Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы ӕрцыд йемӕ цы ӕрхӕсдзӕн?

Чырыстийы ӕрцыд йемӕ цы ӕрхӕсдзӕн?

Чырыстийы ӕрцыд йемӕ цы ӕрхӕсдзӕн?

«САН-ПАУЛУ – ФЫДГӔНДЖЫТЫ КЪУХЫ». Ахӕм сӕргондимӕ рацыд статья журнал «Вежа»-йы. Дзырд дзы цыд, 2006 азы майы цыппар боны дӕргъы фыдгӕнджытӕ Бразилийы стырдӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр горӕт «йӕ уӕрджытыл» кӕй ӕрлӕууын кодтой, ууыл. Горӕт уыд «100 сахатӕй фылдӕр фыдгӕнджыты къухы». Уыцы рӕстӕджы фӕмард 150 адӕймаджы: пъӕлицӕйы кусджытӕ, фыдгӕнджытӕ, ӕнӕуи цӕрджытӕ.

Зӕххы къорийы алы ран дӕр газеттӕ ӕмӕ журналты арӕх бакӕсӕн вӕййы ахӕм хабӕртты тыххӕй. Куыд зыны, афтӕмӕй хицӕуттӕн сӕ бон ницы у бакӕнын. Цард тӕссагӕй-тӕссагдӕр кӕны. Ӕвӕццӕгӕн, дӕ ныфс асӕтты, уымӕн ӕмӕ алы ран дӕр цӕуы дуне ӕвзӕр хабӕрттӕ. Фӕлӕ тагъд ӕппӕт дӕр фӕивдзӕн.

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кодта кувын, цӕмӕй ӕрцӕуа Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Хуыцауы фӕндон «уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уа зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:9, 10). Уыцы Паддзахад у хицауад. Хуыцау ын йӕ сӕргъы Паддзахӕй сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы. Уыцы Паддзахад адӕмы фервӕзын кӕндзӕн ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр. Фӕлӕ цӕмӕй зӕххыл цард фӕива, уый тыххӕй зӕххон хицӕутты бӕсты хъуамӕ хицау уа Чырысти. Ӕмӕ цӕугӕ дӕр растдӕр уый тыххӕй ӕркӕндзӕн.

Хъуыддаг сабырӕй ахицӕн уыдзӕн?

Адӕмтӕ сразы уыдзысты Чырыстийы коммӕ бакӕсыныл? Ацы фарстӕн дзуапп ссардзыстӕм апостол Иоанны цӕстылуайӕны. Иоанн дзуры: «Федтон, сырд ӕмӕ зӕххон паддзӕхтӕ се ’фсӕдтимӕ кӕй ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй, бӕхыл чи бады, уыимӕ [Йесоимӕ] ӕмӕ йе ’фсадимӕ схӕцой» (Раргомад 19:19). Ацы хӕсты зӕххон паддзӕхтыл цы ’рцӕудзӕн? Библийы фыст ис, Йегъовӕйы сӕрст Паддзах кӕй «ныццӕвдзӕн ӕфсӕн лӕдзӕгӕй уыдоны; ныппырх сӕ кӕндзӕн куыд дурынгӕнӕджы мигӕнӕн» (Псалом 2:9). Политикӕ ӕмӕ йемӕ баст хъуыддӕгтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Хуыцауы Паддзахад «ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн [адӕмы] паддзахӕдты иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ» (Данел 2:44).

Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ чи цӕуы, уыцы адӕмӕй та цы зӕгъӕн ис? Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «Хицау Йесо уӕлӕрвтӕй куы фӕзына... йӕ тыхджын зӕдтимӕ пиллон арты», уӕд «йӕ маст райсдзӕн, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ... хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй» (2 Фессалоникӕгтӕм 1:7, 8). «Фыдгӕнджытӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн зӕххыл, ӕмӕ мӕнгард адӕмӕй иу дӕр нал баззайдзӕн»,– фыст ис Ӕмбисӕндты 2:22.

Чырыстийы тыххӕй Библи дзуры: «Мӕнӕ, ӕрцӕуы мигътимӕ, ӕмӕ йӕ алчидӕр фендзӕн» (Раргомад 1:7). Адӕм ӕй ӕцӕгдӕр цӕстӕй нӕ фендзысты. Йесо уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕдӕй фӕстӕмӕ у зӕд, ӕмӕ «цӕры, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы, адӕмӕй йӕ никуы ничи федта, ӕмӕ йӕ йӕ бон фенын дӕр никӕмӕн у» (1 Тимофеймӕ 6:16).

Йесойы цӕмӕй зӕххы цӕрджытӕ «феной», уый тыххӕй йӕ ногӕй адӕймаджы хуызы ’рцӕуын нал хъӕуы, раст Моисейы бонты Йегъовӕ Египетыл Дӕс ӕфхӕрды куы ’руагъта, уӕд ӕй йӕхи ӕргомӕй ӕвдисын куыд нӕ хъуыд, афтӕ. Уӕды рӕстӕджы египетӕгтӕй ӕппындӕр ничи дызӕрдыг кодта, уыцы Дӕс ӕфхӕрды Йегъовӕйӕ кӕй уыдысты. Ӕмӕ бар-ӕнӕбары дӕр сразы сты, Йегъовӕ ӕгӕрон тыхы хицау кӕй у, ууыл (Рацыд 12:31). Раст афтӕ Чырысти дӕр Хуыцауы тӕрхӕттӕ куы ӕххӕст кӕна, уӕд фыдгӕнджытӕ – фӕнда сӕ ӕви сӕ ма фӕнда – «фендзысты», кӕнӕ бамбардзысты, Хуыцау Чырыстийы тӕрхонгӕнӕгӕй кӕй снысан кодта. Адӕм уый зондзысты, уымӕн ӕмӕ, рагацау фӕдзӕхст уыдзысты. Ӕцӕгдӕр, Йесойы «алчидӕр фендзӕн. [...] Ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр йӕ разы ӕрдиаг кӕндзысты ӕмӕ сӕхи хойдзысты» (Раргомад 1:7).

Цӕмӕй зӕххыл ногӕй ӕцӕг фарн ӕмӕ хорз цард уа, уый тыххӕй уал хъуамӕ фесӕфой фыдгӕнджытӕ ӕмӕ ӕвзӕр хицӕуттӕ. Уыдӕттӕ сӕххӕст кӕндзӕн Чырысти. Стӕй зӕххы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр йӕ къухмӕ райсдзӕн, ӕмӕ ахсджиаг ивындзинӕдтӕ ’рцӕудзӕн.

Ӕппӕт дӕр та ногӕй йӕ къахыл слӕудзӕн

Апостол Петр загъта, «раджы заманты Хуыцау йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй цы рӕстӕджы кой кодта, уый [тыххӕй], ома ӕппӕт дӕр йӕ къахыл слӕууын кӕныны» тыххӕй (Хъуыддӕгтӕ 3:21). Ӕппӕт дӕр йӕ къахыл слӕудзӕн, зӕгъгӕ, амоны, Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕджы зӕххыл цы ивындзинӕдтӕ ’рцӕудзӕн, уыдонмӕ. Йегъовӕ, зӕххыл «ӕппӕт дӕр йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн», зӕгъгӕ, кӕй уылты дзырдта, уыцы пехуымпартӕй иу у Исай, цард н. э. агъоммӕ 8 ӕнусы. Уый загъта, Йесо Чырысти, «Фарны кънйаз» зӕхмӕ ногӕй фарн кӕй ӕрхӕсдзӕн. Чырыстийы хицаудзинады тыххӕй, Исайы пехуымпарады фыст ис: «Йӕ паддзахдзинад ӕмӕ сабырдзинадӕн кӕрон нӕ уыдзӕн» (Исай 9:6, 7). Йесо адӕмы фӕрнӕй цӕрын сахуыр кӕндзӕн. Зӕххыл чи цӕра, уыдон «сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:11).

Чырысти хицау куы уа, уӕд ма исчи мӕгуыр ӕмӕ ’ххормаг уыдзӕн? Исай загъта: «Ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ ацы хохыл ӕппӕт адӕмтӕн сараздзӕн куывд ӕмӕ дзы уыдзӕн дзаджджын хӕринӕгтӕ, бадт сӕн, дзаджджын хӕринӕгтӕ стӕджы магъзимӕ, уыдзӕн дзы сыгъдӕг сӕн» (Исай 25:6). Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Уыдзӕн хъӕздыг хорӕрзад зӕххыл, хӕхты сӕр» (Псалом 71:16). Уымӕй уӕлдай ма зӕххы цӕрджыты тыххӕй кӕсӕм: «Уыдон араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты; садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Уыдон нӕ араздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи цӕра, ӕмӕ нӕ садздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи хӕра. Уымӕн ӕмӕ мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау; ӕмӕ ме ’взӕрстытӕ сӕ къухты куыстӕй пайда кӕндзысты ӕххӕстӕй» (Исай 65:21, 22).

Исай ма дзырдта, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт кӕй нал уыдзӕн, уый тыххӕй дӕр. Хуыцау Исайы уылты загъта: «Уӕд куырмыты цӕстытӕ байгом уыдзысты, ӕмӕ къуырматы хъустӕ бакӕндзысты. Уӕд къуылых гӕппытӕ кӕндзӕн сагау ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг фырцинӕй зардзӕн» (Исай 35:5, 6). Уӕд «иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24). Хуыцау «мӕлӕт ӕнустӕм фесафдзӕн, ӕмӕ Иунӕг Кадджын Хуыцау Йегъовӕ ныссӕрфдзӕн цӕссыгтӕ се ’ппӕт цӕсгӕмттӕй дӕр» (Исай 25:8).

Цы зӕгъӕн ис, «ингӕнты чидӕриддӕр ис», уыдоны тыххӕй та? (Иоанны 5:28, 29). Йсай загъта: «Чи дын амард, уыдон фӕстӕмӕ цӕрдзысты. Мӕрдтӕ райгас уыдзысты» (Исай 26:19). О, мӕрдвынӕй чи кӕны, уыдон ногӕй хуры рухс фендзысты!

«Хуыцау йӕхӕдӕг у дӕ паддзахбадӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ»

Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд Зӕхх фӕстӕмӕ, райдианы куыд уыд, афтӕ та суыдзӕн. Зӕхх дзӕнӕт фестдзӕн, ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕцӕг Хуыцауӕн кувдзысты. Цымӕ Йесо Чырыстийӕн йӕ бон бауыдзӕн зӕххӕй фыддзинад фесафын ӕмӕ йыл рӕстдзинад ӕрфидар кӕнын?

Уӕдӕ базонӕм, Йесойӕн тых ӕмӕ бартӕ чи радта. Фырты тыххӕй Библи дзуры: «Хуыцау йӕхӕдӕг у дӕ паддзахбадӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ, ӕмӕ дӕ паддзахады лӕдзӕг у рӕстдзинады лӕдзӕг. Ды бауарзтай рӕстдзинад, фыддзинадӕй та де сӕфт федтай» (Дзуттӕгтӕм 1:8, 9). Йесойӕн паддзахбадӕн, ома бартӕ, радта Йегъовӕ. Хуыцау скодта ацы паддзахбадӕн ӕмӕ йӕ дӕтгӕ дӕр ракодта уый. Уӕдӕ ахӕм зындзинад нӕй, ӕмӕ йӕ Йесойӕн йӕ бон аиуварс кӕнын ма бауа.

Йесо куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» (Матфейы 28:18). «Уымӕн Хуыцау йӕ дӕлбар бакодта зӕдты, хицӕутты ӕмӕ барджынты»,– фыст ис 1 Петры 3:22. Йесойы ныхмӕ чи фӕлӕууа, ахӕм тых ӕмӕ хицӕуттӕ нӕй. Йесойы ничи ӕмӕ ницы бахъыгдардзӕн адӕмӕн ӕнусон амонд раттын.

Чырыстийы ӕрцыд адӕмыл куыд фӕзындзӕн

Апостол Павел Фессалоникӕйы чырыстӕттӕм фыста: «Нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды раз ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ, уӕ уарзондзинад уӕ кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбон ӕмӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ныфсӕй куыд фидар стут, уый» (1 Фессалоникӕгтӕм 1:3). Павел загъта, фидардзинад ӕмӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ баст кӕй сты Йесо Чырыстийыл ныфс дарынимӕ. Уыцы ныфсмӕ хауы, кӕй ӕууӕндӕм Йесо Чырыстийы ’рцыдыл, стӕй йе ’рцыдӕй ӕппӕт дӕр йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, ууыл. Уыцы ныфс ӕцӕг чырыстӕттӕн хъару дӕтты, цӕмӕй цыфӕнды зын уавӕрты дӕр ма фӕцудой.

Райсӕм Карлосы. Уый у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ цӕры Сан-Паулуйы, Бразилийы. 2003 азы августы Карлос базыдта, ракӕй рынчын кӕй у. Уӕдӕй фӕстӕмӕ скодта аст операцийы. Уыцы операциты фӕстӕ йе ’нӕниздзинад ноджы тынгдӕр фӕцудыдта ӕмӕ тынг слӕмӕгъ. Фӕлӕ уӕддӕр раздӕрау иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтыдта. Зӕгъӕм, иухатт Карлос стыр рынчындоны раз адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта, ӕмӕ амбӕлд иу сылгоймагыл, Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл. Уымӕн дӕр йӕ лӕг уыд ракӕй рынчын, ӕмӕ йын кодтой химиотерапи. Рак куыд уӕззау низ у, уый Карлос хорз кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон баци лӕг ӕмӕ усы бафидар кӕнын ӕмӕ сӕ ныфс бауадзын. Фӕстӕдӕр уыдон загътой, зӕгъгӕ сӕ Карлосы ныхӕстӕй «ныфс бацыд». Афтӕмӕй Карлос йӕхицӕй дӕр базыдта Павелы ныхӕстӕ раст кӕй сты: «[Хуыцау] нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр, цӕмӕй нын Хуыцау цы удӕнцой дӕтты, уымӕй махӕн дӕр нӕ бон уа иннӕтӕн цыфӕнды зындзинады дӕр удӕнцой дӕттын» (2 Коринфӕгтӕм 1:4).

Кӕцӕй ис Карлосмӕ уыйас тыхтӕ, цӕмӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауа, кӕд йӕхӕдӕг уӕззау рынчын у, уӕд дӕр? Карлос Чырыстийы ’рцыдыл ӕмӕ, уыцы ӕрцыд йемӕ цы ӕрхӕсдзӕн, ууыл йӕ ныфс кӕй дары, уый йын ӕххуыс кӕны «хорз хъуыддӕгтӕ» аразынӕн (Галатӕгтӕм 6:9).

Ӕркӕсӕм Самьюэлы цӕвиттонмӕ дӕр. Уымӕн йе ’фсымӕры амардтой сӕ фыды хӕдзарӕй иу-50 метры дарддӕр. Фӕкодтой йӕ дӕс ӕхсты. Ӕмӕ цалынмӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ уыцы бынат сгӕрстой, уӕдмӕ мард аст сахаты бӕрц фӕндагыл фӕцис. Уыцы бон цы ’рцыд, уый Самьюэлӕй нӕ рох кӕны. Фӕлӕ йын стыр хъару дӕтты уыцы ныфс, Чырысти зӕххӕй ӕппӕт фыддзинад кӕй аиуварс кӕндзӕн, ӕмӕ, адӕмӕн хорз цард чи ’рхӕсдзӕн, ахӕм рӕстаг хицау кӕй уыдзӕн. Самьюэл арӕх фӕхъуыды кӕны, фидӕны йе ’фсымӕр Дзӕнӕты куы райгас уа, уӕд ын куыд ныхъхъӕбыс кӕндзӕн, ууыл (Хъуыддӕгтӕ 24:15).

Цы кӕнын дӕ хъӕуы?

Чырыстийы ӕрцыд йемӕ цы ӕрхӕсдзӕн, ууыл дӕ ныфс куы дарай, уӕд ссардзынӕ стыр удӕнцой. Ӕнӕдызӕрдыгӕй, Йесо Чырысти кӕрон скӕндзӕн, ӕнцой нын чи нӕ дӕтты, уыцы фыддзинӕдтӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕн.

Цы хъуамӕ аразай, цӕмӕй, Хицау Чырысти адӕмыл цы хорздзинӕдтӕ таудзӕн, уыдонӕй ды дӕр хайджын уай? Хуыцауы Ныхас Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕн. Йесо йӕ фыдмӕ куы куывта, уӕд загъта: «Ӕнусон цард та уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Бацархай, Библи цы дзуры, уый базоныныл. Ацы хъуыддаджы дын зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уый тыххӕй дзы искӕмӕн зӕгъ кӕнӕ та ныффысс ацы журналы рауагъдадмӕ.

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд Зӕхх фӕстӕмӕ суыдзӕн, райдианы куыд уыд, афтӕ

[Барлӕвӕрдӕй]

Inset, background only: Rhino and Lion Park, Gauteng, South Africa