагъар ӕмӕ йӕ Разамонӕг советы разамындмӕ гӕсгӕ ма кӕна. Дарддӕр дӕр афтӕ куы кӕна, уӕд дзуапп ратдзӕн Йегъовӕйы раз – нӕ «фыййау ӕмӕ... [нӕ] цӕстдарӕджы» раз (1 Петры 2:25). Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цыфӕнды ма рӕдийой, уӕддӕр мах ӕгоммӕгӕс уӕм, уый раст нӕ уыдзӕн. Йегъовӕ ӕгоммӕгӕсты ӕмӕ змӕнтджыты йӕ хорзӕхӕй нӕ хайджын кӕны (Нымӕцтӕ 12:1, 2, 9–11).

Йегъовӕ арфӕ кӕны нӕ ӕмвӕнд архайдӕн

17. Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм нӕ цӕстдарджытӕм?

17 Йегъовӕ Хуыцау зоны, цӕстдарджытӕй кӕй снысан кодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕххӕст кӕй сты. Фӕлӕ сӕ уый пайда кӕны ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уды рауджы разамынд дӕтты йӕ адӕмӕн зӕххыл. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй – стӕй махӕй алкӕмӕй дӕр – зӕгъӕн ис, ӕмӕ «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару – нӕхицӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй... [кӕй] у» (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Уӕдӕ хъуамӕ бузныг уӕм Йегъовӕйӕ, нӕ иузӕрдион цӕстдарджыты уылты цы аразы, уый тыххӕй ӕмӕ семӕ ӕмвӕндӕй архайӕм.

18. Нӕ цӕстдарджыты коммӕ кӕй кӕсӕм, уый цӕуыл дзурӕг у?

18 Цӕстдарджытӕ сӕ тыхтыл нӕ ауӕрдынц, цӕмӕй уой, Йеремийы 3:15 кӕй кой ис, ахӕм фыййӕутты хуызӕн. Уым дзырд цӕуы, Йегъовӕ ацы фӕстаг бонты йӕ фыстӕн цавӕр фыййӕутты снысан кӕндзӕн, ууыл: «Ӕз уын ратдзынӕн, мӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм фыййӕуттӕ, уыдон уын зонындзинӕдтӕ дӕтдзысты ӕмӕ уӕ арф хъуыды кӕнын ахуыр кӕндзысты». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’хсӕн цы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ис, уыдон Йегъовӕйы фысты куыд ахуыр кӕнынц ӕмӕ сӕ куыд хъахъхъӕнынц, уый тыххӕй сты раппӕлинаг. Уӕдӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр семӕ ӕмвӕндӕй архайӕм, хъусӕм сӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм, ӕмӕ уымӕй ӕвдисӕм, сӕ уӕззау фыдӕбоны тыххӕй сӕ бузныг кӕй стӕм, уый. Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, бузныг кӕй стӕм нӕ уӕларвон Фыййӕуттӕ Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ.

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти уарзӕгой Фыййӕуттӕ кӕй сты, уый куыд равдыстой?

• Хъусынӕй дарддӕр ма коммӕ дӕр цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

• Коммӕгӕс кӕй стӕм, уый цавӕр хъуыддӕгты у нӕ бон ӕвдисын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 27 фарсыл]

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ Разамонӕг Чырыстийы коммӕ кӕсынц

[Нывтӕ 29 фарсыл]

Йегъовӕйы нысангонд фыййӕутты коммӕ кӕсын нӕ бон у бирӕ хъуыддӕгты