Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Искуы ӕгъатырдзинадӕн кӕрон уыдзӕн?

Искуы ӕгъатырдзинадӕн кӕрон уыдзӕн?

Искуы ӕгъатырдзинадӕн кӕрон уыдзӕн?

БИРӔТӔ сразы уыдзысты, абоны дунейы ӕгъатырдзинад сӕйраджыдӕр уый тыххӕй кӕй ис, ӕмӕ адӕм сты хиуарзон. Адӕмӕн сӕ фылдӕр хиуарзон уымӕн сты, ӕмӕ цы ӕхсӕнады цӕрынц, уым алчидӕр ӕрмӕст йӕхи уды мӕт кӕны. Бирӕтӕн сӕхиуон сӕхицӕй фӕуӕд, ӕндӕр цыфӕнды фыдми дӕр бакӕндзысты. Афтӕ канд иуӕй-иу адӕймӕгтӕ не сты, фӕлӕ ӕнӕхъӕн адӕмыхӕттытӕ дӕр.

Адӕймаджы цардӕн аргъ нал кӕнынц. Иуӕй-иутӕн сӕ зӕрдӕмӕ цӕугӕ дӕр кӕны, ӕгъатыр кӕй сты, уый. Уыдонмӕ дӕр, йӕхи аирхӕфсыны тыххӕй иннӕтӕн фыдмитӕ чи фӕкӕны, уыцы фыдгӕнджытау, уый цинау кӕсы. Милуангай адӕм та бирӕ уарзынц, фыдми ӕмӕ ӕгъатырдзинад йеддӕмӕ кӕм ницы ис, ахӕм кинотӕм кӕсын. Уый фӕрцы кинокомпанитӕ стыр ӕхцатӕ кусынц ӕмӕ ноджы фылдӕр уадзынц ахӕм кинотӕ. Киноты, хиирхӕфсӕн программӕты ӕмӕ ног хабӕртты адӕм ӕдзух фыдмитӕ кӕй уынынц, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕм иннӕты рыст нал хъары.

Ӕгъатыр ахаст йӕхиуыл чи бавзӕрста, уыдон арӕх сӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн ӕгъатыр митӕ кӕнын райдайынц. Ӕгъатырдзинад фыдми куыд расайы, уый тыххӕй Мексикӕйы националон автономон университеты лектор Ноеми Диаз Маррокин загъта: «Фыдмийыл кӕнынц ахуыр, уый ис не ’гъдауы. [...] Мах фыдмийыл ахуыр кӕнӕм, нӕ алыварс чи ис, уыдон уыцы хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсынц, стӕй йӕ хорзыл кӕй нымайынц, уый тыххӕй». Уымӕ гӕсгӕ тынг арӕх, ӕгъатырдзинад йӕхиуыл чи бавзӕрста, уыдон сӕхӕдӕг дӕр ӕгъатыр свӕййынц, ӕмӕ сын сӕхицӕн цы кодтой, уыдӕттӕ фӕкӕнынц иннӕтӕн дӕр.

Ӕгъатыр ма свӕййынц, фыднозт чи кӕны, кӕнӕ наркотиктыл чи бафтыд, уыдон дӕр. Зӕгъын ма хъӕуы, хицауад адӕмӕн куыд у, уый йӕ зӕрдӕмӕ кӕмӕн нӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй дӕр. Уыдоны фӕфӕнды цыфӕндыйӕ дӕр фехъусын кӕнын, цы хъуыды кӕнынц, уый. Сӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн ӕлгъ нӕ кӕнынц ӕбуалгъ митӕ ӕмӕ теракттыл дӕр, кӕд дзы арӕх ӕнаххос адӕм бахауы, уӕддӕр.

Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс: «Цымӕ адӕм ӕгъатыр митӕ кӕй кӕнынц, уым ӕрмӕстдӕр сӕхӕдӕг сты аххосджын? Дуне ахӕм уавӕры кӕй ис, уый кӕй аххос у?»

Чи у аххосджын?

Библи дзуры, Сайтан Хӕйрӕг ӕгас дунейыл дӕр тынг кӕй ӕндавы, ӕмӕ йӕ хоны «ацы цардӕвӕрды хуыцау» (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Уымӕй хиуарзондӕр ӕмӕ ӕгъатырдӕр Дун-дунейы ничи ис. Йесо йӕ схуыдта «лӕгмар» ӕмӕ «мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:44).

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакастысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ Сайтан адӕмы уӕгъд нӕ уадзы – тынг сыл ӕндавы (Райдиан 3:1–7, 16–19). Фыццаг лӕг ӕмӕ ус Йегъовӕйӕ куы аздӕхтысты, уымӕй иу-15 ӕнусы фӕстӕдӕр ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ адӕймаджы буӕрттӕ райстой ӕмӕ зӕххон сылгоймӕгтимӕ цардысты. Уыдонӕй цыд ӕнахуыр цот, хуыдтой сӕ уӕйгуытӕ. Цӕмӕй хицӕн кодтой адӕмӕй? Дзырд «уӕйыг»-ӕй ратӕлмац кодтой рагон дзуттаг дзырд «нефилим». Уый нысан кӕны «иннӕты чи сфӕлдахы». Ӕвӕццӕгӕн, уӕйгуытӕ уыдысты тыхгӕнджытӕ. Уыдон зӕхх байдзаг кодтой ӕгъатырдзинадӕй ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй. Уыцы хъуыддӕгтӕн кӕрон скодта, Хуыцау кӕй рауагъта, ӕрмӕст уыцы Доны хъаймӕт (Райдиан 6:4, 5, 17). Уӕйгуытӕ Доны хъаймӕты фесӕфтысты, сӕ фыдӕлтӕ та ногӕй ӕнӕуынгӕ дӕлимонтӕ систы ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхтысты (1 Петры 3:19, 20).

Уыцы змӕнтӕг дӕлимонтӕ куыд ӕгъатыр сты, уый хорз зыны Йесо Чырыстийы заманы чи цард, иу ахӕм хӕйрӕджджын лӕппуйы хабарӕй. Дӕлимон лӕппуйы уӕгъд нӕ уагъта, ныууыгъта-иу ӕй, хъавыд ӕй бабын кӕнынмӕ: куы-иу ӕй арты баппӕрста, куы – доны (Марчы 9:17–22). Бӕрӕг у, ацы «уӕларвон фыдгӕнӕг тыхтӕ» сӕ ӕгъатыр хицау Сайтан Хӕйрӕгӕй фӕсте кӕй ницӕмӕй зайынц (Ефесӕгтӕм 6:12).

Дӕлимонтӕ ма абон дӕр адӕмы ӕгъатыр митыл ардауынц. Библийы уый тыххӕй фыст уыд: «Фӕлӕ уый зон, ӕмӕ фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон... хъал, сӕрбӕрзонд... хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ, сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауыл иузӕрдион сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕ уыдзӕн» (2 Тимофеймӕ 3:1–5).

Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй нӕ рӕстӕджытӕ тынг уӕззау уымӕн сты, ӕмӕ 1914 азы Йесо Чырысти Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы сси, уӕд Сайтан ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст ӕрцыдысты. Библи дзуры: «Додой зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!» (Раргомад 12:5–9, 12).

Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уавӕр нӕ фӕивдзӕн? Уӕлдӕр цы Диаз Маррокины кой цыди, уый зӕгъы, зӕгъгӕ, «адӕмӕн сӕ бон у ныууадзын» се ’взӕр хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ абон дуне Сайтаны ӕндӕвдады бын кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ адӕймагӕн зын у йӕ ӕгъатыр митӕ ӕмӕ йӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадзын. Уый йӕ бон ӕрмӕстдӕр уӕд суыдзӕн, куы бауадза, цӕмӕй йын йӕ зондахастыл ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл ӕндӕр, стырдӕр тых бандава. Цы у уыцы тых?

Аивӕн ис. Куыд?

Нӕ амондӕн, Хуыцауы сыгъдӕг уд у ӕппӕты хъомысджындӕр тых. Ӕмӕ дӕлимонтӕ цыфӕнды тынг ма ӕндавой, уӕддӕр Хуыцауы сыгъдӕг уд у тыхджындӕр. Уый ахъаз кӕны уарзондзинадӕн ӕмӕ адӕмы хӕрзӕбонӕн. Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдон цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг удӕй хайджын уой, уый тыххӕй хъуамӕ сӕхи хизой, ӕгъатырдзинады тӕфаг гыццыл дӕр кӕмӕ хӕццӕ кӕны, ахӕм митӕй. Уый тыххӕй та адӕймаг хъуамӕ йӕ удыхъӕд фӕива ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕра. Цы у уыцы фӕндон? Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй, нӕ бон куыд у, афтӕ йӕ фӕзмӕм ӕмӕ адӕммӕ йӕ цӕстӕй кӕсӕм (Ефесӕгтӕм 5:1, 2; Колоссӕгтӕм 3:7–10).

Йегъовӕ иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый куы базонӕм, уӕд бамбарӕм, афтӕ кӕй никуы уыд, ӕмӕ иннӕтыл ма тыхса. Уый кӕддӕриддӕр архайы рӕстӕй, дзырд фӕнды адӕймагыл цӕуӕд, фӕнды цӕрӕгойыл * (Дыккаг закъон 22:10; Псалом 35:8; Ӕмбисӕндтӕ 12:10). Ӕлгъаг ын сты ӕгъатыр митӕ ӕмӕ сӕ чи кӕны, уыдон (Ӕмбисӕндтӕ 3:31, 32). Йегъовӕ чырыстӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй сӕ удыхъӕд ногмӕ раивой. Сӕ удыхъӕд ногмӕ кӕй раивынц, уый фӕрцы иннӕты сӕхицӕй уӕлдӕрыл фӕнымайынц ӕмӕ сын фӕаргъ кӕнынц (Филиппӕгтӕм 2:2–4). Ацы ног чырыстон удыхъӕд бӕрӕг у ахӕм миниуджытӕй: иннӕты зын «зӕрдӕмӕ арф исы... у хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон». Рох кӕнын нӕ хъӕуы уарзондзинад дӕр, «уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Колоссӕгтӕм 3:12–14). Цымӕ адӕммӕ ахӕм миниуджытӕ фылдӕр куы уаид, уӕд дуне бынтон ӕндӕрхуызон нӕ уаид?

Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ адӕймаг бынтондӕр фӕива. Ӕркӕсӕм, ӕцӕгӕй чи ’рцыд, ахӕм хабармӕ. Раздӕр-иу Мартин * йӕ сывӕллӕтты раз йӕ усыл хъӕр кодта ӕмӕ-иу ӕй сау над фӕкодта. Иухатт афтӕ сызнӕт, ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕ сыхӕгтӕм фӕдис алыгъдысты. Цалдӕр азы фӕстӕ бинонтӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Мартин базыдта, цавӕр адӕймаг хъуамӕ уа ӕмӕ иннӕтӕн куыд хъуамӕ уа. Йӕ бон сси фӕивын? Йӕ ус дзуры: «Раздӕр-иу мӕ лӕг куы смӕсты, уӕд-иу ӕй цымӕ исчи ивгӕ фӕкодта, афтӕ-иу уыд. Уый тыххӕй бирӕ рӕстӕг ӕмтъеры цард кодтам. Мартин кӕй фӕивта, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ куыд бузныг дӕн, уый мӕ бон зӕгъын дӕр нӕу. Мартин абон сывӕллӕттӕн дӕр ӕмӕ мӕнӕн дӕр куыд у, уымӕй дзы мӕ бон рахъаст кӕнын нӕу».

Фӕлӕ ахӕм хабӕрттӕ стӕм не сты. Ӕгас зӕххы къорийыл дӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй милуантӕ ныууагътой сӕ ӕгъатыр митӕ. О, аивӕн ис.

Ӕгъатырдзинадӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн

Тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад зӕххыл бартӕ йӕ къухмӕ райсдзӕн. Уый у уӕларвон хицауад. Йӕ сӕргъы ис, нӕ рис нын чи ӕмбары, ахӕм Хицау, Йесо Чырысти. Уый уӕлӕрвтӕ ссыгъдӕг кодта, ӕгъатырдзинад кӕмӕй цӕуы, уымӕй – Сайтанӕй ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕй. Тагъд Хуыцауы Паддзахад сабыр адӕмӕн, цыдӕриддӕр сӕ хъӕуа, уый ратдзӕн (Псалом 36:10, 11; Исай 11:2–5). Ӕрмӕстдӕр уый скӕндзӕн кӕрон, дунейы цы зындзинӕдтӕ ис, уыдонӕн. Фӕлӕ цалынмӕ уыцы Паддзахад не ’рцыд, уӕдмӕ дӕхиуыл ӕгъатыр ахаст куы бавзарай, уӕд та?

Ӕгъатырдзинад ӕгъатырдзинадӕй фидын ницы ӕххуыс у. Уый ӕрмӕст ноджы фыддӕр митӕ расайдзӕн. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ ныфс дарӕм Йегъовӕйыл. Уый та йӕ афоныл «алкӕмӕндӕр ратдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ цы байтыдта, уымӕ гӕсгӕ» (Йереми 17:10). (Кӕс фӕлгӕты «Ӕгъатырдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм».) Гӕнӕн ис, ӕмӕ искӕй ӕгъатыр мийы тыххӕй хъизӕмӕрттӕ бавзарай (Екклесиаст 9:11). Фӕлӕ Хуыцауӕн йӕ бон у цыфӕнды ӕгъатырдзинады фӕстиуджытӕ дӕр сраст кӕнын. Йӕ бар цӕуы суанг мӕлӕтыл дӕр. Зӕрдӕ нын ӕвӕры, ӕгъатыр ахаст йӕхиуыл чи бавзӕрста ӕмӕ йӕ хъуыдыйы чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн (Иоанны 5:28, 29).

Кӕд нырма ӕгъатырдзинадӕй тӕссаг у, уӕддӕр удӕнцой хӕссы, Йегъовӕ не ’ввахс хӕлар кӕй у ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уый. Зӕгъӕм, Сарӕ иунӕгӕй схъомыл кодта дыууӕ фырты, сӕ дыууӕ дӕр ын уӕлдӕр ахуырад райстой. Сарӕ куы базӕронд, уӕд ӕй йӕ лӕппутӕ ныууагътой. Уыдон ын ӕхцайӕ дӕр не ’ххуыс кодтой, ӕмӕ-иу рынчын куы уыд, уӕддӕр-иу ӕм нӕ фӕкастысты. Фӕлӕ ныр Сарӕ у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ зӕгъы: «Кӕд сагъӕс фӕкӕнын, уӕддӕр мӕ Йегъовӕ иунӕгӕй нӕ ныууагъта. Ме ’мчырыстон хотӕ ӕмӕ мын ӕфсымӕртӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕй ӕмбарын, Хуыцау мыл кӕй тыхсы. Уыдон мӕ рохуаты нӕ уадзынц, фӕкӕсынц мӕм. Мӕн фидарӕй уырны, Хуыцау мын тагъд мӕ зындзинӕдтӕ кӕй фесафдзӕн, ӕмӕ канд мӕнӕн нӕ, фӕлӕ ма йын йӕ тыхыл чи ӕууӕнды ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕм чи хъусы, уыдонӕн иууылдӕр».

Чи сты, Сарӕ кӕй кой ракодта, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ? Уыдон дӕр сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уыдон ӕппӕт дунейы дӕр иу бинонтау цӕрынц ӕмӕ сты, искӕй рис чи ӕмбары, ахӕм адӕм. Уыдон фидарӕй зонынц, ӕгъатырдзинадӕн тагъд йӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн (1 Петры 2:17). Нал уыдзӕн, ӕгъатыр митӕ сӕйраджыдӕр кӕй аххосӕй цӕуынц, уый – Сайтан Хӕйрӕг. Нал уыдзысты, уый хуызӕн митӕ чи кӕны, уыдон дӕр. Ацы «ӕгъатырдзинады дугӕн» (афтӕ схуыдта нӕ рӕстӕг иу фыссӕг) йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Уый тыххӕй дӕ фылдӕр базонын фӕнды? Уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ аныхас кӕн.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 16 абз. Хуыцау цавӕр удыхъӕды хицау у ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис, уый тыххӕй кӕс чиныджы «Баввахс у Иегъовӕмӕ». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 17 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ сты ивд.

[Рамкӕ 6 фарсыл]

Ӕгъатырдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм

Хуыцауы Ныхасы ис хорз уынаффӕтӕ, ӕгъатырдзинадыл сӕмбӕлгӕйӕ цы саразӕн ис, уый тыххӕй. Ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у спайда кӕнын ацы зондджын уынаффӕтӕй:

«Ма дзур: „Ӕз мӕ маст райсдзынӕн!“ Йегъовӕйыл дӕ ныфс дар, ӕмӕ дӕ уый фервӕзын кӕндзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 20:22).

«Куы фенай, ӕмӕ мӕгуырты ӕфхӕрынц кӕнӕ раст тӕрхон нӕ кӕнынц ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ нӕ архайынц, уӕд-иу ма бадис кӕн, уымӕн ӕмӕ бӕрзонды уыны бӕрзонддӕр, ӕмӕ ма ис, ноджы бӕрзонддӕр чи у, ахӕмтӕ дӕр» (Екклесиаст 5:8).

«Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны уыдзӕн» (Матфейы 5:5).

«Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Матфейы 7:12).

«Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут. Аразут, алкӕй цӕсты дӕр хорз цы у, уый. Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат. Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“» (Ромӕгтӕм 12:17–19).

«Чырысти дӕр сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат. [...] Ӕлгъыстой йӕ, фӕлӕ уый никӕй ӕлгъыста. Хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрста, фӕлӕ ӕртхъирӕн никӕмӕ кодта – раст тӕрхон чи кӕны, уый бар-иу бакодта йӕхи» (1 Петры 2:21–23).

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Йегъовӕйы фӕрцы бирӕтӕ сӕ ӕгъатыр митӕ ныууагътой