Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хӕйрӕджытӕ. Нӕ бон куыд у сӕ ныхмӕ фӕлӕууын?

Хӕйрӕджытӕ. Нӕ бон куыд у сӕ ныхмӕ фӕлӕууын?

Хӕйрӕджытӕ. Нӕ бон куыд у сӕ ныхмӕ фӕлӕууын?

«Сӕ фыццаджы бынат чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ сӕ цӕрӕнбынат чи ныууагъта, уыцы зӕдты та [Хуыцау] ӕнусон рӕхыстӕй бастӕй дары саудалынджы, стыр тӕрхоны бонмӕ» (ИУДӔЙЫ 6).

1, 2. Цавӕр фарстытӕ сӕвзӕры Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджыты тыххӕй?

«КЪӔРЦХЪУС УТ, ма бафынӕй ут,– фӕдзӕхсы апостол Петр,– уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра» (1 Петры 5:8). Хӕйрӕджыты тыххӕй та апостол Павел мӕнӕ цы дзуры: «Мӕн та нӕ фӕнды, цӕмӕй уын хӕйрӕджытимӕ иумӕйагӕй исты уа. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы нуазӕнӕй дӕр нуазат ӕмӕ хӕйрӕджыты нуазӕнӕй дӕр. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ „Йегъовӕйы фынгӕй дӕр хӕрат“ ӕмӕ хӕйрӕджыты фынгӕй дӕр» (1 Коринфӕгтӕм 10:20, 21).

2 Фӕлӕ чи у Сайтан ӕмӕ чи сты хӕйрӕджытӕ? Куыд ӕмӕ кӕд фӕзындысты? Хуыцау сӕ сфӕлдыста? Цымӕ тынг ӕндавынц адӕмыл? Кӕд сӕ нӕ бон нӕхи бахъахъхъӕнын у, уӕд цӕй фӕрцы?

Куыд фӕзындысты Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕ?

3. Хуыцауы сконд зӕд Сайтан Хӕйрӕг куыд сси?

3 Ӕппӕты райдианы, Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Едемы цӕхӕрадоны куы ’рцӕрын кодта, уӕд йе сконд зӕдтӕй иу йӕ ныхмӕ рацыд. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕйы уӕларвон организацийы цы бынат уыд, уымӕй разы нӕ уыд. Адам ӕмӕ Евӕ куы фӕзындысты, уӕд уыцы зӕд ахъуыды кодта, уый хорз фадат кӕй у, адӕмы ӕцӕг Хуыцауӕй йӕхимӕ аздахынӕн, цӕмӕй йӕ коммӕ кӕсой ӕмӕ йын кувой. Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд ӕмӕ фыццаг лӕг ӕмӕ усы тӕригъӕды фӕндагыл кӕй бафтыдта, уымӕ гӕсгӕ уыцы зӕд сси Сайтан Хӕйрӕг. Уый фӕстӕ йӕм ӕрбаиу сты ӕндӕр зӕдтӕ дӕр. Куыд? (Райдиан 3:1–6; Ромӕгтӕм 5:12; Раргомад 12:9).

4. Нойы рӕстӕджыты Доны хъаймӕты размӕ ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ цы бакодтой?

4 Фыстад нын куыд дзуры, афтӕмӕй Доны хъаймӕты размӕ иуӕй-иу зӕдтӕ зӕххон сылгоймӕгтӕм мондаг цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Сӕ чъизи фӕндтӕ сӕххӕст кӕнынӕн, «ӕцӕг Хуыцауы [уӕларвон] фырттӕ райдыдтой кӕсын адӕймаджы чызджытӕм, рӕсугъд кӕй сты, уымӕ,– дзуры Библи,– ӕмӕ-иу кӕй равзӕрстой, уыдонӕй-иу сӕхицӕн устытӕ кодтой». Хуыцау сӕ уый тыххӕй не сфӕлдыста, цӕмӕй сылгоймӕгтимӕ цардаиккой. Уымӕ гӕсгӕ сын гуырд ӕнахуыр сывӕллӕттӕ – уӕйгуытӕ (Райдиан 6:2–4). Афтӕмӕй зӕдтӕй Йегъовӕйы коммӕ чи нӕ бакаст, уыдон Сайтанмӕ ӕрбаиу сты ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты.

5. Йегъовӕ Доны хъаймӕт куы рауагъта, уӕд ӕгоммӕгӕс зӕдтыл цы ’рцыд?

5 Йегъовӕ адӕмыл Доны хъаймӕт куы рауагъта, уӕд уӕйгуытӕ ӕмӕ сӕ мадӕлтӕ амардысты. Ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ ныууагътой сӕ адӕймаджы буӕрттӕ ӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхтысты. Фӕлӕ сӕ «фыццаджы бынатмӕ», Хуыцауы фарсмӕ, сӕ бон баздӕхын нал уыд. Хуыцау сӕ арвыста «саудалынгмӕ» – тартармӕ (Иудӕйы 6; 2 Петры 2:4).

6. Хӕйрӕджытӕ адӕмы куыд сайынц?

6 Фыдгӕнӕг зӕдтӕ сӕ «фыццаджы бынат» куы фесӕфтой, уӕд систы хӕйрӕджытӕ, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Сайтанӕн йӕ фыдхъуыддӕгты ӕххуыс кӕнынц. Хӕйрӕджытӕн сӕ бон нал у адӕймаджы буар райсын. Фӕлӕ уыдон нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты ардауынц алы чъизи ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ кӕнынмӕ. Хӕйрӕджытӕ ма сайынц адӕмы дӕснытимӕ баст хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕнынӕй ӕмӕ дӕсныфӕрсынӕй (Дыккаг закъон 18:10–13; 2 Паралипоменон 33:6). Фыдгӕнӕг зӕдтӕн дӕр ӕмӕ Хӕйрӕгӕн дӕр сӕ кӕрон уыдзӕн иу – ӕнустӕм фесӕфдзысты (Матфейы 25:41; Раргомад 20:10). Фӕлӕ уал мах хъуамӕ фидар уӕм ӕмӕ сӕ ныхмӕ лӕууӕм. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, куы ’ркӕсиккам цавӕр тых ис Сайтанмӕ ӕмӕ нӕ бон куыд у йӕ ныхмӕ ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууын.

Цавӕр тых ис Сайтанмӕ?

7. Сайтан дунейыл куыд ӕндавы?

7 Адӕм кӕдӕй сты, уӕдӕй нырмӕ Сайтан Йегъовӕйыл цъыфкалӕн кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ӕмӕ ӕндавы адӕмӕн сӕ фылдӕрыл. «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы»,– фыст ис 1 Иоанны 5:19. Уӕдӕ Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд «зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ» уыд, уыдон ын сӕ кады фидыцимӕ дӕр уымӕн лӕвӕрдта (Лукайы 4:5–7). Сайтаны тыххӕй апостол Павел загъта: «Гъеныр кӕд, цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, уый искӕмӕй ӕмбӕхст у, цыма йыл ӕмбӕрзӕн ис, афтӕ, уӕд – сӕфты фӕндагыл чи лӕууы, уыдонӕй, ацы цардӕвӕрды хуыцау сӕ сӕрызонд кӕмӕн бакуырм кодта, уыцы ӕнӕуырнджытӕй, цӕмӕй сӕм ма бакӕла, Хуыцауы хуызӕн чи у, уыцы Чырыстийы тыххӕй диссаджы хорз хабары рухс» (2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4). Сайтан у «мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд», фӕлӕ уый «йӕхи афтӕ ӕвдисы, цыма рухсы зӕд у» (Иоанны 8:44; 2 Коринфӕгтӕм 11:14). Уымӕ ис тых ӕмӕ зонгӕ дӕр кӕны, ацы дунейы хицӕутты ӕмӕ, сӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмы зонд куыд бакуырм кӕна, уый. Сайтан адӕмы сайы хин ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕй, стӕй дины таурӕгътӕй.

8. Сайтанмӕ цавӕр тых ис, уый тыххӕй Библи цы дзуры?

8 Сайтанмӕ цавӕр тых ис ӕмӕ йӕ бон цас у, уый рабӕрӕг пехуымпар Данелы рӕстӕджы, нӕ эрӕйӕ иу-фондз ӕнусы раздӕр. Йегъовӕ Данелмӕ йӕ зӕды зӕрдӕфидаргӕнӕн хабаримӕ куы арвыста, уӕд йӕ ныхмӕ фӕцис хӕйрӕджытӕй иу – «Персы паддзахы зӕххыты кънйаз». Йегъовӕйы иузӕрдион зӕд 21 бон фӕндагыл ныффӕстиат, цалынмӕ йӕм «ӕппӕты хистӕр кънйӕзтӕй иу, Михаил», ӕххуысмӕ нӕ фӕзынд, уӕдмӕ. Уым ма ис «Гречъы кънйазы [хӕйрӕджы]» кой дӕр (Данел 10:12, 13, 20, НД). Раргомады 13:1, 2 та Сайтан ӕвдыст у «залиаг калмы» хуызы, уый дӕтты политикон сырдӕн «йӕ тых, йӕ паддзахбадӕн ӕмӕ стыр бартӕ».

9. Чырыстӕттӕ кӕй ныхмӕ тох кӕнынц?

9 Диссаг нӕу, апостол Павел афтӕ кӕй ныффыста: «Нӕ тох туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ хицауӕдты ныхмӕ, сӕргълӕуджыты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты ныхмӕ, уӕларвон фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:12). Сайтан Хӕйрӕг абон дӕр у фыдгӕнӕг тыхты разамонӕг. Хӕйрӕджытӕ сӕхи не ’вдисынц, афтӕмӕй ӕндавынц хицӕуттыл ӕмӕ ӕппӕт адӕмыл. Уыдон сӕ ардауынц алы ӕвирхъау хъуыддӕгтӕ кӕнынмӕ, зӕгъӕм, геноцидмӕ, теракттӕм ӕмӕ лӕгмӕрдтӕм. Цӕй уӕдӕ ’ркӕсӕм, ацы хъомысджын фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар фӕлӕууын нӕ бон куыд у.

Цы нын ис нӕхи хъахъхъӕнынӕн?

10, 11. Сайтан ӕмӕ йӕ фыдгӕнӕг зӕдты ныхмӕ нӕ бон фӕлӕууын куыд у?

10 Махӕн нӕ бон нӕу Сайтан ӕмӕ йӕ фыдгӕнӕг зӕдты ныхмӕ ӕрмӕст нӕхи хъаруйӕ ӕмӕ нӕхи зондӕй тох кӕнын. Павел нын дзуры: «Уӕхи фидар кӕнут Хицауы фӕрцы ӕмӕ йе стыр хъаруйы фӕрцы». Ӕххуыс нӕ агурын хъӕуы Хуыцауӕй. Павел ма дзуры: «Уӕхи сифтонг кӕнут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй, цӕмӕй уӕ бон уа Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууын... уӕхи сифтонг кӕнут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй, цӕмӕй уӕ бон уа фыдӕвзарӕн бон ныхкъуырд раттын ӕмӕ уӕ цы бакӕнын хъӕуы, ӕппӕт уыдӕттӕ саразгӕйӕ, фидар фӕлӕууын» (Ефесӕгтӕм 6:10, 11, 13).

11 Павел йе ’мчырыстӕттӕн дыууӕ хатты дзуры, цӕмӕй сӕхи сифтонг кӕной, «Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй». Дзырд «цыдӕриддӕр» ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй хӕйрӕджыты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм. Уӕдӕ абон чырыстӕтты хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууынӕн цавӕр «хӕстон дзауматӕ» хъӕуы?

«Фидар лӕууӕм». Куыд?

12. Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ астӕутӕ ӕцӕгдзинадӕй ӕрбалвасын?

12 Павел ӕмбарын кӕны: «Уӕдӕ фидар лӕуут: уӕ астӕутӕ ӕрбалвасут ӕцӕгдзинадӕй ӕмӕ уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстдзинады згъӕрхӕдон» (Ефесӕгтӕм 6:14). Ам цы дыууӕ дзаумайы кой цӕуы, уыдон сты рон ӕмӕ згъӕрхӕдон. Ӕфсӕддон-иу йӕ рон ӕнгом ӕрбабаста, цӕмӕй хъахъхъӕдтаид йӕ астӕу (йӕ синтӕ, йӕ тӕнтӕ, йӕ гуыбыны бинаг хай), стӕй ма йыл-иу ӕрцауыгъта йӕ уӕззау хъама дӕр. Афтӕ мах дӕр хъуамӕ Библийы ӕцӕгдзинад нӕ астӕутыл ронау ӕнгом ӕрбабӕттӕм, ома нӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразӕм. Библи алы бон дӕр фӕкӕсӕм? Ӕгас бинонтӕй йӕ фӕкӕсӕм? Ахӕм ӕгъдау нӕм ис, ӕмӕ нӕ бинонтимӕ иумӕ ӕрвылбоны стихыл фӕныхас кӕнӕм? Цымӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕ ахуыр кӕнӕм ӕмӕ ӕцӕгдзинады тыххӕй ногӕй цы бамбарын кӕны, уый афоныл базонӕм? (Матфейы 24:45). Кӕд о, уӕд Павелы уынаффӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм. Библийы разамынд ма нӕ бон у ссарын видеокассетӕтыл ӕмӕ DVD-тыл цы ӕрмӕг цӕуы, уым. Ӕцӕгдзинадыл фидар куы хӕцӕм, уӕд алы хъуыддаджы дӕр ӕмбаргӕ уыдзыстӕм ӕмӕ нӕхи рӕдыд фӕндагӕй хиздзыстӕм.

13. Куыд у нӕ бон нӕ «зӕрдӕ» хъахъхъӕнын?

13 Згъӕрхӕдон хъахъхъӕдта ӕфсӕддонӕн йӕ риу, йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хуылфыдзаумӕттӕ. Чырыстоны дӕр хъӕуы хъахъхъӕнын, ахӕсгӕ хъуызы цы зӕрдӕйы кой фӕкӕнӕм, уый, ома йӕ мидадӕймаджы. Уый йын бантысдзӕн, Йегъовӕйы рӕстдзинад куы уарза ӕмӕ йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтыл фидар куы хӕца, уӕд. «Згъӕрхӕдон» нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, Хуыцауы Ныхас куыд ахсджиаг у, уый ма рох кӕнӕм. Ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт куы уынӕм ӕмӕ хорздзинад куы уарзӕм, уӕд нӕ къӕхтӕ «алы фыддзинады фӕндагӕй уромдзыстӕм» (Амос 5:15; Псалом 118:101).

14. Цы нысан кӕны, «цӕттӕ ут фарнхӕссӕг хорз хабар хъусын кӕнынмӕ – уый та уӕд уӕ къахыдарӕс», зӕгъгӕ?

14 Ромаг ӕфсӕддонтӕн уыд хорз къахыдарӕс, цӕмӕй сӕ бон уыдаид сӕдӕгай километртӕ цӕуын Ромы империйы бирӕ фӕндӕгтыл. Цы нысан кӕнынц чырыстӕттӕн ацы ныхӕстӕ, «цӕттӕ ут фарнхӕссӕг хорз хабар хъусын кӕнынмӕ – уый та уӕд уӕ къахыдарӕс», зӕгъгӕ? (Ефесӕгтӕм 6:15). Уыцы ныхӕстӕ нысан кӕнынц, архайынмӕ цӕттӕ кӕй стӕм. Мах кӕддӕриддӕр цӕттӕ стӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ (Ромӕгтӕм 10:13–15). Зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уый нӕ хъахъхъӕны Сайтаны «хинмитӕй» (Ефесӕгтӕм 6:11).

15. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ чырыстӕтты ӕнӕмӕнг хъӕуы уырнындзинады стыр уарт? ӕ) Цы сты, нӕ уырнындзинад нын ӕрлӕмӕгъ кӕнын кӕй бон у, уыцы «судзгӕ фаттӕ»?

15 «Фыццаджыдӕр та,– дзуры дарддӕр Павел,– райсут уырнындзинады стыр уарт – уымӕй уӕ бон бауыдзӕн Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын» (Ефесӕгтӕм 6:16). Павел уырнындзинады стыр уарт райсыны тыххӕй дзургӕйӕ бамбарын кодта, «фыццаджыдӕр» уый райсын кӕй хъӕуы. Афтӕмӕй равдыста, ацы дзаума тынг ахсджиаг кӕй у. Нӕ уырнындзинад лӕмӕгъ мацӕмӕй хъуамӕ уа. Стыр уартау нӕ нӕ уырнындзинад хъахъхъӕны Сайтаны «судзгӕ фаттӕй». Цы сты уыцы фаттӕ? Уыдон, гӕнӕн ис, ӕмӕ уой, не знӕгтӕ ӕмӕ нын динафӕливджытӕ нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕныны тыххӕй цы ӕфхӕрӕн митӕ фӕкӕнынц, цы мӕнг ӕмӕ дӕлгоммӕ ныхӕстӕ фӕдзурынц, уыдон. Уыцы «фаттӕ» ма сты алыхуызон цыбӕлдзинӕдтӕ, зӕгъӕм, ногӕй-ногмӕ истытӕ ӕлхӕнын ӕмӕ ма суанг, йӕ мулкӕй чи ӕппӕлы, уыдонимӕ хи барын дӕр. Чи зоны, уыдон ӕлхӕнынц стыр ӕмӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ ӕмӕ зынаргъ машинӕтӕ кӕнӕ хъал сты сӕ сыгъзӕринтӕй ӕмӕ сӕ дзаума фӕстаг модӕмӕ гӕсгӕ кӕй у, уымӕй. Иннӕтӕ цыфӕнды куы кӕной, уӕддӕр махӕн нӕ уырнындзинад хъуамӕ афтӕ фидар уа, цӕмӕй уыцы «судзгӕ фаттӕй» нӕхи хизӕм. Куыд у нӕ бон нӕ уырнындзинад фидар кӕнын ӕмӕ йӕ бахъахъхъӕнын? (1 Петры 3:3–5; 1 Иоанны 2:15–17).

16. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа?

16 Ӕдзух Библи куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ зӕрдӕбынӕй куы кувӕм, уӕд Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Нӕ бон у Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинад сфидар кӕна, ӕмӕ стӕй нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайӕм. Цымӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуырмӕ нӕхи афтӕ бӕстон бацӕттӕ кӕнӕм, цӕмӕй фембӕлды дзуапп раттӕм? Библи ӕмӕ библиӕмбарынгӕнӕн литературӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар (Дзуттӕгтӕм 10:38, 39; 11:6).

17. Куыд у нӕ бон «нӕ сӕртыл ӕркӕнын ирвӕзындзинады згъӕрхуд»?

17 Павел уырнындзинады хӕстон дзауматы тыххӕй куы дзырдта, уӕд фӕстагмӕ радта ахӕм уынаффӕ: «Уӕ сӕртыл ӕркӕнут ирвӕзындзинады згъӕрхуд ӕмӕ райсут сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъама, ома Хуыцауы ныхас» (Ефесӕгтӕм 6:17). Згъӕрхуд хъахъхъӕдта ӕфсӕддонӕн йӕ сӕр ӕмӕ йӕ магъз – уынаффӕтӕ хӕссыны гуырӕн. Библи цы ныфс дӕтты, уый нын хъахъхъӕны нӕ зонд (1 Фессалоникӕгтӕм 5:8). Хъуамӕ, дуне цӕмӕ тырны, уымӕ ма тырнӕм ӕмӕ стыр мулкмӕ ма бӕллӕм, фӕлӕ Йесойау сӕйраджыдӕр хъуыды кӕнӕм, Хуыцау нын цы ныфс радта, ууыл (Дзуттӕгтӕм 12:2).

18. Библи нӕ алы бон дӕр кӕсын цӕмӕн хъӕуы?

18 Сайтан ӕмӕ нӕ йӕ хӕйрӕджыты ӕндӕвдадӕй чи хъахъхъӕны, уыцы хӕстон дзауматӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр у Хуыцауы Ныхас – Библийы фыст хабар. Раст ма нӕ уый тыххӕй дӕр хъӕуы Библи алы бон дӕр кӕсын. Библи хорз куы зонӕм, уӕд нӕ уый хъахъхъӕндзӕн Сайтаны сайӕнтӕй, хӕйрӕджытӕ адӕмы цы зондыл ӕфтауынц, уымӕй, ӕмӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдон нӕ ныхмӕ цытӕ аразынц, уыдӕттӕй.

«Кувут... алы хуызы дӕр»

19, 20. а) Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? ӕ) Цы нын ӕххуыс кӕны нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн?

19 Сайтан, йӕ хӕйрӕджытӕ ӕмӕ ацы фыддуне тагъд фесӕфдзысты. Сайтан зоны «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад». Уый мӕстӕй фыцы ӕмӕ тох кӕны, «Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ Йесойы тыххӕй хъусын кӕныны хӕс кӕуыл ис, уыдонимӕ» (Раргомад 12:12, 17). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм.

20 Куыд бузныг стӕм ацы фӕдзӕхсты тыххӕй, зӕгъгӕ, уӕхи сифтонг кӕнут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй! Павел уырнындзинады хӕстон дзауматы кой куы кодта, уӕд фӕстагмӕ загъта: «Алкӕддӕр сыгъдӕг удӕй разӕнгардӕй кувут Хуыцаумӕ, кувут ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнут алы хуызы дӕр ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр. Ӕмӕ ӕппынӕдзух ут цырддзаст ӕмӕ зӕрдиагӕй кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй» (Ефесӕгтӕм 6:18). Куывд нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цырддзаст уӕм. Цӕй уӕдӕ Павелы ныхӕстӕ арф нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр кувӕм. Афтӕмӕй нӕ бон суыдзӕн Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууын.

Цы базыдтай?

• Куыд фӕзындысты Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ?

• Цавӕр тых ис Хӕйрӕгмӕ?

• Цӕй фӕрцы у нӕ бон нӕхи хъахъхъӕнын?

• Нӕхи куыд сифтонг кӕнӕм, Хуыцау нын цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 18 фарсыл]

«Ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ райдыдтой кӕсын адӕймаджы чызджытӕм»

[Ныв 20 фарсыл]

Дӕ бон у ранымайын уырнындзинады ӕхсӕз хӕстон дзаумайы?

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Ацы хъуыддӕгтӕ нӕ куыд хъахъхъӕнынц Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕй?