«Ӕмӕ нӕ куы нӕуал уагъта, уӕд ӕм ацыдыстӕм»
«Ӕмӕ нӕ куы нӕуал уагъта, уӕд ӕм ацыдыстӕм»
ХУРЫСКӔСӔН бӕстӕты адӕм зындгонд сты сӕ уазӕгуарзондзинадӕй. Зӕгъӕм, Индийы искӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы уазӕг куы фӕзыны, уӕд фысымтӕ сӕхи ӕххормагӕй дӕр ныууадздзысты, фӕлӕ сӕ уазӕгӕн къӕбӕр бахӕрын кӕндзысты. Ираны алы ӕфсинӕн дӕр йӕ рӕбыны кӕддӕриддӕр ӕвӕрд вӕййы уазӕджы хай, цӕмӕй йӕм исчи куы фӕуа, уӕд ын йӕ разы цы ӕрӕвӕра, уый йӕм уа.
Афтӕ рӕдау уыдысты, Библийы кӕй кой ис, уыдонӕй бирӕтӕ дӕр. Сӕ иу у Лидийӕ. Лидийӕ цард Македонийы сӕйраг горӕт Филиппты ӕмӕ уыд, дзуттаг дин чи райста, ахӕм сылгоймаг. Иу сабатбон апостол Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Филиппты кулдуарӕй рахызтысты, ӕмӕ цӕугӕдоны цур федтой Лидийӕйы ӕмӕ ма ноджы цалдӕр сылгоймаджы. Павел семӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд Йегъовӕ Лидийӕйы зӕрдӕ байгом кодта, ӕмӕ сылгоймаг йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд райстой. Уӕд Лидийӕ бӕлццӕттӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Кӕд мӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион адӕймагыл нымайут, уӕд мӕм саккаг кӕнут». Павелы ӕмбӕлццон Лука дзуры: «Ӕмӕ нӕ куы нӕуал уагъта, уӕд ӕм ацыдыстӕм» (Хъуыддӕгтӕ 16:11–15).
Лидийӕйау абоны чырыстӕттӕ дӕр суазӕг кӕнынц се ’мчырыстӕтты, зӕгъӕм, цӕугӕ цӕстдарджыты сӕ устытимӕ. Фысымтӕ сӕ зӕрдиагӕй сӕхимӕ фӕхонынц. Сӕ уазӕгуарзондзинад сӕхицӕн дӕр вӕййы стыр пайда, уымӕн ӕмӕ уыцы ’фсымӕртимӕ ӕмӕ хотимӕ куы фӕныхас кӕнынц, уӕд сӕ уырнындзинад бафидар вӕййы. Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ фылдӕр хъӕздыг не сты, уӕддӕр сты уазӕгуарзон (Ромӕгтӕм 12:13; Дзуттӕгтӕм 13:2). Сӕ рӕдаудзинад сӕ кӕны амондджын. Ӕцӕгдӕр, Йесо раст загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35).