Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы ӕрцыдӕй тӕрсын хъӕуы?

Чырыстийы ӕрцыдӕй тӕрсын хъӕуы?

Чырыстийы ӕрцыдӕй тӕрсын хъӕуы?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙЫ ӕрцыды кой куы фехъусыс, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕныс? Ӕвирхъау бӕллӕхыл, карз тӕрхоныл ӕмӕ бӕстысӕфтыл? Ӕви не ’ппӕт зындзинӕдтӕ дӕр кӕй фесӕфдзысты, ууыл? Чырыстийы ӕрцыдӕй хъуамӕ тӕрсгӕ кӕнӕм? Ӕви йӕм хъуамӕ бӕлгӕ кӕнӕм?

Чырыстийы тыххӕй Библийы фыст ис: «Мӕнӕ, ӕрцӕуы мигътимӕ, ӕмӕ йӕ алчидӕр фендзӕн... Ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр йӕ разы ӕрдиаг кӕндзысты ӕмӕ сӕхи хойдзысты» (Раргомад 1:7). Ам цы ’рцыды кой цӕуы, уый уыдзӕн фидӕны. Йесо ’рцӕудзӕн, цӕмӕй рӕстгӕнджыты схорзӕхджын кӕна, фыдгӕнджыты та бафхӕра.

Апостол Иоанн Чырыстийы ӕрцыдӕй тӕрсгӕ нӕ кодта, фӕлӕ йӕм бӕлгӕ кодта. Иоанн цӕстылуайӕны куы федта, уыцы ’рцыд зӕххӕн цы ’рхӕсдзӕн, уый, уӕд зӕрдӕбынӕй скуывта: «Ӕрцу, Хицау Йесо» (Раргомад 22:20). Ӕмӕ цымӕ уӕд «зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр йӕ разы [цӕмӕн] ӕрдиаг кӕнынц ӕмӕ сӕхи [цӕмӕн] хойынц»? «Алчидӕр» ӕй куыд фендзӕн? Чырыстийы ӕрцыд йемӕ цы ’рхӕсдзӕн? Чырыстийы ӕрцыдыл ӕууӕндын нын абон цы пайда у? Ацы фарстытӕн дзуапп ссардзыстӕм иннӕ статьяйы.